«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»
Оценка 4.6

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

Оценка 4.6
Мероприятия
doc
русская литература
10 кл
12.05.2018
«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»
Равдысты нысан: 1. гуырын канын уарзондзинад ирон æвзагмæ скъоладзауты зæрдæты 2. ахуыр сæ кæнын аив кæсыныл . 1 амонæг: Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ! 2 амонæг: Хонæм уæ литературон - музыкалон равдыстмæ «Ирон æвзаг, мæ зынджы хай, мæ арт!» Кæсæг: «Мадæлон æвзаг» Фыдæлты буц æвзаг – нæ зæрдæ. Нæ зонд, нæ цыт æмæ нæ намыс, Дæу радта Хуры цот, цæхæртæ Зынг хурау уый тыххæй ныр калыс. Фæлмæн дæ булæмæргъы зардау, Хъæздыг – ныййарæг мады уарзтау, Æнæсайд – дард аланты ардау, Цæры нæ зæрдæты дæ уаз тау. Рæдау æфсинау нæм æрхастай Æфсарм, Æгъдау æмæ Сæрыстыр. Дæу дугты уадтымыгътæ хастой – Æндонау нарты гуырдтау сæрст дæ. Ды дæ нæ хæзнадон, нæ хъуыды, Нæ цин, нæ хъыгтæ дыл æууæндæм. Дæуæн дæ алы дзырд налхъуыт у, Æмæ сæ зарджытæ нывæндæм. ( Уалыты Лаврент) 1 амонæг: 1899 азы, 15 майы мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр».Сæдæ азы фæстæ та, 1999 азы нæ республикæйы президент Дзасохты Алыксандыр рауагъта указ, 15 май куыд суа ирон æвзаг амæ литературæйы бæрæгбон . 2 амонæг: Нæ фыдæлтæ нын хорзæй цы ныууагътой, уыцы хæзнатæй иу у нæ мадæлон æвзаг. Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, Нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг. 1 амонæг: Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, йæ алолайы зарджытимæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ. Кæсæг. Не взаг – ирон лæджы царды бындур. Не взагимæ ныл ыскæсы нæ хур. Не взаг нæ цардæн у фидар гæнах! Не взаг – нæ къонайы судзгæ цырагъ. Не взаг – Къостайы фæдонты хъысмæт. Æмæ йыл бакæнут, ба, мæ хур, мæт! Уый нын нæ хæхтау æнусты цæрдзæн! Арвау цæхæркалгæ дардыл нæрдзæн! Не взаг – хæзнадон, бæркадджын къæбиц. Не взаг – нæртон лæджы рагон бæллиц. Не взаг – Васойы хъуыдыты цæхæр. Не взаг – у не гъдау, нæ амонды сæр. Не взаг – дыууæ Иры иугæнæг хид. Не взаг! Ирон лæджы уæнгты æхсид ! Ма уæд ирон тугæн фесæфæн, ма ! Не взаг æнгомдæр, уадз, Иры бæтта ! Не взаг – нæ фыдæлты фарн æмæ кад. Не взаг – нæ намыс, нæ уыдзæн æгад. Арвыл кæй ном фыст æрцыдис, кæс-ма! Сгъалыты дзыгуыр ысхуыдтам «Къоста!» 1 амонæг: Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæздыг. Æнусæй æнусмæ алы рæтты цæугæйæ ирон адæмæн уыди бирæ алыхуызон сыхæгтæ. Уымæ гæсгæ не взаг у бирæвæрсыг, къабазджын. Ирон æвзаг у, зæххы къорийыл рагондæр цы фондз æвзаджы ис, уыдонæй иу. 2 амонæг: Мæнæ куыд зæгъы ирон номдзыд поэт Дзанайты Иван- Нигер мадæлон æвзаджы тыххæй: «Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццагдæр йæ мадæлон æвзаг базоны, уый фæстæ та- иннæ адæмты æвзæгтæ». 