Технологическая карта урока по осетинской литературе на тему: Иудзинадмæ сидт Джыгкайты Шамилы историон трагеди "Хъодыгонд зæд"-ы.
Оценка 4.6

Технологическая карта урока по осетинской литературе на тему: Иудзинадмæ сидт Джыгкайты Шамилы историон трагеди "Хъодыгонд зæд"-ы.

Оценка 4.6
Разработки уроков
docx
классное руководство
Взрослым
24.02.2019
Технологическая карта урока по осетинской литературе на тему: Иудзинадмæ сидт Джыгкайты Шамилы историон трагеди "Хъодыгонд зæд"-ы.
Уæззау рæстæг... Цъæх арт æмæ фæздæг гуылфæн кæнынц. Ызнæт бæхты мыр-мырæй ыскъуыйы арв. Сæ цæфхæдты бын зæхх хъæрзгæйæ ризы. Хотыхты зæллангæй ныккæрзы зæрдæ. Зонд цы скодта хорзæй, - хæрам сæ пырх кæны. Хæты мæлæт, æмæ цæуы дуне йæ фæстæ сæфтмæ, фæдисау хъуысы хъæр æмæ цъæххахст...Уæззау рæстæг. Тызмæг дуне. Ызнæт. Ныййарæг зæхх! Цæсты сыгау цъæх арвæй. Æрхаудтæ ды æдзæм талынгмæ. Рухс æмæ сыгъдæгæй стъалыйау æрттывтай. Куы дыл фæзынд фыццаг адæймаг, уæд æрыгон мадау нал æфсæстæ цинæй. Рæвдыдта дæу йæ зæлдаг тынтæй хур. Зылд рæстæджы цалх - йемæ хаста амонд, фæлæ ныссаст хæрам дуртыл кæмдæр. Дæ фырттыл бафтыд сæфты зæд. Фыдæхæй кæрæдзи тонынц. Нал æнцайы хæст. Æмæ хъæрзы уæззау цæфтæй дæ зæрдæ. Æз ын æхсын йæ хъæдгæмттæ цæссыгæй, фæлæ сыл туг кæлы æмæ хæрам хæссынц.
хъодыгонд зад.docx
Технологон картæ ирон литературӕйы  урокмæ 11­æм къласы Темӕ: Иудзинадмæ сидт Джыгкайты Шамилы историон трагеди "Хъодыгонд зæд"­ы.  Нымӕц: Къӕлиндарон пъланмӕ гӕсгӕ Ахуыргӕнӕг: Габеты Аллæ Мухарбеджы чызг Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ Урочы тип Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ Метапредметон бастдзинӕдтӕ Техникон фӕрӕзтӕ Цӕстуынгӕ ӕрмӕг Урочы эпиграф 1. Райхалын пьесæйы мидис, йæ сæйраг идейæ адæмы фарныл тох кæнын кæй у, уарзт царды  бындур æмæ ирвæзынгæнæг кæй у, уый бамбарын кæнын. 2. Ахуыр кæнын скъоладзауты уацмысæн анализ кæнын æмæ сæйраг хъайтартæн характеристикæ  дæттын зоныныл.  3. Нацийы тых сæ иудзинады кæй ис, уый æмбарынгæнгæйæ, ууыл сæ цард ратджытæй сæрыстыр  уæвын; се ´ сгуыхтдзинæдтæ зонынмæ тырнындзинад гуырын кæнын. Урок­конференци Предметон :   Метапредметон: Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын,  архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты  бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын. Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад  интеллектуалон ӕмӕ  сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон  процессы;ныхасы аивдзинадыл кусын. Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст Литературӕ, истори    Компьютер, мультимедийон  проектор  Презентаци урокмӕ   "Ирыстонæн мæ цы фæндыди, мæ бон цы уыд, уый сарæзтон. Мæн фæндыд тырыса равдисын æмæ йæ равдыстон. Адæмæн тырыса куы нæ уа, уæд сæ ницы иу кæны, уæд сын нæй ном æмæ фидæн".  (Джыгкайты Шамил) Урочы сӕйраг этаптӕ  Ахуыргæнæджы архайды мидис  Скъоладзауы архайды  Универсалон ахуырадон архайд Урочы организацион структурӕ ӕмӕ нысантӕ Зонындзинæдтæ  райсыныл архайды  мотиваци Зонындзинæдты  актуализаци   Разныхас: Уæззау рæстæг... Цъæх арт æмæ фæздæг гуылфæн  кæнынц. Ызнæт бæхты мыр­мырæй ыскъуыйы арв. Сæ  цæфхæдты бын зæхх хъæрзгæйæ ризы. Хотыхты зæллангæй  ныккæрзы зæрдæ. Зонд цы скодта хорзæй, ­ хæрам сæ пырх  кæны. Хæты мæлæт, æмæ цæуы дуне йæ фæстæ сæфтмæ,  фæдисау хъуысы хъæр æмæ цъæххахст...Уæззау рæстæг.  Тызмæг дуне. Ызнæт. Ныййарæг зæхх! Цæсты сыгау цъæх  арвæй. Æрхаудтæ ды æдзæм талынгмæ. Рухс æмæ  сыгъдæгæй стъалыйау æрттывтай. Куы дыл фæзынд фыццаг  адæймаг, уæд æрыгон мадау нал æфсæстæ цинæй. Рæвдыдта  дæу йæ зæлдаг тынтæй хур. Зылд рæстæджы цалх ­ йемæ  хаста амонд, фæлæ ныссаст хæрам дуртыл кæмдæр. Дæ  фырттыл бафтыд сæфты зæд. Фыдæхæй кæрæдзи тонынц.  Нал æнцайы хæст. Æмæ хъæрзы уæззау цæфтæй дæ зæрдæ.  Æз ын æхсын йæ хъæдгæмттæ цæссыгæй, фæлæ сыл туг  кæлы æмæ хæрам хæссынц. Сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕ фӕнды базонын, абон цӕуыл  дзурдзыстӕм, уый? Цымӕ куыд ӕнхъӕл стут, цавӕр стыр  хъуыддаг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Ныртӕккӕ йӕ уӕхӕдӕг  сбӕрӕг кӕндзыстут. Уæззау рæстæг... Цымæ кæд нæ уыд  ирон адæмæн та уæззау рæстæг?! Æвæццæгæн нын Хуыцауæй лæвæрд у ахæм хъысмæт. Абон, мæ хуртæ, æрдзурдзыстæм  Джыгкайты Шамилы историон трагеди "Хъодыгонд зæд"­ыл.  Нæ хæс у базонын, чи у йæ автор, цавæр проблемæтыл дзуры  йе ´сфæлдыстады, цавæр у трагедийы идейæ. Раиртасын  авторы хъуыдытæ, раттын сæйраг хъайтартæн  характеристикæ. ... Кæлгæ хуырау кæрæдзийыл нæ хæцæм, Нæ хæрзтæн нæу Къостайы сидт фæндон. Ныббар, фæлæ мæ риссæгтыл нæ хъæцын, Æз удыгæстæй базыдтон мæ бон. Мæ уынгæг куывд дæ хорзæхæй æрцæуæд: мидис Урокмӕ цӕттӕдзинад  ӕвдисынц Нысан:  кӕрӕдзимӕ зӕрдӕхӕлар   ахаст Хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ Зонадон:  ӕмбарынц   ахуырадон­ зонадон хӕс. Регулятивон: пълан кӕнынц  хъӕугӕ архӕйдтытӕн . КоммуниКоммуникативон  :ныхасы раст  пайда кӕнынц ӕрбайсгӕ  дзырдтӕй. Æз мæрдтæм сидын а изæр ­ фæдис! О, райхъал уæнт Цæразонæн йæ цæуæт, Æнувыд уæд йæ фидæрттыл Дзывгъис. Мæрдырох нæй Хазби æмæ Бегайæн,­ Нæ Ир сæ хъæрмæ иу лæгау тырнæд, Нæ уыдзæн уæд нæ зæххы мурæй кайæн, Аллонтæ уæд нæ кæндзысты фыдвæд.                          ... Уæддæр кæуын цъæх дуры сæр, ­ нæ адæм, Сæ фидæныл цæуылнæ кæнынц мæт? Нæ талф­тулфæй нæ бæсты низ нæ хатæм, Нæ тыхтæ нын ныддих кодта хъысмæт. Уæлæсыхыл куы бандзарынц ызнæгтæ, Дæлæсых уæд цæмæн саразынц хъазт? Цæуыл хæрынц сæ кæрæдзи нæ лæгтæ? Кæдмæ уыдзæн нæ царды бындур фаст?                             (Изæрмилты кувын"­æй скъуыддзаг). Историон справкæ      Архайд сбæттын Аланты паддзахадæн йæ тæккæ зындæр  æмæ тугкалæн цауимæ. "Кæддæрты йæ ном æгас Европæ æмæ Азийыл кæмæн  ныхъхъæр, йæ аргъуантæ ныр дæр ма Хъубаны доны былтыл  бæрзонд рындзтæй сæрыстырæй кæмæн фæлгæсынц,  сæрбахъуыды йæ домбай сыхæгтæ æххуысагур кæмæ  цыдысты, уыцы Аланты паддзахадыл 13 æнусы æрцыди стыр  бæллах. манголты æрдонгтæ йыл туджы зæйтæ рауагътой. Ир къордтæ ­ дихтæ ныййисты. Се ´лдæртты фылдæр хай сæхи  радтой тыхгæнджыты къухмæ, фæсдзæуинтæй сын  ныллæууыдысты. Ирæттæ ­ фыдгултæ сæ фыдгулты æфсады  уылæнтимæ мингæйттæй фæхауæггаг сты сæ райгуырæн  Зонадон: ахуыргӕнӕджы  ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног  информации, сӕхи  зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн  дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ  сӕххӕст кӕныныл архайынц  анализы фӕрцы ,абарсты  фӕрцы.  Коммуникативон: фӕрстытӕ  дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн  дзуапп дӕттынц. Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ 3. Урочы ӕрмӕгыл  бакусын бæстæй. 13 æнусы ирæтты иу хай афтыди Хъырыммæ, иннæ  та тюркаг адæмыхæттытимæ бахæццæ суанг Венгримæ æмæ  æндæр бæстæтæм. Иры æфсады хицæн къордтыл 14 æнусы  сæмбæлæн уыди Болгарийы æмæ Сербийы. Афтæ алнты  уидæгтæ лыгтæ æмæ цæнкуылтæй ныххæлиу сты алы  кæрæтты æмæ бахуыскъ сты. Æрмæст ма дзы Кавказы хæхты чи баззад, уый фидар разынди... Æмæ та ногæй тау суагъта...  14 ­ 15 æнусты астæу тæтæр ­ манголты æфсæдтæ аланты  куы ´рбалхъывтой, уæд дзы уыд аланты хъæбатыр фæтæг  Бурæхан. Уый тыххæй историйы фыст ис: "Когда мысли  Тимура... успокоились от дел с областьи русских и черкесов,  то он со всеми подобными небосводу войсками повернул к  горе Эльбрус. В намерении показать неверным знамя, мир  завоевывающее, направился он на Буреберди и Бурахана,  которые были правителями народов асов. Походы Тимура на  Северный Кавказ этим не закончились. В 1400 году Тимур  снова ворвался в Грузию, проник в Арагвийское ущелье, и  был даже по свидетельству грузинской летописи, в  Дарьяльском ущелье, но войска его понесли большой урон от летучих отрядов горцев". (История Северной Осетии).  Справкæ хъусгæйæ  æвдыст цæуы  видеоæрмæг ­  тæтæр ­  манголты хæст аланты  ныхмæ. Скъоладзаутӕ дӕттынц  фӕрстытӕн дзуапп. зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл  фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц. Зонадон:   хатдзӕгтӕ кӕнынц  Регулятивон: ӕмбарынц сӕ  зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты. Коммуникативон: дӕттынц  фӕрстытӕ, цӕмӕй  райсой  хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ  проблемӕ бахынцынмӕ.  1. Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы  видеоскъуыддзаг? 2. Куыд уæм кæсы, иумæйагæй сæм цы ис нæ трагеди  "Хъодыгонд зæд"­имæ? 3. Сымахмæ гæсгæ куыд схонæн ис нæ урочы темæ? Ссардта Шамиль, цæмæй спайда кæна, уый, равзæрста йæ  уацмысæн формæ дæр. Кæддæрты, критиктæ бирæ фыстой.  зæгъгæ, Шамиль йе сфæлдыстады арæх пайда кодта  Скъоладзаутӕ архайынц   дзырдты нысаниуӕг  сбӕрӕг кӕныныл Хатдзӕг кӕнынц ,царды   цавӕр уавӕры пайдагонд  цӕуынц ацы дзырдтӕ Хæдзармæ куыст сбæрæг  кæнын историйæ. Мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй Хъодзаты Æхсар  Шамилы поэтикон æмбырдгонд "Цæф сæгуыты маст"­ы  тыххæй: "Некоторые критики упрекают поэта в том, что он  слишком часто обращается к истории. Мне кажется, что этот упрек несправедлив. Интерес Джигкаева к истории и  древним традициям народа вызван его кровной связью с  родной землей." __ Цымæ цæмæн сфæнд кодта ахæм трагеди ныффыссынæн?  Шамил сæрмагондæй загъта: "Ныр Ирыстон цæмæй риссы?  Нæ хицауад нæ æргæвдынц, Ирыстон сафынц. Адæм  ныддихтæ сты. Ау, ирон адæм никуыуал баиу уыдзысты? Ау  ирон адæммæ сидæн дæр нæй? Æцæг, уæззау цагъары  уавæрты ис Ирыстон... Æмæ цæй тыххæй райдыдтон фыссын  мæ трагеди? Рæстæг æй домдта. Мæн фæндыд, мæ зæрдæйы  арфы цыдæриддæр ис, уый зæгъын". Фыст æрцыд Хъодыгонд зæд".  Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ нӕ куыст райдайӕм.  Цæмæй нæ куыст æнæкъуылымпы уа, уымæй уал дзырдуатон  куыст бакæнæм. Дзырдуат:  Æндидзæн рæстæг ­ Эпоха Возрождения.  Сæудар ­ райсомæй тынг раджы. Сыфцæй ­ буксирæй. Æдзæм ­ сабыр, мæрдон сабыр. Мылазон ­ тар. Къæдзилæг ­ кометæ. Уæлагъуыд ­ атмосфера. Сывæлдаг ­ слой.   Борæхан ­ Аланты  фæтæджы фырт  æрыздæхт йæ фыды  уæзæгмæ æцæгæлон  бæстæты дард балцæй  æмæ йæ æрæййæфта тынг зын уавæры, змæст  рæстæджы. Цалынмæ  Борæхан балцы Ром æмæ  бердзентæм цыдис,  фæрныг адæмыл зондагур зылдис, цæмæй уый фæст йæ фыды ­ фæтæджы  кард хæссын фæраза,  уæдмæ йæ фыд мард  æрцыдис, адæм та хуыдуг кодтой Сыгъзæрин  Ордайы æфсоны бын.  Бæстæ ныммур,  ныддихтæ ис, алыран ­  хæстытæ, цагъардзинад,  адæмы æппæтиумæйаг  тыхсаст. Борæханы бынат æрцахста бонджын Атох.  Уый афтæ æнхъæлдта,  æмæ фæтæджы фырт  никуыуал раздæхдзæн йæ  балцæй. Борæхан тынг  ныфсджынæй æрцыд йæ  райгуырæн зæхмæ, федта  æндæр адæмты историон  тохы хъæбатырдзинæдтæ, Зæд ­ уæларвон цæрæг. Сыгъдæг алцæмæй дæр: хъуыдытæй,  æнкъарæнтæй, хъуыддæгтæй. Хъоды ­ хъоды кæуыл бакодтой, уый адæмы хсæнæй тард  æрцыд, æппæт царды хæрзиуджытæй цухгонд уыд.   Хæдзармæ куыстан уын лæвæрд уыд бакæсын трагеди æмæ  йæ хи ныхæстæй радзурын.  