Ирон лæг - Уататы Бибо.
Оценка 4.9

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Оценка 4.9
Презентации учебные
pptx
воспитательная работа
11 кл
10.01.2019
Ирон лæг - Уататы Бибо.
Аргъæутты бæстæ – Ирыстон. Куыд адджын, куыд зынаргъ дæ зæрдæйæн. Дæ урссæр хæхтæ, абухгæ цæугæдæттæ, æнусон цъититæ…. Таурæгъты бæстæ –Ирыстон. Куыд рæдау дæ курдиæттæй. Раст æгæрон арвыл цас стъалытæ ис, уыйбæрц курдиæттæ схъомыл ис дæ авдæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, арвыл цы стъалытæ ис, уыдонæй иутæ æрттивынц тынгдæр, иннæтæ сты мынæгдæр. Гъе, Иры ирддæр стъалытæй у Уататы Зауырбеджы фырт Бимболат.(Бибо)
Презентация В.Б..pptx

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Аргъæутты бæстæ – Ирыстон. Куыд адджын, куыд зынаргъ дæ зæрдæйæн. Дæ урссæр хæхтæ, абухгæ цæугæдæттæ, æнусон мынæгдæр. Гъе, Иры ирддæр стъалытæй у Уататы Зауырбеджы фырт Бимболат.(Бибо). цъититæ…. Таурæгъты бæстæ – Ирыстон. Куыд рæдау дæ курдиæттæй. Раст æгæрон арвыл цас стъалытæ ис, уыйбæрц курдиæттæ схъомыл ис дæ авдæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, арвыл цы стъалытæ ис, уыдонæй иутæ æрттивынц тынгдæр, иннæтæ сты 31611086754189.mp3