1 амонæг: Ахсджиаг у мадæлон æвзаг, хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд мах абон куыд хъусиккам, æмбариккам ирон адæмы уарзон поэт, нæ сæрхъуызой Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ? 2 амонæг: Æвæдза, ирон адæм тынг амондджын сты, уымæн æмæ нын ис æмбисонды тырыса- Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин дамгъæтæй йæ ныффыста Кады тырысайыл. Махæй æнамонддæр уæд нæ уыдзæн, æмæ искуы тырыса дæлæмæ куы ‘руадзæм. Кæсæг: «Нæ Иры намыс Къоста», Къоста, Ирыстоны кад, Ирон æвзаджы цæстуынгæ бæркад, Дæ зарæг ногæй нæ хъустыл ауад, Дæ ныфс фæлтæртæн дæнцæгæн баззад. Къоста, Къоста, нæ Иры стъалы, Мæйдар æхсæв дæр цæхæртæ калы. Дæ «Ирон фæндыр»-не стырдæр хæзна, Дзыллæты фарнæн бонногдæр кæна. Къоста,Къоста,нæ Иры намыс, Адæмты ныр дæр дисы æфтауыс, Дæ зарæг кæмтты æдзух нæрдзæн, Дæ ном æнустæм немæ цæрдзæн! 1 амонæг: Æвзаг у адæмы хъуыдыйы хотых, мадзал, культурæйы хæзнаты цыртдзæвæн. Æвзаг цас хъæздыгдæр уа, цас хуыздæр таса адæймаджы домæнтæм гæсгæ, цас тынгдæр иу кæна адæмы, уыйас хуыздæр æххæст кæны йæ социалон хæстæ. Кæсæг: «Мадæлон æвзаг» Уадз, равзæрæд сæдæ взаджы мæ комы, Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс, Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды, Цæмæй ныззарон булæмæргъау æз. Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы рцæуа, – Æфсымæр ын йæхи взагыл зæгъон. Цæмæй, фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, – Йæ ныхмæ кард йæхи взагыл цæгъдон! Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ, Нæ фыдæлтæ цы взагыл хордтой ард, Цы взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм, Кæй фæрцы ис нæ хорз аргъæуттæн цард, Цы взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг, Йæ дарæгæй йæм сæу гæххæтт куы рцыд, Цы взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» Зæгъут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд? 2 амонæг: Абон бæрæг кæнæм ирон æвзаджы бæрæгбон. Уæдæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ фæндырæй, æнæ зарæгæй? Кæсæг: Фыдæлты хæзна» Нæртон фæндыр, дæ рæсугъд зæлтæ Сты лæджы удæн зынаргъ. Ирон лæппутæ æмæ чызджытæ, Зард, кафтæй фидаут сымах. Нæртон фæндыр, зæрдæйы тæгтæй Дæу сарæзта Сырдон кæддæр. Гъе, уымæн агайыс мæ зæрдæ, Кæд не мбарыс мæ рыст, уæддæр. Ды ног чындзау ирон хæдзарæн Йæ фидыц, йе хсинаг куы дæ. Дæу фæрцы уарзæттæ сæ сæнттæ Фæцæгъдынц зарджыты, бæргæ. Нæртон фæндыр, дæ кад, дæ намыс Æнустæм цардамонд хæссæнт, Дæу фæрцы базыртæ æрзайынц, Ды дæ æвдадзы хос мæнæн. ( Гæбуаты Галинæ ) 1 скъоладзау: Ирон æвзагыл бирæ бакуыста академик Андрей Шегрен. Цард 1794-1855 азты. Шегрен дыууæ азы фæцард Ирыстоны æмæ сахуыр кодта ирон æвзаджы диалекттæ. Дзырдта сыгъдæг ирон æвзагыл. Сæрдæй зымæгæй зылди ирон хъæутыл, ахуыр кодта ирон адæмы истори æмæ æвзаг. Ныффыста чиныг «Ирон грамматикæ».