Цыбыртæй ма йын радзурæм йæ сюжет. фехъуыста Куликовы  тыгъды уырысы  уæлахиздзинад. Æмæ куы федта, цавæр уавæры ис  йæ бæстæ, уæд йæ зæрдæ  бандзыг арф патриотон  тыхстæй. Йæ хъуыдыйы  ис Аланыстон йæ  къæхтыл слæууын кæнын, мангойлаг залымтæй йæ  фервæзын кæнын.     Атох æмæ йæ  хъузæттæ Борæханы  ныхмæ слæууынц. Йе  ´рцыдмæ йын йæ фыды  ккæй амардтой, уый сæм  фаг нæ фæкасти. Ноджы  ма Буртæджы дзыхæй  адæм базонынц мæнг  ныхас, ома, дам, Борæхан Гæтæджы фырт Сосланы  фæсхохмæ арвыста æмæ  йæ бабын кодта. Адæмы  хъуыды сзыгъуыммæ  кодтой. Адæм нæ  бамбæрстой, цæмæн  хъæуы мæсыг,   баууæндыдысты Атох  æмæ Дзуары лæгыл, æмæ  хъоды бакодтой  Борæханыл. Ноджы ма  Борæханы уарзон чызг  Зæринæ Атохы фырт  Еллбердæй дам ­ думтæ  фехъуыста, ома, сахарты  хæтæг устытыл зылдис    Регулятивон: скъоладзаутӕ  ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы  бамбӕрстой, уымæн   аргъ кӕнынц сӕйраг хъайтары  архайдӕн æмæ дзы иуимæ фидыд у, зæгъгæ, æмæ йæхи атигъ  кæны Борæханыл.   Кæй зæгъын æй хъæуы,  Борæхан фæтыхсаст  вæййы. Зæринæ дæр ма  йыл куы бахъоды кодта,  уæд та бынтондæр. Уый  бæрæг у йæ монологæй.  (кæсы Борæханы  монолог). ___ Мæнæн ис мард ­ нæ  ивгъуыд кад, нæ ном,          Мæнæн ис дзуар ­  нæ фидæны сæрибар.         ...............         Адæм         Куы базоной мæ  фыстыты нысан,          Уæд нарты цæуæт  нал уыдзысты къордтæ,                       ..................           Аллоны тæф  кæнид, æмæ та ногæй           Йæ хъысмæтæй  ысуаид уæд Хуыцау... Борæханмæ ис фæнд:  "мæсыгæн æрæвæрын  бындур", "цъæх дурыл  ныффыссын фæрныг  дзырдтæ": "Кæнæ  сæрибар ­ кæнæ мæлæт".  Сæ нысан у иудзинадмæ сидт. Фæйнагыл слайдтæ­ мæсгуытæ Мæсыг у иудзинады,  сæрибары символ.  Хъодзаты Æхсар мæнæ  куыд загъта: "Мæсыг ­  æнамонд адæмы фидæн,  йæ царды уидаг, йæхæдæг бахсынынмæ чи хъавы,  уыцы цагъарты сæ  фыдбылызæй ратоныны  мадзал. Мæсыг ­ ныфсы,  хъаруйы нысан. Мæсыг ­  зонды, рухсы, фидауцы,  аивады, чиныджы, иу  ныхасæй фарны фæлгонц. Æппын фæстаг, мæсыг ­  ирæтты хæлд паддзахад  ногæй йæ гаччы сбадын  кæныны символ...". Æрлæууын кæнынц сæ  зæрдыл, раздæр кæимæ  базонгæ сты, уыцы  хъайтарты Скъоладзаутæ къордтæй  куысты фæстæ дæттынц  дзуапп: __Борæханы æмрæнхъ  æмбæлы æрæвæрын:  Бесæйы "Амыран",  Хæсанæйы "Æфхæрдты  Хæсанæ", Чермены  "Чермен", Хазбийы   Цы баци Борæхан уæддæр? "Хазби" æмæ æндæрты.  Уыдон дæр æнувыдæй  тох кодтой рæстдзинады  уæлахизæн æлдæрттимæ.  Сты романтикон удты  хицæуттæ, гуманисттæ,  патриоттæ. __ Борæхан у ног  хъайтар. Ист у историон  æрмæгæй. Автор  йæхæдæг цы сæйраг  проблемæтыл тыхсы,  уыдон рахизынц йæ  хъайтары хъуыдымæ, йæ  миддунемæ, æмæ  фæзынынц йæ трагикон  хъысмæтыл. ___ Мæнмæ гæсгæ та  Борæхан ахæм хъайтар  нæу, æрмæстдæр йæ  паддзахад сфидар  кæныныл чи хъуыды  кæны. Уый философ у.  Хъуыды кæны арфдæр.  