Добавить материал
Войти
🕊️
Войти в кабинет
Медиатека
Курсы
Сертификация
Мероприятия
Конкурсы
Собрания
Классные часы
Новости
Ваше членство
Добавить материал
и получить до 500 000 ₽.
свидетельство СМИ
и 10 документов
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Оценка
4.7
Битарова Вера
Битарова Вера
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Оценка
4.7
Презентации учебные
pptx
воспитательная работа
9 кл
11.01.2019
«Фын фенæгау мæм кæсы абон дæр. Æнахуыр бæстæйыл уыд мæ балц, зæххон дунемæ йын иумæйагæй уæвгæ дæр ницы ис, афтæ мæм каст; бамбæлдтæ-иу, мæ рагбонты кæй фехъуыстон, уыцы аргъæуттæй, кæддæры алæмæттаг таурæгъты чингуытæй æрцæуæг кæлæнгæнджыты æнгæс адæмыл. Мæ цæст зыдæй хастон тæмæнкалгæ хæхты цъуппытыл, райдзаст дæлвæзтыл, тызмæг æмæ æрхуым сæрсæфæн кæмттыл – æмбисонды дунейыл… Нæ, фын нæ уыдтон цыфæндыйæ дæр. Æз уыдтæн Кавказы, æз уыдтæн Ирыстоны». ( Петер Илемницкий)
Презентация27.pptx
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
«Фын фенæгау мæм кæсы абон дæр. Æнахуыр бæстæйыл уыд мæ балц, зæххон дунемæ йын иумæйагæй уæвгæ дæр ницы ис, афтæ мæм каст; бамбæлдтæ-иу, мæ рагбонты кæй фехъуыстон, уыцы аргъæуттæй, кæддæры алæмæттаг таурæгъты чингуытæй æрцæуæг кæлæнгæнджыты æнгæс адæмыл. Мæ цæст зыдæй хастон тæмæнкалгæ хæхты цъуппытыл, райдзаст дæлвæзтыл, тызмæг æмæ æрхуым сæрсæфæн кæмттыл – æмбисонды дунейыл… Нæ, фын нæ уыдтон цыфæндыйæ дæр. Æз уыдтæн Кавказы, æз уыдтæн Ирыстоны». ( Петер Илемницкий)
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Дунейы мидæг цæры мингай адæмыхæттытæ. Алкæмæн дæр дзы ис йæхи истори, йæхи æвзаг æмæ æгъдау. фæстаг бонтæм. Æмæ алы адæймаг дæр сæрыстыр вæййы йæ адæмæй, йæ райгуырæн бæстæйæ. Æндæртыл сæ баивын чи сразы уаид, ахæмтæ стæм сты. Кæм фæнды ма цæрæд ирон адæймаг: Хуссар гъе Цæгат Ирыстоны, Уæрæсейы алы къуымты, Турчы, Сирийы, Европæйы кæнæ Амырычы , уый кæддæриддæр зоны йæ уидæгтæ кæцæй рацыдысты æмæ кæм ис уыцы дзуарджын бынат , кæцы йæ йæхимæ æлвасы йæ царды
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
О, ме сфæлдисæг, стыр Хуыцау! Æз арфæгонд фæдæн дæуæй- Кæй мæ раттай зæххыл ИРОНЁЙ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Ирон адæм иртæст цæуынц иннæ адæмты 'хсæнæй се 'взаг æмæ 'гъдауæй. Уыдон нын баззадысты нæ рагон фыдæлтæй, æмæ сæ бахъахъхъæнын æмæ дарддæр хæссын у нæ хæс. Не 'гъдаумæ æнусты дæргъы хаст æрцыд ивддзинæдтæ, цыдæртæ æрбафтыд сыхаг адæмтæй, æмæ йæ æгас Иры дзыллæ æмхуызон нал кæнынц. Уый раст нæу. Куыд иу адæм, мах хъуамæ хæст уæм иу æгъдауыл.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Ирон адæм, куы равзæрдысты, уæдæй абонмæ цæрынц æмæ ирвæзынц Хуыцауы фæрцы, хорз æгъдауы, æфсармы æмæ лæгдзинады руаджы. Адæймаг æгъдауджын æмæ кадджын вæййы, йæ бинонты æмæ йæ адæмы куы 'мбара, куы цæра хи фæллойæ, Райгуырæн бæстæ куы уарза, æрмæстдæр уæд
