Плиты Грис "Авд цухъхъайы".

  • Презентации учебные
  • pptx
  • 11.01.2019
Публикация в СМИ для учителей

Публикация в СМИ для учителей

Бесплатное участие. Свидетельство СМИ сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

О, Плийы фырт гени уыд æмæ генийæ баззайдзæн Ирыстоны фæлтæрæй – фæлтæрмæ. Ахæм хуымæтæг æмæ стыр куырыхон æмæ дзырддзæугæ адæймæгтæ стæм хатт гуырынц. Уыдоны хуызæн ничи бамбары йæ адæмы рис, хъизæмæрттæ, бæллицтæ, хъуыдытæ. Грис фыста шедевртæ, уыд æмæ баззайдзæн ирон литературæйы классикæй. Йе сфæлдыстад конд у ирон тугæй, ирон стæгæй, ирондзинадæй, æппæт адæмтæм йæ уарзондзинадæй.
Иконка файла материала Презентация17.pptx
Темæ: Плиты Грис Балладæ: «Авд цухъхъайы».
Урочы нысантæ: аив литературон уацмысы фърцы ахуыргæнинæгтæм Райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ уарзт æвзæрын кæнын. Хъæбатыр хæстонтæн, нæ кадджын хистæртæн, ныййарджытæн сæ аргъ кæныныл ахуыр кæнын, ахуыргæнинæгтæн аивады æмæ царды бастдзинад æмбарын кæнын.
Урочы фæлгонц: Плиты Грисы æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ: «Атакæ», «Салдат» æмæ æндæртæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл аив литератуæёйы уацмыстæ.
Техникон фæрæзтæ: Интерактивон фæйнæг. (Зарджытæ. Киноныв).
Эпиграф: æрцыд, «Зæххыл цы стырдæр хæст Гъе, уым ирон туг дæр ныккалд!». (Плиты Грис).
Зæххыл ис иу Хуыцау – Рæстдзинад, Ды иунæг уымæн дæ цагъар. Дзамболаты фырт Грисён. Ахæм зондахаст адæймаджы кæны сæрибар, дæтты йын ныфс æмæ сфæлдыстадон тых. Фæлæ ахём бёллиццаг уавёрмё ёрцёуын ёнцон нёу алы адёймагён. Уый сёраппонд адёймаджы хъёуы зынтё басёттын, тас амарын, зёрдёйё цагъары ёууёлтё ралёмарын. Уыцы уавёр у хъуыдыгёнёг адёймаджы бёллиц, йё бёрзонд нысан, уымё тырнынц философтё ёмё геройтё. Уыдон намыс хонынц мёлётыл ныфсджынёй сёмбёлын, амонд сём кёсы рёстдзинад ёмё Фыдыбёстёйы сёрвёлтау цард радтын. Ахём удон уавёр уыд Плиты
Зæххыл ис иу Хуыцау – Рæстдзинад, Ды иунæг уымæн дæ цагъар. (Джыккайты Шамил.)
Плиты Грисы Ирыстоны чи нæ зоны, ахæм адæймаг нæ разындзæн. Иутæ йæ зонынц курдиатджын поэтæй, иннæтæ – куырыхон драматургæй, æртыккæгтæ – агургæ æмæ æнаргæ дæсны тæлмацгæнæгæй. Грис се ппæтæн дæр уыди хион, уарзон адæймаг, алкæй зæрдæмæ дæр фæндаг ссардта.
Ирон фысджыты цалдæр фæлтæры йæ Хуссарæй – Цæгатмæ нымадтой монон фыдыл. Грисы уазджыты æхсæн фенæн уыдис бирæ хæрзæгъдауджын адæмы: Коцойты Арсен, Дзанайты Иван – Нигер, Дзесты Куыдзæг, Мамсыраты Дæбе, Ардасенты Хадзыбатыр, Гаглойты Федыр-Гафез, Тæбæхсауты Бало, Джусойты Нафи, Джыккайты Шамил æмæ бирæ æндæртæ. Фысымы адæймагуарзондзинад сын уыдис стыр ныфсы хос. Сæ мидисджын ныхæсты мидæг уыдон лыг кодтой канд фынджы’ гъдæуттæ нæ, фæлæ ирон культурæ æмæ аив литературæйы фарстатæ.