Фыдыбæстæ…. Райгуырæн зæхх! Цы стыр хъуыды ис ацы дыууæ дзырды. Цæй адджын стут адæймагæн, куыд не фсæды цæст уæ уындæй. Ницæимæ уæ ис абарæн. Фыдыбæстæ мах хонæм нæ бæстæ, уымæн æмæ ам цардысты нæ фылæлтæ стæй уыдоны фыдæлтæ. Райгуырæн зæхх та йæ хонæм уымæн, æмæ мах райгуырдыстæм ацы зæххыл, ам дзурæм нæхи мадæлон æвзагыд. Райгуырæн зæхх у ныййарæг мад, нæй йын рохгæнæн. Фыдызæхх лæгæн æвзаргæйæ нæу, раив-баив гæнæн ын нæй. Иу хатт дзы куы фæцух уай, уæд ногæй йе ссарын зын у. Цард ивгæ цæуы. Нæ адæмæй абон бирæтæ цардагур тындзынц фæсарæнтæм, дард бæстæтæм. Не мбарынц, сæ фыны дæр фæстæмæ кæй здæхдзысты сæ райгуырæн уæзæгмæ. Æнæ Фыдыбæстæ цыфæнды хорз цард дæр цард нæу.
Ãèìí Ñåâåðíîé Îñåòèè (Ôåëèêñ Öàðèêàòè) (mp3ostrov.com).mp3
Iron_fandyr_-_Lyubimye_osetinskie_melodii_(iPlayer.fm).mp3
Iron_fandyr_-_Lyubimye_osetinskie_melodii_(iPlayer.fm).mp3
Ацы фыдæлты зæхх – ирон фарнæй
кадджын,
Зæрдæйæн уарзон у, зæрдæйæн –
адджын.
«ДЫ ИСКУЫ ФЕДТАЙ ДИДИНÆФТЫД
ÆГÆНДÆГ ХЪÆДТÆ, ЗАД МÆНÆУЫ
ФÆЗТÆ,
ХУЫМ?
ХÆХБÆСТÆ,
КЪУЫМ».
УЫЙ У МÆ ИР, МÆ РАЙГУЫРÆН
ЗÆХХЫ ФИДАУЦ, ДУНЕЙЫ ФАРНЫ
«ДЫ ДÆ МÆ ЦИН, МÆ
ЦАРДАМОНД,
ФЫДЫБÆСТÆ, ДÆУÆЙ
МÆНÆН
ЗЫНАРГЪДÆР,
АДДЖЫНДÆР
НÆ УЫДИС ÆМÆ НÆЙ.
«
у мæ удлæууæн, мæ зæрдæ,
Зæрдæйæн та ныддихтæгæнæн
нæй».
/Хостыхъоты Зинæ/.
Куыд бамбæрстат, афтæмæй абон мах
ныхас кæндзыстæм, сæрыстыр æмæ
буц кæмæй стæм, æрцæуæг адæмы
дисы чи бафтауы йæ
рæсугъддзинадæй, аргъауы бæстæ
кæй хонынц, уыцы Ирыстоныл, нæ
Фыдыбæстæйыл. Ирыстон хъуыстгонд
у тæмæнкалгæ бæрзонд хæхты
цъуппытæй, йæ дидинæфтыд
быдыртæй, райдзаст дæлвæзтæй,
тызмæг æмæ æрхуым сæрсæфæн
кæмттæй, йæ сыгъдæг суадæттæй
æмæ суартæй. Уæлдай кад та скодтой
Ирыстонæн йæ фæзминаг хъæбултæ.
Фыдыбæстæ…. Райгуырæн зæхх! Цы стыр хъуыды
ис ацы дыууæ дзырды. Цæй адджын стут
адæймагæн, куыд не фсæды цæст уæ уындæй.
Ницæимæ уæ ис абарæн. Фыдыбæстæ мах хонæм
нæ бæстæ, уымæн æмæ ам цардысты нæ фылæлтæ
стæй уыдоны фыдæлтæ. Райгуырæн зæхх та йæ
хонæм уымæн, æмæ мах райгуырдыстæм ацы
зæххыл, ам дзурæм нæхи мадæлон æвзагыд.
Райгуырæн зæхх у ныййарæг мад, нæй йын
рохгæнæн. Фыдызæхх лæгæн æвзаргæйæ нæу,
раив-баив гæнæн ын нæй. Иу хатт дзы куы фæцух
уай, уæд ногæй йе ссарын зын у. Цард ивгæ цæуы.
Нæ адæмæй абон бирæтæ цардагур тындзынц
фæсарæнтæм, дард бæстæтæм. Не мбарынц, сæ
фыны дæр фæстæмæ кæй здæхдзысты сæ
райгуырæн уæзæгмæ. Æнæ Фыдыбæстæ цыфæнды
хорз цард дæр цард нæу. Æмдзæвгæ: «Райгуырæн
зæхх». (Чеджемты Æ).