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
4734571823500.mp3

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Цæгат Ирыстоны рагон хъæутæй Бæтæхъойы хъæуы 1939 азы 15 мартъийы Уататы Зауырбеджы фæрнджын хæдзары лæппуйы райгуырды куывды арфæтæ кодтой. «Иры дзыхъхъы сыгъдæг номимæ цæрын фæразæд!»..Дзырдарæхст лæгтæ цы фарны куывдтытæ фæкодтой чысыл Бибойæн, уыдон ыл æрцыдысты. Скъоладзау уæвгæйæ –иу Бибо æмхиц уыд литературæ æмæ аивадмæ. Бибойы тынг фæндыд зындгонд артист суæвын. Уыцы курдиат ам суанг скъоолайы ахуыр кæнгæйæ рабæрæг. Æвзыгъд лæппу куыддæр астæуккаг скъола каст фæци, афтæ горæтмæ рацыди. Йæ фæндаг та уыдис театрмæ. Фæрæстмæ йæ фыццаг фæлварæн дæр. Аив, зæрдæмæхъаргæ бакаст Хетæгкаты Къостайы «Лæскъдзæрæн». Тæбæхсауты Бало лæппуйыл цæстуарзонæй сæмбæлди. Бибо Къостайы уацмыс кæсын куы райдыдта, уæд ыл йæ цæст æрæвæрдта. Баззад дзы разыйæ æмæ йын загъта: «Курдиат дæм ис, фæлæ уый раст фæндагыл куынæ саразай, уæд бамынæг уыдзæн. Театрон ахуырад хъуамæ райсай Мæскуы æмæ Ленинграды». Дыууæ азы акуыста ирон театры Бибо. Балойы æххуысæй уый бирæ ногдзинæдтæ базыдта, бирæ миниуджытæ дзы райста æмæ уый фæстæ араст ис Мæскуымæ.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Мæскуыйы Бибо фæлварæнтæ æнтыстджынæй радта æмæ сси Вахтанговы Щукины номыл студийы студент. Ам йæ хуыздæр ахуыргæнджытæй иу уыди номдзыд уырыссаг артист æмæ режиссер Юрий Любимов. Æвзонг лæппуйы бирæвæрсыг курдиатæн уый байгом кодта стыр аивадмæ уæрæх фæндæгтæ. -Сценæйы курдиат кæмæ нæй, - дзырдта –иу йæ ахуыргæнинæгтæн Ю.Любимов,- уымæн театримæ иумæйагæй ницы ис. Фæлæ цыфæнды стыр курдиатæн дæр фидар базыртæ куынæ басадзай, уæд искуы фæсвæд цъывцасты ныссæддзæн. Æмæ бамынæг уыдзæн. Уымæ гæсгæ, æхсæвæй-бонæй хъуамæ агурай ахæм æндон базыртæ. Бибойыл ахæм æндон ныфсы базыртæ чи ныссагъта, уыдонæн сæ фыццæгты фыццагдæр уыдис Тæбæхсауты Бало. Æмæ йæ уыцы базыртæ систой театралон æмæ киноаивады бæрзæндтæм. Бибо æнтыстджынæй ахуыр фæци æмæ кусын райдыдта ирон театры. Йæ фыццаг роль ахъазыд киноныв «На семи ветрах»-ы. Киноныв: «На семи Бибо-Мамаевы ролы. ветрах». 1962 аз.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Бибойæн цыбыр рæстæгмæ йæ бон бацис цалдæр вазыгджын фæлгонцы саразын: Таймураз – (Гаглойты Владимиры «Кадæг уарзондзинадыл»), Аслæнбег- «Саламты Къолайы трагеди «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»), Данко – (Горькийы радзырдтæм гæсгæ), Тыбылты Верæйы фыст пьесæ «Судзгæ зæрдæ» æмæ æндæртæ. Бибомæ Душанбейæ фыстæг сæрвыста ССР Цæдисы паддзахадон премийы лауреат, Таджикистаны ССР-йы адæмон артист, зындгонд режиссер Борис Кимягаров. Уый фыста: «Ды мæ нæ зоныс, æз дæ Щукины номыл училищæйы чысыл ныв хъазгæ федтон. Исын киноныв Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, Ленины премийы лауреат, Таджикистаны адæмон поэт Мирзо Турсун-Задейы хъуыстгонд поэмæ «Хасан-Аракабеш-мæ гæсгæ. Хонын дæ Хасаны ролы ахъазынмæ. Бибо сразы ис кинорежиссеры курдиатыл. Киноныв «Хасан- Аракабеш». Бибо-Хасаны ролы 1965 аз.