Добавить материал
Войти
🕊️
Войти в кабинет
Медиатека
Курсы
Сертификация
Мероприятия
Конкурсы
Собрания
Классные часы
Новости
Ваше членство
Добавить материал
и получить до 500 000 ₽.
свидетельство СМИ
и 10 документов
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Оценка
4.7
Битарова Вера
Битарова Вера
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Оценка
4.7
Презентации учебные
pptx
воспитательная работа
10 кл
10.01.2019
Зæххыл цы хъуыстгонддæр, зондджындæр æмæ кадджындæр лæгтæ равзæрд, уыдоныл адæм арфæгондæй фыстой æмæ фысдзысты; уыцы темæйæн баихсийæн нæй. Генион адæймаг уымæн вæййы генион, æмæ æнæмæлгæ вæййынц йæ хъуыдытæ, йæ куыстытæ. йæ архайд, йæ бынтæ. Генион адæймаг кæмфæнды æмæ кæдфæнды райгуырæд - свæййы æппæт адæмтæн йæхи дæсниады æнусон ахуыргæнæг, зондамонæг. фæзминаг. Дунейыл театралон аивады цы генион артисттæ равзæрд, уыдонæн сæ раззагдæртимæ ис Ирыстоны хъæбысы райгуырæг, ирон адæмы уарзон хъæбул Тæбæхсауты Василийы фырт Владимир. Валодяйы адæм фырбуцæн хуыдтой Бало, æмæ йыл уыцы ном хуыздæр фидыдта. Бало!.. Ацы ном ирон адæмæй алкæмæн дæр у зындгонд, зынаргъ æмæ ахсджиаг.
Презентация Т.Б..pptx
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
ЙÆ НОМ ÆНУСОН Б А Л О Т Æ Б Æ Х С А У Т Ы
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
баихсийæн нæй. Генион адæймаг уымæн вæййы генион, æмæ æнæмæлгæ вæййынц йæ хъуыдытæ, йæ куыстытæ. йæ архайд, йæ бынтæ. Генион адæймаг кæмфæнды æмæ кæдфæнды райгуырæд - свæййы æппæт адæмтæн йæхи дæсниады æнусон ахуыргæнæг, зондамонæг. фæзминаг. Зæххыл цы хъуыстгонддæр, зондджындæр æмæ кадджындæр лæгтæ равзæрд, уыдоныл адæм арфæгондæй фыстой æмæ фысдзысты; уыцы темæйæн Дунейыл театралон аивады цы генион артисттæ равзæрд, уыдонæн сæ раззагдæртимæ ис Ирыстоны хъæбысы райгуырæг, ирон адæмы уарзон хъæбул Тæбæхсауты Василийы фырт Владимир. Валодяйы адæм фырбуцæн хуыдтой Бало, æмæ йыл уыцы ном хуыздæр фидыдта.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Бало райгуырд 1910 азы Цæгат Ирыстоны Æрыдоны хъæуы ( ныры горæты) мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. 15 июлы райгуырд, ирон адæмы кад бæрзонд чи систа, йæ ном дун-дунетыл кæмæн айхъуыст, уыцы лæппу – Бало. Ирыстоны нæргæ хъæлæс, театралон аивады гени, æппæты адæмондæр артист, Ирыстоны хъулонуарзт хъæбул Тæбæхсауты Уасилы фырт Владимир — Бало. Бало æрыгонæй йæ фидæны стыр кады мæсыгæн фыццаг дуртæ æвæрын куы райдыдта фидар бындурæн, уæддæр бæрæг уыди, кæй самайдзæн æнæфæцудгæ бæрзонд мæсыг. Æмæ уый йæ къухы бафтыд æнтыстджынæй.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Актерæн сценæ йæ цард, йæ хъысмæт у, театр – та йæ бæллицты суадон. Уыцы суадон нывæзт вæййы æрмæст дидинджытæ, къухæмдзæгъд æмæ хæрзиуджытæй нæ, фæлæ адæмы уарзондзинадæй, актеры æвæллайгæ æмæ æнтысджын архайдæй. Адæмы уарзондзинадæй стыр хайджын уыди Тæбæхсауты Бало.