Уый у растхъуыдыгæнæг, расттæрхонгæнæг, æмæ  уымæн зæд у. ___ Мæ хъуыдымæ гæсгæ дæр, зæд у æцæг.  Æркæсæм ма йын йæ  ныхæстæм.  Æгадæй зын у цæрын,  Нæ уæлæрвты  æфсондзыл.  Æгомыг галау сахуыр  ыстæм мах, Уæдæ цы фæнд ис Борæханмæ? Куыд уæм кæсы? Борæхан аразы мæсыг. Цымæ цæмæн? Цæй символ у мæсыг? Борæхан аразы мæсыг, сиды иудзинадмæ. Ирон истори æмæ  ирон литературæйы Борæхан иунæг у? Цавæр хъайтар у  Борæхан? Нæ худинагæй нал  кæнæм æфсæрмы, Æмæ быхсæм цагъары  цард, Фатау мæлæт хуыздæр у! __Кæнæ: Цæй мæгуыр дæ, цæй  мæгуыр дæ, мæ бæстæ! "Мæ бæстæ" загътон? Нал ис уый мæнæн! Ыстæхынмæ кæцæй  хъавыдтæн, уым, Æрбадт æввонгæй сау  халон!.. Мæнмæ гæсгæ ацы  ныхæстæ зæды æмных  лæджы ныхæстæ сты. Скъоладзау: (кæсы  текст). Нæ кæмтты хъуамæ  саразæм гæнæхтæ, Æфсад ыскæнæм, раттæн  сын нысан,            ................................. Æмæ ма ноджы: Йæ нысан ын уынын!             ................................ . Сæ зæрдæты сын тасы  уидаг амар. Уацмысæн йæ сæйраг  хъуыды дæр уый мидæг  ис, æмæ ирон адæм сæхи хуызæн кæй нал уыдысты, кæй райдыдтой тæрсын  сæ аууонæй дæр, кæй  ныддихтæ сты. Æртæ  ирон лæджы иу  тæтæйрагæй кæм  тарстысты, сæ  уæрджытыл лæугæйæ  фосы быхст кæм кодтой  ехсы над, уым зæд ай­ гъайдæр хъодыгонд  уыдаид. Мæнмæ гæсгæ адæм  зæдтæ æмæ Хуыцауыл  нал æууæндыдысты, хан  сын сси Хуыцау дæр,  æмæ зæд дæр. Æмæ  Борæхан йæ сæйраг  нысан уыдта, адæмы сæ  фынæйæ райхъал  кæныны. __ Атох, Елберд æмæ сæ  хъузæттæ. Атох кæд  фæтæг у, уæддæр  æргомæй зыны йæ  лæмæгъдзинад,  уæлдайдæр та  Борæханимæ кæм  фембæлы, уыцы нывты.  Ис ын æрмæстдæр иу  нысан: цыфæндыйæ дæр  бахъахъхъæнын йæ  къæлæтджын. Уæвгæ йæ  фæтæг схонæн дæр нæй.  Рефлекси. Урочы хатдзӕгтӕ. Фæтæг вæййы адæмæн  сæхицæй рацæугæ,  æлдариуæг сыл нæ  фæкæны, кад сын кæны,  нымайы сын сæ хъуыды.  Фæцæры адæмы  сагъæсæй, адæм ыл  феууæндынц æмæ йæ  фæстæ фæцæуынц.  Атохы аххосæй та адæм  сæ хъуыды æргомæй  зæгъын нал уæндынц,  пъæззы сыл ныббадт. Уый аххосæй 10 мины  фæсивæдæй бындзагъд  фæвæййынц кæйдр  хæсты. Ахæмтæн лæджы  ном раттæн нæй. __ Елберд та бынтон  диссаг. Уæдæгонд æй  сылваз рахоны, ома йæм  нæлгоймаджы  миниуджытæй ницы ис.  "Тыхджын" вæййы йæ  хъузæтты раз, йæ  дымыстæрджыты сæргъы, чызджыты цæстмæ. Атох  дæр, Елберд дæр, Дзуары  лæг дæр. Уыдоны ис  æрмæстдæр иу мæт: куыд бахъахъхъæной сæ хъарм  бынæттæ, æмæ уый  тыххæй цæттæ сты  тæтæры нæ, кæй фæнды  зæвæттæ стæрынмæ дæр. Кæронбæттæн  Зæд æй хуымæтæджы нæ хонынц. Цавæр хоны йæ хæс та? Цы зæгъы, куыд æй уыны? Саударæг усы архайдæй  бæстондæр рабæрæг  вæййы авторы мæт.  