Мыхуыры рацыд 1884 азы. 2 скъоладзау: Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтыл ноджы фылдæр хæрзты бацыд академик Всеволод Миллер. Цард 1848- 1915 азты. Фыццаг хатт Ирыстонмæ сæфтыд 1879 азы хæрз æрыгонæй. Уæдæй фæстæмæ Ирыстоныл фæзылд цыппар сæрды дæргъы. Ирон адæмы цардыуаг Миллеры зæрдæмæ ноджы тынгдæр бахызт. Не ‘взагимæ ахуыр кодта фольклор, этнографи, археологи, истори. Уыйас хорз базыдта ирон æвзаг, æмæ æнцонæй дзырдта ирон куырыхон зæрæдтимæ, лæмбынæг хъуыста кадджытæм, аргъæуттæм, æмбисæндтæм. 1 скъоладзау: Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль цард 1898- 1987 азты.Ирыстоны зæххыл никуы æрлæууыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, уыдонимæ туркаг ирæтты æвзаг, истори æмæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр та- Нарты кадджытæ. Нарты кадджытæ кæд ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл, уæд Жорж Дюмезиль фидарæй загъта: «Уыцы диссаг дзырддаг нæу, уымæн нæу, æмæ æвзаг æмæ фольклорæй ирæттæ разындысты æппæтæй хæдзардзиндæр индоевропæйаг адæмты традицитæ бахъахъхъæнынмæ» 2 кæсæг: Абайты Васо уыд стыр ирон ахуыргонд. Райгуырд 1900 азы хæххон хъæу Къобы, Арвыкомы фæндаджы был. 1925 азы каст фæци Ленинграды университет. Уæдæй фæстæмæ куыста æвзагзонынады æмæ ахуыры алы къабæзты, раиртæста бирæ ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстатæ. Йæ куыстытæй уæлдай ахадгæдæр сты «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Нарты эпос», ирон æвзаджы грамматикон очерк», «Уырыссаг-ирон дзырдуат», «Ирон æвзаджы историон- этимологон дзырдуат». Васойы зонынц алы бæстæты æмæ йын стыр аргъ кæнынц йæ зонадон куысты тыххæй. Абайты Васо нымад у ирон æмæ ирайнаг æвзагзонынады тæккæ зындгонддæр æвзаг иртасæгыл. 1 скъоладзау: Ирон удыхъæдæй уынгæг хæхты цъæстæй бирæ дарддæрмæ чи касти æмæ нæ фидæн чи уыдта, ахæм куырыхонтæ уыдысты Æгъуызаты Иуане, Хъаныхъуаты Инал, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Дзасохты Гиго, Гæдиаты Цомахъ, Нигер æмæ бирæ æндæртæ. Мах абон ныллæг кувæм нæ сæртæй, не ‘взаг абон кæй руаджы зæлы, нæ уыцы разагъды лæгтæн. Кæсæг: «Ирон дзырд» Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс, Уый у дæ хъысмæт, дæ ном. Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс Ирон дзырд – Иры цæсгом. Æз балбæлас федтон дидинæг калгæ, Ног чындзау дардмæ зындис. Сæууон рухс уагъта бæрзонд уæларвмæ, – Уый кæд ирон дзырд уыдис. Ирон дзырд, ирон дзырд тæхгæ цæргæс у, Рагæй йæ агуырдтон æз. Ирон дзырд мады фæлмæн хъæлæс у, Ирон дзырд – мады æнгæс. Ирон дзырд – хурдзæсгом, зæххыл нæ уды, Арв та – йæ базырты бар. Уалдзыгон бонау мидбылты худы, Гом кæны зæрдæйы дуар. Ирон дзырд мæн абон йæ куывдмæ хоны, Цин ма цы вæййы æндæр? Абон, ирон дзырд, дæ бæрæгбоны Хъуамæ фæзарон æз дæр. О, ацы уалдзæджы фыццаг арвнæрдæн, Ирон дзырд басгуыхт æмбал. Дзырдаивады æрвхуыз уыгæрдæн, Дидинæг, дидинæг кал! Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс, Уый у дæ хъысмæт, дæ ном. Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс Ирон дзырд – Иры цæсгом. ( Чеджемты Ахсар ) Нæй фесæфæн ирон æвзагæн, нæй, Ирон адæм уæд фесæфдзысты демæ. Ирон æвзаг мæ зæрдæ у мæнæн, Куы мæла уый, уæд амæлдзынæн йемæ. ( Чеджемты Ахсар) 2 амонæг: Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм цæстыгагуыйау нæ фыдæлты хæзна-мадæлон æвзаг, уæм сæрыстыр нæ Ирыстонæй, не’гъдæуттæй, нæ адæмæй. «Ирон æвзаг» Æз дæн сæрыстыр, паспорты кæй фыссын Мæ рагфыдæлтау иунæг дзырд: ирон. Æууæндут мыл, кæд раивтон мæ рон, Уæддæр мæ фыды морæ цухъхъа мысын. У ном хæссынæй ноджыдæр бæрнондæр Ирон лæгæн йæ мадæлон æвзаг. Уый чи нæ зоны – йæ адæмæн у знаг, Уый ничи схондзæн, баууæнд мыл, ирон лæг. Æз та кæсын «Ирон фæндыр» хъазуатæй, Хæссы мæ хъæлæс музыкæйау уатæй Ирон ныхас – ирон дзыллæйы кад, Мæ чысыл Ир, дæ бонæй у, дæ бонæй, Кæй зонынц дæу цæрæнбонты иронæй Кæй дын кæны ирон æвзаг лæггад. ( Дзбойты В.) Зарæггæнджыты къорд зарынц зарæг « Нæ уарзон Ир!» 2 амонæг: Адæймаг цал æвзаджы зона, уал лæджы у. Фæлæ цасфæнды æвзæгтæ ма базонæм, уæддæр сæ бындурон хъомыс вæййы мадæлон æвзаг. Кæсæг: Ирон æвзаг – нæ хæзнаты хæзнадæр, Æвидигæ, æлутонау, йæ тых. Нæй махæн уымæй а зæххыл зынаргъдæр, Æнустæм у æнæмæлгæ, хъæддых. Нæ зарджытæ ирон æвзагыл зарæм, Нæ истори ирон дзырдтæй фыссæм. Нæ «Кадджыты» дунейы хæрзтыл барæм, Сæ хъайтарты нæ зæрдæмæ хæссæм! ( Цомартаты Дунетхан) 1 амонæг: Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не’ппæтæй дæр, æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм. Æппæт архайджытæ дæр рацыдысты æмæ иумæ дзурынц: Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ, Нæ дзы взæры хæстæг æмæ дæрддаг. Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ, Æрмæстдæр ды, нæ мадæлон æвзаг. Куы нæ уа не взаг, нал уыдзыстæм мах дæр, Нæхи сæфтмæ цæмæ бæллæм, зæгъ-ма! Фæдисонау цæгъдæм дзæнгæрæг Ирыл: О, бахъахъхъæнæм не стырдæр хæзна ! Амонæг: Ууыл нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Бузныг уе ‘ппæтæн дæр! Ног фембæлдмæ!
