Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"
Оценка 4.8

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Оценка 4.8
Работа в классе
docx
воспитательная работа
7 кл
28.02.2019
Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"
Салдат – Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕнӕг Эпиграф: «Вы мир отстояли, а мы сохраним» Уӕ бонтӕ хорз нӕ зынаргъ уазджытӕ! Абон махӕн у стыр бӕрӕгбон. Хъӕлдзӕгӕй сӕмбӕлӕм ӕфсады рӕнхъыты йӕ кад чи ахицӕн кодта ӕмӕ йӕ кад ӕххӕст кӕнынмӕ чи цӕуы, уыцы фӕсивӕдимӕ. Ирон лӕг… Ирон адӕймаг… Йӕ удыхъӕды сӕйрагдӕр миниуджытӕ цавӕртӕ сты? Нӕ символикӕйы уыцы миниуджытӕ ӕвдыст ӕрцыдысты сырх,урс,ӕмӕ бур ахорӕнты хуызы. Ранымайӕм ма сӕ: 1.Сырх – патриотизм ӕмӕ сӕрибар, сӕрыстыр уӕвын. 2.Урс – удварны сыгъдӕгдзинад. 3.Бур – фарны миниуджытӕй хъӕздыг уӕвын. Патриотизм нӕ адӕмӕн сӕ туджы ис. Райсӕм ма 19 ӕнусы фыццаг ӕрдӕджы хабарттӕ.
Салдат-Райгуыран баста хъахъхъанаг.docx
Салдат – Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕнӕг Эпиграф: «Вы мир отстояли, а мы сохраним» Уӕ бонтӕ хорз нӕ зынаргъ уазджытӕ! Абон махӕн у стыр бӕрӕгбон. Хъӕлдзӕгӕй сӕмбӕлӕм ӕфсады рӕнхъыты йӕ кад чи ахицӕн кодта ӕмӕ йӕ кад ӕххӕст кӕнынмӕ чи цӕуы, уыцы фӕсивӕдимӕ. Ирон лӕг… Ирон адӕймаг… Йӕ удыхъӕды сӕйрагдӕр миниуджытӕ цавӕртӕ сты? Нӕ символикӕйы уыцы миниуджытӕ ӕвдыст ӕрцыдысты сырх,урс,ӕмӕ бур ахорӕнты хуызы. Ранымайӕм ма сӕ: 1.Сырх – патриотизм ӕмӕ сӕрибар, сӕрыстыр уӕвын. 2.Урс – удварны сыгъдӕгдзинад. 3.Бур – фарны миниуджытӕй хъӕздыг уӕвын. Патриотизм нӕ адӕмӕн сӕ туджы ис. Райсӕм ма 19 ӕнусы фыццаг ӕрдӕджы хабарттӕ. Алыккаты Хазби ӕмӕ йӕ фӕдонтӕ. Цӕйнӕфӕлтау сӕ Райгуырӕн бӕстӕ ӕфхӕрдӕй, хъалондарӕй уыдтаиккой, уый бӕсты райстой кады мӕлӕт. Йӕ фӕстаг ныхӕстӕ мӕлгӕйӕ Хазбийӕн уыдысты: «Цин кӕнын, мӕрдтӕм цӕугӕйӕ хъалондар кӕй нӕ уыдтӕн, ууыл». Хазбийы хуызӕн хъӕбатырты хъомыл кодтой фӕрнджын, хъӕбатыр, ныййарджытӕ. Нана, Хазбийы мад, йӕ мард хъӕбулы уӕлхъус афтӕ загъы: «Ӕз мӕ иунӕгыл нӕ кӕуын, уый мын йӕ хӕс дывӕлдагъӕй бафыста. Ӕз Иры худинагыл кӕуын, нӕ бӕстӕ, нӕ Рагуырӕн зӕххабонӕй фӕстӕмӕ ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст кӕй уыдзӕни, ууыл кӕуын». (Хазбийы зараг) Ныр дыууӕ ӕнусы дӕргъы ирон адӕм ӕнӕкъӕмдзӕстыгӕй кад кӕнынц Уӕрӕсейӕн. 