Саударæг у, кæй зæгъын  æй хъæуы, символикон  фигурæ. Саударæг ус  драмæйæн у йæ рахæцæн, йæ архайды цырв. Уый  фæллад у æппæт  хæстытæй. Йæ хуызы  бацыд ­ зæхх, ­ йæ рыст,  йæ тыхст, йæ сагъæстæй  хъæрзы. Æмæ кæд дуне  талынг у, уæддæр  саударæг ус уыны  лæгмарты,  бæстæсафджыты,  мæнгард, хуыснæг æмæ  уæйгæнджыты. Ацы  фæлгонцы, мæнмæ гæсгæ, автор æвдисы райгуырæн  зæххы уавæр, йæ  хъизæмæрттæ. __ Мæн та ма зæгъын  фæнды Уæдæгонды  тыххæй. Борæхан,  Саударæг ус æмæ  Уæдæгонд сты æцæг  хъайтартæ, æцæг адæм.  Иннæтæ мæм  фæкастысты, мæнæ  аргъæутты лæугæйæ кæй  бафынæй кæнынц, ахæм  адæм. Уæдæгонд, кæд æй адæм æдылыйыл Раст бафиппайдтай. Уæдæ ма зæгъут, кæд зæд у, уæд  хъодыгонд та цæмæн у? Ау, уый гæнæн дæр ис æмæ ирон лæг зæдыл хъоды бакæна? Уæддæр зæдыл хъоды бакæн ­ раст уæм кæсы уый? нымайынц, уæддæр у  æцæг лæг. Раздæр,  æвæццæгæн, æцæг  уæдæгонд уыди, фæлæ  йæ бæстæйыл фыдæбон  куы ркодта, уæд æм  фæзынди зонд, хъару,  цæмæй йæ хъуыдытæ  æдæрсгæйæ, æргомæй  дзура. Йæ хъуыды æргом  зæгъын чи уæнды алкæм  дæр, уый мæм кæсы æцæг лæг. Трагедийы æвзаг у тынг  хъæздыг. Фыст у урс  стихæй, ис дзы ирд ритм,  динамикæ. Архайджытæн сæ алы репликæ дæр у  карды цæфау раст. Ис  дзы тынг бирæ эпитеттæ,  абарстытæ, метафорæтæ.  Автор тынг уæрæх  спайда кодта  æмбисæндтæй. (кæсынц, цавæр  æмбисæндтæ дзы ис,  уый). Цæмæй хъайтарæн характеристикæ радтай, уымæй æрмæст  йæхи кой кæнын фаг нæу, мæнмæ гæсгæ. Йæ  ныхмæлæуджытæ та чи сты? Скъоладзаутӕ дӕттынц  фӕрстытӕн дзуапп. Рæстдзинад æмбæхстæй  бирæ нæ вæййы. Раргом  вæййы иу ахæмы. Æмæ  Борæйы рæстдзинад дæр  сбæлвырд ис. Æххуысмæ  йæм æрцыдысты ир.  Борæ фæстæмæ дæр нæ  фæкаст, афтæмæй цæуы  йæ адæмы разæй  хъазуатон тохмæ.  Ацыдысты сæ фæстаг  хæстон фæндагыл. Тох  уыд сæрибардзинадыл.  Сæ сæрмæ фæйлауы  тырыса. Æмæ кæд мард  фесты иууылдæр,  уæддæр сæ тырыса  бæрзондæй фæйлауы.  Тырыса у паддзахады символ, адæмы  иудзинады символ. Уый у фарн. Фыдæлты фарн,  уымæн та сæфæн нæй.  Æмæ дзæгъæлы нæ  фæвæййы пъессæ  ныфсдæттæг ныхæстæй.   .   Скъоладзаутӕ радыгай  дзурынц сӕ хъуыдытӕ. 1. Æз базыдтон нæ  рагфыдæлтæ ­ аланты  царды историон  фæндæгтæ. 2. Æз бамбæрстон цæй  мидæг ис адæмæн сæ  фарн. 3. Æз бамбæрстон  рæстдзинад  кæддæриддæр кæны  уæлахиз. 4. Æз мæхицæн сбæлвырд кодтон ­ хæрам æмæ  гадзырахат адæймаг  рæстфæндаг нæ кæны. 5. Мæн бафæндыд дыккаг хатт бакæсын трагеди. Уацмысы сæйраг хъуыды раиртасынæн авторы фæхъæуы алы  архайæг дæр. Алчи дæр дзы феххæст кæны йæхи роль. Куыд  уæм кæсы, "Саударæг усы" роль цавæр у трагедийы? 