Ирыстон – нæ кувæндон, нæ цæрæн
зæхх, нæ бæллицты гæнах! Ирыстон –
нæ удлæууæн, не фсарм, нæ мæт æмæ
нæ катай. Ныййарæг мадау адджын дæ,
фыдау – нæ ныфс, нæ фарн, нæ
сæрыстырдзинад. Дæ зæрдæйы нæ
зæрдæты рис цæры, нæ зæрдæты дæ
сагъæстæ нæ цæуынц. Ирон адæмæн
бирæ хъизæмæрттæ бавзаргæйæ йæ
историон мингай азтæй нымайгæйæ
даргъ æмæ уæрæх фæндаг у. Фæлæ
никуы фæтасыдысты, сæ ныфс нæ
асаст, размæ, фидæнмæ рухс
зæрдæимæ цæуыны тырнындзинад сæ
удты никуы бакъуылымпы.
Æвæджиау бирæ цыдæртæ бавзæрстой нæ
фыдæлтæ: фыдтымыгътæ,
гадзрахатдзинад, хорз ракæндæн фыдæх
дзуапп, быныскъуыдæй тас. Фæлæ уæддæр
сæ сыхаг адæмтæн уыдысты фатфæдисон.
Йæ зын сахаты кæй уæлхъус, кæй æнцой
нæ балæууыдысты, кæмæн нæ баххуыс
кодтой лæбурæг знагæн ныхкъуырд
радтынæн! Сæ дæлбазыр, сæ уæзæг
кодтой тыхст æмæ ссæст адæмы. Сæ зæхх,
сæ къæс, сæ хойраг, сæ лæгдзинад æмæ
тых хæлæг никæмæн кодтой. Æртæкъахыг
фынг алкæйы дæр хынцта, зæрдæйы
хорзæхæй алкæйы дæр рæвдыдтой. Сæ
ном айхъуыс æгас дунейыл, дæ зынты
сахат дын ныфсывæрæг чи басгуыхт, ахæм
æхсарджын, нæртон гуырдтæй.
Ирыстон – фыдыуæзæг, райгуырæн
кæвдæсрифтагау æрцауындзæг дæ
Кавказы хæхтыл. Рифтаджы хызынтæй иу
у – Цæгатварс, иннæ – Хуссары.
Цæджджинагау сæ фыцы цард, знæт
цæугæдонау размæ ивылы. Дыууæ
Ирыстоны дзаг кæнынц адæмы фарн
æмæ зæххы бæркæдтæй, адæмы зонд
æмæ æрдзы лæвæрттæй, намыс æмæ
зæрдæйы хорзæхæй. Зæрдæйы
дзæкъултæн фæхицæнгæнæн куыд нæй,
афтæ дыууæ Ирæн дæр атонæн нæй!
Уымæн æмæ иу туг, иу стæг сты. Сæ
бæллицтæ æмæ сагъæстæ, сæ цинтæ
æмæ хъыгтæ иу сты. Сæ зарæг æмæ
хъарæг иу æвзагыл кæнынц. Иу мадæл
Дыууæ Ирæн иу зæрдæ ис, иу æнкъарæнтæ
дзы абухынц цины дæр, масты дæр, фыдохы
дæр. Иу æнтыстытæ, иу бæллицтæ сыл
садзынц базыртæ, иу сагъæстæ æмæ мæт
сæ хæры. Дыууæ Ирæн ис иу истори, иу
культурæ, иу хъысмæт æмæ иу фидæн, иу
амонд. Дыууæ Ирæн – иу зæрдæ, хæлар
æмæ парахат зæрдæ. Æдзух æй иннæ
адæмтæн нæ армы дарæм. Иннæ адæмты
рис дзы нæхи рисау цæры, сæ амондыл цин
кæнæм.
Æмдзæвгæ: «Иу Ирыстон».
Зарæг: «Ирыстон». (Къудухты В).
(Слайдтæ).
Цард тох у. Афтæ уыд нæ фыдæлтæм. Афтæ у
абон дæр. Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар
Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн Фыдыбæстæ æмæ
сæрибар Циу цард æнæ сымах?....Ингæн.
Ацы дыууæ стыр ныфсы фæдыл цыдысты æмæ
цæуынц ирон адæм раздæр дæр æмæ абон дæр
знаджы ныхмæ сæ байсыны сæраппонд. Уымæн
фыста Къоста: «Адæмæн зæхх у сæ дарæг».
Зæхх у иумæйаг мад, йæ хъæбысы адæмы
хъомылгæнæг. Адæм та йæ хъахъхъæнджытæ
бахъуаджы рæстæг. Уыцы адæмы хсæн ирон
лæгдзинад никуы æрмынæг уыдзæн нæ фæтæн
æрвон тыгъдады. Ирон лæг йæ зæххыл нæ
быхсы цагъарад, фыдракæнд. Уымæн
æвдисæнтæ 1992 æмæ 2008 азтæ.
Йæ ирон бæстæ зæрдæйыдзагæй чи уарзта æмæ йæ
фыдæлты туг йе уæнгты кæмæн æхсысти, уыцы
хъæбатыр фæсивæд ацы азты знæгтимæ тохы равдыстой
лæгдзинад æмæ Ирыстоны сæрвæлтау радтой сæ цард.
