-4-
Даргъ фæндæгтæ
Экзаментæ механикон факультетмæ цавæр предметтæй хъуыд, уый мын мæ сыхаг лæппу загъта, æмæ мæхи цæттæ кодтон. Балхæдтон бирæ алыхуызон чингуытæ. Фæззæджы экзаментæм ацыдыстæм æртæ лæппуйæ æмæ экзаментæ лæвæрдтам. Иу бон лæвæрдтам математикæйæ æмæ ацыдыстæм поездæй. Вагоны сын æз мæ ронæй систон чиныг, хынцинæгтæ конд кæм уыдысты, ахæм. Æз цалдæр боны чиныгимæ фæархайдтон æмæ сбæрæг кодтон хынцинæгтæ, чиныджы чи кæцы хаймæ хауы, уыдон дæр базыдтон. Æмæ ма тæрсут, æз уын уæ хынцинæгтæ ссардзынæн, зæгъгæ, сын загътон. Къласмæ мидæмæ уагътой иугай, æмæ, дам, дæ рон бæрæг дары, зæгъгæ, ме ‘мбал чиныг йæхимæ куыддæр бамбæхста æмæ бацыд. Стъæлтты фарсмæ бадтыстæм цыппæргæйттæй æмæ дзы нал уыд, æртæйæ кæрæдзийы фарсмæ кæм æрбадтаиккам, ахæм бынат. Ме ‘мбæлттæ дыууæйæ сбадтысты рудзгуыты раз, æз та кæронæй, уымæн æмæ нын æртыккаг лæппу нæ бакуымдта йæ бынатæй фезмæлын, мæн, дам, ам сбадын кодтой, зæгъгæ.
Ахуыргæнæг- Белогуров æй хуыдтой фæйнæгыл хынцинæгтæ фыссын райдыдта, æмæ æз чиныг бацагуырдтон, фæлæ фыццаг чи бадт, уый дзы йæ хынцинаг агурын райдыдта æмæ йæ нæ лæвæрдта. Куыддæр æртыккаг хынцинаг райдыдта фыссын фæйнæгыл, афтæ мæ фарсмæ чи бадт, уый систа йæ хынцинаг кондæй æмæ æнцад бадт.
Æз, æрима чиныг, æрима чиныг, зæгъгæ дзурын ме ‘мбалмæ, æмæ уый бахъуыр- хъуыр кодта, стæй чиныг стъолыл мæнмæ расхуыста, æмæ йæ тъæпп пъолыл фæцыд. Ахуыргæнæг йæ куыст фæуагъта æмæ чиныг пъолæй систа. Арафæлдах- бафæлдах æй кодта æмæ мæ мыггаг радзырдта, уый, дам, ма сыстæд. Æз сыстадтæн, æмæ мын дуармæ ацамыдта. Æддейы фæлæууыдтæн ме ‘мбæлттæм, æмæ нæхимæ æрцыдыстæм. Уыдон дæр иу хынцинаг дæр не скодтой. Æз та ма æнæ чиныгæй дæр баззадтæн.
Мæ куыст цыди хорз, фæлæ уæддæр, ахуыр кæнын мæ кæй хъуыди, уый мæ рох нæ уыд. Ме ‘мгæрттæ иууылдæр ацыдысты æфсадмæ, æмæ- иу æз дæр военкоматмæ ссыдтæн. Хистæр лейтенантæн- иу фæлæгъстæ кодтон, æмæ та мын- иу загъта, кусгæ кæн, зæгъгæ. Сæхимæ дæр- иу сæм ссыдтæн ме ‘рдхорд лæппуимæ, уый уыд, мæнæ хорæфнайæнты хъæуы цы æрвыст лæг уыд, Рамазан, зæгъгæ, уый лæппу.
Иу бон мæ акодта БМК- мæ футболмæ, « Пищевик», дам, дзы хъазы. Балхæдтам æхсынæнтæ фæйнæ агуывзæйы æмæ, зæгъын, уыцы лæппуйæн худинаг у, фæлæ ма мæм кæс. Бацыдыстæм уыцы хистæр лейтенант йæ бинойнагимæ цы бандоныл бадт, уый чъылдыммæ æмæ слæууыдтæн сæ фæстæ. Лæппу слæууыд дарддæр. Æз æхсынын райдыдтон æмæ æхсынæнтæй йæ пагон стæй сылгоймаджы хызын куы нал зындысты, уæд фестадысты æмæ мæм афицер бартхъирæн кодта ахæм ныхæстæй: « Райсом дæ мæнæ телтæн дзыхъхъытæ къахынмæ арвитдзынæн, ды нæ зоныс стройбат цы у, уый».
Æцæгæйдæр æртæ боны фæстæ райстон гæххæтт къамисмæ. Къамисы мын загътой: « Ацу æмæ дæхи сдзæбæх кæн, æмæ дæм уæд бадзурдзыстæм». Мæнмæ ницы низ ис, зæгъгæ, семæ хыл кæнын райдыдтон. Уыдон æмдзыхæй куы фæкæниккой : « Равдисæм ма йын йæ хуыз». Æмæ дзы æз цы æмбæрстон, фæлæ семæ хыл самадтон, уый уын уæртæ хистæр лейтенант загъта, зæгъгæ. Уый йæ кой куы айхъуыста, уæд фæхъæр кодта: « Ныффыссут ма дзы, æнæниз у, зæгъгæ».
Афтæмæй цалдæр боны фæстæ быдыры кусгæйæ, бригадмæ иу лæппу бахаста гæххæтт. Мæнæ, дам, уæ трактористмæ сидынц райсом военкоматмæ, æмæ – иу æй суæгъд кæнут куыстæй. Изæрмæ куы бакуыстон, уæд мын Бебе загъта: « Ацу уæхимæ, ахсæв нæ кусыс». Дыккаг бон ссыдтæн военкоматмæ æмæ бацыдтæн военкоммæ. Уый йæ сæр батылдта æмæ мын стыр уайдзæфы хуызæн загъта: « Æз ма дæ арвитинаг уыдтæн артиллерион училищемæ, фæлæ дæ ныр æрвитын хъæуы… арæзтæдтæ горæттæ парахат кæнынц, æмæ, дам, æфсад куы нæ фæкæса, уæд кæдмæ сцæттæ уыдзысты нæ горæттæ нывыл цæрынмæ». Ды та тыххæй дæхи уырдæм æппарыс, кæннод ай цы у, зæгъгæ, мæм гæххæтты тыхт æрбаппæрста. Уый фегом ис æмæ дзы æхсынæны æхсæдæнтæ æркалдысты. Æз сæ æмбырд кæнын райдыдтон, фæлæ мыл уый схъæр кодта: « Цу хистæр лейтенантмæ, мæ цæстыты раз куыд нал уай, афтæ. Æз иннæ уаты хистæр лейтенанты раз балæууыдтæн. Уый æнæ дзургæйæ сыстад æмæ мын гæххæтт дæтгæйæ бузныг, зæгъгæ, куы зæгъид. Ома, дам, мын райсоммæ лæппутæ нæ фаг кодта, æмæ, дам, мæ ды сраст кодтай. Гæххæтт уыд дыууæ боны фæстæмæ. Æз нæхимæ цингæнгæ балæууыдтæн, æмæ нæ бинонтæ фæджихау сты. Махæн, дам, трактористы æфсадмæ нæ кæнынц, зæгъгæ, куы дзырдтой.
Иннæ бон ссыдтæн МТС- мæ, æмæ мын директор ме 'хца раттын кодта иууылдæр. Уым мыл кæрты амбæлд МТС- ы куырд, мæ мады æрвадæлты лæг, æмæ, дам, цом махмæ. Цардис МТС- ы тæккæ раз. Æз ын загътон: « Афонмæ нæхимæбадынц сыхæгтæ æмæ ме ‘мгæрттæ»,- æмæ нæхимæ балæууыдтæн. Æхца мæ мадмæ радтон, æмæ мын дзы иу цасдæр фæстæмæ радта.
Фынджы уæлхъус чи бадт, уыдон сæ хабар кодтой. Уалынмæ мæм дуармæ бадзырдтой, мæнæ, дам, дæ Беслæныхъæуæй чидæр агуры. Уый уыд куырд. Мигкæ йæ хуыдтой, мæ мады æрвад. Лæгты размæ йæ бакодтон, æмæ йын сыстадысты, фæлæ фынгыл бадын нæ бакуымдта, ныр изæр у, зæгъгæ. Цæугæ та, дам, æркодтон уымæн, æмæ абон куы фембæлдыстæм МТС- ы, уæд, дам, дын зæрдæлхæнæн нæ радтон, зæгъгæ, мæм адæмы раз радта фондз æмæ ссæдз сомы гæххæтт æхца. Ай дын тетрад æмæ ручкæйæн, æмæ арæх писмотæ фысс, зæгъгæ. Ууыл ацыд сæхимæ. Адæм фæбадтысты æмæ ахæлиу сты. Æз та нæ хæстæджытыл азылдтæн.
Райсомæй иунæгæй ссыдтæн военкоматмæ. Уым сæййæфтон нæхи хъæуккаг лæппуйы, Тифа йæ хуыдтой. Уый уыд мæнæй дыууæ азы кæстæр. Иууылдæр куы æрæмбырд стæм, уæд нæ поезды аластой горæтмæ. Скодтой нæ хæстонты госпиталь кæм уыд, уырдæм, æмæ нын кодтой рентген. Уым рентгены хицау уыд дыгурон лæг, иу æхсай азы кæуыл цыд, ахæм. Куы мæ слæууын кодта фенынмæ, уæд цыдæр æнахуыр ныхæстæ загъта дыгуронау, фæлæ сæ æз нæ бамбæрстон. Уæд мæ бафарста, цы кусæг дæ, зæгъгæ. Æз ын загътон, тракторыл куыстон МТС- ы, зæгъгæ. Уый мын загъта: « Ацу æмæ кус». «Æмæ мæ æфсадмæ куы кæнынц, уæд уый та куыд у?» - загътон æз. Æвæццæгæн, искуы тракторы бын хуылыдзыл истытæ куыстай, æмæ дæ рæуджытæ донæй дзаг кæнынц. Уыдон дзæбæх кæнынæн та бирæ æхца хъæуы, æмæ трактористæй фылдæр ничи кусы æхца. Æз ын загътон, мæнмæ æхца нæй, зæгъгæ, æмæ мæ ма уром. Чи дын ис бинонтæй, зæгъгæ, мæ куы бафарста, уæд ын мæ хабар радзырдтон. Иунæгæй кусын нæ бинонтæй, мах стæм нæ мадæн цыппар. Æддейы дуар хойын райдыдтой, æмæ мын уæд загъта: « Æз дын æнæниз у, зæгъгæ, фыссын, фæлæ бынатмæ куы ныххæццæ уай, уæд дæ уæддæр рарвитдзысты.
Уырдыгæй нæ акодтой сывæллæтты театр « Саби»- ы кæртмæ. Уым ныл дуæрттæ сæхгæдтой. Мах цалдæр лæппуйæ бæласмæ схызтыстæм æмæ уырдыгæй сисмæ, сисæй та зæхмæ- æцæг уынджырдыгæй. Загътой нын, æмбисæхсæвмæ, дам, уыдзыстут ам. Æз ацыдтæн медучилищемæ. Уым ахуыр кодта Хуымæллæджы скъолайы цы чызг бадт иу партæйыл мемæ. Ссардтон æй, æмæ фæзылдыстæм кинотыл, бирæ фестæм фæлладуадзæн парчы. Æмбисæхсæв кино куыддæр фæцис, афтæ театры дуармæ балæууыдыстæм, фæлæ йæ дуæрттæ разындысты гом.
Ссыдыстæм станцæмæ, æмæ уым лæууыд дæргъæй- дæргъмæ паровоз, йæ фæстæ дыууадæн хорласæн вагоны. Рауай- бауай акодтам вагæтты рæзты, æмæ мæм иу заман Тифа вагоны, хор цы рудзынгæй дзаг кодтой, уырдыгæй рахъæр кодта: « Ам ис дæ дзæкъул, æмæ рæвдз схиз».
Тифа мын уым йæ фарсмæ уæллаг хуыссæн бынаты хабар бакодта. Беслæны станцæмæ æрбацыд бирæ адæм æмæ алы къуымты сæ хабæрттæ кодтой. Тифа рудзынгæй каст æмæ мæ басхуыста, дæлæ дæм чи ссыд, уыдон дæ агурынц, зæгъгæ. Æз рахызтæн æмæ нæ сыхаг лæппутæ скуывтой кувинæгтæ, фæныхас кодтам. Уæдмæ- ма вагæттыл бафтыдтой Грозна, Дагестанæй чи уыд, ахæмтæ.
Рухс кæнынмæ хъавыд, афтæ араст стæм. Фæндагыл цы диссæгтæ федтам, уыдон ныффыссынæн хъæуы чиныг.
Хицæуттæ нын хорздзинæдтæ кодтой. Мах та: хæрæндонмæ нæ акодтой Батайскы, æмæ бацыдыстæм сыгъдæг хæрæндонмæ æмæ йæ диссаджы æдзæллагæй ныууагътам. Йæ царæй бынмæ кæсæгтæ кастысты, ахæм дæснытæ уыд не ‘хсæн, æмæ- иу кæсаджы æрдæг уидыджы кæрон авæрдта иннæ къухæй та иу ын йæ иннæ кæрон æрцавта. Кæсагæн дæр йæ бон цы уыд, царыл- иу аныхæст æмæ бынмæ каст. Сæ къухтæ та сæрфтой рудзынгæмбæрзæнæй.
Фæцыдыстæм авд суткæйы, æмæ нæ иуыл дæр нал уыд къахы дарæс, уæлæйы дзаума. Иууылдæр сæ фехстой фæндагыл- иу, цалцæггæнджытæ иуварс куы ацыдысты, уæд уыдоныл. Мæнæн дæр æмæ Тифайæн дæр сæ æхсæвыгон бамбæхстой. Уыцы бон сæ фехстой. Ленинградмæ ныххæццæ стæм изæры талынгæй, фæлæ уынгты уыд бирæ адæм, уаргæ кæд кодта, уæддæр. Рацыдысты, кавказæгтæ, дам, æрцæудзысты ахсæв, зæгъгæ. Æмæ æцæгæйдæр, уыдис, цæмæ бакастаиккой, уый: бæгъæввадæй, афтид хæлафы, иуæй- иутыл ма уыд кæнæ майкæ, кæнæ хæдон.
Æрцæрын нæ кодтой иу стыр агъуысты, йæ дæргъ сæдæ метрæй фылдæр уыд, æвæццæгæн. Махæн загъд уыд, йæ иу æмбис бацахсут, зæгъгæ, фæлæ мах кавказæй стæм, зæгъгæ, бацахстам æрмæстдæр бинаг сынтæджытæ. Сынтæджытæ та уыдысты дыгæйттæ: иу бынæй, иннæ йæ сæрмæ. Мах районæй чи уыд, уыдон баныхас кодтам иумæ цæмæй уæм, ууыл, æмæ иу къуымæй райдыдтам нæхицæн бынæттæ агурын. Тифаимæ иу ран æрбынат кодтам. Уалынмæ нын бахæрын кодтой, æмæ нæ хуыссæнтæм куы баирвæзтыстæм, уæд бафынæй стæм. Фæсæхсæвæр Уналæй æрбацыд æндæр поезд, æмæ поезды чи уыд, уыдоны дæр æрбакодтой уырдæм æмæ сын загътой, йæ иу æрдæгыл æрцæрут, зæгъгæ. Бацыдысты, æмæ дзы чи хуыссыд уыцы иннæ æрдæджы, уыдоны пъолмæ æппарын райдыдтой æрдæгфынæйæ. Ноджы ма алыхуызон æвзæр ныхæстæ кодтой. Мах райхъал стæм сæ хъæрæй, фæлæ нæм уыдысты дард. Райсомæй рабæрæг, кардæй цæфтæ дæр дзы кæй æрцыд, уый.
Дыккаг бон райдыдтой махæй иуæй- иуты кæдæмдæр кæнын. Æмæ фыццæгтæ загътой, дохтырты къамис, дам, тынг домаг у, зæгъгæ. Æвдæм бон акодтой мæн дæр æмæ Тифайы дæр. Æппæты фыццаг нæ федтой иу цалдæр раны, фæстагмæ нæ бакодтой рентгенмæ. Уыдис дзы дыууæ сылгоймаджы. Иу дзы архайдта цыдæр къуымы, иннæ та бадт стъолы фарсмæ. Слæууын мæ кодта фыццаг сылгоймаг иу гарзæджы- аппараты цур æмæ уайтагъд фæхъæр кодта, æмбал майор, зæгъгæ. Иннæ сылгоймаг фестад стъолы разæй æмæ хъæргæнæджы бынаты алæууыд. Рахызт, аппарат ахуыссын кодта, афтæмæй. Мæн йæ разы алæууын кодта кодта æмæ мæ фæрсы: « Ардæм куыд æрбацыдтæ?» Æз ын загътон: « Иннæтæ куыд æрбацыдысты, афтæ». Уый цыдæр кънопкæйыл ныххæцыд, æмæ æрбацыд иу лæг, уый дæр урс дзаумæтты. Сылгоймаг фæгæпп кодта æмæ йæ размæ бацæугæйæ загъта: « Æмбал дæлбулкъон, ацы лæппу у тынг рынчын, æмæ ардæм куыд æрхæццæ Кавказæй?». Уый йын аппаратмæ ацамыдта æмæ та мæ уым слæууын кодтой. Ныкъкъæпп æй кодтой æмæ йæм дыууæйæ дæр радыгай кастысты. Рахизын мæ кодтой æмæ мæ уым бандоныл сбадын кодтой. Цыдæртæ фæдзырдтой, æмæ уæд лæг телефонæй кæдæмдæр адзырдта. Иу дæс минуты фæстæ æрбацыд иу булкъон æмæ йæм дæлбулкъон куы сдзурид: « Æмбал булкъон, ацы лæппу у тынг рынчын æмæ йын цы кæнæм? Уый дæр сын аппаратмæ ацамыдта. Слæууын та мæ кодтой, æмæ булкъон раздæр каст, стæй та иннæ дыууæ. Булкъон бандон мæ разы æрæвæрдта æмæ æрбадт. Стæй мæ фæрсын райдыдта, ардæм уæ куы æрвыстой, уæд рентген кодтай æви нæ, зæгъгæ. Æз ын загътон: « Раздæр рентген скодтон Бесланы, ардæм цæугæйæ та Орджоникидзейы. Фестад æмæ иннæтæм дзуры: « Иу хатт ма йæ фенæм». Æз уæд мæхи фæлæг кодтон æмæ слæугæйæ булкъонмæ куы сдзурин: « Æмбал булкъон, рентген адæймагæн æхсæз мæйы иу хатт йæддæмæ куы нæ ис кæнæн, уæд мæ ныр фарæстæм хатт куыд лæууын кæнут, зæгъгæ. Уый мæм фæзылд æмæ сылгоймаг майорæн куы зæгъид: « Ныффыс ма йын хорз у, зæгъгæ, уадз æмæ тухитæ кæна, ахæм зондджынæй».
Дыууæ боны фæстæ нæ абанамæ акодтой æмæ нæхи куы цынадтам, уæд нæ, кæуылты бацыдыстæм ууылты нæ рауагътой нæ дзаумæттæм, фæлæ нын иу стъолмæ ацамыдтой æндæрырдыгæй. Стъолы фарсмæ бадт сылгоймаг, æмæ йæм Тифаимæ куы бацыдыстæм, уæд нæ бафарста нæ мыггæгтæй æмæ иу гæххæтт райста. Бирæ йæм фæкаст, стæй мæнæн рахизырдыгæй дуармæ ацамыдта, фæлæ лæууыдтæн, цæмæй базонон, Тифайæн та кæцы дуармæ бацамондзæн. Уый йын ацамыдта иннæ дуармæ. Æз ахызтæн дуарæй æмæ бахаудтæн даргъ къæлидормæ. Æнцад лæууын , æмæ уым цы лæг уыд, уый рудзынгмæ ацамыдта. Æз рудзынгмæ бакастæн æмæ мæм дзы радзырдтой, дæ ас цас у, зæгъгæ. Æз ын загътон цыппор аст. Æвиппайды мæм æртæ цыбыр мидæггаг хæлафы раппæрстой. Куы сæ ауыдтон, уæд æрбадтæн æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн: фондз азы денджызон макъаронтæ- хæнкъæлтæ хæрдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ мын бирæ рæстæг нæ разынд хъуыды кæнынмæ, хорз у æви æвзæр. Уымæн æмæ мын мæ æрбадæн буар, фæстейы цы лæг уыд, уый ахæм цæф йæ батинкæйæ авæрдта, æмæ уайтагъд иннæ рудзынджы раз балæууыдтæн. Къæлидоры кæронмæ цалынмæ хæццæ кодтон, уæдмæ дынджыр рагъ систы мæ хæссинæгтæ. Фæстагмæ мын æнæфæрсгæйæ раппæрстой цыдæр æнахуыр кæттагæй конд дзаума, ай, дам, дын чемодан, зæгъгæ.
Уым уыд цалдæр матросы, æмæ алкæмæн дæр амыдтой, куыд æмбырд кæнын хъæуы дзаумæттæ уыцы чемоданы. Раст, дам, æй куы сæмбырд кæнай, уæд, дам, дзы дон æртæ суткæйы нæ бахъардзæн. Бахастон æй мæ хуыссæн бынатмæ æмæ мæ алыварс никæй уал зыдтон: иутыл матросы дзаума уыд, иннæтыл- салдаты дарæс. Тифа нæ зынд, æмæ мын лæппутæ афтæ куы зæгъиккой, уæртæ, дам, дзаумæттæ кæм дæттынц, уым кæимæдæр хыл кодта, æмæ, дам, æй кæдæмдæр акодтой, ма йын тæрс, æртæккæ хæрæндоны дæ фарсмæ куы æрбада, уæд æй базондзынæ. Æцæгæйдæр, хæрæндонмæ куы бацыдыстæм, уæд æй йæ бандоныд бадгæ баййæфтон. Слæууын æй кодтон æмæ йæ бафарстон, кæимæ хыл кодтай, зæгъгæ, æмæ, дам, мæ иу цырыхъæн йæ бын уыд дыууæ дихы. Æмæ, зæгъын, дæ пилоткæ дæр алыхуызон фарсджын куы у. Дæ хъал, дам, мыл ма кал, мæнæ, дам, дзы фондз азы куы ахæцау, уæд, дам, нал цин кæндзынæ.
Уыцы бон ма баззадыстæм Кавказæй чи ныццыд, уыдонæй сæдæмæ хæстæг, сæ фылдæр уыдысты сау дарæсы. Фæстагмæ ма уыдыстæм иу аст æмæ ссæдз, æмæ нæ аластой поезды иу гыццыл горæтмæ, денджызы был чи уыд, ахæммæ. Уырдæм нæм изæры æрбацыд адæмласæн- катер æй хуыдтой. Уым сбадтыстæм æмæ нæ баласта иу æхсæз километры, сакъадах Котлин, зæгъгæ, уырдæм. Сакъадах уыд гыццыл, мæнæ мах хъæд цы фæзуат ахсы, ахæм, фæлæ дзы иу зæххы гæбаз дæр уæгъд нæ уыд. Цы сахар дзы уыд, уый зындгонд уыд кинонывтæм гæсгæ- Кронштадт.