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Ирон театр иу уæлахизæй иннæмæ кæй хызти, ног æмæ ног хæрзиуджытæ кæй иста, йæ ном бирæ бæстæтыл кæй айхъуыст, уым Балойы курдиатæн, Балойы фæллойæн сæрмагонд, агъау нысаниуæг ис. Ирон адæмæн сæ туджы ис тых æмæ хъару, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад, йæ адæмы, йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ удыл чи нæ ауæрды ахæм адæймагæн кад æмæ æгъдау кæнын ( кæд арæх афтæ нæ рауайы , уæддæр). Æмæ сын уыцы æнкъарæнтæн æххæстæй дзуапп лæвæрдта Тæбæхсауты Бало, цы тыхджын, хъæбатыр хъайтарты сурæттæ, характертæ арæзта æмæ æвдыста, уымæй. Уымæн æй уарзтой ирон адæм æгæрон уарзтæй, хъæбулы уарзтæй.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Балойы стыр æрдзон курдиат уæлдай ирддæрæй рабæрæг, дард æнустæй æрбацæуæг Шекспиры æнæмæлгæ трагедиты кæй сарæзта, уыцы фæлгонцты. Уый нын, йæ ном æнæхъæн Зæххы къорийыл дæр хъуыстгонд кæмæн у, уыцы Отеллæйы сдзурын кодта иронау. Бало ацы хъайтары фæлгонц фыццаджыдæр равдыста тыхджын æмæ Тæбæхсæуты Балойы ном хаст æрцыд, цыппар æнусы дæргъы театры Отеллæйы роль æппæты хуыздæр , чи ахъазыд, уыдоны кадджын номхыгъдмæ, фыст æрцыд Айро Ольдридж, Жозеф Франсуа Тальма, Дэвид Гаррик, Павел Мочалов, Акаки Хорава æмæ иннæ номдзыд актерты фарсмæ.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
дун-дунетыл айхъуыст йæ туг æмæ йе стæджы кадджын ном, кæд æмæ нæхи Бало фæуæлахиз дунейы хуыздæр, Куыд нæ уа сæрыстыр Ирон лæг, кæд æмæ æрттивагдæр «стъалытыл» – Отеллойыл?!
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
«Отеллойы ролы чи ахъазыд, уыцы актертæй бирæты зыдтон. Тæбэæхсæуы – фырт – Отелло лæууы æппæты бæрзонддæр цъуппытæй. иуыл. Уый бæлвырд бамбæрста йæ хъайтары арф æнкъарæнтæ, йæ зæрдæскъæфæг уæздан фæлмæндзинад. Уыцы диссаджы советон актерæн йæ къухы бафтыд дунеон репертуары тæккæ зындæр ролтæй иуы иттæг арæхстджынæй равдисын» М. Морозов, профессор Шекспиры сфæлдыстад иртасæг.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
бирæ зæрдæмæхъаргæ фæлгонцтæ сарæзта киноаивады дæр. Уыдонимæ – Къостайы Балойы курдиат канд театры не скъæфта адæмы зæрдæтæ. Уый («Ирыстоны хъæбул»), Къниаз Алимбекы (Фатимæ», Али-Солтаны («Æз уæддæр кафдзынæн»), Ашеровы («Командиры раздæхт»), æмæ æндæрты фæлгонцтæ.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Ирыстонæн кад æмæ намыс чи скодта, йæ сагъæс, йæ мæт Ирон театралон аивад кæмæн уыд, йæ рæзтыл удуæлдайæ чи архайдта, уыдонæй иу уыд Тæбæхсауты Йæ архайд та ахæм уыд, æмæ Ирон театрæн йæ аивадæй бантысын кодта, Ирыстоны нæ, фæлæ Советон Бало. Цæдисы арæнтæ дæр атонын. Базыдтой йæ хурыскæсæны Манголæй суанг хурныгуылæны Стыр Британийы онг. Диссаджы тыхджын æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ гуырын уодта адæймаджы зæрдæйы Тæбæхсауты Балойы æрхæрæны курдиат.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Кæд нымæцæй бирæ не сты ирон адæм, уæддæр дунетыл йæ ном кæмæн айхъуыст, ахæм лæгтæ радтой царды алы къабæзты дæр. Нымæцæй тынг бирæ чи у , уыцы нацитæй дæр бирæтæм нæй , уыцы «стъалытæ». Мах, ирон адæм, сыгъдæг уæлдæфау фыццагдæр хъæуынц нæхи хæдбындур аивад. Нæхи арфæйаг культурæ, нæхи хорз æгъдæуттæ, нæ фыдæлты нæртон фарн. Уæд нæ кой, нæ хъæстæ никуы
