Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".
Оценка 5

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Оценка 5
Работа в классе
docx
воспитательная работа
11 кл
11.01.2019
Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".
«Кæд дæ искæцы адæмы базонын фæнды, уæд уал уыцы бæстæйы сылгоймæгты хорз базон». (Акаки Церетели). Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæмы национ характер, йæ уды сыгъдæгдзинад, йæ лæджыхъæд стыхджын хъуыддаджы стыр нысаниуæг ис сылгоймагæн. Ирон истори хъæздыг у бæрзонд удыхицау сылгоймæгты фæлгонцтæй. Уымæн ис фидар уарзондзинад Райгуырæн бæстæм, йæ зæрдæйы сыгъдæгдзинад кæддæриддæр уыдысты Ирыстоны цыты символ æмæ йын æдзухдæр стыр ном лæвæрдтой царды. Сылгоймаджы стыр нысаниуæджы тыххæй бирæ дзурынц, куыд дзыхæй-дзургæ сфæлдыстад, афтæ аивадон литерат урæ дæр. Ирон сфæлдыстадон сылгоймæгты сæргъы ис Нарты Сатана.
Доклад. Кочысаты Розæ..docx
Хетъеты Ланæ. Уæллаг Санибайы астæуккаг скъолайы 9­æм къласы. ахуыргæнинаг. Доклад. Темæ: «Кочысаты Розæ». «Кæд дæ искæцы адæмы базонын фæнды, уæд уал уыцы бæстæйы сылгоймæгты хорз базон». (Акаки Церетели). Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæмы национ характер, йæ уды сыгъдæгдзинад, йæ лæджыхъæд стыхджын хъуыддаджы стыр нысаниуæг ис сылгоймагæн. Ирон истори хъæздыг у бæрзонд удыхицау сылгоймæгты фæлгонцтæй. Уымæн ис фидар уарзондзинад Райгуырæн бæстæм, йæ зæрдæйы сыгъдæгдзинад кæддæриддæр уыдысты Ирыстоны цыты символ æмæ йын æдзухдæр стыр ном лæвæрдтой царды. Сылгоймаджы стыр нысаниуæджы тыххæй бирæ дзурынц, куыд дзыхæй­дзургæ сфæлдыстад, афтæ аивадон литерат урæ дæр. Ирон сфæлдыстадон сылгоймæгты сæргъы ис Нарты Сатана. Уымæй райдайы сæ хорзы кой. Легендарон Нарты Сатана у ирон сылгоймаджы æрдхæрæйнаг идеал.. Сатана кадæджы архайæг у, йæ фæлгонц ын ирон адæмы бирæ фæлтæртæ сарæзтой, алчидæр æм йæхионтæ æфтаугæйæ. Кочысаты Розæйы та ирон адæм комкоммæ радтой, Дунескæнæг æй куыд сфæлдыста, афтæмæй. Сæ буары иу хай уыд, сæ туг йе уæнгты æнхъæвзта, сæ фарн æй рæвдыдта, сæ зонд æй хъуыдытыл æфтыдта. Æмæ æппæт уыцы æууæлты сфæлдыстадон базыртыл фæхæст. Уыдон æй сæ уæлныхты систой, æмæ сæрæвæрæн æркодта ирон сылгоймаджы сфæлдыстадон архайдæн. Кочысаты Псийы чызг Розæ райгуырд 1888 азы Цæгат Ирыстоны Ольгинскæйы хъæуы. Ахуыр кодта фыццаг сæхи хъæуы, стæй та Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты приюты. Розæйы йæ афицер æфсымæр Мæсæ акодта Ташкентмæ. Уым ахуыр кодта сылгоймæгты гимназы. Йæ ахуыр æххæст нæ фæцис, афтæмæй æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæм, куыста ахуыргæнæгæй. Розæйы ныййарджытæ уыдысты рæстæмбис цæрджытæ, æнæахуыргонд. Йæ фыд Пси уыди æрдзæй зондджын æмæ курдиатджын адæймаг, дзурынмæ æмæ ирон æгъдæуттæ, таурæгътæ кæнынмæ­ дæсны. Уыдон Розæ йæ зæрдæмæ айста æмæ сæ спайда кодта йæ пьесæты. Йæхæдæг æнахуыргонд уæвгæйæ Пси стыр аргъ кодта ахуырдзинадæн, æмæ архайдта, йæ бон æмæ йæ фадат цас уыд, уыйбæрц йæ цоты ахуыры фæндагыл саразыныл.. æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта: йæ цотæй ( æртæ чызджы æмæ иу лæппу­ уыдысты ахуыргонд). Ирон театры хъуыддаг æппæты разæй райдыдтта Ольгинскæйы хъæуы. Ацы хъæуы 1904 азы фыццаджыдæр æвæрд æрцыдысты Брытьиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ» Худинаджы бæсты – мæлæт», «Уæрæседзау». Уыдоны нæ уыд сылгоймаджы ролтæ. Уымæ гæсгæ Розæ сфæнд кодта , сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ кæм архайдтаиккой ахæм пьесæтæ ныффыссын. Розæйы цырен кодттой революцион куыстмæ революционертæ Мамсыраты Саханджери æмæ Байаты Чермен. Æмæ уыцы хабары фæстæ дыууадæс ольгинскæйаг чызджы , сæ сæргъы Кочысаты Розæ, афтæмæй драмон къорд сарæзтой. Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ сын се взонг зæрдæты райгуырын кодтой æвæджиауы рæсугъд бæллицтæ. Ольгинскæйаг чызджыты драмон къорды кой куы рацæуы, уæд æнæмæнг бафиппайын фæхъæуы: уыдон сылгоймаджы бартыл тох кæнын нымадтой сæ сæйрагдæр хæсыл. Уыцы хуызы сæ къорд канд театралон нæ уыди, фæлæ революцион дæр. Кочысаты Розæ ныффыста йæ фыццаг пьесæ « Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра». Амад æрцыди, йæ фыд ын кæй радзырдта, ахæм аргъауы бындурыл. Фыд кæсын­фыссынмæ хорз арæхст, зыдта адæмон сфæлдыстад. Розæ ныффыста æртæ пьесæйы: «Зæхх­ ме вдисæн, хур ­ мæ комдзог», «Мæ уарзондзинад», «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра». Уыдон æвæрд æрцыдысты Ольгинскæйы театры. 1906 азы та Дзæуджыхъæуы. Гъе, афтæ ирон чызджытæ зынын байдыдтой сценæйы, нæлгоймæгты ролты дæр сæхæдæг хъазгæйæ. Кочысаты Розæ 1907 азы смой кодта. Йæ фыд æй тыхæй радта. Йæ мой уыдис Алагирæй Реуазты Хъасболат ­ посты телеграфы кусæг. Фыццаг цардысты Лабæйы, Алагиры фæстæдæр та Æрыдоны, уым Розæ рæуджыты туберкулезæй фæрынчын. Амард 1910 азы. Ныгæд æрцыдис Алагиры уæлмæрдты. Цыдис ыл æрмæстт 22 азы. Кочысаты Розæйы сфлдыстад кæд бæрцæй бирæ нæу, уæддæр йæ уацмыстæ сæ идейон ­ аивадон бæрæггæнæнтæ æмæ политикон ахадындзинадæй ирон адæмæн зынаргъ сты. Рох кæнын нæ хъæуы, Кочысаты Розæ ирон драматургийы райдайджытæй кæй уыди, уый агъоммæ æрмæстдæр Брытьиаты Елбыздыхъойы драмон уацмыстæ «Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты мæлæт» кæй фæзындымты. Ирон драматургийы дыргъдоны уыдон уыдысты фыццаг дыргътæ æмæ уыцы дыргъдон фæхъæздыгдæр кодт а Кочысаты Розæ йæ дзæбæх æмæ арæхсгæ уацмыстæй. (Ардасенты Хадзыбатыр). Кочысаты Розæ стъалыйау æрттивы ирон литературæйы арвыл. Йæ алы уацмыс нæ, фæлæ нын йæ алы рæнхъ дæр у цыкурайы фæрдыгау. Уымæн æмæ дзы æвæрд ис рæсугъд ныхасы уаг, ирон дзырды тых, аивдзинад æмæ хъомыс. Уымæн æмæ нæм дзы азты сæрты хъуысы нæ фыдæлты царды хъæр: сæ тухитæ, сæ мæт, сæ сагъæс. Ахæм фæрнджын æмæ хъомысджын у йе сфæлдыстад, зæрдæты агайы, зонд рæвдауы. Размæ нæм сиды! Уый сæраппонд уыдис йæ уды рис, æмæ йын радта йæ цыбыр цард æппæтæй дæр. Рухсы уацхæссæг. (Кочысаты Розæйæн) Дæ нывистмæ æрхæндæгæй нымдзаст дæн: Дæ цæстыты æгæрон рухсы цин, Фæлæ дæ амонд авдтары фæци, ­ Нæ рантыстæ Фыдыбæстæйы уарзтæн. Дæ кар цы нæ уыд, уый хъысмæтæй байстай: Уыдтай фыдтугты хъизæмар, фыдхин, Сæ ныхмæ цæуын басгуыхти дæ дин, ­ Æфхæрд дзыллæтæн уаз бæллицтæ хастай. Уыд Иры рæзгæ чызджытæм дæ дзырд: Æгъгъæд у, цомут талынг цардæй рухсмæ, Цæй, цомут райгæ фидæны æнусмæ! О, Иры хъæбул, кад æмæ дын цыт! Цæрдзæн дæ ном Ирыстоны мыггагмæ, Бæлдзæн кæстæр дæ рухс зæрдæйы уагмæ. (Кокайты Тотрадз).

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".

Доклад. Темæ "Кочысаты Розæ".
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
11.01.2019