Æрцæрын нæ кодтой алырæтты æртæуæладзыгон хæдзæртты. Ахæм иухуызон хæдзæрттæ дзы уыд фондз кæрæдзийы фарсмæ, æмæ сын уыдис хицæн нæмттæ. Мах кæдæм бакодтой, уым къулыл фыст уыд: « Минæ- артиллерион скъола Сладковы номыл». Афтæмæй та бахаудтæн скъоламæ. Æрцæрын нæ кодтой дыккаг бацæуæны, дыккаг уæладзыджы дыууæ стыр уаты, къуымтæ ма дзы уыдис цалдæр. Фæдих нæ кодтой дыууæ дихы, æмæ цардыстæм дыууæ уаты хицæнтæй. Иумæ нæ хуыдтой æртыккаг ротæ. Хицæн уатты чи уыд, уыдоны та хуыдтой взвод иу, æмæ взвод дыууæ. Алы взводы дæр уыд дыууæ хайады фæйнæ æхсæрдæс матросимæ. Хайадæн уыд хицау- хистæр матрос, дыууæ хайадæн уыд хицау- фыццæгæм къæпхæны старшина. Взводы хицау та уыд лейтенант. Ротæйы хицау та уыд хистæр лейтенант.
Мах, ирæттæ уыдыстæм дыууæ взводы дæр, фæлæ фылдæр уыдысты Уралæй цы поезд æрбацыд, уыдонæй. Иннæ уаты чи цард, уыдоны хицау уыд фыццаг къæпхæны старшина Гуытъиаты Гæтæгъæз Нарты хъæуæй. Æмæ не 'ппæтыл дæр тынг цины æмбæлд скодта. Махæн та хицау уыд фыццаг къæпхæны старшина Дунаев. Уый нын уыд ахуыргæнæг дæр, æмæ цас федтон ахуыргæнджытæ, фæлæ дзы ахæм никуы федтон. Уый йын пайда нæ хаста, уымæн æмæ йæ сæхимæ нæ уагътой. Уæд денджызонтæ службæ кодтой фондз азы, уый та йæ æхсæз азы фæстейы фæуагъта. Иннæ хицауы та хуыдтой Гæтæ, Гæтæгъæзы бæсты.
Уыцы бонты Кронштадты уыд тынг уазалтæ: æрттын æхсæз- æртын аст градусы, æмæ нын кълæсты уыд уроктæ. Кълæстæ та уыдысты былгæрон, æмæ уырдæм, стæй фæстæмæ дæр кодтам агайгæ уазалы тыххæй. Раздæр нын бацамыдтой, уынгты куыд агайын хъуыд, уый. Ома, уынгтæ уыдысты æмбæрзт дойнаг тымбыл дуртæй, æмæ иуæй- иу уынгты фæндаг уыд къуырфгонд, йæ астæу дæргъæй- дæргъмæ. Иннæтæн та фæндаг уыд къуыбыргонд- бæрзонддæр. Уаргæйæ, кæнæ ивылдтыты рæстæг дон кæлы кæнæ астæуты, кæнæ фæндаджы фæрсты. Уазал æртын цыппар градусы куы ссис, уæд нæ акодтой иу стыр фæзмæ, якорты фæз æй хуыдтой, æмæ уым райдыдтам хæстрæнхъон- строевой ахуыртæ. Æз уæлдæр фыстон училищейы хабæрттæ æмæ уымæ гæсгæ мæ къах, уым нын куыд амыдтой, афтæ истон æмæ- иу мæ разæй чи цыд, уый скъуырдтон. Уый федтой афицертæ- дард чи лæууыд, уыдон æмæ нæ ротæйы хицауы бафарстой: « Уый цы у, дæлæ ма дæ урссæр матросмæ кæс, цытæ кæны».
Фæллад уадзынмæ нæ куы рахæлиу кодтой, уæд мæм Дунаев æрбацыд, æмæ, дам, дæм ротæйы хицау дзуры, æцæг, дам, æм куы бахæццæ уай, зæгъгæ мын амонынмæ хъавыд, куыд æм бацæон æмæ куыд зæгъон. Æз ацыдтæн афицертæм æмæ училищейы цыма дæн, афтæ хистæрæй хатыр ракуырдтон æмæ уæд нæ ротæйы хицаумæ бацыдтæн. Уый мын афтæ: « Æз дæ уæгъд кæнын ацы уроктæй æмæ уал абон дæлæ музеймæ бацу хъарммæ æмæ уым дæ рæстæг арвит. Иннæ хатт- иу ма рацу , фæлæ писмотæ фысс æхсæвы бæсты. Йе ‘мбæлттæн куы зæгъид, æхсæв- бонмæ, дам, фыссы писмотæ коптеркæйы. Иу мæ дзы куы бафæрсид: « Фылдæр цал писмойы ныффыссыс?» Æз ын загътон: « Фыццаг бонты фыстон æхсай-æхсай æртæ писмойы нæ кълæсты чи ахуыр кодта, уыдонмæ се ‘ ппæтмæ дæр. Ныр та фыссын æрмæстдæр кæмæй райсын, уыдонмæ, стæй ахуыргæнджытæм.
Бацыдтæн музеймæ, æмæ дзы уыд хъарм. Музей та уыд, ныртæккæ дæр нæй никуы Уæрæсейы, ахæм аргъуаны хуызæн. Йæ ракомкоммæ та зындгонд адмирал Макаровы памятник. Аргъуаны фæрсты цы арф къанау ис, уый сæрты скодтой хорз ауындзгæ хид адæмæн йæ сæрты хизынæн. Йæ иу кæрон аргъуанырдыгæй ис хорз конд ныууайæн бынмæ. Бынæй ис зæххыл цы денджызтæ æмæ фурдтæ ис, уыдоны æмвæзад чи амоны, уыцы фæйнæг. Къанау цæуы сакъадахæн йæ иу кæронæй иннæмæ æмæ фæйнæгмæ денджызы уылæнтæ нæ хæццæ кæнынц, уый фæрцы дон фæндаджы раз не змæлы, æрмæстдæр амоны дон дæлдæр цæуы, æви уæлдæр. Æнæхъæн уыцы иу урочы рæстæг цас диссæгтæ федтон музейы, æмæ уыцы фæйнæг та уыд бирæйы аргъ.
Цæрæн бынатмæ куы æрбацыдыстæм, уæд мæ цинæй ницыуал аззад мæ сæры, Гæтæ мын ахæм митæ бакодта. Чи, дам, дæ цæуæг кодта Суворовон санчъехтæй, зæгъгæ. Ныр, дам, дæ ротæйы хицау наумæ нал ауаддзæн, æмæ, дам, мæнæ мæ хуызæн фондз азы ам уыдзынæ. Ницы, дам, фендзынæ, абон цы федтай, уымæй уæлдай. Дæхи бабын кодтай, æмæ дын мæ бон дæр ницы бауыдзæн. Æз, дам, мæ бæсты бацæттæ кодтон лæппуйы æмæ нæхимæ цæудзынæн. Дунаев, дам, кусдзæн мæ бæсты, ды та Дунаевы бæсты, афтæ нын загъта взводы хицау.
Йæ хъæрмæ æрæмбырд сты ирæттæ дыууæ уатæй дæр. Афтæ рауад цалдæр хатты, фæлæ уæдмæ хæстон министрæй сæвæрдтой Г.К. Жуковы. Ног цъылын, дам, мæрзаг у, зæгъгæ, рауагъта указ, ома, дам, хæст раджы фæцис, æмæ ныр чи æххæст кæны йæ хæс, уыдонæн æххуыс бакæнæм. Фыццæгæм февралæй фæстæмæ æфсæдтæ службæ кæндзысты æртæ азы, денджызонтæ та- цыппар азы. Иууылдæр цин кодтой, фæлæ денджызонтæ мæйы фæстæ базыдтой, сæ улупа сын æфсæддонты хуызæн скодта, уый. Ома, кæд матрос иста 39 сомы, уæд ныр исдзæн куыд салдат- æртæ сомы. Старшина кæд 285 сомы иста, уæд ныр та- 93 сомы.
23 февралы та мæм Гæтæ æрбацыд æмæ та мын мæ хъуын ацагъта. Райсом, дам, æй фехъусдзынæ, хистæр матросы цин дын кæй радтой, уый. Нæ хистæр матрос æхсæзæм аз кæй службæ кодта, уый тыххæй йæ сæхимæ арвыстой. Хицауы уынаффæмæ гæсгæ баззадтæн уыцы матросы бæсты. Ома, хайады командирæй. Уыдыстæм æхсæрдæс, æмæ ныр дзуапп дæттын хъуыд фынддæс матросæн.
Цал боны рацыд, нæ зонын, фæлæ уыцы фынддæсæй æхсæз уыдысты ирæттæ æмæ мын фыддæрагæнтæ кæнын райдыдтой. Уæлдайдæр иу, Беслæныхъæуæй Виктор, зæгъгæ. Райсомæй –иу нывыл никуы слæууыд рæнхъы. Хæрæндонмæ цæугæйæ дæр йæ сæрмæ нæ хаста рæнхъы цæуын, æмæ- иу ын кæрты афицертæ уайдзæфтæ кодтой.
Иу ахæм бон нæ Дунаев рæнхъы слæууын кодта æмæ мын загъта: « Ды сæ акæн хæрæндонмæ». Æз сæ кæрты фæцæйкодтон, æмæ та Виктор рæнхъæй иуварс ацыд. Æз æй нæ федтон, фæлæ нæ рæзты цы афицер ацыд, уый радгæсæн бабар кодта, дæлæ, дам, чи фæцæуы, уыдоны хицауыл æмæ матросыл гæххæтт скæн. Уый нæ раййæфта æмæ чи стæм уый базыдта. Ныффыста гæххæтт, æмæ хицауад уынаффæ рахастой: « Хайы хицау цухгонд æрцæуæд хистæр матросæй, матрос та дыууæ мæйы горæт ма фенæд».
Фыццаг мын раарфæ кодта Гæтæ, афтæ куы уа, уæд дæ хайады хицауæй дæр нæ ныууадздзысты, æмæ дæ хъуыддаг абырдзæн.
Иу бон нæ акодтой денджызы былмæ. Иу былæй иннæ былмæ уыд æхсæз километры. Дон уыд салд æмæ миты бын. Миты арф уыд 40- 60 сантиметры. Акодтой нæ отряды- скъолайы се ‘ппæты дæр. Байуæрстой нын къахдзоныгътæ- лыжæтæ. Æз сын загътон: « Мæ къухы фыццаг хатт сты, æмæ мæ уæд куыд агайын кæнут». Иу лейтенант мын загъта: «Уый у приказ æмæ йын æнæ æххæст кæнæн нæй, кæннод не скъола фæстейы нымад уыдзæн».
Тыххæйты мын лыжæтæ мæ батинкæтыл бабаста æмæ мæ слæууын кодта. Куыддæр фæгæрах кодтой, афтæ мæ размæ асхуыста. Æз размæ ахаудтæн митыл. Уый та мæ мæ къахыл слæууын кодта æмæ мæ, чи ацыд, ахæмы фæдмæ бакодта, æмæ та уым дæр мæ лыжæ фæдыл фæфидар, æмæ мæ фарсыл ахаудтæн. Фæстæмæ та мæ сæвæрдта рæнхъытыл, æмæ, дам, дæ лæдзæгтæй архай, зæгъгæ, ма загъта, стæй йæ къух ауыгъта æмæ афардæг. Æз сабыргай лæдзджыты æххуысæй ацыдтæн иу цыппар метры æмæ ахаудтæн. Мæ лыжæтæ уæгъд кæнын райдыдтон, æмæ уыцы рæстæ иу фæстæмæ æрбахæццæ. Зæххыл мæ куы федта, уæд фæурæдта æмæ фæстæмæ фæкæс- фæкæсгæнгæйæ мæ иу лыжæ феуæгъд кодта æмæ ацыд, дæлæ, дам, мæ æрбаййафынц, зæгъгæ. Æз мæ лыжæтæ систон, мæ дæлармы сæ бакодтон æмæ æрбацыдтæн былмæ. Уæдмæ дзы уыд ме ‘ххуысгæнæг æмæ ма цалдæр афицеры раз иу фондз матросы сæ лыжæтимæ архайдтой. Афицертæй дыууæйæ истой къамтæ. Чи мын æххуыс кодта мæ лыжæтæ уæгъд кæнынмæ, уый мæм æрбацыд æмæ мæ фæрсы, кæцæй дæ, зæгъгæ. Уыцы рæстæг нæм æрбацыд къамисæг, æмæ, дам, ма иумæ слæуут, уæ номыртæ куыд зыной, афтæ. Ныкъкъæпп нæ кодта æмæ чи æрбацæйхæццæ кодта, уымæ йæ къамисæн фæцарæзта. Æз лæппутæн загътон, кæд хæххон Кавказæй дæн, уæддæр лыжæтæ никуы федтон. Иууылдæр куы æрæмбырд стæм, уæд мæ фæрсгæ дæр ничи бакодта, афтæмæй радио радзырдта, лыжæты кроссы архайджытæй, дам, дæсæн лæвæрд цæуы Спорты дæсныйы нæмттæ. Нымайын райдыдтой номыртæ æмæ дзы мæ номыр дæр ранымадтой. Фыццаг мæм æрбацыд Гæтæ, æмæ, дам, дæ æз агайгæ куы нæ федтон, уæд куыд сдæ Спорты дæсны?
Æрбацыд нæ ротæйы хицау, æмæ, дам, рæнхъы санчъехтæ куыд хорз кæныс, афтæ та, дам, лыжæтæй дæр бирæты куы амбылдтай. Æз ын радзырдтон, куыд уыд хабар, уый: лейтенанты тухæнтæ æмæ мын мæ лыжæтæ чи райхæлдта, уый тыххæй дæр. Уый мын загъта: « Мæнæн сæ радзырдтай, æмæ фæци, макæмæн уал сæ радзур, уадз, æмæ нæ ротæ уа раздæртимæ. Гæтæ ма мæ фарста, фæлæ уымæн дæр ницыуал схъæр кодтон. Уый мын афтæ: « Ирон Спорты дæсны Ирыстоны нæма ис».
Цардæр боны фæстæ мын æрбахастой риуылдаргæ рæсугъд, Спорты дæсны лыжæтæй, зæгъгæ, йыл фыст. Дæ парады хæдон, дам, ма рахæсс. Мах, дам, æй нæхæдæг бакæндзыстæм æмæ, дам, хъуамæ къам сисæм къулы фæйнæгмæ. Къам куыддæс систам, афтæ йæ æз феппæрстон хæдонæй æмæ сын æй фæстæмæ радтон, æнæ гæххæттæй дзы цы кæнын, зæгъгæ. Дæ гæххæтт, дам, уыдзæн иннæ сæрмагонд гæххæттытимæ. Ахæссут æй æмæ йæ уыдонимæ сæвæрут, зæгъгæ, сын загътон, æмæ йæ ахастой.
Гæтæ мын загъта: « Дæ къух ыл ауигъ, сæрмагонд гæххæттытимæ дзаумæттæ нæ вæййы». Мæнæй ферох ис уыцы хабар, фæлæ сæрмагонд бæлвырдгæнæн- удостоверение уыд мæ гæххæттытимæ, æмæ уый куыд рабæрæг, уый тыххæй дæр фысдзынæн.
Мæ хабæрттæ цыдысты хорз, фæлæ та фыццæгæм мартъийы хистæр матрос сдæн. Иу хатт мæм æрхаудта иумæйаг постмæ ацæуын. Уым хъуыд алы рæтты цы хъæхъхъæнджытæ лæууыд, уыдоны рæстæгæй- рæстæгмæ ивын æмæ уыдоны ракæ- бакæ кæныны хабар. Нæ кæртæй сæ акодтон æмæ фыццаг сæвæрдтон хæрæндоны кæрты, стæй афтæ æндæр рæтты, æдæппæт уыдысты авд бынаты. Фæстæмæ куы раздæхтыстæм иннæ матростимæ, уæд хæрæндоны кæртæй фехъуыстон иронау æлгъыст ныхæстæ, ома, кæдæм цæуыс, ныммардзынæн дæ, зæгъгæ. Бахæццæ дæн æмæ матросы фæрсын иронау, кæй æлгъыстай, зæгъгæ. Уый мын фалдæр, сисы бын чи хуыссыд, уымæ амоны, æмæ, дам, сисыл æрбабырыд. Æз, дам, æм хъæр кодтон,фæлæ, дам, уæддæр æргæпп кодта, æмæ , дам, æй уæд æз топы тымбылæй ныххафт кодтон, æмæ хуыссы.
Уыцы рæстæг фæзындысты хъалагъуртæ агъуыстæй, æмæ æз матросты ракодтон хæрæндоны кæртæй. Мидæмæ иу милиционер- афицер бацыд, уым, дам, цыдæр бæллæх æрцыд, æмæ дзы ис ме мзæххон, зæгъгæ хъалагъурæн дзырдта. Æз уый ме мзæххон зæгъгæ куы фехъуыстон, уæд æй афарстон: « Ирон дæ?» Уый мын о, зæгъгæ, куы загъта, уæ ын æз загътон, ам фæлæуу, зæгъгæ.
Матросты мидæгæй сæ бынатыл сæмбæлын кодтон æмæ кæртæй рацыдтæн уыцы милиционеримæ. Уый Суликойы хъæр куы фехъуыста, уæд цы хабар у, зæгъгæ, батыхст. Сулико- афтæ хуынд лæппу, уыд Камбилеевкæйы хъæуæй. Мæ рацыдмæ йæ кæдæмдæр акодтой. Сисыл чи æрбахызт, уый дæр аластой. Нæ рад нæма ахицæн, афтæ хъалагъурты хицау фехъусын кодта, ахуыргæнæндоны цы пост ис, уый матрос, дам, фæцæф кодта отряды æххуысгæнæджы, æмæ, дам, дæ хабар хорз нæ уыдзæн. Уыцы матрос уыд мæ хайадæй æмæ йæ æз акодтон уырдæм. Аластой мæ уыцы постмæ. Матросы бафарстон, куыд æй фæцæф кодтай, зæгъгæ. Уый мын æргом загъта, нæ дын æй зæгъдзынæн, зæгъгæ.
Хъуыддаг та уыд афтæ: матросы нæ фæндыд службæ кæнын, уыд иунæг, никæимæ уыд лымæн. Уыцы бон дæр, куы сæ кодтой, уæд райста æндæры топп, мæхион мæ сыгъдæг кæнын хъæуы, зæгъгæ. Лæууыд йæ бынаты æмæ бафынæй. Хицау, куыд алыхатт, афтæ ныр дæр ацыд куыд хъахъхъæнынц, уый бæрæггæнæг. Матросы баййæфта фынæйæ æмæ йын йæ топпы гæрахгæнæн йемæ рахаста. Лæппу райхъал æмæ йæ топпы гилдзытæ æвæрæн нал ис уым, уый куы федта, уæд æрбазгъордта цæрæнбынатмæ. Кæйдæр топп бавæрдта йæ бынаты æмæ йæхи топп ахаста. Йæ бынаты слæууыд, æмæ хицау куы æрбацæйцыд, уæд æм сдзырдта: « Æрлæуу, кæннод дæ фæгæрах кæндзынæн». Уый зыдта, йæ гæрахгæнæн мæнæ мæ дзыппы куы ис, уæд мæ куыд фæгæрах кæндзæн, зæгъгæ, йæ цыд кодта. Иу хатт ма матрос схъæр кодта, æмæ хицау куы æрбахæстæг, уæд ын йæ къах фæцæф кодта. Афицеры аластой госпитальмæ, матросæн та стыр бузныг загътой. Суликойæн та радтой дæс боны сæхимæ цæуынæн, фæлæ нæ ацыд, нырма, дам, ныр куы райдыдтон службæ кæнын, зæгъгæ. Æз та фæстæмæ матрос сдæн, сæ топпытæ, дам, сын цæуылнæ басгæрстай, куы сæ кодтай, уæд. Æмæ мæхи аххос уыд.
Дыккаг бон мемæ чи уыд, уыдоны акодтон сæ топпытæ сыгъдæг кæнынмæ æмæ уыцы матрос не внæлдта, мæнæн, дам, мæ топп сыгъдæг у, зæгъгæ. Федтон æй, æмæ æцæгæйдæр уыд сыгъдæг. Æз ын хицæнæй загътон, радзур уæдæ куыд дын баззад сыгъдæгæй, грах дзы куы нæ фæ кодтай, кæннод æртæккæ куы бацæуæм, уæд иннæ топпытæ фендзынæн æмæ дыл судмæ хъуыддаг сырæздзæн. Цы мын радзырдта, уыдон уæлдæр ныффыстон.
Рæстæг цыд. Мæ хабæрттæ цыдысты хорз ахуыры дæр. Нæхимæйы хабæрттæ дæр зыдтон. Нæхицæй мын æрвыстой газæттæ дæр, уæлдайдæр дзы иу мæ уацхъуыд куы уыд, уæд.
Иу бон нæ радмæ гæсгæ акодтой абанамæ. Абана дзы уыд иунæг, фæлæ дзы уыд бирæ бынæттæ. Старшинатæ- иу сæ адæмы бакодтой дуары онг æмæ- иу, хуыздæр сын кæм уыд, уырдæм ацыдысты. Иннæтæ дæр- иу фæкъордтæ сты. Мах дæр- иу, алы скъолатæй чи уыд, уыдон иумæ бæгæны банызтам, парахат уыд бæгæны абанайы цы стыр уæйгæнæн агъуыст уыд, уым. Иу хатт нын бахæрын кодтой сæлдæгтæ æмæ фæстæмæ цæугæйæ, ацагай, зæгъгæ, куы загъта старшина, уæд ма йын йæ ныхас фехъуыстон æмæ уыцы салд зæххыл ахаудтæн. Дыууæ суткæйы фæдæн нæхи рынчындоны, стæй мæ аластой госпитальмæ. Уым æртыккаг бон мæхи æмбарын байдыдтон. Мæ разы бадт сылгоймаг афицер. Уый мæ рафæрс- бафæрс кæны, кæцæй дæ, цы кусæг уыдтæ, уый, дам, мын лæмбынæг радзур. Æз ын Ирыстонæй дæн, уый куы загътон, уæд йæхи сцагъта æмæ мæм дзуры: « Кæцæй цæут ардæм уыцы иухуызон адæм?» Цы хабар у, зæгъгæ йæ бафарстон. Уыцы бон, дам, ардыгæй Ирыстонмæ афæндараст кодтам амы курсанттæй сæ хуыздæры. Æз ын куы зæгъин, Чшиаты Асланы. Уый бадис кодта, цæмæй йæ зоныс, зæгъгæ. Æз ын загътон, ме ‘мкъласон уыд скъолайы æмæ ам кæмдæр училищейы ахуырмæ бацыд. Уый загъта, Асланы дуарыл æддæмæ аластой, дæу та- мидæмæ. Хостæ мын лæвæрдтой æмæ сын загътон: « Уыдон мæ хостæ не сты». Уæдæ, дам, сæлдæгтæ бирæ бахордта абанайы фæстæ æмæ уынджы агайгæйæ ахаудта. Уыцы боны фæстæ нæм æрбацыд иу лæгимæ æмæ йын мæнæ, дам. дын Асланы бæсты æндæр кæимæ ныхас кæнай, ахæм æмбал. Уый дын булкъон дохтыр. Афарста мæ « Ирыстонæй кæцæй дæ?» Æз ын загътон: « Беслæнæй». Уый мын загъта: « Ма мæ сай, ды Бесланæй нæ дæ». Æз ын загътон, Зилгæйæ кæй дæн. Уæд мын уый загъта, мæ хæдзар та нефтебазæйы раз, зæгъгæ. Сылгоймаг ын цыдæртæ адзырдта æмæ мын иронæмхæццæ бамбарын кодта, майрæмбонмæ, дам, бафæраз, æз, дам, иу дæс сахатыл ам уыдзынæн. Æз ын загътон, хостæ мын мауал дæттут, зæгъгæ. Уый сыстад æмæ ацыд сылгоймагимæ.
