«Мæ фыды æз канд уарзгæ нæ кодтон, фæлæ мæм зæды хуызæн касти. Ахæм сыгъдæгзæрдæ æмæ хæрзæгъдау адæймагыл æз никуыуал æмæ никæм фембæлдтæн. Мæ фыдимæ æдзухдæр уыдыстæм æмзонд, сывæллонау дзы никуы зонын над нæ, фæлæ карз уайдзæф дæр».
Къостайы ныййарджытæ
Хетæгкаты Леуан
«Нæй, ничи мæ уарздзæн дæ хуызæн, Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад! Дæ фырты куы ницы уал уырны,-Ыстыхсын æй кодта йæ цард.Ды куы уаис- куыд бирæ йæ уарзис Æмбарис дæ фырты зæрдæ, Тыхмийæ, фыдæй йæ цæргæсау Ды хъахъхъæнис царды бæргæ. Йæ рæдыдтæ уымæн ныббарис, Дæдтис ын дæ фæлмæн хъæбыс.Циу цардæн йæ амонд – зæгъис ын,Фæндагыл- иу уаис йæ ныфс…»
Г у ы б а т ы М а р и я
Лирикон герой | Къоста |
…Уыгæрдæнтæ дасы,- | |
…Мæ архайд, мæ тыхмæ | |
…Тын уæрдын, тын уафын, | |
Кæуынæй кæй сайын? | |
… Куы нæ йæм фæлæууон, | |
Кæцæй йæм фæсиды | |
-Чи у поэмæйы сæйраг хъайтар?
-Цы цæстæй кæсы фыдыус сывæллонмæ
Цы уавæрты баззад дæсадзыд лæппу, йæ фыд куы амард, уæд?
Цы зæгъы уый тыххæй йæхæдæг?
Цы цæстæнгас дары куыстмæ?
Цæуылнæ бафтыд æрыгон лæппуйы къухы йæ фæндтæ, йæ бæллицтæ сæххæст кæнын? Чи у аххосджын йе 'стыр уарзондзинады трагедийы?
Цавæр аивадон, фæлгонцгæнæн мадзæлттæй пайда кæны поэт поэмæйы хъайтары зæрдæйы уаг равдисынæн?
Къостайы царды хабæрттæй уын уæ зæрдыл цавæр цаутæ æрлæууын кодта «иунæджы царды хъысмæт?»
Нæ бон поэмæ автобиографион схонæн у? Цæмæн?
© ООО «Знанио»
С вами с 2009 года.