О Ирыстоны хæрззæрдæ лæппутæ! Цæй диссаджы
уарзтæй уарзтат ацы Райгуырæн зæхх æмæ цы стыр
лæгдзинад разынд уе рыгон удты! Ирыстоныл зын бонтæ
куы скодта, уæд фæстæмæ дæр нал фæкастыстут.
Куыннæ ракастыстут, тарстхуызæй уæ фæдыл джихкаст
чи кодта, уæ уыцы мæтгæнаг ныййарджытæм.
Æмдзæвгæ: «Цæргæстæ».
Æвæццæгæн, уе стыр маст æмæ уе стыр уарзт сиу сты
æмæ уын рæстæг нал уыд фæстæмæ кæсынмæ. Уе рыгон
буар, уе рыгон зæрдæтæй æмбæрстат, мад æмæ фыдæй
сидзæрæн бафæразæн ис. Ирыстоной сидзæр –
мæгуырæй- мæгуырдæр, уымæн бабыхсæн, бафæразæн
нæй. Уыцы зын бонты нæ хъæбатыр лæппутæ Ирыстоны
се стыр Мад хуыдтой æмæ сæ гыццыл мæдтæм нал
хъуыстой се стыр Мады хъахъхъæнгæйæ. Цас
уыдысты….. Ирыстоны йæхи удæй фылдæр чи уарзта,
уыцы хъæбатыртæ, цас уыдысты, цас Ирыстоны
хъæбатыр цæргæстæ. Зарæг: «Цæргæс». (Слайдтæ).
Иу ардзæст, иу хъарм къонайæ хæххон цæргæстау
иумæ куыд стахтысты Сланты æртæ æфсымæры,
гъа-ма Ирыстонмæ йæ къух чи систа, нæ сабыр
адæммæ карды ком æмæ хæцæнгарзы фындзæй чи
бавнæлдта, уыдон лæгæй-лæгмæ фенæм зæгъгæ.
Ирыстоны алы кæмттæ, алы рындзтæй æндæр æмæ
æндæр цæргæстæ. Стæй фыдгæнджытæн лидзгæ-
лидзын сæ худтæ сæ разæй куы тылдысты, уæд
бамбæрстой: ирон лæг йе фхæрд нæ бары. Æцæг
ирон лæгимæ карды ком æмæ хæцæнгарзы дзыхæй
дзурæн нæй. Ирыстоны зæрдæ иумæ
бахъахъхъæдтой Иры фæсивæд: хуссарæй-
цæгатæй. Уыцы уæззау бонты сæ лæгдзинады кой
айхъуыст Сланты æфсымæртæн æгас Ирыстоныл.
Æмдзæвгæ: «Сланты æфсымæртыл».
Нæ цæрынхъуаг, нæ хъæбатыр лæппуты
ныййарджытæ, уæ хъы г уын Терчы дон
дæр нæ аласдзæн. Сымах абон хъуамæ
дзагцæстæй кæсат цардмæ. Цы хъæбулты
фæхастат, уыдон нæ æгады бынатмæ не
руагътой. Уыдон Ирыстоны æгас
дзыллæйæн дæр æнусон кад самадтой сæ
рæзгæ удтæ, сæ рæсугъд зæрдæтæй.
Кæуын сыл уæд хъуыдаид æмæ зын сахат
æгаддзинад сæ сæрмæ куы рхастаиккой
æмæ æнаккаг знаджы раз се хсар куы
фæтасыдаид. Ныр та сæ сæрыстыр хъуамæ
уæм, ныр та сыл кады, намысы зарджытæ
аразæм.
Æмдзæвгæ: «Уæ цырты раз».
Зынаргъ у, адджын у цард, æмæ ацы рухс дунейы
цæрынæй никуы ничи бафсæст. Бæлас акалдтой,
уæддæр уалдзыгон бон хуры хъарммæ дидинæг
рафтыдта. Бæласы дæр цæрын фæндыд. Фæлæ
уææдæр нæ дард фыдæлтæ æнусон цард нæ
равзæрстой, фæлæ равзæрстой æнусон кад æмæ ном
Уый у, адæймаг йæ фæстæ цы иунæг кады мæсыг
ныууадзы уый. Æнусон кад зæрдæйы
рæсугъддзинадæй цæуы. Зæрдæйæ рæсугъд чи у,
уыдон та адæмы æхсæн бæрæг дарынц æмæ сæ алы
уæнгæй сæ алы æгъдау зыны. Уымæн æвдисæн нæ
Ирыстоны хъахъхъæнджытæ. Цы хсар æмæ сæм цы
лæгдзинад разынд! Цы стыр диссаджы уарзтæй
уарзтой ацы фыдæлтыккон зæхх, ацы фыдæлты
Ирыстоныл»
Зарæг: «Ирыстон». (Слайдтæ).
рæсугъд бæстæ.
Æмдзæвгæтæ: «Азæлæд Ирыстоныл нæ зарæг»
« Дæ риуыдзаг сулæф, Ирыстон» «Ирыстон» «Гимн