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Ирон театры зæрингуырдтæн сæ номдзыддæры, Тæбæхсауты Балойы дæсныйадыл, йæ ныхасы, йæ архайды уагыл, йæ хæдбындур курдиат æмæ æгæрон парахат сценикон гæнæнтыл сусæгæй- æргомæй сæхи фæлвæрдтой æмæ ахуыр кодтой нæ театры артистты ног æмæ ног фæлтæртæ. Суанг ма хихъæппæрисадон драмон къордтæ, хæдахуыр артистты дæр ахуыр кодтой, сæхи фæлвæрдтой Балойы дæсныйадыл. , йæ курдиат сын уыдис фæндагамонæг, ныфсдæттæг. Арæх иу æй æрхуыдтой сæ спектаклтæм, лæмбынæг хъуыстой йæ фиппаинæгтæм, стыр аргъ сын кодта сæ зæрдиаг куыстæн. Йæ бон цæмæй уыд, уымæй сын æххуыс дæр Бало сæрыстыр уыд йæ кæстæртæй, уарзта сæ йæ фыртты хуызæн .Йæ кодта.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Алы адæммæ дæр ис, уæлдай буцдæр æмæ сæрыстырдæрæй кæй ном фæзæгъынц, ахæм намысджын æмæ кадджындæр хистæртæ. Уыдонæй иу уыд нæ Ирон театры æрттивгæдæр стъалы. ССР Цæдисы адæмон артист Тæбæхсауты Бало. Уый йæ æвидигæ курдиатæй дзæвгар фæбæрзонддæр кодта нæ ирон культурæ, Ирыстоны кад æмæ намыс. Уыдонимæ– ирон адæмы æрдхæрæны Чермен («Чермен» – Плиты Г.), Бæгъатыр («Фæтæг Бæгъатыр» – Мамсыраты Д.), Аслæнбег («Бæтæйы фырттэ» – Мамсыраты Д.), Фучик (Юлиус Фучик» – Ю. Бураковский), Дзамболат («Сау нымæт» – Джимиты Г.), Сæрмæт («Сæрмæт æмæ йæ фырттæ» – Саламты Къ). Тæбæхсауты Балойы сфæлдыстады сæйрагдæр бынат ахсынц сæрибары, адæймаджы ном, лæджы кад æмæ намысы сæраппонд йæ цард нывондæн æрхæссынмæ æдзухæй цæттæ чи вæййы, ахæм хъæбатырты сурæттæ.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Бирæ артисттæн , уæлдайдæр та кæстæр фæлтæртæн Бало уыдис сценæйы дæсныйады эталон, трагикон, героикон-романтикон характертæ аразыны эталон; ахæм аивады бæрзæндтæм схизынмæ тырныдтой, уыдон дæр. Æмæ сын Балойы куыстытæ уыдысты фæндагамонæг, тæмæнкалгæ стъалытæ Йæ фæстæ хорз скъола, хорз фæдонтæ ныууагъта. Бало уыд нæ театры фарн, æмæ йæ фарн йеммæ нæ ахастта; ныууагъта йæ йæ кæстæртæн, йæ уарзон театрæн. Балойы æрттивгæ аивад, йæ намысджын курдиат æххуыс кодтой, кæнынц æмæ кæндзысты фидæны дæр рæзгæ фæлтæры культурон, аивадон хъомысады. Йе сæлдыстаадон дæсныйад, йе сгуыхтдзинæдтæ ирон театры сæвзæрын кодтой сæрмагонд театралон дуг. Театралон заман, уыцы заманы тæваг, йæ æндæвдад хорзырдæм фæзынд ирон культурæйы рæзтыл, тынгдæр та – театралон аивады рæзтыл.