Бонтæн цы зыдтон, фæлæ иу бон фæзынд, æмæ мæ дæргъæй- дæргъмæ лæг, санитар, дам, у, зæгъгæ, акодта æндæр ранмæ æмæ мын мæ къухтæ цыдæр фæтæн хæцъилæй фæстейы бандоныл бабастой. Уыцы лæг уыд сомихаг æмæ æрбацыд дыууæ дохтыримæ- сылгоймæгтимæ. Сæ кусæн гæрзтæ семæ æрбахастой. Мæ къухтæ мын суадзын кодта, фæлæ мын уыцы санитар мæ сæр афтæ нылхъывта бандонмæ æмæ диссаг. Сомихаг мæ дзыхы комы цыдæртæ фæкуыста æмæ санитармæ дзуры: « Суадз æй æмæ цы хъæуы, уый рахæсс». Санитар æрбахаста кручкæйы, дон, дам, у, зæгъгæ, фæлæ мын сомихаг загъта иронау, уыдон куыд нæ бамбарой, афтæ: « Иууылдæр æй æмнызт акæн». Мæ дохтыр мын загъта, гыццылгай дзы дæ хъуыр ранхъæвз, зæгъгæ. Иннæ сылгоймаг та мæм æрбадардта цыдæр арф къус. Æз райстон санитарæй кручкæ æмæ йæ уыциу нызт акодтон. Уыдон æртæйæ баззадысты уым, мæн та санитар хæссæгау мæ сынтæгыл сæмбæлын кодта.
Райхъал дæн дыккаг бон иу аст сахатыл, æмæ мæ разы бадтысты Гæтæ æмæ Дунаев. Уыдоны æрбарвыстой мæнмæ, цæмæй базоной, кæдмæ мæ дзæбæх кæндзысты. Мæнæ, дам, 1- æм Май æрбахæццæ кæны, æмæ парадмæ цæттæ кæнын хъæуы. Дохтыр фæзынд, æмæ йæ Дунаев бафарста, кæд дам, æй рафысдзыстут, зæгъгæ. Уый сын загъта: «Ныртæккæ дæр æй акæнут, мах æй ацæттæ кæндзыстæм». Æз Гæтæйы къæлидормæ ракодтон æмæ йын мæ улæфæнты хабар ракодтон. Мидæмæ æрбацыдыстæм æмæ сын Гæтæ загъта: « Нырма нæма хъæуы, стæй йæм мах кæнынмæ не рбацыдыстæм».
Иу цалдæр боны фæстæ мын дохтыр загъта: « Райсом цæуыс ардыгæй». Æз ын загътон: « Æз æнæ рентгенæй нæ ацæудзынæн». Уый мыл схъæр кодта: « Ам дын фæлладуадзæн хæдзар нæу, хостæ нæ нуазыс, хæргæ нæ кæныс, рентген та ацыдтæ Ленинграды- дæ гæххæттыты фыст ис».
Райсомæй мын санитар мæ дзаумæттæ куы æрхаста, уæд ын загътон, рентгенмæ мæ акæн, зæгъгæ, кæнæ та мын æй бацамон, кæм ис, уый. Уый ацыд дохтырмæ, æмæ уайтагъд фæзындысты. Санитарæн загъта: « Акæн æй рентгенмæ, æз æм ам æнхъæлмæ кæсдзынæн, æцæг тагъд тагъд кæнут». Акодта мæ, æмæ мæ аппараты слæууын кодта. Иу цасдæр цыдæртæ фæфыста, стæй аппарат скусын кодта. Иуырдыгæй йæм бакæсы, мæнмæ дæр æрбакæсы, стæй старшинамæ дзуры: « Рæвдз ма дохтырмæ бадзур». Мæн дæр фæрсы. Дæ низы тыххæй зыдтай, зæгъгæ. Мæ бынаты лæугæйæ мæ сæр батылдтон. Фæзынд дохтыр, æмæ йын куы фенын кодта ныв, уæд хорзау нал фæцис. Мемæ хыл кæнын райдыдта, мæнæн, дам, æй ма схъæр кæн, фæлæ, дам, æй дæ бæстæйæ цы дæлбулкъон дзæгъæлы дæр ма куы фæкуыста. Санитарæн мæ дзаумæттæ схæссын кодта æмæ йын загъта: « Райсом æй дæс сахатыл акæн фыццаг камерæмæ, æцæг æй бирæ ма фæдар». Уый фæстæ мын зæгъдзынæ, йæхи куыд дардта, уый. Ууыл ацыд, æмæ йæ фондз боны нал федтон.
Дыккаг бон мæ санитар акодта цыдæр нарæг къæлидормæ, уым уыд æрдæгталынг. Мæ дзаумæттæ мын раласын кодта æмæ сæ сауыгъта, уым къулыл цы ауындзæнтæ уыд, уыдоныл. Цыдæр кънопкæгонд балхъывта æмæ нарæг дуар байгом ис. Мæнæн ацамыдта: « Бынмæ ныххиз æмæ æнæдзургæйæ лæуу». Æз æртæ къæпхæны ныххызтæн, æмæ санитар дуар сæхгæдта. Бынæй кæцæйдæр дон фемæхст, цыдæр æнахуыр тæф кодта, афтæмæй. Раздæр тынг тагъд цыд, фæлæ фæстæдæр фæсабыр, æмæ цас фæлæууыдтæн нæ зонын, дон схæццæ мæ астæумæ æмæ цæстыфæныкъуылдмæ цыдæр æрбацис. Схызтæн къæлидормæ æмæ мæ дзаумæттæ сабыргай скодтон. Санитар мæм ницы сдзырдта кæрæй- кæронмæ. Афтæ мæ акодта авд райсомы , æмæ дон алы бон дæр кодта уæлдæрæй- уæлдæр, æви арфæй- арфдæр. Бынат уыд цыппæртигъон, йæ алы тигъ дæр фæндзай сантиметрæй фылдæр нæ уыд, æмæ фæстаг хатт мæ къахфындзтыл лæууыдтæн, уæддæр- иу уыцы тæфгæнаг дон мæ дзыхмæ схæццæ. Куы мæ рауагъта фæстаг хатт, уæд æм æнæ дзургæ нал фæдæн æмæ йæ бафарстон: « Мæ дзыхмæ куы схæццæ дон, уæд нæ мардтæн?» Уый мын къулмæ ацамыдта, æмæ уым уыд авгæй хæтæл- йæ фарсыл сантиметртæ. Уым зынд дон цас ссыд уый, йæ къухы та уыд, мæ бæрзæнд кæм фыст уыд, ахæм гæххæтт. Мæ дзаумæттæ скодтон, æмæ, дам, молодец, зæгъгæ мæ мæ сынтæгыл сæмбæлын кодта.
Иннæ райсом дохтыр æрбацыд æмæ, дам, дæ дзаумæттæ кæд дæхæдæг скодтай уыцы хъылма тæфы, фæстæ, уæд, дам, дæм иу низ дæр нал ис, æмæ райсом фæцæуыс ардыгæй. Дыккаг бон мæ дуары æдде фæкодта æмæ мæм радта иу гæххæтт тыхтæй. Фæндагыл æй бакастæн æмæ дзы фыст уыд, йæ гæххæттытæм ын æрбацу, зæгъгæ. Музей- аргъуан мæ фæндагыл разынд, æмæ ма йæ кæд фендзынæн, зæгъгæ, бацыдтæн мидæмæ. Ныр дзы уыд бирæ адæм зымæгæй уæлдай, стæй хиды бын фæйнæгмæ дæр рæнхъы хъуыд æнхъæлмæ кæсын, æмæ йæ дыккаг хатт нал федтон.Ома зымæгимæ абаргæйæ уæлдæр кæд уыд дон.
Æрбацыдтæн, æмæ мыл иууылдæр цин кодтой, беслæныхъæуккагæй фæстæмæ. Уроктæ дæр цыдысты æмæ Якорты фæзы ахуыртæ дæр. Уалынмæ мын бамбарын кодта Дунаев, дæу, дам, ныффыстой, парадмæ кæй цæттæ кæнынц, уыдоны хыгъды рахиз рæнхъонæй, ома хицауады рдыгæй цы рæнхъ цæуа, уырдæм. Уый фæдыл æз мæ хайадæн нал уынаффæ кодтон, фæлæ Якоры фæзы æндæр къордимæ цæттæ кодтам майы парадмæ. Уыцы рæнхъы иу матрос дæр нæ уыд, æмæ та мын радтой хистæр матросы ном.
Фыццæгæм майы парад ацыд хорз æмæ дзы чи архайдта, уыдонæн радтой гæххæттытæ, стæй цы дзаумæтты цыдыстæм, уыдон иууылдæр, перчаткæты онг. Гæтæ та мæм мæсты кæнын райдыдта, уæлдайдæр бæлвырд куы базыдта, уым кæй зайын уый, уæд.
Фæдæн ахуыр иттæг хорз, æмæ уымы æгъдаумæ гæсгæ фæстаг бон чи ахуыр кодта, уыдон иууылдæр сæ дзаумæттæ хъуамæ цæхсой æмæ сæ æхсадæй бафснайой сæ кæттагæй чумæданты.
Æхсынмæ акодтой æнæхъæн скъолайы дæр, æртæ мин адæймагæй фылдæр. Денджызы был цæттæ бынæттæ уыд алы хайадæн дæр. Уыдис дзы уымы кусæг адæм дæр бирæ æмæ нын амыдтой, алы хайадæн дæр йæ бынат кæм ис, уый. Мæнæн бацамыдтой ахæм бынат, æмæ кæм лæууыдыстæм уырдыгæй иу сæдæ метры дарддæр денджызы бацæуæн. Уыцы бацæуæн уыд хæйттæ –хæйттæ, æмæ дзы мæ хайæн уыд æппæты фæстаг дих. Мæ матростимæ уырдæм бахæццæ стæм, æмæ дзы Виктор- Беслæныхъæуккаг нæ уыд. Æз мæ дзаумæттæ дыууæ дихы акодтон æмæ сæ дыууæ матросы бар бакодтон æхсынмæ. Мæхæдæг ацыдтæн Викторы агурæг. Цалынмæ хъæргæнæнæй рахъæр кодтой, сæмбырд кæнут уæ дзаумæттæ, зæгъгæ, уæдмæ йæ фæцагуырдтон, фæлæ йæ не ссардтон уал мины æхсæн. Райхъуыст хъæр, æд дзаумæттæ рæнхъы æрлæуут, зæгъгæ. Уалынмæ та хъæргæнæнæй райхъуыст, матрос Виктор(æмæ йæ мыггаг) рæнхъæй фондз санчъехы размæ рацæуæд. Æз æй не ссардтон, фæлæ уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, уæд фæстæмæ фæкастæн, æмæ йæ бынаты лæууыд. Æз æм дзурын, размæ рацу, зæгъгæ. Уый мыл схъæр кодта, ды мын нал дæ хицау æмæ æнцад лæуу, зæгъгæ. Ногæй та рахъæр кодтой, фæлæ та уый æнкъуысгæ дæр нæ не скодта йæ бынатæй. Уæд æм Дунаев бацыд æмæ йæ размæ ракодта. Уайтагъд рог машинæ йæ разы алæууыд æмæ дзы, мæнæ хъахъхъæнæг йæ къах кæмæн фæцæф кодта, уыцы афицер рахызт стæй дыууæ матросы. Матростæн цыдæртæ адзырдта, стæй йæ шофырæн дæр. Дыууæ матросы йын раздæр йæ чумæдан баппæрстой, стæй та йæхи гуыффæмæ фæстейы æмæ афардæг сты. Гæтæ мæ цыдæртæ агуырдта, фæлæ уæдмæ хъæргæнæн фехъусын кодта, бынатмæ араст ут, зæгъгæ.
Æрбацыдыстæм, æмæ Гæтæ цинæй мард, ныр, дам, дæм цы æфхæрд æрхаудзæн уый диссаг у, зæгъгæ, фæлæ дæ ам кæй ныууадздзысты, уый бæрæг у. Æмæ мын радзырдта: « Виктор махимæ йæ гæрстæ æхсынмæ фæндагæй мидæмæ нæ бацыд, фæлæ уым иуварс , кæттагæй æхгæд æрмæджыты цурмæ ацыд æмæ дзы иу ран кæттаг систа хæрдмæ. Йæ быны аууоны сбадт æмæ цыппар иухуызон хъæдтыл, ссæдз метры дæргъæн чи уыд , ахæмтыл хæрынкъайæ ныффыста: « Салам Кавказæгтæн, Виктор(йæ мыггаг) 26 июнь 1956 аз.
Æнæ кæттагæй фыст зынд дардмæ. Уый федта афицер, нæ отряды хицауы æххуысгæнæг. Гæтæйы ныхæстæ æцæг разындысты. Изæры радзырдтой Викторы хабар, æмæ, дам, фынддæс суткæйы абаддзæн гауптвахтæйы, стæй службæ кæндзæн былыл. Йæ хæрз хицау, ома æз та æрвыст цæуын флотмæ матросæй. Уыцы æхсæв бирæтæм æрбацыдысты æмæ сæ акодтой.
Афтæ ма иу дæс боны фæдæн уым. Ацыдтæн- иу горæтмæ, уæлæ дзы уыййас змæлæг нал уыд. Музейы дæр ма иугай адæмæгтæ уыд. Фæйнæг дæр ма федтон цалдæр хатты, æмæ доны æмвæзад уыд иухуызон.
Нæ цæрæнбынаты ма æртæ боны баззадыстæм авдæй. Иууылдæр уыдыстæм мæ хайадæй, фæлæ мæ бар нал уыдысты. Иу бон мæ Гæтæ æмæ Дунаев арвыстой горæтмæ, фæстаг хатт ма азил дæ зонгæтыл, зæгъгæ. Уыдоны мæ мæт нæ уыд, фæлæ зыдтой , æз æнæцæугæ кæй нæ фæуыдзынæн Дзиуатæм æмæ сын уæд ирон арахъхъ кæй æрбахæсдзынæн. Ацыдтæм æмæ ма фæстаг хатт фæистон алыхуызон къамтæ. Бацыдтæн чингуыты дуканимæ, æмæ мын йæ хицау балæвар кодта сусæгæй чиныг « Декамерон», Боккаччо Джованни йæ фыссæг. Чиныгæн уæй кæнæн нæ уыд æргомæй. Ныр та алы нывыл чингуытæ дуканиты рудзгуытыл æвæрд сты.
Куыд нæ бацыдаин Дзиуатæм. Уыдон дисæй мардысты: мах, дам, æнхъæл уыдыстæм, æмæ ды кæмдæр денджызы цæуыс. Сæ къулыл ауыдтон ауыгъд хистæр лейтенанты уæлæдарæс æмæ сын арфæтæ фæкодтон, Стыр Хуыцау уæ Инæлармæ схæццæ кæнæд, зæгъгæ. Гæтæйæн мын арахъхъ радтой, æмæ æрбацыдтæн нæ цæрæнбынатмæ. Уым æрбаййæфтон иу æрыгон лейтенанты старшинаимæ. Лейтенант мæм бадзырдта æмæ мын загъта: « Дæ хайадимæ ссæдз минуты фæстæ кæрты рæнхъæй куыд лæууат, афтæ бакæн». Æз ын бамбарын кодтон хайады хицау- командир кæй нал дæн. Уый мыл схъæр кодта. Бадзырд ивæн нæй, зæгъгæ. Гæтæ æмæ Дунаевæн бузныг загътон сæ амындтыты тыххæй æмæ ме ‘хсæз æмбалимæ кæртмæ æрцыдыстæм. Уым уыд старшина æмæ нæ акодта наулæууæнмæ, мæн слæууын кодта куыд æмбæлы, афтæ- æппæты фæстæ, ома ныллæг кæй уыдтæн, уый тыххæй.
Наулæууæны баййæфтам лейтенанты, æмæ нæ уый акодта æндæр ранмæ. Æрбацыд иу гыццыл нау- катер æй хуыдтой,æмæ нæ уым сбадын кодтой. Сæ дыууæ дæр махимæ, афтæмæй араст стæм сахар- горæт Ломоносовмæ. Цæуын нæ бахъуыд æрмæст æхсæз километры- мæнæ спорты мастер кæм сдæн, уыцы дæрццæг. Фæлæ ныр мæнмæ афтæ фæкаст, цыма бирæ фæцыдыстæм. Былмæ куы рахызтыстæм, уæд та нæ рæнхъæй- стройæ акодтой æфсæнвæндаджы вокзалмæ. Уым нæ бирæ лæууын нæ бахъуыд. Сбадтыстæм поезды æмæ Ленинграды цалдæр минутмæ балæууыдыстæм. Уым вокзалы бирæ фæбадтыстæм æмæ изæры иу афонты æндæр поезды сбадтыстæм. Поезд цалдæр раны æрлæууыд, фæлæ нæ лейтенант зæхмæ хизын нæ бауагъта, афтæмæй бон йæ тæмæны куы бацыд, уæд бахæццæ стæм Эстонийы сæйраг горæт Таллинмæ. Уым нæ лейтенант æмæ старшина сбадын кодтой уæзласæн машинæйы, йæ гуыффæйы бадæнтæ конд кæмæн уыд, ахæмы. Ластой нæ горæты кæройнаг уынгты, астæуты, дам, ахæм машинæтæн нæй цæуыны бар. Горæты кæронмæ хæстæг нæ иу стыр кæртмæ баластой, æмæ, дам, уал ам уыдзыстут, цалынмæ уæм æлхæнджытæ фæзына, уæдмæ, ома кæм службæ кæндзыстут, уырдыгæй. Æрцæрын нæ кодтой иу стыр цæрæнуаты, дыууæуæладзыгон сынтæджытæ рæнхъытæй кæм уыд, ахæмы. Алыхуызон адæм дзы æмæзмæлд кодтой.
Лейтенант æмæ старшина ацыдысты, фæлæ нæ æндæр старшина акодта хæрæндонмæ, сихоры хæрд, дам, ахицæн, фæлæ уын кæд исты ссариккам. Мах уыдыстæм дыккаг бон æнæхæргæйæ, æмæ нын цы хъæрмхуыпп æрæвæрдтой, уый уыд афтид къабускайы сыфтæй, искуы дзы иу картофы мур дæр фæзынд, фæлæ мах æнæдзургæйæ бахордтам.
Старшина нæ бакодта цæрæнбынатмæ æмæ нын загъта: « Цы минут уæм æрбацæудзысты æлхæнджытæ, уый бæрæг нæу, æмæ æнцад хуыссут, макæдæм ацæут».
Иу цалдæр боны фæстæ нæм æрбацыд, æмæ, дам, уæ нау денджызы дард ран ис, æмæ уæ уæ хæрды фаг кусын бахъæудзæн. Иннæ райсом хæрды фæстæ æрбацыд æмæ нæ иу дæс æмæ ссæдзы машинæйы сбадын кодта. Аласта нæ кусынмæ- товарон станцæ йæ хуыдтой, горæты кæронмæ. Уым лæууыдис цалдæр рæнхъы товарласæн поезды. Æндæр старшинайы бар нæ бакодта æмæ цыдæр фæцис. Ног старшина нæ акодта æппæты кæройнаг поездмæ. Бирæ цыдæртæ нын фæамыдта, стæй нын байуæрста цыдæр рæсугъд- кæттæгтæ уыдысты æви пленкæтæ, уый нал хъуыды кæнын.Бацамыдта нын, куыд дзы пайда кæнын хъæуы, уый.Стæй та нын байуæрста æрмыкъухтæ. Акодта нæ иу дуары размæ, æмæ дзы уыд бирæ чи фæкуыста, ахæм лæг. Ай, дам, Макаронник у, ома службæ фæцис, фæлæ дарддæр æхца кусынмæ баззад. Уый иу стыр дуар байгом кодта æмæ нæ мидæмæ зæгъон æви дæлæмæ бакодта. Цары онг дзы уыд ауындзæнтæ рæнхъæй. Бацамыдта нын, чи кæцы рæнхъы ауындздзæн йæ хæссинаг. Ракодта нæ æмæ нæ вагæттыл байуæрста. Вагæтты уыд стуры æргæвстытæ. Ома иу стур- сыкъаджын цыппар дихæй. Дæ кæттаг, дам, дæ фæсонтыл æруадз, дæ сæрæй къæхты онг,æмæ, дам, дæм де ‘мбал вагонæй радæтдзæн стуры цыппæрæм хай. Ды йæ ахæсс æмæ дын кæм бацамыдта, уым сауындз. Бон изæрмæ мæм æрхаудта цыппар цыды акæнын. Иннæтæй дæр чи æртæ цыды акодта, чи- дыууæ. Старшинайæн изæры уыцы лæг раппæлыд: « Уæртæ уыцы гыццыл урссæр матрос цыппар рейсы скодта».
Уый фехъуыста махæй чи нæ уыд, ахæм матрос. Дыккаг бон дыккаг цыд куы акодтон æмæ фæстæмæ æртыккаг зылдмæ куы цыдтæн, уæд мæм иу вагоны бынæй рахъæр кодта: « Эй, Седой, лезь сюда». Æз бабырыдтæн уырдæм æмæ дзы уыдис уыцы матрос стæй цыппар старшинайы. Ницæмæй мæ бафарстой, фæлæ мæм старшина радта гæххæттыты цъар цыдæр хæххытимæ стæй нывгæндтимæ. Бацамыдта мын чи дзы цы амоны, уый æмæ, дам, мæ уынаффæ- приказ: æртыккааг цыд кæныс, æмæ, дам, дын де ккойы куы сæвæрой хай, уæ æй ахæсдзынæ мæнæ ацы хаххыл, фæзилдзынæ мæнæ ам æмæ бахæццæ уыдзынæ бырумæ- сисмæ. Дæ хæссинаг æрæвæрдзынæ хæмпæлтыл. Сисмæ схиздзынæ æмæ уым бад, цалынмæ дæ иннæрдыгæй исчи фена, уæдмæ. Сылгоймаг дæ куы фена, уæд дæ хæссинаг фæкæн æмæ йæ сылгоймаджы фæстæ ахæсс, бамбæрстай? Æз æм сдзурынмæ хъавыдтæн,фæлæ мыл уый схъæр кодта: « Уый мæ бардзырд у,æмæ ма дæ цы хъæуы». Цы ма мæ хъуыд, фæлæ ма йæ афарстон, цас дзы райсон æхца, зæгъгæ. Уый мын загъта: « Цы дын радта, уый иу рахæсс».