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Одессæйы киностуди сарæзта киноныв «Прощай». Уым Бибойæн йæ бæрны бакодтой Кинадзейы фæлгонц. Ам дæр та йæ хъазт фæрæстмæ. Уый фæстæ не мбæстаджы фæхуыдта ленинградаг кинорежиссер Роман Тихомиров. Бибо уый арæзт киноныв «Князь Игор»-ы ахъазыд хан Канчакы роль. Уый фæстæ та йæ ахуыдта киностуди «Узбекфильм». Киноныв «Прощай». 1966 аз. Бибо – Омари Кикнадзейы ролы. «Князь Игорь». Кончак. 1969 аз.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Бибо уыдис курдиатджын, рæстзæрдæ адæймаг. Æртын кинонывæй фылдæры ахъазыд сæйраг ролты, сæ фылдæр та Астæуккаг Азийы. Уымы адæмтæ дæр æй сæхи хуыдтой. Стыр аргъ ын кодтой йæ бирæвæрсыг курдиатæн.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Уыцы рæстæг Ашхабады цы кинофестиль уыд, уым Уатайы фырт Хасаны роль æппæтæй хуыздæр кæй ахъазыд, уый тыххæй райста фыццаг къæпхæны преми. Киевы Æппæтцæдисон кинофестивалы та райста дыккаг къæпхæны преми. Нæ бæстæйы æппæт киностудиты кинорежиссертæ Уатайы-фырты хонын райдыдтой сæхимæ. Кæрæдзийы фæдыл ныккалдысты ролты киноты: «Одной жизни мало», «Так велит сердце», «Сказание о Рустаме», «Рустам и Сухраб», «Именем закона, «Чермен» æмæ Бибо Чермены фæдгонц саразынмæ бæллыди тынг рагæй. Æмæ йæ аразгæ дæр скодта киностуди «Грузия æндæртæ. фильм»-ы. Бибойы театралон ролтæй ма зæрдæйы баззадысты «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»-ы Аслæнбег, «Паддзах Эдипы», «Хазби» æмæ æндæртæ.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Панамæйы дунеон кинофестивалы æмæ Тбилисы, Ашхабады, Кишиневы Æппæтцæдисон кинофестивалы Уататы Бибойæн лæвæрд æрцыд премитæ, нæлгоймаджы роль хуыздæр кæй ахъазыд, уый тыххæй. Фирдоусийы генион поэмæ «Шах-наме»-мæ гæсгæ арæзт кинонывы тыххæй Цæгат Ирыстоны АССР-йы адæмон артист Уататы Бибойæн радтой Таджикистаны Рудакийы Фæстæдæр ын лæвæрд æрцыди УСФСР-йы сгуыхт артисты номыл паддзахадон преми. ном. Нæ Цæдисы кинематографийы Уататы Бибо сарæзта алы адæмыхæттыты минæвæртты фæлгонцтæ, алкæмæн дæр дзы ссардта аккаг ахорæнтæ, алы фæлгонцæн дæр раргом кодта йæ миддуне, йæ миниуджытæ.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Æвæдза, ирон аивады цæхæрадоны цас æмæ цас рæсугъд дидинджытæ фæзыны æрвылуалдзæг дæр, уый диссаг у , æгæр диссаг… Адæймаджы цæст сæм нал фефсæды æмæ нал фефсæды кæсынæй. Фæлæ дзы уæддæр се хсæн уæддæр фæзыны иу æнахуыр рæсугъд дидинæг, кæцы уæлдай æхцондзинаддæр фæхæссы зæрдæйæн. Уый уæлдай тынгдæр æркæсын кæны адæмы йæхиимæ. Гъе, фæлæ уыцы алæмæтты дидинæгыл иу заман цæст куынæуал æрхæцы, йæ тæккæ дидинæгкалгæйæ йын цыргъ цæвæг йæ рæсугъд зæнг куы адзæнгæл ласы, уæд адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма уый йемæ ахæссы æрдзы æппæт рæсугъддзинад дæр.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Уыцы дидинæгау нæм каст нæ уарзон актер Уататы Бибо дæр. Фæлæ…. Бибо. Хурбон арв куыд ныннæры, уыйау 2000 азы, Уæлахизы бон, 9 майы Ирыстоныл айхъуыст фыдуацы хаба: йæ тæккæ лæджы кары бацæугæйæ, æваст цардæй ахицæн, адæм бирæ кæй уарзтой, сценæйы фидауц кæй хуыдтой, кæсынæй æмæ хъусынæй кæмæ не фсæстыты, уыцы номдзыд актер, зынгæ æхсæнадон архайæг, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, агургæйæ æнаргæ режиссер, диссаджы зарæггæнæг, къахæй сæрмæ æнæхъæнæй дæр æцæг ирон лæг чи уыд, уый, ирон паддзахадон Академион театры аивадон разамоног Уататы