6. Æз бафæлвардзынæн  мæ адæмы аккаг лæг  суæвыныл. Ноджы ма иу хъуыддаг:"исты зæгъын кæй фæфæнды, уымæн  æвзаг хъуамæ уа", ­ уый венгриаг æмбисонд у. Шамилмæ уыд бирæ хъуыдытæ, ссардта сын формæ, ссардта, цы æгъдауæй  сæ зæгъа, уый. Йæ æвзаг та уæм куыд фæкаст? Хорз, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам радзырды мидис. "Хъодыгонд зæд" куыд загътам, афтæмæй Шамилы фыццаг  драмон уацмыс у. Сценикон цард федта 1980 азы. Йæ  режиссер ­ Дзиуаты Анатолий. Борæханы роль снывæста  УСФСР ­ ы адæмон артист Уататы Бибо. Кæд историон  хъайтар уыд, уæддæр æй райстой, куыд абоны хъайтар,  афтæ. Уымæн æмæ нæ абоны цардмæ бахаста ног хъуыды,  адæмы хоны иудзинадмæ, ныфс сын дæтты. Дзиуаты  Анатолий фæстæдæр фысдзæн: "Этот спектакль был как  призыв. Мы впервые подняли аланский флаг, перед которым  все стояли коленопреклонно. Спектакль имел грандиозный  успех. Мне интересно было наблюдать за тем, как люди  воспринимают этот спектакль. Это были слезы радости,  воодушевления. И, честно говоря, я сам не ожидал, что  спектакль может произвести такое воздействие на зрителя".  "Режиссер Дзиуаты Анатолий æппæт дунейы фыццаг бæхты  театр "Нартæ" байгом кодта Джыгкайты Шамилы пъесæмæ  гæсгæ арæзт спектакль "Хъодыгонд зæд"­æй. Театралон  аивады бынтон ног мадзæлттæй арæзт аивадон авналæнтæй  æххæст цымыдисаг спектакль. Театрдзауты цæсты раз  раудæгас кодта Ирыстоны рагон цауты нывтæ, сæ цин, сæ  тыхсты, сæ тохы бонтæ" ­ афтæ фыста Четиты Рубен газет  "Рæстдзинад"­ы 1993 азы 1­æм июлы номыры йæ уац "Рагон  цауты абоны хабæрттæ дзыназынц"­ы. Трагедийы кæрон тырыса сфæйлауы... Шамил йæхæдæг  фæстæдæр зæгъдзæн: ""Уый уыд мæнæн ме стырдæр цин, мæ  амонд. Æз уæд мæхицæн загътон: "Ирыстонæн мæ цы  фæндыди, мæ бон цы уыд, уый сарæзтон. Мæн фæндыд  тырыса равдисын æмæ йæ равдыстон. Адæмæн тырыса куы  нæ уа, уæд сæ ницы иу кæны, уæд сын нæй ном æмæ  фидæн"... Цавæр проблемæ нын æрæвæрдта нæ размæ фыссæг? Ирыстоны иудзинады проблемæ.  Пъесæ вæййы ныфсдæттæг ныхæстæй. Чи сæ бакæсдзæн?         Нæртон фæлтæр! Уæлахиз у уæ намыс...Уынын мæ цагъды  уæлдæйттæ. Уæддæр ныфсджын дæн æз. Нæма бахус нæ уидаг. Æмæ та ногæй рухс талатæ суаддзæн. Бæласæн йæ  уидæгтæ хъæддых æмæ æнæниз куы вæййынц, уæд бæлас  бæрзонд, зæнгджын, къабазджын вæййы. Уыцы уидæгтæй ма  æндæр бæлас дæр сзайдзæн. Ирон адæм бæллыдысты уыцы  фарнмæ æмæ нын тыхджын уидæгтæ уа. "Уидæгтæ" сты нæ  ивгъуыды цард. Æнæ ивгъуыдæй фидæн нæй, фидæнмæ  фæндаг та абоны ис. Ивгъуыд куыд æнæкæрон у, афтæ  фидæн дæр у æгæрон. Ныййарæг зæххы хъæбултæ  кæрæдзимæ æнгом куы рбалæууой, уæд се ´хсæн æрцæрдзæн  уарзондзинад, сæ рæстæг дæр уыдзæн амондджын. Ацы  хъуыдыйыл æрбындур кодта Шамилы трагеди "Хъодыгонд  зæд". Абоны урокæй уæ чи цы ахæсдзæн? Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын Хӕдзармӕ куыст  .  Абон тынг хорз бакуыстат иууылдӕр! Аргъ кæнынц сæ кæрæдзийы кустæн Хӕдзармӕ куыст уын уыдзӕн сахуыр кæнын скъуыддзаг     Удгоймагон УАА: зонындзинӕдтӕм тырнын.

Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
24.02.2019