Ацыдтæн вагонмæ æмæ мын ме ‘ккойы хай куы æрæвæрдтой, афтæ араст дæн, куыд мын бацамыдтой, афтæ. Фæзилæнмæ куы бахæццæ дæн, уæ матрос лæууыд уым æмæ мын загъта: «Сылгоймаг бацыдис дуканимæ æмæ дæм рудзынгæй кæсдзæн. Ды сисмæ куы схизай, уæд уый рацæудзæн, æмæ йæ фæстæ ацæудзынæ. Æхцы куы райсай, уæд сæ банымайдзынæ, сисæй куы æрхизай, уæд. Дæ цæсгом æмæ дæхæдæг. Æз дзы иу систон æмбис. Ацы хатт дзы ратдзынæ туман мæнæн, иннæ хатт та иууылдæр уыдзысты дæхи».
Сисы размæ куы бахæццæ дæн, уæд хæмпæлтыл æрæвæрдтон мæ хæссинаг æмæ сисыл бæхбадт скодтон. Кæсын, æмæ дуканийæ рахызт иу сылгоймаг æмæ мæ рæзты ссыд. Мæнмæ кæсгæ дæр нæ фæкодта. Æз мæ хæссинаг сисмæ систон æмæ иннæрдæм зæхмæ ахызтæн. Ме ккоймæ æристон хæссинаг æмæ араст дæн сылгоймаджы фæстæ. Бацыд кæртмæ, йæ фæстæ кæрты дуар гомæй ныууагъта афтæмæй. Æз йæ фæстæ кæрты смидæг дæн. Уый уæдмæ бакодта агъуысты дуар æмæ мын уырдæм ацамыдта. Быхызтæн мидæмæ, æмæ дзы уыд тынг уазал, стæй царæй зæбул ауындзæнтæ. Иуæй- иутыл дзы уыд стуры хæйттæ, иннæтыл – та сæпп- сæппгæнджытæ æнæхъæнтæй. Ацамыдта мын иу ауындзæнмæ, æмæ мæ хæссинаг ууыл ацауыгътон. Рацæйцыдтæн, фæлæ мыл фæхæцыд æмæ мын мæ къухты фæцавта хæцъилы тыхтон. Сисы мидæг куы фæдæн, уæд райхæлдтон æмæ æхца анымадтон, фæхицæн дзы кодтон иу туман, стæй æхцайы æмбис. Цы ма дзы баззад уыдон фæстæмæ хæцъилы батыхтон æмæ вагоны бынмæ фæтагъд кодтон. Старшинатæй мæ иу фæрсын райдыдта, куыд рауад дæ хабар, зæгъгæ. Æз ын радзырдтон, куыд тынг тарстæн æмæ йæм хæцъилы баст радтон. Уæд мæ уый фæрсы: « Ныр нын дæ ном зæгъ, стæй цавæр дæсныйадыл сахуыр кодтай Кронштадты. Æз мæ ном куыддæр загътон, афтæ старшинатæй иу бадис кодта æмæ мæ иронау фæрсы: « Ирон дæ?» Æз ын загътон: « Ирон- Зилгæйаг». Старшина хæцъил райхæлдта æмæ дзы æхцайæ, нымайгæ сæ нæ бакодта, афтæмæй матросмæ радта иу цасдæр æмæ йæ дуканимæ арвыста. Æз рабырынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæ старшина нæ рауагъта. Матрос æрбахаста хæринæгтæ æмæ нозт. Æз дзы тагъд- тагъд цыдæр цæхджынтæ ахордтон, водкæ нæ нуазын, зæгъгæ , нæ банызтон, стæй ма мæ, зæгъын, нырма дыууæ цыды хъæуы, цæмæй мæ ма базоной, кæм уыдтæн, уый тыххæй. Ныххудтысты æмæ мæ ауагътой. Афтæмæй уыцы бон дæр та цыппар хатты бахастон. Нæхи куы цæхсадтам æмæ нæ бынатмæ цæуыныл куы фестæм, уæд мæм æрбацыд ирон старшина, æмæ, дам, иу райсом дæр рацу кусынмæ, æцæг, дам, иу æхцайæ дæхицæн дæр фелвас, мах, дам, нæхимæ цæуæм æмæ дæу тынгдæр бахъæудзæн ам. Афтæ рауад фараст- дæс хатты , æмæ иу хатт дæр мæ куысты къуылымпы никуы уыд. Æрмæст иу хатт фæзилæнæй раст хахмæ куы рахæццæ дæн, уæд хæрхæмбæлд фæдæн уымы старшинаимæ, æмæ кæм уыдтæ, зæгъгæ, мæ куы бафарста, уæд ын загътон: « Уæлæ мæ старшина дуканимæ рарвыста, æхца мæм нæ радта, афтæмæй». Уый мæ вагоны размæ скодта æмæ сташинайы фæрсы : « Ацы матросы æнæ æхцайæ дуканимæ цæмæн арвыстай?» Уыдон ыл схъæр кодтой, дæ хъуыддаг нæу, зæгъгæ. Уыдон кæрæдзийы æмбæрстой æмæ æнæкусгæйæ цардысты.
Ирон старшина службæ бакодта æхсæз азы. Уыдис Хуырымтæй Валодя. Афтæ ахицæн сты дыууадæс кæнæ æртындæс боны. Уæд нæм æрбацыдысты дыууæ афицеры, æмæ, дам, уæхи сцæттæ кæнут цæуынмæ. Æз ссардтон Валодяйы æмæ мæм цы æхцатæ уыдис, уыдонæй йын иуцасдæр радтон. Мах аластой хæстон наутæ кæм лæууынц, уырдæм. Валодяиты та аластой Ленинградмæ, æмæ уым экипажы баиу ис Гæтæимæ. Валодя Гæтæйæн фæдзырдта мæ хабæрттæ. Ссыдысты Ирыстонмæ иумæ. Мах та авдæй дæр дыууæ афицеримæ фестæм наулæууæны суанг изæрталынгтæм, æмæ нæ уæд аластой уым хæстæг горæты хæстонты футболон стадионмæ. Йæ хицау уыд майор, æмæ, дам, ма сын ныр цы бахæрын кæнон, зæгъгæ, катайы бацыд. Æз æм афицерты сусæгæй æхца радтон, æмæ йæ салдæттæй- кусджытæй дыууæйы арвыста хæринæгтæ æлхæнынмæ. Афицертæ уыдысты, цы наумæ нæ ластой, уырдыгæй æмæ æрбаздæхтысты отпускæй. Стадионы уыд бирæ хуыссæнбынæттæ, æмæ æхсæв баззадысты махимæ. Райсомæй нæ иу салдат акодта уынгты иу 100 метры хæрæндонмæ. Хæринæгтæ уыдысты бирæ хуыздæр, мæнæ нæ къабускайы сыфтæй кæм хастой, уымæй. Майоры салдæттæ æххæст кодтой стадионы цалцæггæнæн куыстытæ- футболон фæзы алфамблай. Мах майорæн загътам: « Æнцад бадыны бæсты дын дæ куыстытæ мах дæр кæндзыстæм». Уый бацин кодта, æмæ мæгуыр салдæттæ дæр фæхъæлдзæгдæр сты. Мах- иу сæ фарстам, цавæр горæт у Таллин, зæгъгæ, æмæ, дам ын ницы зонæм, дæлæ хæрæндоны вæййæм, æндæр никуы. Мæнæ, дам, ацы уæлбыл ис горæты ахсджиагдæр парк, æмæ, дам, нæ уырдæм ацы дзаумæтты нæ уадзынц. Хуыздæртæ та махæн нæ дæттынц, зæгъгæ.
Иу бон изæрырдæм майоримæ лæууыдыстæм кæрты, æмæ уæлбылæй айхъуыстон мæнæ дугъты цы мелодии вæййы- Долидзейы музыкæ, дам у. Æз майоры бафарстон, уый цы у, зæгъгæ. Уый мын загъта: « Парчы ис бæхты цирк». Æз ын балæгъстæ кодтон, ауадз мæ, уыдон ирæттæ сты, зæгъгæ. Уый мын загъта: « Мæ бон дæ нæу ауадзын, фæлæ цом. Æмæ дын сæ æз фенын кæндзынæн». Уынгмæ ахызтыстæм æмæ æртæ- фондз минутмæ уыдыстæм кассæйы раз. Æз кассæйы рудзынгæй бакастæн æмæ чызгмæ дзурын иронау, иу билет мын æнæ ‘хцайæ нæ ратдзынæ, зæгъгæ. Уый фæгæпп кодта æмæ мæм рацыд, мæ къухыл мын фæхæцыд æмæ мæ мидæмæ кæнынмæ сси, фæлæ нæм майор æрбауад, цыдæртæ йын адзырдта. Мæнæн та загъта:« Райсом хицауадимæ баныхас кæндзынæн, æмæ сымах авдæй æмæ мæхи салдæттæ иумæ фынддæсæй нæ кæд бауаддзыстут, уæд æрбацæудзыстæм». Чызг бахудт, æмæ, дам, фылдæрæй дæр æрбацæут, æцæг, дам, иу æхцайы кой ма скæнут, уæ бадæнтæ фыццаг кæнæ дыккаг рæнхъы уыдзысты.
Иннæ изæр майоримæ раздæр ацыдыстæм, æмæ нæ чызг бакодта мидæмæ хицаумæ. Уый мыл фæцин кодта, арафæрс- бафæрс мæ кодта æмæ майорæн загъта: « Цавæр фынддæсы кой кæныс, ракæн фыццаг дыууæ рæнхъы дзаг дæр». Майор дис кодта. Уæдмæ фæзындысты ме ‘мбæлттæ салдæттимæ. Фыццаг рæнхъы нæ æрбадын кодтон, æмæ диссæгтæ федтам. Бакасты фæстæ сын майор бирæ арфæтæ фæкодта.
Цал боны фæцардыстæм, нал зонын, фæлæ нæ горæтмæ нæ уагътой, гæххæттытæ уæм нæй, зæгъгæ. Изæрæй нæм æрбацыд иу афицер æмæ нæ рæнхъæй акодта наулæууæнмæ. Уым нæ сбадын кодта иу гыццыл катеры. Денджызы иу æртæ километры æддæдæр лæууыд стыр нау йæ фарсыл фыст уыд « Жданов». Уыд талынг, фæлæ йæ размæ куы бахæццæ стæм, уæд йæ алыварс уыд боны хуызæн рухс. Нæ кæттаг чемодантæ нын сластой хæрдмæ, нæхæдæг та иугай нарæг асинтыл схызтыстæм. Матростæй уыцы афон уыд йæ тæккæ дзаг. Алырдыгæй хъæр кодтой: «Киевæй дзы нæй? Уфайæ дзы нæй, Кавказæй дзы нæй?» Мæ разæй чи цыд, уый уæд ныхъхъæр кодта, мæнæ Беслайнаг, зæгъгæ. Иу цалдæр метры ма куы ацыдыстæм, уæд мæ размæ иу матрос æрлæууыд æмæ мæ фæрсы: « Ирон дæ?» Æз ын загътон: « Что?» Æмæ уый йæ къух атылдта. Бакодтой нæ цæрæнуæттæ- кубриктæ кæм уыд, уыцы палубæмæ- пъолмæ, æмæ уым алы ран дæр адæм фынæй кодтой. Æрмæст дзы иуы, 23 кубрикы ничи уыд хуыссæнты. Уым нын æрцæттæ кодтой æхсæвæр, стæй нын бацамыдтой нæ хуыссæн бынæттæ, æмæ, дам, бахуыссут, уæ фæллад суадзут. Уый уыдис æхсæвы дыууæ сахатыл.
Райхъал нæ кодтой райсомæй фараст сахатыл. Кубрикы иу матрос – бонгæс рацу- бацу кодта. Уый нын загъта: « Мæнæ уæ хæйттæ цайæ, æмæ бацымут цай». Мах æй бафарстам, адæм кæм сты, зæгъгæ. Уый нын бамбарын кодта, нау денджызы цæугæ кæй кæны фондз сахатæй нырмæ. Бацыд къулы æнцæйтты, цы хæтæл дзы уыд уымæ, æмæ дзы адзырдта: « Æмбал лейтенант, авдæй дæр рабадтысты». Лейтенант схызт дуары чъылдыммæ цы стыр тымбыл хуынкъ уыд- люк æй хуыдтой, уырдыгæй. Нæ къухтæ нын райста, афтæмæй бонгæсы бафарста, цай, дам, бацымдтой? Уый йæ сæр батылдта æмæ нæм хæцыд, мæн, дам, æххормаг матростæ нæ хъæуынц. Лейтенант йæ риуы дзыппæй систа гæххæтт æмæ нæ мыггæгтæ æхсæзæй ранымадта, стæй нæ ныххизын кодта, цы люкæй сбырыд, уырдæм. Иннæмæн та загъта, цæмæй кубрикы бада. Мах ныххызтыстæм, æмæ уым цы матростæ уыд, уыдон змæлгæ дæр нæ фæкодтой сæ бынæттæй. Лейтенант куы æрхызт, уæд райхæлдта цыдæр тыхтон, кæцыйы уыдысты нæ гæххæттытæ. Иугай нæ йæ фарсмæ бадын кодта æмæ нæ фарста алы бæрæггæнæнтæй. Мæнмæ куы æрхæццæ ис, уæд хорзау нал фæцис, æмæ, дам, æлгъыст фæуæнт ацы ирæттæ, ам дæр, дам, мæ размæ куы фесты.Æз æй афарстон: « Цæмæн лгъитыс ирæтты, стæй мæн дæр?» Уый мæ фæрсы Ирыстоны кæцы районæй дæн æмæ кæцы хъæуæй. Æз ын загътон: «Рахизфарсы районæй Зилгæйы хъæуæй. Уый тынгдæр æрбамæсты, æмæ, дам, уæд Тогызты Ермаккы нæ зоныс? Æз бацин кодтон æмæ йын загътон, кæй уыд ме ‘мкълассон. Ницы уал сдзырдта, фæлæ та мæ гæххæттытæ куы рафæлдæхта, уæд фæхъæр кодта, дæ фыд цы хуыйны, зæгъгæ. Æз ын загътон, фыд мын кæй нæй. Уый мын афтæ куы зæгъид: « Ермаккы фыд уыд Дæхцыхъо, дæ фыд дæр у Дæхцыхъо. Уый куыд у?». Æз ын загътон: « Ермаккы фыд хæсты фесæфт, мæ фыд та хæстæй куы ссыд, уæ мах- цыппар сывæллоны ныууагъта нæ мады бар æмæ скодта æндæр бинонтæ. Кæд æй бауырныдта, уæддæр мæм каст зул цæстæй.
Уалынмæ, уæ бынæттæй ацæут, зæгъгæ, райхъуыст, æмæ матростæ фæгæппытæ кодтой сæ бынæттæй фæлладхуызæй, фæлæ уæддæр цин кодтой. Мах æрбацыдыстæм уыдоны бæсты, æмæ нæ хицау кæй кæимæ бафтаудзæн, уый сæ тынг тагъд фæндыд базонын. Хицау дæр ацыд йæ каютæмæ, æмæ нæ уæд уыцы бынаты- посты хицау- старшина йæ хуыдтой рафæрс- бафæрс кæнын райдыдта. Чи кæм ахуыр кодта, стæй куыд фестæм ахуыр. Иу ын загъта: « Ахуыр кодтам Кронштадты иумæ, мæнæ ацы урссæр матрос та уыд нæ командир». Æз лæппутæн загътон: «Цомут ма уал уæллаг палубæмæ æмæ нын æй фенын кæнут»». Уыдон сразы сты æмæ нæ сæ фæстæ фæндаг амонгæ скодтой хæрдмæ- уæллаг палубæмæ, кæцы кæны æртæ дихы. Æхсæвы цы палубæмæ схызтыстæм катерæй, уый уыд æппæтæй ныллæгдæр, æмæ цæугæ- цæуыны уым æмбырд кодтой посттæй чи ссæуы, уыдон, тамако дымæн дæр ис æрмæстдæр уым. Æмбырдтæ дæр фæцæуынц уым. Мах фыццаг хатт федтам уыйас адæм иумæ, фæлæ алчидæр зыдта йæ бынат, æмæ ничи никæй хъыгдæрдта.
Бирæ нæ ахаста нæ балц, улæфты рæстæг фæцис, зæгъгæ, радио куы радзырдта, уæд æрæмбырд стæм фæстæмæ нæ посты æмæ нын æппæты фыццаг посты хицау- фыццæгæм къæпхæны старшина гæххæтты гæбæзтæ байуæрста. Мæнæ дзы уыд фыст: 2-39-01. Уыцы нымæцтæ амонынц, науы чи дæ æмæ кæцы постæй дæ. Уалынмæ фæзынд лейтенант дæр æмæ нæ посты слæууын кодта дыгæйттæй, ома, цы гæххæттытæ нæм уыд, ахæм кæй риуы дзыппыл хуыд ис, ахæмы фарсмæ æрлæуу. Мæ номыр кæуыл уыд, уый разынд Сыбырæй Иркутскы облæстæй. Лейтенант загъта: « Чи уæ цал бонмæ бацæттæ кæна йæ бæсты ног матросы, уал боны фæстæ ацæудзæн сæхимæ». Уыдон службæ кодтой æхсæзæм азтæ. Кæй бар мæ бакодтой, уый уыд дæсны йæ куысты æмæ мын цы амыдта, уыдон зæрдиагæй. Фæлладуадзыны рæстæг дæр иу мæ акодта постмæ æмæ мын амыдта дыууæ къухæй куыд хуыздæр кусын хъæуы. Афтæ фæфыдæбон кодтам аст- фараст боны æмæ сæхимæ афардæг. Фыццаг изæр бонгæсы бафарстон æрхуы æрттиваг хæтæлæй куыд дзургæ у, зæгъгæ, æмæ мын æй куы бацамыдта, уæд дзы адзырдтон, æхсæвы палубæйы Беслайнаджы чи агуырдта, уый ма æрбацæуæд 23 кубрикмæ, уыимæ.
Дыууæ- æртæ минуты фæстæ мæ разы лæууыд æрыдойнаг Джыккайты лæппу Алик. Æрмæстдæр базонгæ стæм, æмæ ацыд, нæ, дам, мæ вдæры, зæгъгæ. Мæ хуыздæр куыст уыд æнæ службæйы рæстæг писмотæ фыссын, фæлæ нал фыстон фæндзайгæйттæ- Кронштадты куыд фыстон афтæ, фæлæ- иу мæ алы изæр дæр хъуыди фыссын дæс- дыууадæс писмойы. Фæстагмæ мæ лейтенант бауагъта посты фыссын йæ стъолыл, æмæ мын фенцондæр ис.
Цалдæр боны фæстæ уæллаг палубæйыл рацу- бацу кодтон , æмæ матростæ хурмæ кæм хуыссыдысты, ууылты куы фæцæйцыдтæн, уæ мæм дзы иу цыдæр зонгæ фæкаст. Æз ын йæ цæсгом байгом кодтон, æмæ разынд беслайнаг лæппу Бигъаты Юрик, афтæмæй мын Алик та уый кой нæ ракодта. Уыдис ма дзы фыццæгæм къæпхæны старшина Зæронд Бæтæхъойыхъæуæй. Ныр баистæм æхсæз. Мах иу кубрикы цардыстæм фæндзай авдæй æмæ хуыссæнтæ уыдысты афтæ конд: æртæуæладзыгонтæ, æппæты бынæй уыд æртæ асыччы, хуыдтой сæ рундуктæ. Сæ хуылфы уыдысты иту æвæрдæй æртæ службæгæнæджы уæлæдарæс æмæ уыцы рундуктæ. Бон уыдысты бандæттæ, æхсæв та сынтæджы бæсты фыццаг аз чи службæ кæны, уыдонæн.
Райсомæй куы сыстадысты, уæд астæуæй чи хуыссыд, стæй уæлейы чи хуыссыд, уыдон- иу ацыдысты нæ фарсмæ цы хи æхсæн бынат уыд, уырдæм хи æхсынмæ, химæ зилынмæ. Рундукыл чи хуыссыд, уый та-иу раздæр бафснайдта астæуккаг- фæстаг аз чи службæ кæны, уый хуыссæнтæ. Уый хуыссæнты сæрыл- иу бафснайдта йæхи хуыссæнтæ. Афтæмæй- иу æй сфæлдæхта æмæ йæ фидар кодта рæхысты фæрцы хæрдмæ. Уый фæстæ- иу ацыд йæхи æхсынмæ. Уæллаг хуыссæны та хуыссыдысты дыккаг- æртыккаг аз чи службæ кæны, уыдон, æмæ сæхæдæг æфснайдтой сæхи хуыссæнтæ, сæхи- иу куы сæхсадтой, уæд.
Хæринаджы хабар дзы уыд Кронштадтæй хуыздæр, фæлæ ма дзы уыд æндæр хабар дæр. Науы службæ кодтой алы адæмыхæттытæ, æмæ пысылмæттæ сæпп- сæппгæнаджы – хуыйы дзидза нæ хордтой, афтæмæй науы та цыдыстæм фондзсæдæйæ фылдæр. Архайдтой, цæмæй нын- иу уæд нæ хæринаг аивой. Афтæ райдыдта нæ иннæ цард науы.
Науы æдæппæт службæ кодта æртæ мин адæймаджы. Науы цас бæстыхæйттæ уыд, уый базонын мæ къухы нæ бафтыд, кæд алыхатт дæр азилыныл архайдтон, уæддæр. Диссаг та уыд йæ сыгъдæгдзинад. Командирæн уыд сæрмагонд æххуысгæнæг, сыгъдæгдзинадыл дохтыртимæ чи архайдта, ахæм. Ныр мæ бон у зæгъын нæ науы тыххæй дæр.
Науæн лæвæрд æрцыд ном «Жданов». Ома хæсты рæстæг Жданов А. А. уыд Ленинграды адæмы сæргъы æмæ семæ уæззау уавæрты бахъахъхъæдтой стыр ныббырстытæй. Хæсты фæстæ Ленинграды кусджытæ фæндон бахастой, цæмæй йæ номыл нау скæной, уый тыххæй. Æрæмбырд кодтой æхца æмæ сарæзтой стырдæр наутæй иу йæ номыл. Йæ дæргъ уыдис æртæсæдæ дæс мерты, йæ уæллаг палубæйы фæтæн уыд дыууын дыууæ метры, доны бын дзы уыд цыппæрдæс метры, донæй уæлæмæ- фæндзай дыууæ метры. Йæ уæз уыдис, кæд мæ нæ ферох, уæд дыууын дыууæ мин тоннæйы. Ныр ахæм наутæ нал ис, Хрущёв Н.С. сæ æхсайæм азты атайын кодта.