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Бибо тынг бирæ уарзта аивад, æнувыд уыд йæ хæстæджытыл, йæ алыварс адæмыл, йе мкусджытыл. «Хæрзконд»- афтæ йæ хуыдта Тæбæхсауты Бало. Æрдзæй рахаста тынг зæрдæхæлар, йæ бирæ æрдхæрттæн кæрон нæ уыд. Адæмы кæрæдзиуыл баста, уый та бирæты къухы не фты. Бибо стыр æнувыд лæггад фæкодта нæ театрæн, нæ экранæн. Артист размæ цæугæйæ фæкæлын нæ зыдта, над фæндагыл акъахдзæф кæнын йæ сæрмæ никуы хаста. Аивады, сфæлдыстадон мадзæлттæ, ногдзинæдтæ, ног фæзилæнтæ, ног арæнтæ агуырдта. Стыр æнкъарæнты хицау уыд Бибо экраныл дæр æмæ сценæйыл дæр. Литературон æвæрцццæг персонажы рагагъоммæ цæргæсы уд бауадзы, бирæгъы зæнг ыл ныссадзы, сæгуыты уæнгты конд ын ратты æмæ йæ адæмы тæрхонмæ афтæмæй рахæссы.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Уататы Бибо йæ адæмыл куыд иузæрдион уыд, куыд бирæ сæ уарзта æмæ сын сæ кад куыд бæрзонд систа иннæ адæмты цæсты , уыйбæрц бирæты къухы нæ бафтыд. Бибойы зыдтой Уæрæсейы æмæ Советон Цæдисы иннæ республикæты, Рауагъта чиныг: «Уататы Бибо æмбæлтты цæстæй». уæлдайдæр та - «Уататы Бибо æмбæлтты цæстæй».Астæуккаг Ази æмæ Фæскавказы. Уымæ гæсгæ, уыц курдиат æмæ зондахастмæ, сæрызонд æмæ зæрдæйы кондмæ гæсгæ аргъ кодтой ирон адæмæн. Бибойы курдиат дисы æфтыдта Ираны æмæ Хæстæг Хурыскæсæны бæстæты киноаивадуарзджыты. Фирдоусийы «Шах- наме»-йы Рустамы фæлгонц аивадон кинойы тынг хорз кæй сарæзта, уый тыххæй йын Ираны саккаг кодтой дунеон преми. Уататы Бибойы курдиатыл, йе сфæлдыстадыл, йæ цардвæндагыл бирæ уацтæ, мысинæгтæ фыст æрцыд. Уыцы арфæйаг хъуыддагмæ йе вæрæн бахаста фыссæг Дауыраты Дамир дæр.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Ирыстоны уарзондæр хъæбултæй иу, Уататы бимболат (Бибо) уыди, æмæ абон дæр у уыдонæй иу. Уый у хъуыстгонд канд Ирыстоны нæ, фæлæ бирæ æндæр бæстæты дæр. Зындгонд фысджытæ æмæ журналисттæ йын æвдыстой йæ диссаджы курдиат æмæ йæ диссаджы уды конд. Уый йе ппæт цард дæр радта йæ адæмы хорздзинадæн. Сыгъди нæ Ирыстонмæ уарзондзинады арты æмæ дзы кæд басыгъди, уæддæр æй схъæрзгæ никуы ничи федта. Йæ рæстæджы Бибойæн йæ фадæттæм гæсгæ йæ бон уыди æндæр бæстæйы йæ царды уавæртæ саразын, йæ зæрдæ куыд загъта, афтæ. Йæ бон уыди бирæ мулк бакусын, бонджын суæвын. Фæлæ уый равзæрста, æхсæвæй- бонæй йын æнцойдзинад чи нæ лæвæрдта, йæ цæсты рухс чи уыди, уыцы Райгуырæн Ирыстон æмæ æрбаздæхт йæ ирон зæхмæ. Уымæн æмæ йæм сидтысты йæ Йæ бирæ хорз миниуджытæй тынгдæр зæгъын фæнды йæ ирондзинады тыххæй. Æгъдау, æфсарм, æвзаджы сыгъдæгдзинад, хистæрæн кад кæнын, сылгоймагмæ сыгъдæг уарзондзинад, кæстæртæн зондамонæг, уыдон уыдысты йæ царды æппæтæй зынаргъдæр миниуджытæ. (Хуытыгаты Хъазыбег).