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Адæмыхатт иннæ адæмты æхсæн зыны æмæ æрттивы цыкурайы фæрдыджы хуызæн, æрмæстдæр йæ культурæйы руаджы. Культурæйы сæйраг хай та сты – æгъдау æмæ æфсарм, æнусты дæргъы кæй бахъахъхъæдтой, уыцы удварны хæзнатæ. Се хсæн æнæмæнг фыццаг æмæ стыр бынат ахсынц бæрæгбæттæ, æмæ уыдон царды куыд бæрæггонд цæуынц, уый.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Ирон адæм цæрынц хæхбæсты, горæтты, хъæуты, Уæрæсейы, хæстæг æмæ дард фæсарæнты. Уыдонæн ис ис иумæйаг бæрæгбæттæ: Цыппурс, Ногбон, Уацилла, Реком, Куадзæн, Джеоргуыба, Джеры дзуар , Хетæджы Уастырджи æмæ æндæртæ. Хæхбæсты, хъæуты, стæй иуæй-иу мыггæгтæн ис бирæ æндæр бæрæгбæттæ. Æрмæстдæр Цæгат Ирыстоны ис 150 кувæндонæй фылдæр. Ирон адæммæ алы бæрæгбонæн дæр хицæн æгъдæуттæ фыдæлтæй баззадис æмæ сæ алчидæр, кæмæн куыд йæ амал вæййы, афтæ кæны. Бирæ сты уыцы бæрæгбонтæ, стæй уыдонæй иутæ кадджын сты æппæт Ирыстоны кæмттæ æмæ хъæуты, иннæтæ та æрмæст хицæн кæмтты. Ис ахæм бæрæгбонтæ дæр, æрмæст иу хъæуы цæрджытæ кæй кæнынц. Афæдзы дæргъы ирон адæммæ бирæ
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Ног азы бон Ирыстоны
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Кæрæдзийыл ма нæ бæттынц не взаг, нæ рæсугъд æгъдæуттæ æмæ нæ фыдæлты фарн. Фыдæлты фарнимæ нæм æнусты сæрты æрхæццæ рæстаг адæмы сæрхъуызой , Хуыцау æмæ ирон адæмы æхсæн дыууæрдæм минæвар, зæлдагзачъе уæларвон Уастырджимæ кувыны фæтк. Уастырджи у нæ иугæнæг фарны тых. Кувæм æм, нæхи йыл кæстæр арæхæй цæрæд! фæдзæхсæм иууылдæр: Цæгатæй-Хуссармæ, Хурыскæсæнæй-Хурныгуылæнмæ, чи нæ цы комæй, хъæуæй рацæугæ у, цы диныл хæст у, уый нæ хынцгæйæ. Уастырджи – ирон адæмы уарзондæр æмæ цытджындæр зæд. Йæ номæн дæр ын нымд кæнæм, сылгоймаг æй дзургæ дæр нæ кæны, Лæгтыдзуар æй хоны. Нæлгоймагыл æмæ рæзгæтыл ауды , уыдоны йыл фæдзæхсæм йæ кувæн бонты. Лæгхъуаг макуы уæд Ирыстон,
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Osetinskij_narodnyj_instrument_Hisyn_fandyr__Track__1.mp3
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Лæгты дзуар, ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, зæдтæй у иунæг Стыр Хуыцаумæ æппæтæй æввахсдæр. Уымæн Хуыцауы хæдзары дуар æдзухдæр у гом. Зæхмæ дæр ирон адæммæ ратæхы Хуыцауы разæй. кæм æрбады, уыцы рæстæг адæмæн сæ тыхст æмæ тæссаг уавæры сæ фарсмæ кæм æрбалæууы, уыцы Уастырджи зæххмæ куы æртæхы, уæд Ирыстоны бынæттæ ирон адæмæн систы кувæндæттæ. Куывддоны сæм цæуынц афæдзы дæргъы алы рæстæджыты. Уыдонæй иу у, Хетæджы знæгты фыдæхæй кæм фервæзын кодта, уыцы табуйаг Къох. Æрвылаз дæр дзы ирон адæм сусæны мæйы дыккаг Хуыцаубоны табу кæнынц Уастырджийæн, фæдзæхсынц ыл сæ кæстæрты, сæхи сæ рæстаг хъуыддæгтæ. Хетæгæн йæ зын рæстæг куыд баххуыс кодта, афтæ æххуысгæнæг уæд Ирыстонæн.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Афæдзы дæргъы Лæгты дзуармæ кувæн бæрæгбæттæ бирæ хæттыты вæййынц. Уæлдæр ранымад кувæндæтты йын йæ ном иумæйагæй ссарынц. Алы ирон адæймаг дæр йæхи алы бон дæр Уастырджи Хуыцауы разæй рараст вæййы ирон адæммæ фæззæджы фæдзæхсы Лæгтыдзуарыл. Джергуыбайы мæйы. Хуыцауы хæрзтæ рахæссы йемæ, ирон адæмыл сæ байтауы, æмæ дзы алчидæр хайджын уæд, нæ æнгомдзинадæн, нæ фæрнджын æмæ арфæйаг фидæнæн ахъаз куыд уой, афтæ. Æмдзæвгæ: «О, Уастырджи!». (Музыкæ, слайдтæ).