Бонтæ цыдысты, æмæ нæ горæтмæ уадзын райдыдтой. Фыццаг хатт иунæгæй нæ уагътой, фæлæ дæхицæн æмбал равзар,æмæ дæ уыимæ ауаддзысты. Æз адзырдтон Аликмæ, æмæ уый сразы ис мемæ горæтмæ ацæуыныл. Нæ кубрикмæ æрбацыд уыцы бон. Уыдис сабат, æмæ сабаты уагътой сихоры хæрды фæстæ, хуыцаубоны дæр афтæ. Дыццæг æмæ цыппæрæмы та изæры хæрды фæстæ. Ацыдыстæм, æмæ Аликкæн загътон: « Цом ма стадионмæ æмæ майоры фенæм». Бацыдыстæм, æмæ мыл ахæм цинтæ фæкодта æмæ диссаг. Аликкæн уый фæстæ радзырдтон нæ царды тыххæй стадионы, стæй бæхты ирон цирк куыд федтам . Æмæ ма, зæгъын, паркмæ цом, мæнæ нæ разы куы ис. Бацыдыстæм лæвар, уымæн æмæ бацæуæны дыгæйттæй- æртыгæйттæй лæууыдысты скъоладзаутæ галстукты æмæ сæ къухтæ хæрдмæ фæкодтой, афтæмæй нæ бауагътой. Мах, дам, матростæй æхца нæ исæм.
Парк разынд Дзæуджыхъæуы паркæй стырдæр, фæлæ дзы уыд ахæм асинтæ иу хайæ иннæмæ æрцæуынæн. Уым мах бахъуыд хæрдмæ цæуын. Æмбисмæ куы схæццæ стæм, уæд уæлейæ дыууæ чызджы асинтыл кæрæдзийы схойгæ гæпп- гæппгæнгæ нæ размæ æрхæццæ сты. Алик дзы иуы рацахста æмæ йын хъæбыстæ кæнын райдыдта, уæд æм иннæ чызг иронау дзуры, уæлæ уый де ‘мбал у, зæгъгæ. Алик мæм бадзырдта, æмæ сæм æрцыдтæн хæстæг. Иннæ чызг дæр мах размæ ссыд æмæ Аликкæн ахъæбыс кодта. Алик чызгæн загъта, æз фыццаг хатт кæй дæн горæты, æмæ уæд чызг загъта: « Замманай æфсæддон ис изæры хорз абадынæн». Иннæ чызгимæ асусу- бусу кодтой, стæй фæхъæр кодта: « Цомут ма нæхимæ». Сбадтыстæм трамвайы æмæ фæцыдыстæм уынгты бирæ. Рахызтыстæм трамвайлæууæн « Кадриорг», зæгъгæ уым. Æз чингуытæ кæсгæйæ зыдтон Таллины кæй ис Петр Фыццæгмы арæзт парк æмæ йæ астæу йæ галуан кæй ис, уый. Чызджытæн æй куы радзырдтон уый, уæд æмхуызонæй сдзырдтой: « Цом уал уæдæ галуан фен, стæй уæд ацæудзыстæм былмæ, æмæ уым фендзынæ адæм сæ фæллад куыд уадзынц, уый».
Петр Фыццæгæм алцыдæр арæзта биноныг: райдай Ленинградæй- Петербургæй, Кронштадтæй, Азовæй æмæ æндæр рæтты сæ уынгтæ куыд арæзт сты, уый. Сæ къанæуттæ та, куыд хорз фидауынц! Ракæс- бакæсгæнгæ бахæццæ стæм денджызы былмæ ма иу сæдæ метры бæрц парк кæм фæцис. Уым федтон рæсугъд цыртдзæвæн « Русалка», зæгъгæ. Уый у Таллины символ- фæсномыг нысан.Фылдæр адæм æмбырд кодта уый алыварс, æмæ алыхуызты сæ къамтæ истой. Уырдыгæй кæсгæйæ ныгуылæнырдæм зындис нæ нау иннæты æхсæнæй. Былыл тезгъо кодтой бирæ адæм, фæлæ рахизæрдыгæй та фылдæр уыдысты урс дарæсы. Алик мын бамбарын кодта, ам кæй ис хæстон госпиталь æмæ йæ арæзтæдтæ сты бирæуæладзыгонтæ, фæлæ дзы уыд дыууæуæладзыгон хæдзæрттæ парчы хæд фарсмæ.Уым та цардысты афицертæ æд бинонтæ. Иу афицер йæ бинойнагимæ цард фыццаг уæладзыджы, иннæ та – дыккаг.
Ацы чызг у дæлбулкъоны чызг. Алагираг, æмæ цæрынц, дæлæ уым- дыккаг хæдзары фыццаг уæладзыджы.
Ацыдыстæм фæстæмæ горæты астæумæ, æмæ мын трамвайы цæугæйæ амыдтой, нæ наумæ кæцæй куыд цæугæ у, уый тыххæй хæстæгдæр фæндæгтæ. Алик мын загъта : « Русалкæйы ранæй нæ наумæ у фынддæс минуты цыд, тагъд цæугæйæ».
Фæзылдыстæм алы рæтты, æмæ чызг, йæ ном хуынд София, бафарста: « Изæрмæ фынгмæ цы скæнон æртæ фелибæхæй дарддæр?» Æз æй бафарстон: « Æмæ уæм куывд уыдзæн?» Уый бахудт, æмæ, дам, æй изæры фендзынæ. Æз ын загътон: «Æз хæрын алцыдæр, сæпп- сæппгæгаджы фыдæй фæстæмæ. Уый мын загъта: « Ам йæ кой дæр нæ вæййы, уымæн æмæ йæ бирæтæ нæ хæрынц сæ динмæ гæсгæ.
Ч ызджытæ ацыдысты сæхимæ, мах та Аликкимæ бацыдыстæм киномæ. Кинойы фæстæ трамвайы араст стæм « Кардиорг»- ы размæ. Алик хорз зыдта фæндæгтæ, æмæ парчы астæуты ныххæццæ стæм йæ кæронмæ, цы хæдзар мын амыдта, уырдæм. Бакодта мæ, цыма йæхи хæдзар уыд, афтæ. Баййæфтам дзы дыууæ сержанты æмæ иу хистæр матросы. Уыдон Аликкы афарстой, ацы урссæр матрос дын чи у, зæгъгæ. Уый сын бамбарын кодта, фыццаг хатт мæ кæй ракодта горæтмæ.Уыдон та йæ бафарстой: « Нырмæ кæм службæ кодта зæрондæй?». Уый сын загъта сержантæн ме ‘мгар у, зæгъгæ. Хъазадысты доминойæ æмæ бацин кодтой, æмбæлттæ нын фæзынд, зæгъгæ. Уалынмæ стыр уаттæй иуы чызджытæ æмбырд кæнын райдыдтой. Аликкы бафарстон, уый цы амоны, зæгъгæ. Уый мын бамбарын кодта: « София кусы, сæракæй алыхуызон дзаумæттæ кæм аразынц, уыцы куыстуаты цехы хицауæй. Ацы чызджытæ та кусынц йæ дæлбар. Сты нæ цæдисы алы республикæтæй æмæ цæрынц уыцы уаты цыппæрдæсæй. Абон у сабат,æмæ куыстæй æрбацыдысты раздæр, федтай, иу дæр дзы афтидæй не ‘рбацыд. Софийæн та фидынц фæйнæ сæдæ сомы алы мæй дæр, æртæсæдæйы фидынц æндæр рæтты». Æз æй уæд бафарстон: « София ам иунæгæй цæры?» Уый мын загъта: « София ам иунæгæй цæры, уымæн æмæ йын йæ фыды хæлæггæнджыты аххосæй æфсадæй арвыстой пенсийы дæлбулкъоны цинимæ. Уый уыд стыр хæстон арæзтадон хайады штабы хицау. Уыйадыл- иу æм вахтæйæ æрбадзырдтой, мæнæ та уæ салдæттæ уынджы æгъдау фехæлдтой, æмæ сын цы суд скæнæм, зæгъгæ. Салдæттæ та уыдысты фылдæр æнахуыргонд, дыууæйæ Ирыстонæй, æмæ сæ- иу сæхимæ мæнæ ардæм æрбаласын кодта. Ам сын- иу уыд стъол æвæрд æмæ- иу сын уыд суд- цы хуыздæр зарæг акæной, уымæй. Йæ бынатмæ чи хъавыд, ахæм афицертæ уыцы хабæрттæ уæлæмæ фехъусын кодтой, æмæ пенсиисæгæй агæпп кодта. Йæ пенсии æмæ, чи цæм цæры, уыцы чызджыты æхцайæ æлхæны Таллины æмæ Ригæйы алыхуызон хъæдæрмæгæй хæдзары дзаумæттæ æмæ сæ Кавказмæ ласы уæй кæнынмæ. Æнтысы йын хорз æмæ Софияйы дæр нæ хъыгдары. Æцæг æй ам никуыма федтон. Куыд изæр кодта, афтæ æмбырд кодтой салдæттæ æмæ матростæ. Чызджытæ дæр иугай цыдысты арæзтæй æддæмæ æмæ лæппутимæ къæйттæ- къæйттæ кодтой, иуæй- иутæ та цыдысты æддæмæ. Чызджытæй цалдæр Софияимæ фынгтæ æрæвæрдтой, æмæ, дам, афон у, зæгъгæ, кой кæнын райдыдтой. Æз кæм бадтæн, уым стъолы рдæм æрзылдтæн æмæ бадын. Иннæтæ дæр бадынмæ фесты. Хистæры бынат иуцасдæр ничи ахста. Сержанттæ доминотæ куы бафснайдтой, уæд мæм фæстæты æрбацыдысты æмæ мæ мæ бадæнæй систой, æнæдзургæйæ мæ æрæвæрдтой хистæры бандоныл ахæм ныхæстимæ: « Стъолы фарсмæ нæй уæгъд бынат æмæ абонæй фæстæмæ баддзынæ ам хистæрæн София æмæ Оляйы фарсмæ. Уыцы ныхæсты фæстæ иууылдæр æмдзæгъд кæнын райдыдтой. Æз, мæ къухтæ цæхсон, зæгъгæ,кæртмæ кърантмæ рацыдтæн. Алик мæ фæстæ рацыд, æмæ, дам, София æмæ Оля цинæй мæлынц сержанты уынаффæйыл- дæу хистæрæн кæй равзæрстой, уый тыххæй. Алик мын загъта, София, дам, афтæ зæгъы, цæмæй ды кæнай æрмæст ирон сидтытæ.
Мæхи бацæттæ кодтон æмæ Стыр Хуыцауæй хатыр ракуырдтон, рæстхъуыддаг æй фæкæн, зæгъгæ. Куы бацыдтæн бандоны размæ, уæд та иууылдæр нымдзæгъд кодтой. Куы æрбадтæн, уæд сын бамбарын кодтон: « Æз куы дзурон, уæд чи дзура, уыдоны æддæмæ иугай кæй тæрдзынæн, сидтытæ кæндзынæн, куыд сæ æмбарат, ирон фынгыл куыд вæййы афтæ». Иууылдæр та сæмдзæгъд кодтой. Æз сын загътон: « Кæд уæ къухæмдзæгъд разыйы тыххæй у, уæд сыстæм æмæ лæугæйæ Стыр Хуыцауы ном ссарæм. Стыр Хуыцауы сидт кæндзыстæм лæугæйæ, иннæтæ та æгъдау куыд амона, афтæ». Иууылдæр сæ нуазæнтæ банызтой. Æз æмæ Алик нызтам ирон арахъхъ, стæй ма нæм баиу сты дыууæ дагестайнаг лæппуйы. Æртæ азы æмæ æрдæг фæбадтæн, æмæ дзы тæрын никуы никæй бахъуыд, афтæ сæхи дардтой. Мæнæ ныр нæхимæ куыд дарæм нæхи- æнæфæрсгæйæ ацу æмæ та æрбацу дæ бынатмæ.
Фæлæ мыл æрцыд ахæм цау. Кæм бадтыстæм, уыцы стъол зындис, госпиталы радгæс дохтыр кæм бадт, уырдæм иттæг хорз, уымæн æмæ уыд дыккаг уæладзыджы, йæ рудзгуытæ махырдæм. Иу изæр уым радгæс уыд нæ науæй хистæр лейтенант дохтыр, æмæ мæ бадгæ федта, стæй нуазгæ. Стæй ма мæ федта науы палубæйы цыдæртæ куыстам, афтæмæй базыдта кæцы хайæ дæн, уый æмæ мæ хицау лейтенантæн радзырдта æппæт хабæрттæ дæр.
Иу изæр фæстæмæ наумæ куы бахæццæ стæм, уæд мæм Алик фæдзырдта: « Уæлæ ма кæс, дæ командир радгæс афицеры фæстæ лæууы». Цу, зæгъын, ды разæй æз та дæ фæстæ. Афтæ бакодтам æмæ асинтыл куы сцагайдтам, уæд мæ хицау радгæсы чъылдымæй каст мæ кæцы къах æрæвæрдзынæн палубæйыл, уымæ. Æз та тыхулæфт скодтон æмæ радгæсæн цы хъуыд, уыдон куы загътон æмæ мæ куы ауагъта, уæд ацагайдтон кубрикмæ мæ дзаумæттæ ласгæ. Мæ хицау æрбахызт кубрикмæ æмæ фæрсы бонгæсы: « Урссæр матрос нæма фæзындис?» Уый йын хъæрæй куы зæгъид : « Æмбал лейтенант, уый рагæй йæ хуыссæны куы ис». Мæ размæ æрбацыд æмæ хæстæг фæлæууыд мæ разы ( уæд хуыссыдтæн уæллаг хуыссæнтыл) æмæ мæм смуды : водкæйы тæф кæнын, æви нæ. Мах та- иу нæхимæ араст стæм, зæгъгæ, София-иу йæ цайы кручкæтимæ лæууыд дуармæ æмæ сæ битъынайы тæф дардмæ цыд. Ай, дам, уын фæндагсæр Уастырджийы нуазæнтæ, æмæ сæ- иу мах дæр банызтам. Цалдæр хатты йын загътон: « Сылгоймаг Уастырджийы ном нæ фæдзуры». Фæлæ та- иу æй ферох.
Райсомæй дохтыр куы æрбацыд наумæ, уæд æппæты фыццаг бацыд мæ хицаумæ, æмæ, дам, куыд уыд дæ матрос. Уый йын куыд уыд, афтæ радзырдта- цайы тæф, дам, кодта.
Цас рацыд бонтæ, нæ фæлæ мæйтæ дæр уыцы бонæй фæстæмæ, фæлæ иу изæр бадæм, æмæ æмбисæй фылдæр куы фæбадтыстæм, уæд мæм София æрбадзырдта кæртæй, мæнæ, дам, дæм дохтыр дзуры, зæгъгæ. Æз æм адзырдтон, мидæмæ йæ ракæн, зæгъгæ. Æрбакодта йæ, æмæ разынд хистæр лейтенант нæ науæй. Хъæртæгæнгæ мæ разы æрлæууыд. Æз сыстадтæн æмæ йæм мæ агуывзæ дзагæй дæттын. Уый та мыл хъæртæ кæнын райдыдта, æмæ йын уæд старшинатæй иу куы зæгъид: « Æмбал химтæр лейтенант, это осетинская квартира, æмæ æгъдау афтæ амоны, ануаз æй». Ницыуал сдзырдта æмæ йæ банызта. Æрбавнæлдта мæм, цом, дам, ма æддæмæ. Æмæ та йæм уыцы старшина сдзырдта: « Лучше будет, если вы сядете рядом со мной». Иууылдæр æм æрхатыдысты, æмæ уæд старшинайы фарсмæ æрбадт. Æз уæд старшинайæн йæ нуазæнмæ ацамыдтон, æмæ уый фестад йæ агуывзæимæ æмæ йæм æй дæтты. Ам, дам, ахæм æгъдау ис, æмæ уазæг куы æрбады, уæд бануазы раззаг сидтыты тыххæй. Цыдæртæ ма сдзурынмæ хъавыд, фæлæ иууылдæр нуазæм- нуазæм, зæгъгæ хъæр кæнын райдыдтой. Фестад æмæ йæ банызта. Æз уæд ауагътон уазæджы номыл гаджидау- сидт, æмæ йын æй куы бамбарын кодтон йæ цæрæнбоны тыххæй иууылдæр нуазынц, зæгъгæ, уый, уæд æй, бузныг- бузныг, зæгъгæ банызта. Ууыл сыстад æмæ, дам, мæм мауал сдзурут, службæ, зæгъгæ, ацыд. Уæдмæ мæ хицау зыдта, горæтмæ ацыды рæстæг æнæ бануазгæ никуы æрбацыдтæн наумæ. Æнæуи та иу зылдтæн музейтыл, дуканитыл, исты равдыстытыл. Чингуыты дуканитæ бæрæг кодтон алы ацыдæн дæр. Уыдис мын дзы хорз зонгæтæ æмæ мæ иу цы чиныг хъуыд, уый ссардтой. Иу дуканийы сæмбæлдтæн Къостайы æртæтомон рауагъдыл. Уыдысты къаннæг чингуытæ. Æз сæ нæхимæ балхæдтон, фæлæ сæм æркæсын мæ къухы нал бафтыд. Уыйадыл сæм уыцы цымидисаг каст куы кодтон, уæд иу майор мæ разы æрлæууыд æмæ мæ уырыссагау фæрсы: « Ирон дæ?» Æз ын загътон, о, зæгъгæ, уæд уый уæйгæнæгæн загъта: « Макæмæн сæ ауæй кæн, æз дæм райсом хорз æлхæнæг æрбарвитдзынæн. Дуканийы кусджытæй иу сылгоймаг фехъуыста, æз майорæн ирон дæн, зæгъгæ, куы загътон, уæд, æмæ мæ размæ æрбацыд. Фæкаст мæм, стæй мын цыдæр æнахуыр ныхæстæй дæ бон зорз, зæгъгæ, куы зæгъид. Уыдис эстойнаг, æмæ, дам, мæ лæг у ирон зилгæйаг Кавказæй. Æз æй афарстон: « Барысби?» Уый бахудт æмæ, дам, Барис Мелыкатæй. Æз, дам, дын æй фенын кæндзынæн, кæд фæскуыст æрбацæудзынæ, уæд. Куыннæ бацыдаин. Йæ куысты фæстæ ацыдыстæм спортивон клубмæ. Мидæмæ бацыдыстæм æмæ сценæйыл гобæттæй хъæбысæй хæцыд, ахуыр кодта. Сылгоймаг мидæмæ бацыд æмæ уайтагъд цыдæр тарсхуызæй мæ разы абадт. Уалынмæ мæ сценæйæ иу лæг радзырдта: « Æхсар. Хæстæгдæр ма рацу». Æз цингæнгæ фестадтæн æмæ йæм бацыдтæн. Уый мæм хъусгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй мæм дзуры: « Уыцы сылгоймагмæ хæстæг дæр ма цу, стæй ардæм дæр макуыуал æрбацу». Ууыл мидæмæ ацыд. Æз сылгоймагмæ дзурын, фæлæ мын уый къухæй ацамыдта, ацу, зæгъгæ.
Уый уыдис нæ хъæуккаг ме ‘мгар лæппу, æмæ йæ мæнæй раздæр акодтой службæмæ. Йæ хæс куы ахицæн кодта, уæд баззад уым тренерæй. Бæстæ цы азты фæфæлдæхт, уæд та уыд æнæхъæн Эстонийы министрады министры хæдивæг. Иу хатт ссыд сæхимæ отпуск йæ бинонтимæ. Кæм цард хъæуы, уым сæ бакомкоммæ цардысты мæ мады цæгат Гусалтæ, æмæ мæм сæ чызг фехъусын кодта, мæнæ, дам, Барысби Мильвияимæ ссыд æмæ дæ уый агуры. Æз ссыдтæн, æмæ мын чызг къухæй амоны, уæртæ ма кæс, чи дæ агуры уымæн Гуыбатæ- Бырысбийы мад, мæрзын куыд амоны, уымæ. Æз æм эстойнагау ныхъхъæр кодтон, ардæм ма рацу, зæгъгæ. Уый йæ уисой фæуагъта æмæ мæм агайгæ æрбахæццæ. Фæцинтæ кодтам кæрæдзиуыл, æмæ Гуыбатæ мидæмæ куы бацыд, уæд æй æрвыстон фæстæмæ, ацу, æмæ дæ мæрзын райдай,зæгъгæ, фæлæ уæдмæ Барысбийы райхъал кодта йæ мад. Бæргæ ма бахæццæ йæ уисоймæ, фæлæ уæдмæ Барысби рахæццæ æмæ йæ ратон- батонгæнгæ мидæмæ бакодта. Куыд мын дзырдтой сæ сыхæгтæ, афтæ йæ тынг фæнадта, æмæ иннæ райсом афардæг сты. Цы баисты, уымæн сæ бинонтæй дæр ничи ницы зоны.
Иннæ чингуыты дуканиты дæр уыдис ирон чингуытæ, æмæ мын дзы- иу кæсын кодтой хъæрæй. Ахæм гæнæнтæ мын- иу уыдис, æрмæст нау Таллины куы уыд. Уалдзæг- иу куы райдыдта, уæд- иу райдыдтой хæстон ахуыртæ, æмæ- иу ацыдыстæм денджызмæ. Фылдæр хатт- иу уыдыстæм иу гыццыл сакъадах Сааремæйы. Уыд иууылдæр хъæд. Бæлæстæ уыдысты бæрзонд æмæ рæсугъд. Уырдæм дæр- иу нæм ластой артистты æмæ спортсменты, бирæ зарæггæнджыты. Стыр хæстон ахуырты нæм- иу уыдысты Варшавæйы пакты паддзахæдты хæстон министртæ, бирæ инæлартæ æмæ адмиралтæ. Уæгъд рæстæ- иу уыдон дæр рацыдысты дæллаг палубæмæ æмæ матростимæ ныхас кодтой алы фарстаты тыххæй. Лæвæрдтой- иу алыхуызон фæрстытæ. Сæхæдæг дæр- иу дзырдтой хæсты рæстæг кæмыты уыдысты, уый тыххæй.
Нæ науы командир дæр уыд хæсты лейтенант, ныр та у фыццæгæм рæнхъы капитан, хæцыд Финляндийы хæсты дæр. Уыд хорз адæймаг. Иу хатт нæм уыд стыр ахуыртæ Польшæйы наутимæ. Ахастой цалдæр боны: уæлдæфон тыхтимæ тох, денджызон тыхтимæ тох æмæ дæлдонтимæ тох.