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Бибойæн Хуыцау балæвар кодта æвæджиауы стыр курдиат. Уындæй, кондæй, зæрдæйы уагæй æмæ бирæ æндæр хорз миниуджытæй се ппæтæй дæр фæцис хайджын. Йæ бон уыцы-иу рæстæг хъазын уыд, куыд комедион, афтæ трагикон ролты дæр. Цы бирæ сурæттæ сарæзта, уыдон театрдзаутæй никуы ферох уыдзысты. Уый уыдис сценæйы фидауц. Бибо райгуырд аивадæн æмæ басыгъд аивады. Йæ рухс ном махæй никуы ферох уыдзæн. (Тылаттаты Бексолтан).

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Уататы Бибойы хуызæн фæрнджын лæгтæ цардæй куы ацæуынц, уæд дуне цама сафтид вæййы, адæймагмæ афтæ фæкæсы. Зæгъæм дæсгай æмæ ноджыдæр фылдæр милуантæ цы бæстæты фæцæры, уыдоныл дæр ма куы фæзыны ахæс стыр лæджы ацыд. Уæд ирæттæ та, армыдзаг йеддæмæ куы не стæм, æмæ ма мах та цы зæгъæм. (Ходы Камал).

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Бибо йæ цардæмбал Жаннæимæ.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Уататы Бибойæн йе сфæлдыстад уыд бирæ къабазджын, сценæйы, кинойы цы зæрдæмæхъаргæ фæлгонцтæ сарæзта, уыдонæн абон дæр аивадуарзаг дзыллæтæ кæнынц стыр аргъ, уæдæ куыд курдиатджын зарæггæнæг, арæхстджын разамонæг, афтæ дæр æм бирæ хæлæггæнджытæ уыд. Бибо йæ куыстмæ æхцайы, мулчы цæстæй никуы каст. Йæ цæсты уæлдай кадджындæр уыдысты , удварнæй сыгъдæг æмæ удыхъæдæй хъæздыг чи уыд, ахæм адæймæгтæ. Уыдонæй иу уыд йæхæдæг.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Ирон зæххыл ирон лæгæй фæцæрын æнцон нæу. Бирæ ахсджиаг æмæ йыл вазыгджын хæстæ æвæрд вæййы. Уыдон кæронмæ сæххæст кæнын та бирæты къухы нæ Ирон лæджы ном кæд кад æмæ радимæ исчи фæхаста, уæд уыцы фæрнджындæр лæгтæй иу уыд Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Уататы Бибо. Бибо æрмæст аивады не схызт бæрзонд къæпхæнмæ. Уымæн йæ цард, йæ зæрдæйы сагъæстæ æдзухæйдæр баст уыдысты Ирыстоны æппæт цæрджыты хъысмæтимæ. Уый бафты. уыд иузæрдион æмбал, хæларзæрдæ, æргомдзырд, цардуарзон æмæ рæстдзинадыл тохгæнæг адæймаг. Йæ бирæ хорз хъуыддæгтæй фæзминаг у нæ кæстæртæн. Зæгъæн ис афтæ, æмæ Бибо уыдис Адæмы лæг. Уыцы кадджын номæй та дзыллæтæ фæхайджын кæнынц æрмæстдæр ахæм лæгты, кæцытæ сæ зæрдæтæм арф райсынц сæ адæмы зæрдæты рис, сагъæстæ, бæллицтæ æмæ кæддæриддæр цæттæ вæййынц адæмы сæрвæлтау сæ цард радтынмæ дæр.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Бибойæн Уæрæсейы æмæ дунейы алы къуымты уыдис тынг бирæ хæлæрттæ. Йæ курдиат анхъæвзта Ирыстоны арæнтæй, æмæ йын алы ран дæр йæ аивадæн адæм кодтой стыр аргъ. Уый уыдис йæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот æмæ интернациалист. Бибо уæлдæр куыд загътам, афтæмæй уыдис Адæмы лæг, æмæ хорз уаид, уымæ цы бирæ хорз миниуджытæ уыд, уыдон абон куы фæзмиккой нæ кæстæртæ æмæ сæ уыйау царды рæсугъдæй куы хæсиккой размæ. Бибойæн абон дæр йæ ном, йæ фарн сты æвидигæ. Æмæ афтæ чи зæгъы, æз Ирон дæн, уый зæрдæйы æнустæм дæр цæрдзæн Бибойы Ном.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Фæлæ Бибо кæд абон не хсæн нал ис, уæддæр уый цæргæйæ баззад нæ зæрдæты, æмæ цалынмæ зæххыл ирон адæм цæрой, уæдмæ йæ ном цæрдзæн уæлæуыл. стъалы. Стыр курдиæттæн сæ удтæ фестынц цæхæркалгæ стъалытæ æмæ сæхи бæрзонд арвмæ сисынц. Уататы Бибо не хсæн кæдæй нал ис, уæдæй фæстæмæ нæм йæ бæсты цъæх арвæй æрттивы æмæ тæмæнтæ калы йе стъалы. Уыцы стъалы та æнцон ссарæн у. Ирыстоны сæрмæ æппæтæй тынгдæр чи ферттивы, уый у Бибойы