15 май ирон авзаг.doc
ЕЛХОТЫ  ФЫЦЦÆГÆМ  СКЪОЛА 15 май ­ ирон æвзаджы бæрæгбон «Ирон æвзаг,мæ зынджы хай,мæ арт!»                     Ахуыргæнæг  Гæззаты Р.Ш. 2017аз  Равдысты нысан:       1. гуырын канын уарзондзинад ирон æвзагмæ скъоладзауты  зæрдæты       2. ахуыр сæ кæнын аив кæсыныл . 1 амонæг: Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ!  2 амонæг: Хонæм уæ литературон ­ музыкалон равдыстмæ «Ирон æвзаг, мæ  зынджы хай, мæ арт!» Кæсæг:                             «Мадæлон æвзаг» Фыдæлты буц æвзаг – нæ зæрдæ. Нæ зонд, нæ цыт æмæ нæ намыс, Дæу радта Хуры цот, цæхæртæ Зынг хурау уый тыххæй ныр калыс. Фæлмæн дæ булæмæргъы зардау, Хъæздыг – ныййарæг мады уарзтау, Æнæсайд – дард аланты ардау, Цæры нæ зæрдæты дæ уаз тау. Рæдау æфсинау нæм æрхастай Æфсарм, Æгъдау æмæ  Сæрыстыр. Дæу дугты уадтымыгътæ хастой – Æндонау нарты гуырдтау сæрст дæ. Ды дæ нæ хæзнадон, нæ хъуыды, Нæ цин, нæ хъыгтæ дыл æууæндæм. Дæуæн дæ алы дзырд налхъуыт у, Æмæ сæ зарджытæ нывæндæм.                                                       ( Уалыты Лаврент)  1 амонæг:  1899 азы, 15 майы  мыхуыры рацыд нæ  уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы  æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр».Сæдæ азы фæстæ та, 1999 азы нæ  республикæйы президент Дзасохты Алыксандыр рауагъта указ, 15 май куыд  суа ирон æвзаг амæ литературæйы бæрæгбон .  2 амонæг: Нæ фыдæлтæ нын хорзæй цы ныууагътой, уыцы хæзнатæй иу у нæ мадæлон  æвзаг. Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, Нарты кадджыты  æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг. 1 амонæг: Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, йæ алолайы  зарджытимæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ.   Кæсæг. Не взаг – ирон лæджы царды бындур. Не взагимæ ныл ыскæсы  нæ хур. Не взаг нæ цардæн у фидар гæнах! Не взаг – нæ къонайы судзгæ цырагъ.   Не взаг – Къостайы фæдонты хъысмæт. Æмæ йыл бакæнут, ба, мæ хур, мæт! Уый нын нæ хæхтау æнусты цæрдзæн! Арвау цæхæркалгæ дардыл нæрдзæн!        Не взаг – хæзнадон, бæркадджын къæбиц.        Не взаг – нæртон лæджы рагон бæллиц.        Не взаг – Васойы хъуыдыты цæхæр.        Не взаг – у не гъдау, нæ амонды сæр.          Не взаг – дыууæ Иры иугæнæг хид.        Не взаг! Ирон лæджы уæнгты æхсид !        Ма уæд ирон тугæн фесæфæн, ма !        Не взаг æнгомдæр, уадз, Иры бæтта !          Не взаг – нæ фыдæлты фарн æмæ кад.        Не взаг – нæ намыс, нæ уыдзæн æгад.        Арвыл кæй ном фыст æрцыдис, кæс­ма!        Сгъалыты дзыгуыр ысхуыдтам «Къоста!»   1 амонæг:  Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæздыг. Æнусæй æнусмæ алы рæтты цæугæйæ ирон адæмæн уыди бирæ алыхуызон сыхæгтæ. Уымæ  гæсгæ не взаг у бирæвæрсыг, къабазджын. Ирон æвзаг у, зæххы къорийыл  рагондæр цы фондз æвзаджы ис, уыдонæй иу. 2 амонæг: Мæнæ куыд зæгъы ирон номдзыд поэт Дзанайты Иван­ Нигер мадæлон  æвзаджы тыххæй: «Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццагдæр йæ мадæлон  æвзаг базоны, уый фæстæ та­ иннæ адæмты æвзæгтæ». 