Кæй ранымадтон, уыцы министртæй уæлдай ма нæм- иу уыдысты Китайæ, Египетæй, Индийæ, Кубæйæ æмæ æндæр рæттæй. Рæстæг дæр уыд хорз æмæ- иу палубæйыл куы æрæмбырд стæм, уæд ныл- иу бацайдагъ ныхас. Иу ахæмы иу къорд матросимæ ныхас кодта Югославийы министр Иван Гошняк. Уыд инæлар æмæ дзырдта сыгъдæг уырыссагау. Матростæ йæм лæвæрдтой бирæ фæрстытæ æмæ сын дзуапп лæвæрдта цыбырæй. Радтой ахæм фарста дæр : « Дæ бон у, æмæ мах нау ахонай Сплитмæ?» Уый йæ æххуысгæнæгмæ- адьютантмæ фæдзырдта æмæ йын йæ гæххæттыты ныффыссын кодта: « Фыццаг фембæлды Жорæимæ аныхас хъæуы « Жданов» æмæ Сплиты тыххæй. Дыккаг бон æви æртыккаг бон та лæппутæ æндæр къордæй радтой уыцы фарста. Уыцы рæстæг Жуков ныхас кодта æндæр къордимæ æмæ йын уæд Гошняк Жуковмæ ацамыдтой. Уый Жуковмæ йæ къух фæтылдта æмæ йын загъта: « Жорæ, цалдæр къорды мæ фæрсынц, дæ бон нæ Сплитмæ ахонын у æви нæ, куыд зæгъыс ды?» Жуков йæ адьютантæм ныффыссын кодта: « Хрущев, Иван Горшняк, нау « Жданов», Сплин, æмæ сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой.
Ахуыртæ куы фесты, уæд æрбацыдыстæм Таллинмæ. Цалдæр боны фæстæ та ацыдыстæм денджызмæ, фæлæ бацыдыстæм сахар- горæт Каунасмæ, кæм никуыма уыдыстæм. Уым цалцæг кодтой ахæм стыр наутæ æмæ пароходтæ. Уым нæ баластой ахæм ранмæ, æмæ нау куыд лæууыд доны, афтæ йæ алыварс цы дон уыд, уый райсоммæ нал уыд. Нау уыд уæгъд алырдыгæй. Æмæ йæ уæд базыдтам нæ нау цалцæг кæнынмæ кæй сæвæрдтой. Иннæ бон райдыдтам куыстытæ. Фыццаг бон бавнæлдтам хæцæнгарз æфснайæн бынæттæ сыгъдæг кæнынмæ. Æрмæст хæцæнгæрзты гилдзытæ фæхастам æртæ боны. Фыццаг гилдз систа науы командир æмæ йæ ахаста былмæ æмæ йæ уым æрæвæрдта змисыл. Мæйы бæрц та йын сыгъдг кодтам йæ æддаг цъар æмæ йæ ахорын райдыдтам. Ахорæнтæ уыдысты, цыдæр хъылмайы тæф чи кæны, ахæмтæ, ома, дам сыл мацы цæрæгой хæца. Нæ гилдзытæ фæстæмæ куы сæвгæдтам, уæд æрбауагътой дон, æмæ нæ нау заводæй рацыдис цæхæртæ калгæ. Æртæ боны ма денджызы фæрацу- бацу кодтам куы тагъд, куы фæстæмæ æмæ уæд æрæнцадыстæм Балтийски- немыц æй хуыдтой Пиллау. Уым нæм ласын байдыдтой алыхуызон товартæ. Цас æмбæлы, уыйас куы фестæм æфснайд, уæд та нæм ласын байдыдтой алыхуызон адæм. Æрмæст æфсады ансамбль Александровы номыл чи уыд, уыдоны æрбаласта сæрмагонд пароход. Æрмæст адæм дзы уыд фондзсæдæйæ фылдæр. Æдæппæтæй та, дам, науы адæм фесты дыууæ хатты фылдæр, ома æхсæз мины онг. Фæлæ нæхицæй дæр иу фæхъуыд. Нæ науы капитанæн йæ риуыл уыд Ленины æмæ Сталины нывтæ, йæ фæсонтыл та Советон Цæдисы герб, æмæ йæ нæ ауагътой. Йæ бæсты сæвæрдта иуы- полковник æй хуыдтой. Иууылдæр науы хабæрттæ кодта капитаны хистæр æххуысгæнæг йæ æххуысгæнæгимæ.
Иу бон нын уæрстой тамакотæ, ома æхцайы бæсты. Нæ къордмæ хаудта авдсæдæ пачкæйы, æмæ сæ райсын бабар кодтой мæнæн. Ацыдтæн скъладмæ, æмæ мын мæ гæххæтмæ матрос, гуырдзиаг лæппу, куы æркаст, уæд мын асыккмæ ацамыдта. Уым уыд мин пачкæйы. Æрбахастам æй кубрикмæ æмæ йæ гæххæтмæ гæсгæ байуæрстон, иннæты бафснайдтон мæхи æвæрæнты. Иу бон ма фестæм, æмæ нын загътой: « Иууылдæр писмотæ уæхимæ ныффыссут, фæлæ дзы кæдæм цæуæм, уый кой ма скæнут, афтæмæй сæ постхæссæгмæ раттут.
Наумæ нæм æрбацыдысты Калиниграды облæсты партийы хицау æмæ Балтийы флоты командыгæнæг. Уыдон нæ афæндараст кодтой дард фæндагыл. Мах- матростæ бадтыстæм алчи йæ кусæн бынаты, фæлæ, дам, кæуылты цыдыстæм, уым нæ науы алыварс цыд диссæгтæ. Радиомæ гæсгæ араст стæм мах нау, стæй тагъд чи цæуы æмæ хæцæнгæрзтæй ифтонг чи у, ахæм нау- махæн æй хуыдтой Крейсер, уый та Эсминец. Уый мах науæй уыд иу дæс хатты къаддæр, фæлæ алцæмæй дæр ифтонггонд кæй уыд, уый тыххæй нымад уыд, мах нау цыма хъахъхъæны, афтæ. Куы, дам, иу цыд разæй, куы- фæстейы. Бирæ рæтты горæттæм хæстæг цæугæйæ мах наутæ лæвæрдтой салют, стæй горæтæй та махæн. Уæлдайдæр нарджыты куы цыдыстæм, уæд. Иу хатт уырдæм цæугæйæ æрлæууыдыстæм иу нарæг ран æмæ нæ салюты фæстæ палубæмæ куы ауагътой, уæд нæм рахизæрдыгæй зындысты горæты уынгтæ, кæм цыдысты бæрзонд автобустæ, æмæ, дам, уый у Англисы горæт Дувр, автобустæ, дам, сты дыууæуæладзыгон. Уымæй диссагдæр та федтам Бискайы бакæлæны куы цыдыстæм, уæд. Дон змæлгæ дæр нæ кодта, æмæ, дам, афтæ арæх нæ вæййы, уымæн æй хонынц тæссаг ран. Афтæ сабыр ма цыдыстæм океанæй денджызмæ куы азылдыстæм, уæд. Ам дæр та уыд дон сабыр, фæлæ дзы уыд бирæ цæрæгойтæ, дельфинтæ, дам, сты. Ленк кодтой нæ ныхмæ денджызæй океанмæ. Гилиуæрдыгæй был уыд урс- урсид къæдзæхтæй, рахизæрдыгæй та Африкæйы цъæх- цъæхид æрттывтой уæлбыл зæххытæ. Гибралтарæй денджызмæ куы бацыдыстæм, уæд нæм уым иу гыццыл сакъадахгонды раз æнхъæлмæ каст артаг ласæн нау, танкер æй хуыдтой.
Уым фæлæууыдыстæм суанг райсоммæ. Изæры нæ науы цы волейболон командæ уыд, уый хъазыд, уым цы нау лæууыд, уый командæимæ. Уыдысты французæгтæ, æмæ, дам, цалынмæ хæрæгсастмæ бахæццæ уæм, уæдмæ хъазæм, зæгъгæ, фæхъазыдысты æнафонтæм. Хъазт ахицæн 3:3 хыгъдæй.
Сакъадах Мальтæмæ куы бахæццæ стæм, уæд ма иугыццыл ацыдыстæм æмæ уæд цæхгæр галиуырдæм, ома цæгаты рдæм фæзылдыстæм. Махæн байуæрстой нывджын чингуытæ, ома, дам, дуканиты адæмимæ æмбæлгæйæ æнæхъуаджы ныхæстæ ма кæнат, уый тыххæй. Иу цъарыл дзы уыд Сплиты сæрмæ бæрзонд бынат- хохгонд, æмæ уырдыгæй бæлæсты сæрты денджызмæ зындысты дыууæ мыггаджы Тито- Сталин, зæгъгæ.
Сплиты бацæуæны куы æрлæууыдыстæм, уæд нын уыд рæстæг, æмæ палубæйæ кæсгæйæ федтам æрмæст фыст: дамгъæтæ Тито. Иннæ дамгъæтæ, дам, Хрущёв алыг кæнын кодта. Куыддæр нациты салют- дæс æмæ ссæдз гæрахы фæкодтой раздæр къуыбыртæй, уыцы бæрзондæй, стæй та мах сармадзантæ. Бирæ тухæнтæ фæкодтой, нæ нау былмæ баласыныл, уæззау кæй уыд, уый тыххæй.
Нæ бынаты куы слæууыдыстæм, уæд нын байуæрстой ног дзаумæттæ формæ №1. Дзаумæттæ иууылдæр уыдысты, нæ худтыл уыд æрмæстдæр сау Æрттиваг дамгъæтæй Сырх Стъалы хæссæг Балтийы флот, урс- урсид.
Тагъд нын сæ нæ уæлæ скæнын кодтой æмæ нæ палубæйы бæрæгбонты куыд фæлæууæм, афтæ слæууын кодтой, æцæг иууылдæр лæууыдыстæм йæ галиуварс. Уыцырдыгæй былыл уыд дынджыр фæз æмæ дзы лæууыдысты югославаг æфсæддонтæ æд топпытæ, хæрз кæроны та оркестр æмæ скъоладзаутæ сырх галстуктимæ. Оркестр ацагъта Югославийы гимн, стæй та нæ Цæдисы гимн. Уый фæстæ æфсæддонты æртæ дихы фæкодтой, æмæ иууылдæр ацыдысты нæ рæзты, мæнæ парады куыд вæййы, афтæ. Скъоладзаутæ уæд цалдæр зарæджы акодтой оркестримæ æмæ ацыдысты. Уæдмæ нæ науæй былмæ сæвæрдтой цæуæн асинтæ æмæ хицауад ацыдысты, уыдоны хицауад кæм лæууыдысты, уырдæм. Къух истытæ, хъæбыстæ. Аныхæстæ кодтой кæрæдзиимæ, стæй уæд сæ министр Иван Гошняк йæ инæлары дзаумæтты æмæ йæ хæрзиуджытæ йæ уæлæ, афтæмæй нын æгас цæут, зæгъгæ, загъта. Стæй феппæлыд Жукæвæй, ацы балц, дам, уын уый балæвар кодта, Хрущёвы та, дам, нæ фæндыд. Жуков, дам, уæ рарвыста, ам Сплиты цæмæй уæ фæллад суадзат æртын суткæйы. Уый фæстæ махонтæй дæр фæдзырдта, Жуковы хæдивæг, дам, у, афтæмæй иу цæугæ- цæуыны палубæйыл матростимæ хъазыд волейболæй, французæгтимæ дæр хъазыд Гибралтары раз куы лæууыдыстæм, уæд. Уый раарфæ кодта Жуковы номæй Иван Горшнякæн æмæ æппæт Югославийы адæмтæн. Уым дæр махмæйы хуызæн уыд бирæнацион цардарæзт æмæ йæ ныр сæ цардмæ хæлæггæнджыты байуæрстой, мæнæ мах Цæдисы хуызæн. Ууы ахицæн нæ фембæлд.
Нæ дзаумæттæ нын бафснайын кодтой, стæй нын байуæрстой уыдоны æхцатæ- динартæ. Иу мах сом уыд авд динары. Радтой нын фондз боны мызд, æмæ, дам, райсом уæ бон уыдзæн горæтмæ ацæуын. Сарæзтой нын ахæм фæтк: науæй ацæудзыстут фондзæй æмæ фæстæмæ дæр æрбацæудзыстут фондзæй. Никæмæ уыдзæн æвдисæндар æмæ уæлдай нæ уыдзæн, цы фондз ацыд иумæ, уыдон сæ хабæрттæ кæндзысты сæхимæ гæсгæ, æцæг фæстæмæ цæугæйæ фондзимæ, æндæртæ дæр уæд. Нæ хайады кубрикы цас фæцыдыстæм Балтийскæй Сплитмæ бонгæстæй фылдæр æвæрдтой, æндæртæн æвæрæн нæ уыд, уымæн æмæ ис ахæм низ, æмæ адæймаг лæугæ куы кæна, æмæ æй æвиппайды бынмæ иу цасдæр куы фæкæнай, уæд йæ ахсæны хæринæгтæ йæ дзыхæй ракæлдзысты- денджызон низ.
Уый адыл мæн дæр æмæ Ежовы дæр, нау- иу лæугæ куы кодта, уæд никуы лæууыдыстæм бонгæстæй. Нæ бон уыд нæхимæ дæр, ныр ам дæр алы бон дæр горæтмæ цæуын. Диссагæн, абон дæр ма нæ цæстытыл уайынц ахæм цаутæ: иу денджызы сакъадах Мальтæ, зæгъгæ, уым нын загътой, ам уал афæстиат ут, зæгъгæ, фæлæ сæм хъусæг нæ уыд. Куыддæр иу денджызæй иннæмæ кæм хызтыстæм, уæд, дам, уым доны уылæнтæ палубæйæ уыдысты уæлдæр. Сихоры хæрды фæстæ къæлидортæ æмæ алы къуымты цалдæргай адæймæгтæ хуысгæйæ баззадысты.
Нæ хайы лæппутимæ фондзæй ацыдыстæм фыццаг бон. Æз мæ тамакотæй дыууæ пачкæйы ахастон. Уым сылгоймæгтæ дæр дымдтой, мæнæ ныр махмæ куыд дымынц, афтæ. Цæугæ- цæуыны- иу нæ баурæдтой, æмæ, дам, нæ сигареттæ баивæм. Æз нæ дымдтон, фæлæ зыдтой мæ дзыппыты дыууæ пачкæйы кæй ис, уый. Махæй иу уыд тамакодымæг, æмæ ма йæм баззад дыууæ сигареты, æмæ сæ баивта. Уæд сын лæппутæй иу мæ дзыпмæ ацамыдта. Чызг мæм æртæ сигареты æрбадаргъ кодта, баивæм, зæгъгæ. Æз ын загътон: « Æз ивгæ нæ кæнын». Æмæ йын радтон æртæ сигареты, иннæтæн дæр, чи цал агуырдта, уал. Уыдоны бафарстам, чиныджы ныв сæм равдыстам, афтæмæй, уыцы дамгъæтæ лыгæй куыд фенæм, зæгъгæ. Бацамыдтой нын, мæнæ, дам, ацы уынджы ацæут æмæ уæладзыгон хæдзæрттæ куы фæуой, уæд дзы уыдзæн хи кæртытæ, æмæ уæм уым фæндаг разындзæн. Схæццæ стæм фæндагмæ æмæ схызтыстæм йæ райдайæнмæ. Уыди диссаджы конд: асфальт фæндаг- бетонæй конд къахæвæрæнтæ æртындæс рæнхъы, уыдоны кæрон цыппæртигъон фæзуат бетонгонд иу фæндзай метртæ йæ дæргъ дæр æмæ йæ фæтæн дæр, стæй та æртындæс къахæвæрæны, æмæ афтæ суанг хæрдмæ. Æппæты уæллаг фæз уыд æмæ дзы уыд бандæттæ бирæ, фæлæ мах не схæццæ тæм уырдæм æмæ мæты бахаудтам.
Иу фæзуаты сæййæфтам лæппуты велосипедтыл. Уыдон ахæм рæвдз æвнæлдтой сæ къæхтæй, æмæ диссаг.Уыцы къахæвæрæнтыл разил- базилгæнгæ хæрдмæ цыдысты рæвдз. Нæ матростæй иуы бафæндыд йæхи афæлварын æмæ лæппуйæн балæгъстæ кодта æмæ райста велосипед. Разил- базил акодта фæзуаты æмæ иу, дыууæ рæнхъы куы суад хæрдмæ, уæд йæ раззаг цалх бынмæ арæзт фæцис æмæ бауромон, зæгъгæ, педалыл куы æрхæцыд, уæд былæй ахаудта æд велосипед, кæд æм лæппу хъæр кодта, къухæй, къухæй, зæгъгæ, уæддæр. Ома йæ уромæн уыд къухæй хæцæныл, матрос та ма педалыл æрхæцыд. Былæй ныххаудта цъымарайы, кæфхъуындартæ хурмæ сæхи кæм тавтой. Уыдон фæтарстысты, фæлæ лæппу йæ дзаумæттæ феппæрста æмæ йæ велосипед махмæ слæвæрдта.
Куыддæртæй матросы йæ хъуынатæй æмæ йæ чъизитæй асыгъдæджытæ кодтам æмæ бынмæ æрцыдыстæм. Уым цалдæр кæртмæ базвонок кодтам, фæлæ нæм ничи ракаст. Иу кæртæй нæм рацыд сылгоймаг æмæ бадис кодта, цыдæртæ нын фæдзырдта, фæлæ йæ мах не ‘мбæрстам. Мидæмæ нæ бакодта æмæ æрдæг икраинаг ныхæстæ кæнын райдыдта. Уæд æм уыцы матрос украинагау куы сдзурид, æз, дам, дæн украинаг Клочко, зæгъгæ. Уæд сылгоймаг бахудт æмæ украинагау дзургæйæ акодта Клочкойы мидæмæ. Æрæгмæ рацыдысты, лæппуйыл йæ лæджы дзаумæттæ, афтæмæй. Ныр, дам, ацы чъизи дзаумæттæн цы кæнон, цæмæй сæ цæхсон, махмæ, дам, хи хæдзары ничи æхсы. Мæ лæгмæ, дам, адзырдтон, æмæ , дам, кæд уый исты æрбахæссид. Дæуæй та, дам, ын загътон, дæ кайыс лæппу у, зæгъгæ.
Иу сахаты фæстæ фæзынд
цыдæр къоппытимæ, æмæ, дам, æндæр ницы
ссардтон. Уыдон та уыдысты алыхуызон хъылма дæндæгтæ
сыгъдæггæнынæн. Бадтыстæм аууоны, сæнæфсиры
бын æмæ нын лæг рахаста стъол сæны стыр авгимæ.
Нæ фарсмæ æрбадт, æмæ нæ цæмæй
нæ бафарста, ахæм нал баззад.
Хæсты рæстæг уæззау цæф фæцис
æмæ йæ украинаг бинонтæ цалдæр мæйы
сæ хæдзары пъолы бын фæдардтой, немыц та, дам, иу мæ
сæрмæ зарджытæ кодтой. Уым бацард ацы сылгоймагимæ
æмæ йæ хæсты фæстæ йемæ ракодта
ардæм. Кусы наутæ аразæн заводы инженерæй, йæ
мызд у цыппор цыппар мин динары. Мæнæ, дам, мыл цы костюм ис, уый
ногæй куы æлхæнай, уæ у дæс- дыууадæс мины.
Куы фæцауд уа, уæд æй уыцы дуканимæ бахæсс
æмæ ног райс, æцæг ын æхца бафиддзынæ
фондз- æхсæз мины.
Цалынмæ дзаумæттæ хус кодтой, уæдмæ нын хæрын кодтой алыхуызон хæринæгтæ, фæлæ, дам, иту та цæмæй сæвæрæм дзаумæттыл, ательетæ абон куы нæ кусынц, зæгъгæ, сылгоймаг скатай. Лæг рахаста сыгъдæг хъуымац æмæ йæ стъæолы тигъыл байтыдта æмæ хæлафы фадгуытæ стъолы тигъыл рахаф- бахаф фæкодта, æмæ хæлаф иту вæрдæй агæпп кодта. Лæппу йæ дзаумæттæ иууылдæр куы скодта, уæд йæ туфлитæй фæстæмæ иууылдæр уыдысты хорз, туфлитæ та фæтархуыздæр сты. Не ‘мбæлттæй иу уыд дагестайнаг,æмæ лæджы фæрсы, æхца уын цас бафидæм, зæгъгæ. Уый Клочкойы йæ хъæбысы акодта æмæ, дам, æз мæ каистæй (СССР) æхца исын. Сымахæн та, дам, бузныг, цы хабæрттæ мын фæкодтат, уый тыххæй, ныр, дам, мын уыдзæн мæ куысты цы дзурон, уый.
Мах араст стæм нæхимæ, æмæ нæ наумæ куыд хæстæгдæр кодтам, афтæ тæрсын райдыдтам. Бæстæ уыд милицæйы æмæ зынгхуыссынгæнджыты – пожарникты машинæты æхситт. Æнхъæлдтам, æмæ исты судзы. Фæздæг æмæ рухс куы никæцæй калд, уæд нæхимæ æрцыдыстæм. Клочкойы нæ астæу бакодтам, афтæмæй ссыдыстæм нæ науы размæ æмæ федтам диссæгтæ : нæ науæй фехъуыстам ахæм командæ: « Науы рдæм чи кæсы, уыдоны хæссут наумæ, иннæты уал уадзут». Куы бахæстæгдæр стæм, уæд зынгхуыссынгæнæн машинæ науы размæ батахт æмæ дзы зæхмæ ракалдтой фондз- æхсæз матросы æмæ та æхситтгæнгæ афардæг сты. Наумæ схизæны матростæ дыууæрдæм кодтой хæссæнтимæ. Машинæтæй- иу зæххы кæй æрæвæрдтой, уыдонæй раздæр- иу хастой палубæмæ, науы рдæм чи бырыд, уыдоны. Мах сабыргай ссыдыстæм, æмæ нæ хъуыды дæр ничи æркодта. Клочкойы ботинкæтæ дæр ничи федта. Нæ командиры кубрикы рацу- бацугæнгæйæ баййæфтам. Уый нæ фондзæй дæр куы федта, уæд фæрсы: « Науы радгæс уæ федта, æви нæ?» Мах ын загътам кæй никæй федтам йæ бынаты. Уый йæхиуыл дзуæртты бафтыдта æмæ каютæмæ ацыд. Горæмтæ чи ацыд, уыцы адæм афтид матростæ нæ уыдысты, фæлæ артисттæ, спортсментæ, оргæнты кусджытæ, æмæ, дам, адон та шпионтæ сты- цардысты иугай. Чи ацыд, уыдон, сихоры хæрд бакæнæм, зæгъгæ, цæуын райдыдтой хæрæндæттæм, мæнæ ныр махмæ куыд у афтæ. Алы тигъыл дæр нозт куы федтой, уæд нуазын райдыдтой, уымæн æмæ водкæйы цыбыр авг уыд æхсæз динары, даргъ авг та иу сом, ома авд динары. Чи ацыд горæтмæ, уыдонæн сæ 50 проценты хай ласинаг фесты. Дыккаг бон никæйы уал ауагътой, фæлæ та æртыккаг бон ацыдыстæм фондзæй, æмæ фондзæй дæр уайтагъд схæццæ стæм хохы хæтæлты- трубаты лыггæгтæм. Уым федтам дамгъæтæ СТАЛИН, сæ бæрцытæ уыдысты: се стæвд- метр æмæ дыууын сантиметры, сæ бæрзæнд лыгæй уæлæмæ- дыууадæсгай метртæ. Сабыргай æрцыдыстæм бынмæ, æцæг сын фенын кодтон, Клочко цы цъымарайы ныххаудта, уый. Бакодтон сæ уыцы хæдзармæ æмæ бирæ арфæтæ фæкодтой ме мбæлттæ, фылдæр чи службæ кодта ахæмтæ, мах, дам, ахæм диссæгтæ никуы федтам. Куы æрбацыдыстæм наумæ, уæд, дам, командир- полковник бардзырд бафыста, мæнæ, дам, фыццаг бон чи ацыд горæтмæ æмæ нывыл чи æрбацыд, уыдонæй дыууæсæдæйы бон у ацæуын экскурсийы бæстæйы районтыл. Уайтагъд нæм нæ лейтенант æрбацыд æмæ нæ бафарста, уæ æхцатæ схардз кодтат, æви нæ, зæгъгæ. Лæппутæ йын загътой, мах, дам, уазæгуаты Клочкойы сиахсмæ уыдыстæм, зæгъгæ, фæлæ, дам, ныр Клочко уыцы туфлиты куыд ацæудзæн. Командир æй бамбарста æмæ бадзырдта старшинамæ æмæ йæм Клочкойы ботинкæтæ радта, ахæсс сæ æмæ сæ баив, зæгъгæ. Уый уайтагъд фæзынд ног туфлитимæ. Ды та,дам, дыууæ хатты куы уыдтæ, уæд де хца не схардз кодтай. Æз ын загътон: « Райсом цæуæм экскурсийы, æмæ ам экскурсийæн æхца нæ исынц, æрмæст нозтæн хъæуы æхца, æз та водкæ нæ нуазын».