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Дзасохты Музафер. Æмгары мæлæт. Уататы Бибойы мысгæйæ. Ныррызти бындзарæй нæ адæмы Йæхимæ ныхъхъуыста Хъазыбеджы зæрдæ, Osetinskij_narodnyj_instrument_Hisyn_fandyr__Track__7.mp3 Æруагътам ныллæгмæ нæ риутыл нæ Уæлæмæ нæ нал уадзы скæсын Ныууагъта дæ, Азæ дæ иунæг Хæрзиунæгæй, калыс æнæвгъау Кæмæй уыдтæ хохы, быдыры ныфсæвæрд. Йæ бындзарæй афæлдæхт уыцы Цы лæппу каст хохау сæрыстыр, Нæ дзыллæйæн чи кодта кад æмæ Зæды хуызæн чи уыди бакастæй, хох. сæртæ. фыдох. æфсымæр цæссыг. мæсыг. бæрзондæй, цыт, кондæй,

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Кинонывтæ:  1962 – На семи ветрах-Мамакаев 1965 – Хасан – Арбекеш 1966 – Поэма двух сердец – Мурад—Али 1966 – Прощай – Отари Кикнадзе.. 1967 – Войди в мой дом –Даврон. 1968 – Именем закона – Мехман. 1968 – Как велит сердце – Шараф. 1969 – Князь Игорь –Кончак. 1970 –Чермен –Чермен. 1971 – Сказание о Рустаме –Рустам. 1971 –Рустам и Сухраб – Рустам. 1972 –В черных песках –Шамурад1973 –Одна среди людей –Абдували. 1973 –Пятеро на тропе –Гафар. 1974 –Абу Райхан Беруни – Махмуд Газнийский 1974 – Белая дорога –Мурад. .1974 – Одной жизни мало – Саттар. 1976 – Сказание о Сиявуше – Рустам. 1978 – Огненные дороги – Садыкджан –бай. 1981 – Год дракона – Махмуд Гук Ин. 1981 – Ярослав Мудрый - Куджи. 1982 – Захват –оратор. 1982 – Загадка Кубачинского браслета – певец Мурад. 1983 – Приключения маленького Мука – Сулейман. 1983 – Чохан Валиханов. 1984 – Позывные «Вершина». 1987 – Загон – Эмир Иосфании. 1987 – Раненые камни – абрек Осман. 1991 – Бухта смерти – Александр Михайлович. 1991 – Дикое поле – Эльдар. 1991 - Убить шакала – Тимур. 1992 – Горец.

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Театралон рольтæ : Король Лир ( Король Лир –Шекспира). Клавдий ( «Гамлет». В.Шекспира). Царь Эдип Софокла. Лука (« На дне М. Горького). Данко. Чермен («Чермен» Г.Плиева) Борахан(«Отверженный ангел.Ш.Джикаева). . Едигей (И дольше века длится день по Ч.Айтматову)..

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Награды •Орден Дружбы. •Народный артист РСФСР. •Заслуженный артист РСФСР •Народный артист СОАССР •Заслуженный артист СОАССР •Государственная премия Таджикской ССР им. Рудаки (1973) •Государственная премия СОАССР им. К. Л. Хетагурова. •Звание «Человек — народное достояние России».

Ирон лæг - Уататы Бибо.

Ирон лæг - Уататы Бибо.
Награды •Народный артист РСФСР. •Заслуженный артист РСФСР •Народный артист СОАССР •Заслуженный артист СОАССР •Государственная премия Таджикской ССР им. Рудаки (1973) •Государственная премия СОАССР им. К. Л. Хетагурова. •Звание «Человек — народное достояние России».
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
10.01.2019