1 амонæг:  Ахсджиаг у мадæлон æвзаг, хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон  æвзаг. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд мах абон куыд хъусиккам, æмбариккам  ирон адæмы уарзон поэт, нæ сæрхъуызой Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ? 2 амонæг:  Æвæдза, ирон адæм тынг амондджын сты, уымæн æмæ нын ис æмбисонды  тырыса­ Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин  дамгъæтæй йæ ныффыста  Кады тырысайыл. Махæй æнамонддæр уæд нæ  уыдзæн, æмæ искуы тырыса дæлæмæ куы ‘руадзæм.   Кæсæг:           «Нæ Иры намыс Къоста»,  Къоста, Ирыстоны кад, Ирон æвзаджы цæстуынгæ бæркад, Дæ зарæг ногæй нæ хъустыл ауад, Дæ ныфс фæлтæртæн дæнцæгæн баззад. Къоста, Къоста, нæ Иры стъалы, Мæйдар æхсæв дæр цæхæртæ калы. Дæ «Ирон фæндыр»­не стырдæр хæзна, Дзыллæты фарнæн бонногдæр кæна. Къоста,Къоста,нæ Иры намыс, Адæмты ныр дæр дисы æфтауыс, Дæ зарæг кæмтты æдзух нæрдзæн, Дæ ном æнустæм немæ цæрдзæн!    1 амонæг:  Æвзаг у адæмы хъуыдыйы хотых, мадзал, культурæйы хæзнаты цыртдзæвæн.  Æвзаг цас хъæздыгдæр уа, цас хуыздæр таса адæймаджы домæнтæм гæсгæ,  цас тынгдæр иу кæна адæмы, уыйас хуыздæр æххæст кæны йæ социалон  хæстæ.   Кæсæг:           «Мадæлон æвзаг»   Уадз, равзæрæд сæдæ взаджы мæ комы, Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс, Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды, Цæмæй ныззарон булæмæргъау æз.   Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы рцæуа, – Æфсымæр ын йæхи взагыл зæгъон. Цæмæй, фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, – Йæ ныхмæ кард йæхи взагыл цæгъдон!   Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ, Нæ фыдæлтæ цы взагыл хордтой ард, Цы взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм, Кæй фæрцы ис нæ хорз аргъæуттæн цард,   Цы взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг, Йæ дарæгæй йæм сæу гæххæтт куы рцыд, Цы взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» Зæгъут­ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?   2 амонæг:  Абон бæрæг кæнæм ирон æвзаджы бæрæгбон.  Уæдæ цавæр  бæрæгбон  фидауы æнæ фæндырæй, æнæ зарæгæй? Кæсæг:           Фыдæлты хæзна» Нæртон фæндыр, дæ рæсугъд зæлтæ Сты  лæджы удæн зынаргъ. Ирон лæппутæ æмæ чызджытæ, Зард, кафтæй фидаут сымах.   Нæртон фæндыр, зæрдæйы тæгтæй Дæу сарæзта Сырдон кæддæр. Гъе, уымæн агайыс мæ зæрдæ, Кæд не мбарыс мæ рыст, уæддæр.   Ды ног чындзау ирон хæдзарæн Йæ фидыц, йе хсинаг куы дæ. Дæу фæрцы уарзæттæ сæ сæнттæ Фæцæгъдынц зарджыты, бæргæ.   Нæртон фæндыр, дæ кад, дæ намыс Æнустæм цардамонд хæссæнт, Дæу фæрцы базыртæ æрзайынц, Ды дæ æвдадзы хос мæнæн.                                                               ( Гæбуаты Галинæ )  1 скъоладзау:  Ирон æвзагыл бирæ бакуыста академик Андрей Шегрен. Цард 1794­1855  азты. Шегрен дыууæ азы фæцард Ирыстоны æмæ сахуыр кодта ирон æвзаджы  диалекттæ. Дзырдта сыгъдæг ирон æвзагыл. Сæрдæй зымæгæй зылди ирон  хъæутыл, ахуыр кодта ирон адæмы истори æмæ æвзаг. Ныффыста чиныг  «Ирон грамматикæ».Мыхуыры рацыд 1884 азы.  2 скъоладзау:  Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтыл ноджы фылдæр хæрзты бацыд академик Всеволод Миллер. Цард 1848­ 1915 азты. Фыццаг хатт Ирыстонмæ сæфтыд  1879 азы хæрз æрыгонæй. Уæдæй фæстæмæ Ирыстоныл фæзылд цыппар  сæрды дæргъы. Ирон адæмы цардыуаг Миллеры зæрдæмæ ноджы тынгдæр  бахызт. Не ‘взагимæ ахуыр кодта фольклор, этнографи, археологи, истори.  Уыйас хорз базыдта ирон æвзаг, æмæ æнцонæй дзырдта ирон куырыхон  зæрæдтимæ, лæмбынæг хъуыста кадджытæм, аргъæуттæм, æмбисæндтæм.  1 скъоладзау:               Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль цард 1898­ 1987  азты.Ирыстоны зæххыл никуы æрлæууыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта  кавказаг адæмты филологи, уыдонимæ туркаг ирæтты æвзаг, истори æмæ  адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр та­ Нарты кадджытæ. Нарты кадджытæ кæд  ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл,  уæд Жорж Дюмезиль фидарæй загъта: «Уыцы диссаг дзырддаг нæу, уымæн  нæу, æмæ æвзаг æмæ фольклорæй  ирæттæ разындысты æппæтæй  хæдзардзиндæр индоевропæйаг адæмты традицитæ бахъахъхъæнынмæ»   2 кæсæг:  Абайты Васо уыд стыр ирон ахуыргонд. Райгуырд 1900 азы хæххон хъæу  Къобы, Арвыкомы фæндаджы был. 1925 азы каст фæци Ленинграды  университет. Уæдæй фæстæмæ куыста æвзагзонынады æмæ ахуыры алы  къабæзты, раиртæста бирæ ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстатæ. Йæ  куыстытæй уæлдай ахадгæдæр сты «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Нарты  эпос», ирон æвзаджы грамматикон очерк», «Уырыссаг­ирон дзырдуат», «Ирон æвзаджы историон­ этимологон дзырдуат». Васойы зонынц алы бæстæты æмæ  йын стыр аргъ кæнынц йæ зонадон куысты тыххæй. Абайты Васо  нымад у  ирон æмæ ирайнаг æвзагзонынады тæккæ зындгонддæр æвзаг иртасæгыл.  1 скъоладзау:  Ирон удыхъæдæй уынгæг хæхты цъæстæй бирæ дарддæрмæ чи касти æмæ нæ  фидæн чи уыдта, ахæм куырыхонтæ уыдысты Æгъуызаты Иуане, Хъаныхъуаты Инал, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Дзасохты Гиго,  Гæдиаты Цомахъ, Нигер æмæ бирæ æндæртæ.  Мах абон ныллæг кувæм нæ сæртæй, не ‘взаг абон кæй руаджы зæлы, нæ  уыцы разагъды лæгтæн.  Кæсæг:                                «Ирон дзырд»  Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс, Уый у дæ хъысмæт, дæ ном. Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс Ирон дзырд – Иры цæсгом. Æз балбæлас федтон дидинæг калгæ, Ног чындзау дардмæ зындис. Сæууон рухс уагъта бæрзонд уæларвмæ, – Уый кæд ирон дзырд уыдис. Ирон дзырд, ирон дзырд тæхгæ цæргæс у, Рагæй йæ агуырдтон æз. Ирон дзырд мады фæлмæн хъæлæс у, Ирон дзырд – мады æнгæс. Ирон дзырд – хурдзæсгом, зæххыл нæ уды, Арв та – йæ базырты бар. Уалдзыгон бонау мидбылты худы, Гом кæны зæрдæйы дуар. Ирон дзырд мæн абон йæ куывдмæ хоны, Цин ма цы вæййы æндæр? Абон, ирон дзырд, дæ бæрæгбоны Хъуамæ фæзарон æз дæр. О, ацы уалдзæджы фыццаг арвнæрдæн, Ирон дзырд басгуыхт æмбал. Дзырдаивады æрвхуыз уыгæрдæн, Дидинæг, дидинæг кал! Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс, Уый у дæ хъысмæт, дæ ном. Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс Ирон дзырд – Иры цæсгом.                                                   ( Чеджемты Ахсар ) Нæй фесæфæн ирон æвзагæн, нæй, Ирон адæм уæд фесæфдзысты демæ. Ирон æвзаг мæ зæрдæ у мæнæн, Куы мæла уый, уæд амæлдзынæн йемæ.                                                               ( Чеджемты Ахсар) 2 амонæг:  Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм цæстыгагуыйау нæ фыдæлты хæзна­мадæлон  æвзаг, уæм сæрыстыр нæ Ирыстонæй, не’гъдæуттæй, нæ адæмæй.                                «Ирон æвзаг»  Æз дæн сæрыстыр, паспорты кæй фыссын Мæ рагфыдæлтау иунæг дзырд: ирон. Æууæндут мыл, кæд раивтон мæ рон, Уæддæр мæ фыды морæ цухъхъа мысын.   У ном хæссынæй ноджыдæр бæрнондæр Ирон лæгæн йæ мадæлон æвзаг. Уый чи  нæ зоны – йæ адæмæн у знаг, Уый ничи схондзæн, баууæнд мыл, ирон лæг.   Æз та кæсын «Ирон фæндыр» хъазуатæй, Хæссы мæ хъæлæс музыкæйау уатæй Ирон ныхас – ирон дзыллæйы кад,   Мæ чысыл Ир, дæ бонæй у, дæ бонæй, Кæй зонынц дæу цæрæнбонты иронæй Кæй дын кæны ирон æвзаг лæггад.                                                                 ( Дзбойты В.)  Зарæггæнджыты  къорд зарынц зарæг « Нæ  уарзон Ир!»   2 амонæг:  Адæймаг цал æвзаджы зона, уал лæджы у. Фæлæ цасфæнды æвзæгтæ ма  базонæм, уæддæр сæ бындурон хъомыс вæййы мадæлон æвзаг.   Кæсæг:    Ирон æвзаг – нæ хæзнаты хæзнадæр,         Æвидигæ, æлутонау, йæ тых.         Нæй махæн уымæй а зæххыл зынаргъдæр,         Æнустæм у æнæмæлгæ, хъæддых.                  Нæ зарджытæ ирон æвзагыл зарæм,        Нæ истори ирон дзырдтæй фыссæм.        Нæ «Кадджыты» дунейы хæрзтыл барæм,        Сæ хъайтарты нæ зæрдæмæ хæссæм!                                                         ( Цомартаты Дунетхан)  1 амонæг: Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не’ппæтæй дæр, æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм. Æппæт архайджытæ дæр рацыдысты æмæ иумæ дзурынц:   Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ, Нæ дзы взæры хæстæг æмæ дæрддаг. Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ, Æрмæстдæр ды, нæ мадæлон æвзаг.     Куы нæ уа не взаг, нал уыдзыстæм мах дæр, Нæхи сæфтмæ цæмæ бæллæм, зæгъ­ма! Фæдисонау цæгъдæм дзæнгæрæг Ирыл: О, бахъахъхъæнæм не стырдæр хæзна !   Амонæг: Ууыл нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Бузныг уе ‘ппæтæн дæр! Ног фембæлдмæ!

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»

«Ирон æвзаг- мæ зынджы хай,мæ арт!»
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
12.05.2018