Иу -дыууæ боны фæстæ нын æхца байуæрстой, æмæ нæ дыууæсæдæйы дæр слæууын кодтой уæллаг палубæйыл æмæ нын фæамыдтой хи куыд дарын хъæудзæн, цавæр фæрстытæ нæй дæттæн, æмæ нуазын куыд æмæ кæм хъæуы, уыдæттæ. Сбадын нæ кодтой цыппар автобусы, кæцытæн уыд дыгай скъæрæджы, уыдонæн фæстейы уыд хуыссæнтæ. Автобусы бандæттæ дæр уыдысты афтæ конд, цæмæй дзы уæлгоммæ хуыссæн уа. Уыдис сентябрь, æмæ нын раздæр фенын кодтой скъолаты куыд ахуыр кæнынц, уый. Астæуккаг скъолатæ уыдысты дыууадæс къласонтæ, уыдис дзы фарастазон скъолатæ дæр. Сæ зонындзинæдтæн сын аргъ кодтой 0- æй 10 онг. Фылдæр скъолатæ уыдысты иумæйаг, фæлæ дзы уыд чызджытæн хицæн скъола, лæппутæн дæр хицæн. Се ппæт скъолатæн дæр уыд зæххы хæйттæ, фæйнæ дæс- ссæдз гектары онг. Фылдæр дзы- иу иу къласы уыд дыууын дыууæ скъоладзауы. Алы скъоладзау дæр фарст цыд дыууæ хатты алы предметæй дæр. Зæхх уыд дихгонд къласгай æмæ кæцы кълас цы зайын кæндзæн, уый уыд бæрæг рагацау. Се ‘ппæт скъоладзаутæ дæ дардтой иухуызон уæлæдарæс- формæ, кæстæр къласонтыл та ма уыд сырх галстуктæ.
Се ппæт скъоладзаутыл дæр уыд худтæ, мæнæ махмæ раздæр салдатыл цы худтæ- пилоткæтæ уыд, ахæмтæ, æцæг рæсугъд хуыдæй, æмæ сыл стъалытæ.
Фæндзæм къласы онг скъоладзаутæн хæрын кодтой бон иу хатт лæвар. Афтæ нын æмбарын кодтой- мæнæ, дам, сымах фæзмæм. Арæх нæ- иу баурæдтой, фæндагмæ хæстæг- иу адæм куы куыстой, уæд.
Цыдысты хорæфснайæн куыстытæ, æмæ- иу æз цин кодтон, искуы- иу комбайнтæ кусгæ куы федтон, уæд. Æз- иу дис кодтон комбайнæн фарæтæ куы федтон, уæд. Иу ранмæ нæ баластой, махмæ колхозы хуызæнмæ. Уым æй хуыдтой задругæ. Уыцы бон кусгæ нæ кодтой. Истой сæ кусгæ бонтæм гæсгæ сæнæфсир. Сæнæфсир æвгæд уыд æнахуыр цыппæрдигъон чыргъæдты, æмæ чыргъдтæ уыдысты рæгъ амад. Рæгъæн йæ дæргъ уыд æхсай метры, йæ фæтæн- авд- аст метры, æмæ йæ бæрзæнд цыппар- фондз метры. Гуыффæджын бричкæтæ, стæй сæйрагдæр чыргъæдтæ- иу бацыдысты рагъы тигъмæ æмæ- иу сæвгæдтой кæй цал чыргъæды хъæуы, уал. Зонгæ та йæ кодтой уым бидаркæгонды цы лæг бадт бæзджын тетрадимæ, уымæй. Чи йæм- иу бацыд, уый- иу тетрады йæ ном федта æмæ йын- иу лæг загъта, зæгъæм, бакуыстай мин асыччы, æмæ дæ цал хъæуы, уал- иу загъта уый- иу лæг тетрады æрфыста æмæ- иу кусæг аласта уал чыргъæды. Иннæ чыргъæдты баст та- иу иста сæнæфсир- иу иууылдæр куы ауæй кодтой, уæд, алы чыргъæды аргъ дæр æхцайæ. Уыцы лæг уыд æвзæрст задругæйы ( колхозы) сæрдар. Уыдис ма йын нымæрдар- секретарь сылгоймаг, кæцы бадт къанторы æмæ лыстæг хабæрттæ æвзæрста кусджытимæ. Лæг та зылд куыстуæтты æмæ фыста бон чи цы бакуыста, уый. Махмæ та колхозы хицау æмæ ма иу фынддæс хицауы, нымайджытæ дæр афтæ, фермæты хицæуттæ æмæ афтæ дарддæр. Уым та дыууæ адæймаджы æххæссыдысты æппæтыл дæр. Афæдз æмбырдтæ кæнынц фылдæр цыппар хатты æмæ уым нымæрдар ныффыссы сæ фæндонтæ æмæ сæ куыд сæххæст кæндзысты, уый. Хицау та архайы, цæмæй уыцы фыстытæ æххæстгонд æрцæуой. Алы задругæйæн дæр ис йæхицæн дзулфыцæн, йæхи зетифыцæн, йæхи нозтытæгæнæн, æмæ дзы ницы сæфы. Иу задругæйы та нын фенын кодтой картофæй куыд кодтой крахмал, кæннод, дам, фесæфтаид. Фермæтæм нæ нæ уагътой æнæ анализтæй, фæлæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй æхсыр иуæй- иу задругæтæ сæхæдæг кусын райдыдтой, аразынц дзы цыхт, царв. Иутæ та дзы кодтой сæлдæг- мороженое.
Нартхор, уæм цал центнеры дæтты, зæгъгæ, куы бафарстам, уæд нын радтой ахæм дзуапп: « Махмæ центнертæ нæй, фæлæ сымах центнертæй махмæ иу гектар та згъæлдæй дæтты дыууæ сæдæйæ фылдæр. Махмæ та ныр дæр 50- 60 центнерæй уæлдæр нæ хизы. Иу аз 100 центнеры æрзайын кæн æмæ фæллойы хъæбатыры ном дæу уыдзæн. Канд скъолатæ æмæ быдыртыл нæ ахицæн нæ балц. Фенын нын кодтой сахартæй дæр цалдæр. Фылдæр фестæм Загребы. Уым федтам бирæ диссæгтæ, музейты æмæ равдыстыты бæстыхæйтты. Æнæзæгъгæ нæй, куыд нæм кастысты цæрджытæ æмæ бынæттон хицауад. Куыд- иу баныхас кодтой æмæ иу- дыууæсæдæ адæймаджы суазæг кæнын. Дыууæ- æртæ хæрæндоны- иу бахъуыд мах æрбадын кæнынмæ, æмæ алы ран дæр уыдысты мах бацыдмæ цæттæ. Суткæ- иу дыууæ хатты дæр бахордтам, уæлдайдæр задругæтыл куы зылдыстæм, уæд
Райсом Белградмæ бахæццæ уыдзыстæм, зæгъгæ, афтæ нын фехъусын кодтой, рæвдз раздæхут, зæгъгæ. Æрбаздæхтыстæм нæ наумæ, æмæ дыккаг æхсæвы æмбисы , фæдис, нау хæстмæ цæуынмæ сцæттæ кæнут, зæгъгæ. Цалдæр сахаты та фæтухæнтæ кодтой æмæ нæ денджызмæ раластой. Бон куы æрбарухс, уæд æнæ уынæрæй араст стæм нæ æрбацæуæн фæндагыл. Палубæмæ куы ссыдыстæм, уæд ма бæргæ аракæс- бакæс кодтам Сплиты рдæм, фæлæ нал зынд. Бæстæ уыд сабыр, фæлæ музыканттæ алы къуымты ахуыр кодтой нотæтæ, æмæ матростæй чидæртæ базыдтой, нотæтыл, дам, фыст ис Сирийы гимн. Сирийы та цыд хæст Туркимæ. Хицауадæн гæнæн нал уыд æмæ се ппæты дæр æрæмбырд кодтой уæллæг палубæйыл, афтæмæй базыдтам, Хрущёв нæ уырдæм Сирийæн æххуыс кæнынмæ кæй æрвиты, уый. Нæ уазджытæн та загътой, мæнæ уæ Албанийы æндæр науы , Одессæмæ чи цæуы, ахæмы сбадын кæндзыстæм, зæгъгæ. Албанимæ куы ныххæццæ стæм, уæд нæ размæ рацыдысты, æмæ, дам, уын махмæ бынат нæй, Хрущёв, дам, нæ фæрсгæ дæр нæ бакодта. Сæ наулæууæн горæт Дурресмæ куы баздæхтыстæм, уæд нæ размæ æрлæууыдысты сæ арæнхъахъхъæнджытæ, æмæ, дам, комкоммæ æнæрлæугæйæ цæут. Уыцы рæстæг сæ сæрты тæхын райдыдтой вертолеттæ æмæ- иу уæллаг палубæмæ æркалдтой алыхуызон асыччытæ æмæ къоппытæ, кæцытыл англисагау фыст уыд: « Лæвæрттæ ног азмæ Сирийы сывæллæттæн». Бирæ дзы доны дæр ныххаудта, мах та кодтам цæугæ. Афтæ нæ науы баззадысты иууылдæр. Адриатикон денджызы кæрон ныййæфтам бирæ хæстон наутæ. Уыдон уыдысты амырыкæгтæ æмæ цыдысты Мальтæйæ Сиримæ. Уæлейы чи службæ кодта нæ хайадæй, уый нын радзырдта диссæгтæ, хæрынмæ куы æрцыд, уæд. Ис, дам, сæм стыр фæтæнтæгонд нау, æмæ, дам, хæдтæхæг йæ фарсæй ратæхы, цалдæр зылды æркæны нæ сæрты æмæ та, дам, уыцы наумæ фæстæты батæхы æмæ цыдæр фæвæййы. Нау, дам, цæуы сабыр, йæ фæстæ дæлæ махмæйы хуызæн дон нæ абухы.
Афтæ рауад, æмæ уый аххосæй мах бахæццæ стæм Сирийы наулæууæн Латакиямæ, æмæ уыцы иу цыдæй бацыдыстæм суанг мидæмæ, ам, дам, доны арф у фараст æмæ ссæдз метры. Сплиты та уыд æрмæстдæр авд метры, нæ нау та доны бын уыд цыппæрдæс метры. Уый тыххæй доны Сплиты ис нарæг арф фæндаг, æмæ нау ууылты кодтой ласгæ. Доны был слæууыдыстæм бетонæй конд былыл горæты ‘рдыгæй- мах разæй, нæ иннæ нау та фæстейы. Бацыдыстæм дзы тыххæй. Райсомæй нæ цалдæр сахаты уæллаг палубæмæ ауагътой, æмæ уæд мах дæр федтам амырыкаг эскадрæйы, фæлæ уыдысты дард æмæ хорз нæ зындысты. Мах ничи бабуц кодта Сплиты хуызæн. Сихоры хæрды фæстæ бакастысты радиойæ бардзырд, адмирал йæ бынаты уæд, зæгъгæ.
Афтæ фæбадтыстæм æртæ суткæйы, æрмæстдæр нæ уагътой иугай кубрикмæ исты ахæрынмæ. Цыппæрæм суткæ куы райдыдта, уæд дыккæгæм сахатыл æхсæвы радиойæ райхъуыст, уæ быннæтæй цæуæн ис, уæ фæллад уадзут, зæгъгæ. Уыцы афон дæр уæллаг палубæ адæмæй байдзаг, уæлдайдæр уазджытæй. Уыдон кæрæдзийæн хъæбыстæ кодтой, артисттæй иуæй- иутæ ма заргæ дæ дæр бакодтой. Мах матростæй бынæй чи службæ кодта, уыдон нæ зыдтой хабæрттæ, фæлæ нæ фæстæ цы нау лæууыд, уый уым нал уыд, фæлæ дзы лæууыд стыр товартæ ласæн нау, йæ фарсыл « Иван Сеченов», зæгъгæ фыст. Йæ палубæйыл уыд дынджыр асыччытæ- контейнертæ комбайны нывтæ сæ фæрстыл. Уыцы науыл иу змæлæг дæр нæ уыд. Бон- изæрмæ дæр афтæ, фæлæ изæры хæрды фæстæ радиойæ радзырдтой, уæгъд адæмæн былмæ ацæуæн ис, зæгъгæ, æмæ сæ бон хæссын у хус кæсæгтæ, уымæн æмæ дзы фараст сахатæй уыдзæн бæгæны æмæ кæфтытæ. Дисæн ацыдтæн палубæмæ, æмæ уыцы науæн йæ фарсыл дуар байгом кодтой æмæ дзы былмæ райдыдтой хæссын бæгæныйы боцкъатæ, фæндзгай литртæ кæм цыд, ахæмтæ. Мах науы къæлидорты та къуымты зымæгæй- сæрдæй лæууыдысты фанерæй конд боцкъатæ гомæй, фæйнæ 15- 20 килæйы кæм цыд, ахæмтæ.
Фараст сахатæй дыууадæс сахатмæ иууылдæр уыдысты хъæлдзæг, фæлæ райсомæй куы федтам боукъаты бæсты фæз йе дзагæй хæстонты стыр пъалаткæтæй, БТР- тæй, танктæй æд салдæттæ, уæд та æрсабыр стæм. Уæлдайдæр уыцы тæвды куыд фæразынц, зæгъгæ, дис кодтам. Иннæ райсом фæз уыд сыгъдæг, фæд дæр дзы нæ уыд, афтæ йæ асыгъдæг кодтой. Нау « Иван Сеченов» дæр уым нал уыд, æмæ дзы лæууыд нæхи Эсминец. Уыцы бон нæм адæм цæуын райдыдтой, фылдæр уыдысты æфсады афицертæ. Сихорæй мæм хæтæлæй фыццаг кубрикæй Алик æрбадзырдта, рæвдз ма рацу, зæгъгæ. Уыцы кубрикы ирон лæппутæ цардысты цыппарæй, æмæ сæ баййæфтон бадгæ се хсæн сирийаг лейтенант æмæ мæм уый йæ къух æрбадаргъ кодта. Æз ын йæ къух райстон æмæ, дам, æз дæн Ахмæт фаддзи, зæгъгæ мын иронау дыгурон здæхтæй куы зæгъид, ома, дам, Фидартæй. Æз ын загътон, Фидаратæй, зæгъгæ, æмæ та уый дæр йæ сæр батылдта. Уый мæ бацыдмæ лæппутæн цыдæр лæвæрттæ радта, æмæ, дам, дæуæн та цы радтон, зæгъгæ, йæ худыл цы стъалы уыд, уый æппарынмæ фæцис. Æз ын æй нæ бауагътон, бафхæрдзысты дæ, зæгъгæ, æмæ мæ сахат феуæгъд кодтон æмæ йæм æй радтон.Уый « Победæ, победæ», зæгъгæ йæ къухыл цы дынджыр сахат уыд, уый фелвæста æмæ мæм æй æрбадаргъ кодта, йæ хабæрттæ мын амонгæйæ. Уый нын æппæлыдис, сымах руаджы, дам, знон хæст банцадис. Кæрæдзийы фæрафæрс- бафæрс кодтам, цалынмæ радиойæ сæхирдыгонау нæ радзырдтой, афицертæ æддæмæ, зæгъгæ. Фæгæпп ласта æмæ ацыд.
Сахат цыд хорз, фæлæ нæхимæ куы цыдыстæм, уæд æрбацыд æмæ, дам, мæ сахат фæстæмæ æри, мæ хицау, дам, мæм алы бон хæцгæ кæны, дæ сахат куы фены, уæд, æмæ мын мæ сахат « Победæ» мæ къухты фæсагъта. Ирæттæй, дам, ис бирæ афицертæ , стæй стыр хицæуттæ. Уыцы бон нын байуæрстой Сирийы - лиртæ, цал боны дзы фестæм, уал бонæн. Уым дæр та нæ уагътой фæндзгæйттæй, æмæ ацыдыстæм фондз иронæй. Фæзылдыстæм, ирон цæрæг дзы куы ссариккам, зæгъгæ, фæлæ, дам, Латтакия горæт у, æмæ ирæттæ та цæрынц хъæуты æмæ кæнынц зæххы куыст. Иннæ хатт ацыдыстæм нæхи хайадæй чи уыд, уыдонимæ, исты бахæрæм, зæгъгæ, бацыдыстæм иу хæдзармæ. Мæнæ ныр куыд у махмæ алы хæдзары дæр дукани, хæрæндон, уæд уым уыд афтæ. Бахызтыстæм, æмæ, дам, ын- иу ды салам ратт, зæгъгæ, баныхас кодтой ме ‘мбæлттæ. Мидæгæй нæм рацыд иу лæг æмæ йын æз мæ къухтæ хæрдмæ систон, афтæмæй загътон: « Ас- саляму алейкум». Уый иугыццыл алæууыд, стæй бацыд. Уайтагъд фæстæмæ рацыд, йæ къухты картæ халгæ. Стъолыл æй æрæвæрдта, æмæ, дам, кæцæй дæ, зæгъгæ, мын къухæй амоны картæмæ.Картæ уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы арæзт æмæ немыц Орджоникиджейы бынмæ кæм уыдысты, уырдæм ацамыдтон. Цыдæртæ нын фæдзырдта, мах дæр ын дзырдтам, æмæ уæд бацыд æндæр уатмæ æмæ рахаста дынджыр харбыз, ацыд æмæ та рахаста тæбæгътæ, кæрдтæ æмæ вилкæтæ. Ногæй та ацыд æмæ рахаста иу стыр тæбæгъы бирæ лауызтæ, æцæг уыдысты алырдæмдæр стырдæр стырдæр махмæйы лауызтæй. Харбыз афтæ рæвдз æрдихтæ кодта, æмæ йæм мах кæсгæйæ баззадыстæм. Скарста харбыз æнæ цъæрттæй æмæ нын сæ афтæмæй алкæмæн дæр тæбæгъы нæ разы æрæвæрдта. Мах хæрынмæ куы фестæм, уæд уый та мидæмæ бацыд, хæрд куы фестæм, уæд уый æрæвæрдта фæйнæ гæххæтты гæбазы кæм уыд чи цас æхца бафида, уый фыст. Цыппарæн сæ нымæцтæ уыдысты иухуызон, мæнæн та æмбис къаддæр. Афтæ цæмæн у, зæгъгæ, йæм мæ къухæй ацамыдтон, æмæ уæд уый йæ къухтæ йæ цæсгомыл авæрдта æмæ бахудт, афтæмæй та мидæмæ бацыд. Рахаста рæсугъд стыр журналтæ, мæнæ ныр махмæ дæр цы æрттиваг цъæрттыл вæййынц, ахæмтæ.Журналы фыццаг цъарыл уыд нæ матростæй науы арсмæ чи зылд уый арсимæ æмæ ахста æнæхъæн фарс. Цыппар матросæй дæр æхца бацагуырдта журналы цъарыл цас аргъ уыд, уый æрдæг, мæнæй та ницы. Не ппæты къухтæ дæр райста æмæ нæ уынгмæ ракодта. Иу ран аууоны æрлæууыдыстæм, æмæ алчи йæ журнал фæлдахыныл сси. Мæ журналæй зæхмæ æрхаудта дæс рæсугъд гæххæтты- открыткæйы. Уæд лæппутæ сæ журналтæ ратил- батил кæнын райдыдтой, фæлæ дзы никæмæн ницы уыд. Лæппутæ мын фæлæгъстæ кодтой, схъæр, дам, нын кæн, дæуæн дæ сихор афтæ аслам куыд рауад, цы йын загътай уагæр, мидæмæ йæм куы бацыдыстæм, уæд. Æз сын загътон: « Араббагау ын загътон, дæ хæдзары фарн дæ уæд, зæгъгæ». Уæд мын æй ныффыссын кодтой: « Ас- саляму алейкум». Ныр, дам, иу мах дæр фæпайда кæндзыстæм ацы ныхæстæй.
Нæ хайады афицерæн дæр ацы хабар радзырдтой, æмæ мæм йæ каютæмæ бадзырдта, æд журнал ма рацу, зæгъгæ. Бацыдтæн æм æд журнал, æмæ, дам, дзы цы гæххæттытæ уыд, уыдон дæр æрбахæс. Æз ын сæ бахастон, æмæ мын сæ нал радта. Журналы цъар та бакодта йæ стъолы сæрмæ арсы тыххæй. Æз ын загътон, раст нæ кæныс, зæгъгæ, фæлæ мыл схъæр кодта, ахæм нывтæ дæу ницæмæн хъæуынц, зæгъгæ.
Цыбырæй: нæхимæ куы æрбацыдыстæм, уæд иу дæс боны фæстæ радиойæ радзырдтой, фæсарæнты чи фæцис æмæ уым чи цы балхæдта, уыдон дыууын цыппæрæм каютæмæ æрбахæссут. Афтæ радзырдтой æртæ райсомы, фæлæ хæссæг иу дæр нæ уыд. Цыппæрæм райсом та радзырдтой, фыццæгæм хайады командир æрбахæссæд, зæгъгæ, æмæ цы балхæдта, уыдон ранымадтой. Афтæ алы райсом дæр дыууæ мæйы бæрц. Мах хайадмæ рад куы æрхæццæ кодта, уæд нæ лейтенант мах бакъуымы кодта, æмæ, дам, сæ бархийæ бахæссут. Цалдæр боны махмæ куы æрхæццæ, уæд æппæты разæй ранымадтой уый дзаумæттæ, мæ журнал дæр дæс открыткæимæ, афтæмæй. Уыцы открыткæты тыххæй йæм æрхаудта æфхæрд, æмæ йæ кодта мæн аххос. Æз ын загътон: « Мæхимæ куы уыдаиккой, уæд майорæн загътаин, æхца сын нæ бафыстон- лæвар уыдысты, зæгъгæ, фæлæ мын сæ ды нал радтай, æмæ мæн аххос нæу».