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Зæрдæмæ тынг арф хъары ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы фæдзæхст æмæ та йæ æрымысæм: «Дунейы хæзнадон æнхъæлмæ кæсы мах хæзнатæм дæр! Сæвæрæм дзы, сæвæрæм, æфсымæртæ, нæ мысайнаг». Уыцы арфхъуыдыджын бæрнон фæдзæхст æнтыстджынæй, стыр кадимæ сæххæст кодта æмæ дунейы аивадон хæзнадонмæ бахаста хæрхъæд, æнæмæлгæ мысайнæгтæ Тæбæхсауты Бало. Ирон театралон аивады корифей Бало йæ адæмæн цы стыр лæггад бакодта, уый æнустæм бацыд ирон адæмы историмæ. Абон кæд номдзыд актер, адæм сценæмæ æрмæст йæ иу рацыдмæ дæр кæмæн бæллыдысты, уый не хсæн нал ис, уæддæр. Бало йæ фæстæ цы стыр фарн ныууагъта, цы бирæ фæлгонцтæ сарæзта нæ ирон сценæйы, уыдон æнустæм цæргæйæ баззайдзысты адæмы зæрдæты. Мах фидарæй уырны, нæ бæстæйы адæмон артист Тæбæхсауты Балойæн йæ ном уæлæуыл æнустæм цæргæйæ кæй баззайдзæн, уый.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Цытджын лæгтæ цытджын адæммæ равзæры. Ирыстон у цытджын ирон адæмы бæстæ, æмæ дзы райгуыры цытджын лæгтæ. Афтæ уыд. Афтæ уæд кæддæриддæр. Тæбæхсауты Балойæн йæ ном, йæ кад цæрынц æмæ цæрдзысты, ирон адæм кæдмæ цæрой, уæдмæ. Йæ ном, йæ кад театралон аивады фыст æрцыдысты æнустæм. Бало стъалыйау æрттивдзæн нæ царды Æрдз Ирыстонæн, ирон адæмæн цы хуыздæр лæвæрттæ бакодта, уыдонæй иу уыдис Тæбæхсауты Бало, æмæ уымæй мах хъуамæ уæм сæрыстыр, уымæн æмæ йæ адæмы кад бæрзонддæр кодта йæ тыхджын курдиаты фæрцы, мыггагмæ баззайдзæн йæ ном, цæрдзæн нæ адæмы зæрдæты.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Дæ райгуырæн бон циндзинад Фæрныг куывдæй дæ сбуц кодта «Бало», зæгъгæ , цы арфæйаг ном Ирон нæмттæн сæ фидауджындæр Цыма æртахт дæ нæргæ курдиат Фæцардтæ не хсæн кадджынæй, æрхаста, дæ фыд. уарзта, уыд. арвæй, хæларæй, æфтыди. ссыгъди, сисы, Сценæйы та паддзах уыдтæ. Дæ фарнæй фарн нæ театрыл Дæ намыс уыд Ирыстоны æргом. Æмæ дæ зынгæй ахæм арт Æгас дунейыл айхъуысти дæ ном. Кæстæр бæрзонддæр хистæры кад Дæ намыс та нæрдзæн æмæ Х У Ы Т Ы Г А Т Ы Х ъ азб ег.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
!981 азы 8 октябры йæ царды 72-æм азыл амард ССР Цæдисы адæмон артист, К.С.Станиславскийы номыл УСФСР-йы паддзахадон премийы æмæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл республикæйы премийы лауреат, ирон советон театры зынгæ архайæг Тæбæхсауты Владимир Василийы фырт. Ныгæд æрцыд Ирон аргъуаны Хетæгкаты Къостайы фарсмæ.
Йæ ном æнусон - Тæбæхсауты Владимир-Бало.
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете
сообщить о нарушении
.
Введите ваш email
Ваш email
*
Скачать материал
Скачать
Файл готов!
Скачать
Вверх
10.01.2019
Посмотрите также:
📁
Презентация "Партизанская война"
📁
Презентация "Адаптация десятиклассников"
📁
Презентация "Пожарная безопасность"
📁
СТРАТЕГИИ РАЗВИТИЯ МЕТАПОЗНАВАТЕЛЬНЫХ НАВЫКОВ У УЧАЩИХСЯ
📁
Презентация "Сестры милосердия"
📁
Презентация «Ты откровение, ты завет»
📁
Презентация к уроку самопознания "Со временем сверяя шаг"
📁
презентация к уроку самопознания "Со временем сверяя шаг" 10 класс
Новости
Курсы
Членство
Еще
Войти
Новости
Курсы
Сертификация
Мероприятия
Конкурсы
Собрания
Классные часы
Медиатека
Бонусы
Добавить материал
Добавить