1914 азы райдыдта фыццаг дунеон хӕст. Ирон фӕсивӕд уыцы хӕсты равдыста стыр хӕстон дӕсныдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕддӕр та ирдӕй разындис ирон лӕджы удыхъӕд, йӕ хъару. Сӕрыстыр у Ирыстон йӕ хӕстон инӕлӕрттӕ ӕмӕ адмиралтӕй дӕр: Плиты Иссӕ, Хетӕккаты Габо, Мамсыраты Хаджумар ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. (Музыка, стих.) Кӕд бирӕ ӕнӕгъдау митӕ ис абон Ирыстоны, уӕддӕр нӕ уырны, ӕмӕ дзы кӕй ис сахъгуырд фӕсивӕд дӕр, кӕцытӕ нӕ фыдӕлты фарн сӕфын нӕ бауаддзысты. Нӕ фӕсивӕды хуыздӕр минӕвӕрттӕ сты иузӕрдион Фыдыбӕстӕйыл. Сӕ уыцы хорз миниуджытӕ сбӕрӕг сты фӕстаг азты Ирыстоны сӕрвӕлтау гуырдзиаг ӕмӕ мӕхъӕлон фыдгӕнджытимӕ тохы. Уыцы рӕстӕджы Джыккайты Шамил фыста: «Нӕртон фӕсивӕд нӕ бауаддзысты хынджылӕг кӕнын сӕ зӕхх ӕмӕ сӕ адӕмӕй, сӕ мадӕлтӕ ӕмӕ сӕ уарзӕттӕй. Тыхгӕнӕг Мукаратӕ ӕмӕ Алӕфтӕ гуылмызтӕ ӕмӕ уӕнгсӕстытӕй агурдзысты ӕрхыты лидзӕн фӕндӕгтӕ. Фӕрныг у Ирыстон Нӕртон ӕхсар ӕмӕ лӕгдзинадӕй». --- Чысыл ыстӕм, фӕлӕ ӕнӕ тых не стӕм Ӕнӕныфсӕй нӕ бахизӕд Хуыцау, Нырма Сослантӕ сты нӕ фӕйнӕгфӕрстӕ, Нӕма курӕм Батрадзтӕ дӕр ӕфстау. Ир не лхӕны ӕндӕр рӕтты Иссӕтӕ, Хӕстон бӕх нӕм йӕ бахъуыджы – цӕттӕ… Гъей – ей, фыдгул, фӕсайдзӕн дӕ дӕ зӕрдӕ Фыды фарн Иры н ацӕуы мӕрдтӕм. Ведущая. Здравствуйте, наши дорогие папы и мамы! Сегодня мы с Вами собрались не случайно. Приближается самый любимый праздник женщин и девочек – 23 февраля. Потому что только в этот день мы говорим нашим папам, дедушкам, братикам много теплых и ласковых слов. Дети нашего дружного класса тоже подготовили Вам, дорогие наши папы и дедушки небольшой праздничный сюрприз. (стихи, сценка «Уайсадӕг чындз», хонгӕ кафт, сценка «Урок пения»…. Ведущая. Сегодня 23 февраля – день Защитника Отечества. Солдаты и командиры нашей Армии стоят на службе днем и ночью. Мы пока малыши, но готовимся стать хорошими защитниками нашей Родины. Сейчас наши ребята споют песню о том, какими они будут солдатами. Песня «Мы шагаем как солдаты» Мы мальчишками отважными растем Придет время все мы в армию пойдем Будем Родину надежно охранять Чтобы люди в ней могли спокойно спать. Припев А пока мы шагаем как солдаты Все мы дружные и смелые ребята Раз два левой, мы идем Да еще красиво слажено поем Раз два левой, мы идем Да еще красиво слажено поем. Чтобы нам на страже Родины стоять Организм свой надо строго закалять Чтоб зарядка и прогулка каждый день Не хотелось закалять бы свою лень. Припев. Кӕронбӕттӕн. Хъусӕм зарӕг «Мӕ Ирыстон»- мӕ.

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"

Внеклассная работа "Салдат - Райгуыран баста хъахъхъанаг"
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
28.02.2019