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Iron-krasivaya-muzyka(freemuzichka.com).mp3
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Valerij_Sokurov_-_Tabu_daehicaen_Uastyrdzhi_v_pervode_s_Osetinskogo_Svyatoj_Georgij_(xMusic.me).mp3
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Уастырджи Хуыцауы разæй рараст вæййы ирон адæммæ фæззæджы Джергуыбайы мæйы. Хуыцауы хæрзтæ рахæссы йемæ, ирон адæмыл сæ байтауы, æмæ дзы алчидæр хайджын уæд, нæ æнгомдзинадæн, нæ фæрнджын æмæ арфæйаг фидæнæн ахъаз куыд уой, афтæ. Джеоргуыбайы бæрæгбон нæ адæммæ у уæлдай кадджындæр. Бæрæгбон æнцайы сæйраг адæймагон хæзнатыл – æнæхиндзинадыл, æфсарммæ гæсгæ цæрын зоныныл æмæ хи адæмы сæрвæлтау цыфæнды фæлварæнтæн бафæразынмæ цæттæдзинадыл.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
ДЖЕОРГУЫБА Ирон адæмы кадджындæр æмæ дзаджджындæр зымæг зæгъон». бæрæгбæттæй иу. Фæззæджы фæстаг мæйы æртыккаг хуыцаубоны райдайы æмæ ахæссы къуыри. Хуыцаубоны йæ райдайынц, галтæ чи фергæвды, уыдон. Уыцы бон хонгæ дæр кæнынц Галæргæвдæн хуыцаубон. Къуырисæры изæрæй та вæййы Уастырджимæ кувæн æхсæв, дыккаг хуыцаубоны – Уастырджийыл фæдзæхсæн бон æмæ йæ хæдфæстæ къуырисæры изæрæй – Джеоргуыбайы бæрæгбон æрвитæн æхсæв. Къуырийы дæргъы ирон адæм фæбадынц бæрæгбоны фынгтыл, сæ кадджын уазджытæ вæййынц, семæ иннæ адæмтæй хæларæй чи цæры, уыдон дæр. Джеоргуыбайы хæдфæстæ фæуазалтæ кæны, æмæ адæмы 'хсæн баззад ахæм ныхас: «Джеоргуыба мын зæгъ, æмæ дын
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
ИРОН АДÆМ - ДЕ УАЗÆГ! Æрхæццæ та нæ адæмы уарзондæр, нæ кæстæрты, нæ бæлццæтты, нæ рынчынты, нæ размæцыд кæуыл фæдзæхсæм, уыцы æргом зæд Уастырджимæ уæлдай зæрдиагдæрæй куы фæкувæм, уыцы кадджын бæрæгбон - Джеоргуыба. Сыгъзæрин Уастырджи ирон адæммæ куы рараст вæййы Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауы разæй, уæд ын йæ хæрзтæ йемæ рахæссы æмæ сæ йæ фарнимæ байтауы Ирыстоныл. Æмæ нæ фыццаджыдæр фыдбылызæй бахизæд. Къуырийы дæргъы йæм уæлдай зæрдиагдæрæй фæкувæм, уымæн æмæ, дам, уыцы къуырийы дæргъы вæййы Ирысто-ны зæххыл. Дзаджджын фынгтыл æм кувы алы ирон хæдзар дæр, æмæ нын нæ куывдтытæ куыд айса, ахæм хорзæх нæ уæд. Æртæ хистæры куывд.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
0dd016286fef.mp3
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
БÆРÆГБОНЫ ХОРЗÆХ УÆ УÆД!
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
АРФÆ. хуртæ, Сабитæ – нæ чысыл Афтæ мбырдæй уæ куы фенын Кусгæ, заргæ, хъазгæ, Цинæй сагсур лæппу худгæ,- фестын. Зæхх – нæ дарæг,- царды суадон, Уый нын мад дæр у мæ хо дæр. Уæдæ уæд сымах нæ Райгуырæн бæстæйы уарзон хорзæх!
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
Æгас цæут Цæгат Ирыстонмæ.
УАСТЫРДЖИ, ИРЫСТОН - ДЕ УАЗÆГ!
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете
сообщить о нарушении
.
Введите ваш email
Ваш email
*
Скачать материал
Скачать
Файл готов!
Скачать
Вверх
11.01.2019
Посмотрите также:
📁
Мæ Ир.
📁
Презентация "Новости класса"
📁
Дневник ветерана Великой Отечественной Войны ..... 1941 - 1945.....
📁
Презентация по воспитательной работе на тему «Домодедово: наше прошлое, настоящее и будущее» (9 кла
...
📁
Презентация "От сердца к сердцу" (вехи,которые связывают Дагестан и Россию)
📁
Презентация "Чернобыль - трагедия или предуреждение?"
📁
Сагаалган-2018
📁
Презентация "Герои нашего времени"
Новости
Курсы
Членство
Еще
Войти
Новости
Курсы
Сертификация
Мероприятия
Конкурсы
Собрания
Классные часы
Медиатека
Бонусы
Добавить материал
Добавить