Нысан: 1. Синонимтæ æмæ омонимтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.
2. Ног æрмæг бацамонын æмæ йæ практикон æгъдауæй ныффидар кæнын.
3. Фæхъæздыгдæр кæнын æвзаг ног дзырдтæй æмæ сæ зонын ныхасы мидæг пайда кæнын.
Урочы цыд:
Бацæтæггæнæн рæстæг.
1. Урочы нысантæ зæгъын.
2. Цы хонæм лексикæ? Цал нысаниуæджы вæййы дзырдæн? Зæгъын сæ лексикон нысаниуæг дзырдтæн: авдæн, хос, скъæт, хæдзар, къона, хæдзаргæс, къæбиц.
3. Цы хонæм синонимтæ æмæ омонимтæ?
Нысан: 1. Синонимтæ æмæ омонимтæ зæрдыл
æрлæууын кæнын.
2. Ног æрмæг бацамонын æмæ йæ практикон æгъдауæй
ныффидар кæнын.
3. Фæхъæздыгдæр кæнын æвзаг ног дзырдтæй
æмæ сæ зонын ныхасы мидæг пайда кæнын.
Урочы цыд:
Бацæтæггæнæн рæстæг.
1. Урочы нысантæ зæгъын.
2. Цы хонæм лексикæ? Цал нысаниуæджы
вæййы дзырдæн? Зæгъын сæ лексикон
нысаниуæг дзырдтæн: авдæн, хос, скъæт,
хæдзар, къона, хæдзаргæс, къæбиц.
3. Цы хонæм синонимтæ æмæ омонимтæ?
Ссар дзырдтæн се , мбæлтты (синонимты).
Сис фад
Зæронд тæхын
Стъол къул
Дымгæ къæрных
Лидзын ацæргæ
Цырд уддзæф
Къах тагъд
Абырæг фынг
Куыд зоныс омонимтæ?
Лæмбынæг бакæс дыууæрæнхъонтæ æмæ
цухгонд омоним бафысс бирæстъæлфыты
бæсты:
Тоны мад йæ пакъуы хъазæн
Райста саби дæр йæ….. (хъазæн)
Сарæзта цæрæнуат халон
Цæй, ныр æй æз куыд….. (халон)
Де мгæрттимæ сабыр хъазХондзысты дæ кæннод….. (хъаз)
Саби айвæзта йæ ком
Мигъты фæстæ разынд… (ком)
Цадмæ баппæрстон æз хъазы
Зымæджы дæр уым куы …..(хъазы).
Базонут уыци-уыцитæ. Ссарут дзы
ныхмæвæрд дзырдтæ
1.Сæрд уæлæмæ цæуы, зымæг дæлæмæ
(кæрдæг)
2. Æхсæв афтид вæййы, бон-дзаг (дзабыр)
3. Зымæг-дæлгоммæ, сæрд-уæлгоммæ (гутон)
4.Зымæг уæларвæй хауы, зæххыл-тайы (миты
гæлæбу)
5. Дæлгоммæ-дзаг, уæлгоммæ-афтид (худ)
6. Разæй-фæстæмæ баст,
Фæстейæ-размæ баст,
Бынæй-уæлæмæ баст,
Уæле-бынмæ баст. (идон ).
(Сæрд-зымæг, уæлгоммæ-дæлгоммæ,
æхсæв-бон, афтид-дзаг, уæларв-зæхх.
Уæлæмæ-дæлæмæ, разæй-фæстæмæ,
бынæй-уæлæмæ, уæле-бынмæ).
Адон сты антонимтæ. Скæнæм хатдзæг.
Цы хонæм антонимтæ?
Ног æрмæг ныффидар кæнын.
1. Фæйнæгыл куыст. Куыд зоныс антонимтæ?
Æмбисæндтæ антонимæй баххæстт кæнут.
Хуыцау-уæлейы, зæхх…..(бынæй).
Хорзæн бын ма скæн,….(æвзæрæн) бын ма
ныууадз.
Уазæг цæттæ, …..(фысым) æдзæттæ.
Хорз мад арфæйаг у,…..(æвзæр) мад
æлгъыстаг.
Сау хохæй…..(урс) дурр нæ хауы.
Хъæздыг цы нæ кæны,…..(мæгуыр) цы нæ
бары.
2. Хъазт: «Чи фылдæр?»Скъоладзаутæ фыссынц æртæ вариантæй
антонимтæ, кæцытæ æвдисынц рæстæг,
тыгъдад, адæймаджы удыхъæд.
1) 2) 3)
Раджы (æрæгмæ) дард-хæстæг
хивæнд-коммæгæс
Райсом (изæр) ныллæг-бæрзонд
хъæлдзæг-æнкъард
Зымæг (сæрд) нарæг-фæтæн
зондджын-æнæзонд
Талынг (рухс) уæле-дæле
зæрдæхæлар-æдзæстуарзон
Мæйрухс (мæйдар) рухс-аууон.
чъынды-рæдау
Уазал (тæвд)
хурæндзаст-тарæрфыг.
Къæвда (хур)
3. Бирæ фысджытæ æмæ поæттæ сæ
уацмысты спайда кæнынц антогнимтæй,
уыдон ныхас кæнынц хъæздыгдæр,
ирддæр æмæ аивдæр.
Райсæм нæ гении Хетæгкаты Къостайы
æмдзæвгæ «Мæгуыры зæрдæ».
Раффыссæм дзы антонимтæ.
4. Хъазт «Чи тагъддæр!»
Ахуыргæнæг дзуры дзырд, скъоладзау-
дзырд-антоним.
Знаг – лымæн
къаддæр -стырæр
Знон – абон
къæвда –хур бон
Æфснайд –змæст
рог -уæззау
Зылын -раст
аразын –сæттын.
кæнын– халын
Кæстæр хистæр.5. Байдзаг кæн таблицæ хъæугæ синонимтæ
æмæ антонимтæй.
Синонимт
æ
Антонимт
æ
Зæронд
Æмбал
Уазал
Хъыг
Дзурын
Гыццыл
Уæрæх
Уæлæм
Хъарм
æ
6. Ахуыргæнæг: Сывæллæтæ! Акæсæм ма нæ
алыварсмæ. Лæмбынæг куы, ркæсæм, уæд
дзы ссардзыстæм бирæ антонимтæ.
Æркæсæм ма афæдзы афоны нывтæм
æмæ дзы ссарæм антонимтæ.
7. Алчидæр нæ уарзы музыкæ. Уый вæййы
алыхуызон. Байхъусæм ма цалдæр
музыкалон скъуыддзагмæ æмæ сын ссарæм
дзырдтæ-антонимтæ.
8. Х\К. Æрхъуыды кæнын гыццыл сочинени-
аргъау. Спайда дзы кæнын антонимтæй.