Уый фæстæ дзаумæттæ фæстæмæ байуæрстой иууылдæр, æрмæстдæр нæ Цæдисмæ ласыны бар цы товартæн нæ уыд, уыдонæй фæстæмæ.
Мæ хицау мын загъта, мæнæ, дам, нæ радист сусæгæй амырыкæгты радиомæ байхъуыста æмæ, дам, дзы айхъуыста фæдисы хъæр, уырыссагау, уацары бахаудтам, зæгъгæ. Уый базыдта, амырыкаг науты æхсæн кæй ис « Иван Сеченов», æмæ уыдон « Мæскуы, Мæскуы» хъæр кæнынц, фæлæ сын сæ хъæр амырыкаг радист никæдæм уадзы. Нæ матрос- радист йæ хайады хицаумæ фæфæдис кодта, уый та уæлдæр ахæццæ кодта хабар, æмæ « Иван Сеченов» куыд фыстон афтæ, нæ фарсмæ æрлæууыд. Уыцы цауы тыххæй радистæн радтой дæс суткæйы отпуск, йæ хицауы хицауæн та Сирийы сæйрагдæр орден. Радистты хицауæн ма Сирийы хицауад радтой дыууæсæдæ матросимæ автобустыл бæстæйыл экскурси скæнын. Æмæ мын уæд мæ хицау загъта, мæнæ, дам, Сплиты фыццаг бон фондзæй дæр дзæбæхæй кæй æрбацыдыстут, уый тыххæй бахаудыстут уыцы дыууæсæдæ номхыхдмæ, æмæ, дам, дæхи цæттæ кæн. Нæ мæ фæсайдта, кæд мæ нæ уарзта, уæддæр.
Цæттæ уыдыстæм, æмæ нæм æрбацыдысты цыдæр стыр автобустæ, сæ рудзгуыты æвгтæ- иу бынмæ афардæг сты бахъуаджы сахат, сæ бандæттæ та- иу æхсæв уыдысты хуыссæнтæ.
Алы автобусы дæр уыд дыууæ шофыры, уыдонæн дæр фæстейы уыд цæрæнбынат. Уыдис дзы сирийаг афицер, мах афицер стæй мах дохтыр æд æххуысгæнæг, стæй ма цалдæр адæймаджы æнæуи дзаумæтты.
Раздæр араст стæм Латакияйæ цæгаты ‘рдæм æмæ уæлæнгай уынддытæ фæкодтам горæттæ Алеппо( уæд хуынди Халеб), Раккæ, Хомс æмæ æндæртæ. Нæ хицау уыд пысылмон æмæ йæ фæндыд фенын дины хабæрттæ фылдæр, уый адыл æрмæст Халебы бирæ бафæстиат стæм, мæзджытты алыварс зилгæйæ, мидæмæ нæ нæ уагътой, ахæм уæлæдарæсы, дам, не мбæлы. Афæстиат стæм, диссæгтæ кæм уыд, уыцы Пальмирæйы , мæнæ ныр экрантыл кæй пырхытæ уынæм, уым. Дæлæмæ куы араст стæм. Дамаск фенæм, зæгъгæ, уæд нæ иу ран цæуын хъуыд хорз асфальт фæндагыл, æмæ иу ран урæд æрцыдыстæм, ардыгæй фалдæр фæндаг паддзахадон нал у, зæгъгæ, æмæ, дам, фæлтау æндæр фæндагыл ацæут. Сирийаг афицертæ семæ бирæ фæныхас кодтой, æмæ нæ уæд ауагътой. Хæрдмæ иу цасдæр фæцыдыстæм, æмæ хъæд райдыдта. Фæндаг цыд хъæды астæуты æмæ уыд нарæг. Автобустæй дзы тагъд цæуæн нæ уыд. Иу ран дзы разынд хæдзар æд æхгæнæн цæхгæрмæ сосайæн. Уыдис дзы стыр кæрт. Иу лæг нæм рацыд дынджыр худ- панамæ, дам, хуыйны, гæлифе хæлафы, мæнмæ гæсгæ съыдæг сæракæй конд уыд, рон æлвæст, йæ цырыхъхъытыл цыдæр æрхуыйæ æрттиваг фидаргæндтæ, йæ къухы ехс, мæнæ мæ- иу мæн мæ фыд цæмæй тæрсын кодта, ахæм, фæлæ цыбырдæр æмæ рæсугъддæр. Уый бирæ фæныхас кодта нæ хицæуттимæ, æмæ уæд цæхгæрмæ цы хъил лæууыдис уый иуварс азылд, фæдаг цæмæй байгом уа, уый тыххæй. Автобустæ батæрын кодта кæртмæ. Стæй кæдæмдæр ацыд æмæ рацыд бæхыл бадгæйæ, йæ ехсæй шофыртæм цыдæр ацамыдта æмæ дуары æддæ фæцис. Автобустæ кæрты разылдысты æмæ йæ фæстæ фæстæмæ нæ фæндагыл рацыдыстæм. Мах цыдыстæм асфальт фæндагыл, уый та фæндаджы рахиз фарс разæй. Фæцыдыстæм иу æртæ километры æмæ уый фæзылд галиу фарсмæ ахæм асфальт фæндагыл. Бацыдыстæм иу километр æмæ æрдæг кæм уыд рæсугъд бæлæстæ рæнхъытæй, цалдæр хæдзары се хсæн, хорз фæндæгтæ. Стыр бæлæстæ уыдысты афтæ рæнхъытæ æмæ се хсæн фæндзгай метртæ. Дыууæ хæдзары ракомкоммæ бæлæсты бын уыд æхсæз рæнхъы стъæлттæ æвæрд. Дыууæ рæнхъы иу бæлæсты рæнхъы æхсæн æмæ дыууæ стъæлтты рæнхъыты æхсæн бандæттæ нæ уыд, фæлæ алы стъолы раз дæр уыд æртæ бандоны. Фыццаг æрбадын кодта мах матросты, стæй æнæуи дзаумæтты чи уыд, уыдоны, уый сæ хуыдта агенттæ. Стæй уæд афицерты æрбадын кодта, уым стъол æвæрд уыд махмæйы хуызæн: хистæрæн уæлейы хицæн бынат, уыдис рæсугъд конд æмæ дзы бадгæ дæр кодта йæхæдæг. Мах стъæлттыл байдыдтой рæсугъд æмбæрзæнтæ, рахастой метры æрдджытæ уыдаиккой алы рдæм, ахæм хъуымацы лыггæгтæ нæ уæрджытыл æвæрынмæ, къоппыты къухсæрфæнтæ, мæнæ махмæ салфеткæтæ кæй хонынц, ахæмтæ, кæрдтæ æмæ вилкæтæ, стыр æмæ гыццыл агуывзæтæ алкæмæн дæр, цæхх. Ам махмæ уыдонæй ницы уыд, ахæм хæрзконд уыдысты. Уæд йæхæдæг агъуыстытæй иумæ бацыд æмæ йæ фæстæ ракодта дуне хæрзконд араббаг лæппуты æмæ се ппæтмæ дæр уыд стыр тæбæгъты- подносты алыхуызон хæринæгтæ. Уыцы лæг ехсимæ цыд сæ разæй æмæ сын амыдта кæм цы сæвæрын хъæуы, уый. Стæй хæссын байдыдтой мах фынгтæм. Хæринæгтæ цытæ уыдысты уыдоны нæмттæ чи зоны, фæлæ дзы нозт уыдис Уæрæсейы цы водкæтæ уагътой, уыдон. Стæмтæй фæстæмæ, фæсарæйнаг нозтытæ дæр афтæ. Нæ цыппар рæнхъы дæр куы сцæттæ сты, уæд уыцы лæг сыстад æмæ цыбырæй загъта: « Мæ зæххыл чи цæры æмæ мæн чи æмбары, уыдоны æз уарзын æмæ сын кад кæнын. Сымах нæ фæзивæг кодтат æмæ мæ фæдыл мæ кæртмæ æрбацыдыстут. Уый тыххæй æз уæ цæрæнбоны тыххæй гаджидау уадзын, æмæ йæ иууылдæр иумæ лæугæйæ бануазæм». Йæ ныхæстæ хъуыстысты дардмæ хъæргæнæны руаджы. Тæлмацгæнæджы ныхас та хъуыст, æвæццæгæн, æрмæст махмæ, фæлæ йæ æййæфта уæддæр, æмæ зыдтам цæуыл дзуры, уый.
Уый фæстæ та сыстад æмæ фæсидт : « Мæнæ сымах æрбацыд Латакиямæ мæнæн цы хорздзинад æрхаста, уый тыххæй бануазæм. Сымах Сирийы дихтæ кæнын нæ уадзут, æмæ æз æнæмæтæй фынæй кæндзынæн». Æртыккаг хатт та загъта: « Ам, уæ науы нæ бадут æмæ стут мæ уазджытæ, уæ разы цы ис, уыдон сты зæрдиагæй æвæрд æмæ хæрут, нуазут, иу дæр уæ нозтджын нæ фæуыдзæн, хæргæ куы кæнат, уæд». Бафтыдта ма йæ ныхæстыл: « Ныр алы стъолы хистæр дæр кæнæд йæхи сидтытæ».
Æмæ нын уæд фенцондæр, нал нæ хъуыд уый цы нызта, уый нуазы, ома « Столичная». Нуазын райдыдтой алыхуызон нозтытæ, фæлæ дзы срасыгæн йæ кой дæр нæ уыд, кæд бирæ фæбадтыстæм, уæддæр.
Сыстадыстæм, æмæ нæ иу дæс минуты рæнхъ слæууыр кодтой, матростæ хицæнæй, афицертæ дæр хицæнæй, иннæтæ рæнхъыты нæ лæууыдысты. Махæн- матростæн уыцы лæг, йæ къухы йæ ехс, афтæмæй, байуæрста æууилæн чъиуы къæрттытæ, адон, дам, цъирут æмæ уæ нозт фæлидздзæн, стæй фынæй нæ кæндзыстут. Афицертæн та радта æрттиваг рæттимæ хъаматæ- кортиктæ, стæй радта ноджыдæр фæйнæ электрон хилдасæны. Æфсæддон дзаумæттæ кæуыл нæ уыд, уыдонæн та байуæрста цыдæр къоппытæ æмæ чингуытæ. Бирæ ма фæныхас кодта афицертимæ, картæ дæр ма рахæссын кодта. Уыцы картæмæ тынгдæр æркæсын кодта автобусты скъæрджыты æмæ сын цыдæртæ амыдта йæ ехсæй. Махæн та нæ афицертæ загътой: « Нæ хицау æмæ ацы лæг баныхас кодтой Дамаскимæ, цæмæй йæ æххуысгæнджытæй махимæ ацæуа Иорданийы арæнмæ, æмæ нæ уым ауадзой дарддæр».
Дыууæ лæджы сбадын кодта немæ æмæ нæ афæндараст кодта, фæлæ нæ фæфæндараст стæм. Арæнтыл цы постмæ ныххæццæ стæм, уым нæ автобусæй рахизын кодтой зæхмæ æмæ нæ иу нарæг къæлидоры, бирæ рудзгуытимæ чи уыд, ахæмы мидæмæ- иннæрдæм ацæуын кодтой иугай. Уым уыдис дуканитæ, абанатæ- саунæтæ æмæ алыхуызон спортивон арæзтæдтæ. Фестæм дзы сахатæй фылдæр, æмæ нын фехъусын кодтой: « Уе ‘ппæтæй дарддæр цæуæн ис иу афицер æмæ фондз матросæн, ома, дам, денджызонтæн сæ хицау æмæ фондз матросæн”.
Бирæ сын фæлæгъстæ кодтой немæ æрвыст дыууæ лæджы, фæлæ ницы, Меккæмæ, дам, гяуртæн фæндаг нæй, ома уырдæм уагътой æрмæстдæр пысылмæтты. Æз уыдтæн уыцы фондз матростæй иу. Æхсæзæй нæ æрвыстой, фæлæ цæмæй ацæуæм, зæгъгæ, хицауы куы бафарста , уæд ын загътой: « Меккæмæ адæм цæуынц фистæгæй, бæхтыл æмæ хæрджытыл. Ууыл иууылдæр сбадтыстæм, дыууæ лæджы уым баззадысты, мах та рараст стæм æндæр фæндагыл. Цыдыстæм тыгъд быдырты, искуы иу ран дзы уыд æдзæрæг хъæутæ. Иу ахæм хъæуы уыд цалдæр цæрæджы. Уыдон нын радзырдтой, ам, дам, цардысты курдтæ -Кавказæй æрбалидзæг адæм, иутæ, дам, сæ хуыдтой черкестæ, ныр та сæ хонынц цæцæн. Хæдзæрттæ уыдысты самандурæй амад, сæ сæртæ пъæпæн, æмæ схæмпæл сты. Иу ран дзы уыд горæт, æмæ нæ уым стыр фæзы баурæдта иу лæг, мæнæ нæ ехсджын куыд баурæдта, афтæ. Уый нæ афицертимæ бирæ фæныхас кодта æмæ йе ‘мбæлттæй иу æхсæзы арвыста хæстæгдæр дыууæуæладзыгон хæдзармæ. Уым иу рудзынгæй раппæрстой цыдæр къуыбылой, кæцы дыууæ лæджы халгæ æрбацыдысты автобусы размæ. Уæдмæ уырдæм рахастой кæцæйдæр стъол æмæ стыр къоппæй систой радиоприемник. Уый баивтыгътой, фæлæ дзургæ ницы кодта. Лæг сахатмæ æркаст æмæ нæ автобусæй æрхизын кодта, радиомæ, дам, хæстæгдæр слæуут. Мах æртæрдыгæй слæууыдыстæм, æмæ уыцы лæг йæ сахатмæ æркæс- ркæс кодта æндæр ницы уал куыста. Цас фæлæууыдыстæм, нæ зонын, фæлæ уый йæ сахат йæ дзыппы авæрдта æмæ радио ныкъкъæпп кодта. Махмæ хъæрæй райхъуыст: « Дзуры Мæскуы, Мæскуыйы рæстæг у цыппæрдæс сахаты». Лæг фæстæмæ радио ныкъкъæпп кодта æмæ фæз асыгъдæг кодта. Лулæ фæздæг калгæ йæ дзыхыл сæмбæлын кодта æмæ йе ‘мбæлттимæ ацыд радио цы хæдзарæй рахаастой, уырдæм.
Мах ницы бамбæрстам, фæлæ æз арæх ахъуыды кæнын, ехсимæ нæ чи баурæдта, уый дæр лулæимæ. Æвæццæгæн, сæ иуы хæст нæ хъуыд, иннæйы та тынг хъуыд.
Нæ цыды кой кодтам, фæлæ арæх нал æрлæуу- æрлæуу кодтам. Иу ран цыдыстæм, æмæ райсомæй быдыртæ уыдысты цъæх- цъæхид, фæссихор та урс- урсид. Иу узбекаг матрос загъта, уый , дам, бæмбæг у, зæгъгæ, фæлæ сæ нæ уырныдта. Уæд иу ран, адæм бирæ кæм куыстой, ахæм ран рахызтыстæм автобустæй. Сæ хицау сæ æрæмбырд кодта æмæ сын бацамыдта, мах кæцæй стæм, стæй, дам, адон хæст баурæдтой. Махæн та радзырдта, нæ куыст, дам, у зын, фæлæ кусæм гыццыл, цалынмæ хур йæ цъуппыл- зенитыл вæййы, уæдмæ, кæннод мæнæ уыцы къоппсæндтæ вæййынц æхгæд, æмæ хур бæрзонд куы ссæуы, уæд сæ байгом кæны. Афæстиат дзы стæм, æмæ уыцы рæстæг æрбаластой доны бæсты харбызтæ æмæ неситæ. Кæрдтæ дæр æрбаластой, фæлæ æрмæст сæхи фаг, фæлæ сæ мах æхсæн радав- бадав кодтой. Фылдæр нын- иу нæлгоймæгтæ акарстой харбызтæ æмæ нын хæрын амыдтой æд цъар неситæ куыд хæргæ сты, уый. Разыйæ баззадыстæм, кæй æрлæууыдыстæм, уымæй, уымæн æмæ нын хицау бамбарын кодта нæ хæринæгтæ фæуд кæнынц æмæ цæуæм наумæ, зæгъгæ. Сæйрагдæр, дам, Дамаск нал фендзыстæм. Афтæмæй æрбалæууыдыстæм Латакияйы. Тынг дис ныл фæкодтой,куыд, дам, афтæ æнæнизæй, æнæмастæй ахæм æнæзонгæ фæндæгтыл фæцыдыстут.
Ныр мæ мæт бацыд, мæ зонгæтæн, мæ лымæнтæн зæрдæлхæнæн хæрзиуджытæ ма кæд балхæндзынæн, кæд нæхимæ цæуæм, уæд. Уый тыххæй горæтмæ цыдтæн, цы бонты уагътой, уæд. Æппæты фыццаг мæ горæт Орджоникидзейы рентгены дохтыр дыгурон лæгæн хъуыд аккаг лæвар. Æз ын балхæдтон дамаскаг æндонæй конд хилдасæн. Мемæ Хуымæллæджы цы чызг бадт иу партæйыл æмæ мæ Орджоникидзейы вокзалæй чи рафæндараст кодта, уымæн балхæдтон зынаргъ диссаджы цæсткæсæнтæ. Мæнæ мемæ военкоматы кусæджы фæсонтыл æхсынæнтæ чи æхсыдта, уымæн балхæдтон дзыппы æвæргæ цырагъ, боныгон дæр æй къуыммæ бадар, æмæ дзы уыдис йæ ном фыст, Зелим, зæгъгæ. Балхæдтон лæвæрттæ бирæ æмæ ма сæ кой уыдзæн. Куы нын- иу загътой, райсом цæуæм нæхимæ, зæгъгæ, куы та- иу сусу- бусу кодтой, а зымæг, дам, арвитдзыстæм Сирийы. Иу бон æрбацыд ирон афицер сирийаг, æмæ, дам, мæ сахатмæ æрбацыдтæн. Хорз сахат у , фæлæ, дам, мын æй мæ хицау дарын нæ уадзы, йæ хуылфы, дам, кæд исты æвæрд ис. Мæ старшина мын уæд афтæ куы зæгъид: « Ай дзæгъæлы абон не ‘рбацыд, æвæццæгæн, ахсæв цæугæ кæнæм».
Æцæгæйдæр нын райсомæй загътой: « Изæрæй цæугæ кæнæм, æмæ кæд уæ исчи дуканитæй, маркеттæй æмæ æндæр искæмæй хæсджын у, уæд ацæуæнт æмæ сæхи сраст кæнæнт, ис уын рæстæг сихормæ».
Сихоры хæрды фæстæ райхъуыст бардзырд: « Нау хæцынмæ æмæ цæуынмæ æрцæттæ кæнут». Изæры хæрды фæстæ сабыргай рахызтыстæм денджызмæ æмæ амырыкаг науты æхсæнты ныгуылæны рдæм нæхи сарæзтам æмæ нæ фæндаг ууыл фæстæмæ райдыдта. Цыдыстæм фæстæмæ нæхи фæндагыл æмæ зыдтам, кæм цы афон уыдзыстæм, уый. Алчи йæ æлхæнинæгтæ бæстон æфснайдта, кæнæ та ивтой товартæ, уæлдайдæр æнæденджызонтæ. Уыдон балхæдтой бирæ, æмæ сæ фылдæр чемоданджынтæй агæпп кодтой, уырдæм цæугæйæ та сæ къухты ницы уыд. Æз æппæты разæй байуæрстон тамакотæ ирæттæн, кæй цал пачкæйы хъуыд, уал. Стæй мæхи хайадæй Кронштадтæй чи уыд, уыдонæн, старшинатæм дæр ма дзы æрхаудта. Гибралтары онг цыдыстæм тагъд. Стæй фурдмæ куы бахæццæ стæм, уæд фæсындæгдæр кодтам нæ цыд, ома, дам, тагъд цæугæйæ нæ нау хардз кæны æхсай тоннæйы артаг, афтæ цæугæйæ та- дыууæ æмæ ссæдз тоннæйы. Бирæ, дам, басыгътам Латакиямæ куы цыдыстæм, амырыкæгты разæй фæуæм, зæгъгæ, уæд. Ныр Бискайы бакæлæны фæцыдыстæм бон- изæрмæ æмæ дзы уыд сабыр, ленк дзы кодтой стыр шарты хуызæн, кæсаджы тъуппгæнæнтæ сæ хуыдтам мах. Донкъубалæг Па- де кале Англисæй Францы æхсæн дæр фæцыдыстæм цалдæр сахаты æмæ истам нæ размæ хæстæг цы лодкæтæ æмæ катертæ уыд, уыдоны къамтæ. Иу стыр горæт Капенгаген, зæгъгæ, уым та нæ уромгæ бакодтой, адæм, дам, уæ фылдæр феной. Немыцы æмæ Польшæйы горæтты та нын лæвæрттæй салют æмæ нæ ирæттæ тухæнæй мардысты цыппарæй. Уыдон уыдысты салют чи лæвæртта, уыдонæй æмæ салюты фæстæ сармадзаны хæтæл сыгъдæг кæнын хъæуы тæвд цалынмæ уа, уæдмæ, кæннод дзы хъæуы уый фæстæ дыууæ- æртæ хатты бафыдæбон кæнын. Былæй горæтæй æхстой иу салют, мах та алы горæтæн дæр æмæ иу хæтæлтæ сыгъдæггонд куы нæ фесты иу горæтæй иннæмæ, уæ уый уыдис худинаг æмæ- иу уый тыххæй бацагуырдтой æххуыс .
Нæхи Балтийск нын радта фæстаг салют, уырдæм æрбахæццæ стæм æртындæсæм октябры, цæугæ та акодтам æртын фыццæгæм августы. Балтийск уыд рæстæмбисæй къаддæр горæт, фылдæр дзы уыдис æфсæддонтæ æмæ денджызонтæ. Мах дзы фестæм æртæ боны, цалынмæ нæ уазджытæ сæ бынæттæм ацыдысты уæдмæ, æмæ Таллинмæ нæ базæмæ ацыдыстæм. Науы мидæгæй куыст уыд бирæ. Æрмæст æфснайгæ фæкодтам къуырийæ фылдæр. Цæмæй уыцы æппæт адæмы фæстæ нæ нау йæ гаччы сбада, уый тыххæй къæлидортæ æмæ кæм цардысты уыцы къуымтæ хъуыд ссыгъдæг кæнын, стæй сахорын ногæй. Æрмæст почтæ фæуæрстой фондз боны. Фæстаг бон æз дæр райстон дыууæ гæххæттын голладжы дзаг писмотæ æмæ газеттæ.
Райдыдтой нын политикон ахуыртæ, ома, дам, адæмимæ æмбæлгæйæ, Югославийы куыд цæрынц уый кой ма кæнут, ма- иу æппæлут сæ цардæй. Сирийы хæсты кой та, дам, уæ бинонтæм дæр ма фыссут. Горæтмæ дæр нæ нæма уагътой, афтæ нæ почтæйы хабæрттæ кодтам сабыргай.
© ООО «Знанио»
С вами с 2009 года.