Сценарий праздника
Оценка 4.9

Сценарий праздника

Оценка 4.9
Мероприятия
doc
воспитательная работа
8 кл
28.02.2019
Сценарий праздника
Бæрæгбоны сценари «Мæ уарзон Ирыстон, дæуыл у мæ зарæг…» Сценæ у бæрæгбонарæзт, цæгъды музыкæ. 1 амонæг. Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ! Тынг æхсызгон нын у, кæй ныл сæмбæлдыстут ахæм диссаджы уалдзыгон бон! 2 амонæг. Æрдз райхъал, бæстæ худы, хур йæ тынтæй æнæвгъау тавы зæхх, адæймаджы буары бауадзы цавæрдæр ныфсдæттæг тых.
Бæрæгбоны сценари.doc
Бæрæгбоны сценари «Мæ уарзон Ирыстон, дæуыл у мæ зарæг…» Сценæ у бæрæгбонарæзт, цæгъды музыкæ.  1 амонæг.  Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ! Тынг æхсызгон  нын у, кæй ныл сæмбæлдыстут ахæм диссаджы  уалдзыгон бон!  2 амонæг.  Æрдз райхъал, бæстæ худы, хур йæ тынтæй  æнæвгъау тавы зæхх, адæймаджы буары бауадзы  цавæрдæр ныфсдæттæг тых.  1 амонæг.  Уалдзæг Ирыстоны… Уый у дзæнæтон уалдзæг.  Цæугæдæтты зæланггæнаг хъæлæс, тархъæдты  бæлæсты сыр­сыр, мæргъты æнæнцайгæ зард,  быдырты дидинджыты тæф, диссаджы  æхцондзинад зæрдæйы – ахæм у уалдзæг Ирыстоны!  Скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ:  «Ирыстон» (автор Балаты Альберт), «Дæ райсом хорз, Ирыстон!» (автор Айларты  Измаил).  2 амонæг.  О мæ уарзон Ирыстон! Амæлæн дын макуы уа! Мæ  зæрдæйы арфдæр цы къуым ис, уым дæ дарын.  Кæмдæриддæр уон – хъæбулау дæ фæмысын. Æмæ  куы бахъæуа искуы, уæд мæ цард дæр нæ бавгъау  кæндзынæн дæуæн, уымæн æмæ дæ æнæкæрон  уарзтæй уарзын.  1 амонæг.  О, зын уыди дæ ивгъуыд, Ирыстон! Нæ рагфыдæлтæ – скифтæ, сæрмæттæ, алантæ – уыдысты  намысджын хæстонтæ, æмæ сæ нæргæ кад  айхъуысти бирæ бæстæтыл, махæн та ныууагътой  сæ кадджын ном.  2 амонæг.  Хæстон балцыты æмæ стæрты цæуаг уыдысты нæ  номдзыд фыдæлтæ æмæ­иу кæддæриддæр знагæн  ныхкъуырд лæвæрдтой, цæмæй сæ абон сæрыстыр  уой сæ фæдонтæ, æмæ сæ кад уæлæуыл баззайа.  Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Скифтæ» (Малиты В.) 1 амонæг. Ирон адæммæ ис бирæ хорз æгъдæуттæ:  хистæртæн кад дæттын, аргъ кæнын, сæ зондмæ  хъусын. Хистæртæй цæуы фарн дæр, æгъдау дæр  кæстæртæм. Хистæртæ сты нæ зондамонæг,  уынаффæгæнæг! Бирæ нын цæрут, нæ буц  хистæртæ!  Зарæг «Нæ буц хистæртæ» зарынц скъоладзаутæ.  2 амонæг.  Æвæццæгæн, ахæм адæймæгтæ стæм разындзæн, йæ Райгуырæн бæстæ чи нæ уарзы. Бирæ сахъгуырд  фæсивæд ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ нæ  гыццыл Ирыстонæй, цæмæй бахъахъхъæной знагæй  сæ Райгуырæн бæстæ, цæмæй, куы бахъæуа, уæд сæ  цард дæр снывонд кæной Фыдыбæстæйы  сæрвæлтау. Бирæтæ кадимæ сыздæхтысты сæ  райгуырæн уæзæгмæ, фæлæ дзы хæсты быдыры дæр  дзæвгар баззад, сæ цард Фыдыбæстæйæн снывонд  кæнгæйæ.  Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Фæстаг салам»  (Кочысаты М).  1 амонæг.  Нæлгоймæгты æмрæнхъ, зындзинæдтæй нæ  тæрсгæйæ, хиуыл нæ ауæрдгæйæ, знагимæ  хæцыдысты нæ намысджын сылгоймæгтæ дæр. Æмæ равдыстой уыцы зын рæстæг æцæг  нæлгоймаджы хъару. Нæ сæртæй уын ныллæг  кувæм, нæ хъæбатыр сылгоймæгтæ!  Зарæг «Нæ Иры чызджытæ» зарынц скъоладзаутæ. 2 амонæг.  Хæст фæцис… Ныййарæг зæхх йæ хъæдгæмттæ  бадзæбæх кодта, цард та адæммæ йе 'ргом  раздæхта, йæ мидбылты бахудт… Бирæ  ивддзинæдтæ æрцыд нæ цардыуаджы уæдæй  нырмæ. Адæймаджы зæрдæ райдыдта агурын  цавæрдæр уæлмонц æнкъарæнтæ. Æмæ æрдхæрæны  рæсугъд цæгъдтытæй байдзаг йæ риу. Фæлæ уыцы  диссаджы фæндыры зæлтæ канд йæ риуы нæ  уыдысты…  Ирон цæгъдтытæ кæнынц скъоладзаутæ.  1 амонæг.  Хъæздыг у нæ истори алыхуызон цаутæй. Бирæ  хæттыты баййæфтой æфхæрд ирон адæм. Фæлæ  цыфæнды зын уавæрты кæд уыдысты, уæддæр  бахъахъхъæдтой се стырдæр хæзнатæй иу – сæ  мадæлон æвзаг.  «Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы 'взæгтæ,  Нæ дзы 'взæры хæстæг æмæ дæрддаг. Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ  Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг!  2 амонæг.  Абон ирон адæмæн се стырдæр мæт у сæ мадæлон  æвзаг бахъахъхъæнын. Хъыгагæн, алы ирон адæймаг  уый не 'мбары, куыдфæндыйы  цæстæй кæй кæсы йæ мадæлон æвзагмæ. Ирон адæммæ уый нæма  бахъардта, æмæ æвзаг куы амæла, уæд кæй  амæлдзæн наци йæхæдæг дæр.  1 амонæг.               «Ирон æвзаг, ирон кæрдзын                Уæ сæрмæ дæр куы нал хæссут!               Дзæбæх мын ут, фæлæ тыхстæй              Иронау дæр куы нал хъæрзут.                      Йæхи дурæй, йæ бындурæй                       Æргъæу мæсыг цæмæ хæлы?                     Мæ сау нымæт, мæ сау саргъыл                     Мæ цæстысыг цæмæ згъæлы?»  2 амонæг. Ирон æгъдау æмæ æвзагыл чи тыхсы, уыдонæн  цæуыл у сæ сагъæс, уый уын ныртæккæ  равдисдзыстæм нæ сценкæты.  Скъоладзаутæ æвдисынц цыбыр сценкæтæ.  Кæрон.

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника

Сценарий праздника
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
28.02.2019