Литературон –музыкалон композици : «Музыкæйы зæлтæй нывæст» (Зындгонд дирижер Гергиты Валерийы кадæн)

  • Культурные мероприятия
  • rar
  • 13.06.2018
Публикация на сайте для учителей

Публикация педагогических разработок

Бесплатное участие. Свидетельство автора сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

Бæрæгбоны хæстæ: 1.Ахуырдзауты æргом фылдæр раздахын аивадмæ, цæмæй йын банкъарой йæ тых. 2.Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад аивадмæ, музыкæмæ. Бæрæгбоны фæлгонц: Гергиты Валерийы портрет, презентаци. Бæрæгбоны цыд: (Хъуысы ирон аив музыкæ, цæуы презентаци,рацæуынц дыууæ амонæджы) 1 амонæг. Нæ фыдæлтæ кадджын æмæ намысджын уыдысты. 2 амонæг. Нæ фыдæлтæ хъæбатыр уыдысты. 1 амонæг. Æфсарм æмæ æгъдауæй æххæст уыдысты. 2 амонæг. Нæ фыдæлтæ курдиатджын уыдысты. 1 амонæг. Диссагæн дзуринагæн баззадысты Аланыстоны архитектурæйы цыртдзæвæнтæ, аргъуантæ, сахартæ. 2 амонæг. Абон дæр ма рацæуы нæ фыдæлты хæцæнгæрзты кой - ахæм диссаджы нывæфтыд уыдысты. 1 амонæг. Рæсугъд хъуыдытыл æфтауы , сыгъдæг хъуыддæгтæм адæймаджы разæнгард кæны Аивад. 2 амонæг. Аивады зæрдæмæхъаргæ хуызтæй иу у Музыкæ. 1 амонæг. Чи нæ йæ зоны, фæндыр куыд фæзынди, уый? 2 амонæг. Чи нæ фехъуыста Нарты Ацæмæзы уадындзы цагъдæн кæлæнгæнæг тых кæй цыди, уый? 1 амонæг. Уæдæ цы кадæггæнджытæ уыди нæ фыдæлтæм, куыд зæрдæмæхъаргæ цагътой дала æмæ хъисынфæндырыл! 2 амонæг. Чи фæнымайдзæн се´ ппæты нæмттæ? Дыгургомæй – Саулаты Дзæрæх, Куырттатæй – Хетæгкаты Гуыба, Зыгъуыттаты куырм Бибо – Бæтæхъойæ. 1 амонæг. Миллер диссагæн кæй фæхаста («За 4 века знает историю Осетии»), зæгъгæ, уыцы Дзусаты Рæмон. Ногираг – Сланты Гаха. Æрмаст иунæаг уый цагъта 12-тæнон фæндырыл йæ рæстæджы.2 амонæг. Кухæмдзæгъд ын саразынц лæугæйæ. 1 амонæг. Æнусты нын цæр, Валери! Дæ намысæй хайджын кæн Ирыстоны рæзгæ фæлтæры!
Иконка файла материала сценарий валерий гергиев.rar