Методическая работа в помощь обучающимся на тему: Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"
Оценка 5

Методическая работа в помощь обучающимся на тему: Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Оценка 5
Домашняя работа
docx
классное руководство
Взрослым
22.02.2019
Методическая работа в помощь обучающимся на тему:  Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"
Гӕдиаты Цомахъхъы драмӕ «Ос-Бӕгъатыр» у ӕртӕ актон. Драмӕйы Цомахъ ӕргомӕй ӕвдисы Ирыстоны уӕззау уавӕртӕ ӕмӕ ирон адӕмы истори. Йӕ сӕргондӕй бӕрӕг у кӕй кой кӕны йӕ драмӕйы Цомахъ, уый. Ос-Бӕгъатыр Иры ныфс, мӕгуыр адӕмы сӕрыл хӕцӕг, гуырдзиаг ӕлдӕртты тас ӕмӕ сӕфт, тыхгӕнӕг тых кӕмӕн нӕ ардта , уӕды заманы. Уый уыд бӕрзонд, рӕсугъд уӕнгтӕй, цӕсгомӕй та урсцъар ӕмӕ тӕхудиаг ирон лӕппу. Уӕды заманы, уымӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ хӕрзконддӕр лӕппу нӕ уыд нӕхъӕн Картлийы. Йӕ райгуырӕн хъӕу уыд Нузал. Ныгӕд дӕр уым ӕрцыд Нузалы аргъуаны фарсмӕ, йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Давид Сосланимӕ.
Ос - Багатар.docx
МЕТОДИКОН КУЫСТ АХӔМ ТЕМӔЙЫЛ: ГӔДИАТЫ ЦОМАХЪХЪЫ ДРАМӔ «ОС - БӔГЪАТЫР»-МӔ ГӔСГӔ. (ахуырдзаутӕн ӕххуыс) Гӕдиаты Цомахъхъы драмӕ «Ос-Бӕгъатыр» у ӕртӕ актон. Драмӕйы Цомахъ ӕргомӕй ӕвдисы Ирыстоны уӕззау уавӕртӕ ӕмӕ ирон адӕмы истори. Йӕ сӕргондӕй бӕрӕг у кӕй кой кӕны йӕ драмӕйы Цомахъ, уый. Ос-Бӕгъатыр Иры ныфс, мӕгуыр адӕмы сӕрыл хӕцӕг, гуырдзиаг ӕлдӕртты тас ӕмӕ сӕфт, тыхгӕнӕг тых кӕмӕн нӕ ардта , уӕды заманы. Уый уыд бӕрзонд, рӕсугъд уӕнгтӕй, цӕсгомӕй та урсцъар ӕмӕ тӕхудиаг ирон лӕппу. Уӕды заманы, уымӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ хӕрзконддӕр лӕппу нӕ уыд нӕхъӕн Картлийы. Йӕ райгуырӕн хъӕу уыд Нузал. Ныгӕд дӕр уым ӕрцыд Нузалы аргъуаны фарсмӕ, йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Давид Сосланимӕ. Драмӕйы фыццаг хайы ӕттаг бакастӕй Цомахъ сныв кодта Ос-Бӕгъатыры афтӕ: Гуырдзиаг дзаумӕттӕ йӕ уӕлӕ, йӕ мадмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ йын ӕппӕлы йӕ кардӕй. Нана! - Кӕс ма! - Мӕ кард. Кӕм уыдзӕн ӕндӕр ахӕм кард? Мӕ карды хуызӕн никӕмӕн ис ӕнӕхъӕн Иры. Нана ӕркӕс ма йӕм, куыд цӕхӕртӕ калы. Фӕлӕ нанайы не ᾽ндавынц йӕ хъӕбулы ныхӕстӕ, йӕ сӕры ис ӕрмӕстдӕр иу сагъӕс, кӕд фӕуыдзӕн хӕст, цӕмӕй йӕ хъӕбулы ӕмӕ иннӕ ирон фӕсивӕды мауал хъӕуа кард ӕмӕ хӕцӕнгарзы сӕр. Фӕлӕ Ос-Бӕгъатыр, уӕддӕр ӕппӕлы тӕтӕйраг ӕлдары лӕвар кардӕй, Хуссармӕ куы цыдысты Гуырдзыйы ᾽рдӕм, уым мын ӕй балӕвар кодта, зӕгъгӕ. Нанайы зӕрдӕйы ис дызӕрдыг, тас ӕмӕ йӕ ӕмбарын кӕны йӕ фыртӕн, тӕтӕр тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕууӕнк сты, зӕгъгӕ. Уыдон хӕрынц куыдзы дзидза, бӕхы туг та нуазгӕ кӕнынц. Ома махӕн иу фӕндаг нӕй, ма сыл ӕууӕнд. Кард сӕвӕрыны рӕстӕг у мӕ хур, мауал хӕц гуырдзиаг ӕлдӕрттимӕ, уыдон махимӕ ӕмдин сты, кӕд ӕрлӕууиккой, нал кӕниккой ӕвзӕр митӕ. Уый нанайы бӕллиц уыд. Тынг ӕй фӕндыд хӕст тагъддӕр куы фӕуид, цӕмӕй йӕ фырт гасӕй аивӕрза. Худгӕйӕ дӕр ма йӕ фырты мӕстӕй мары, чи зоны иу бон гуырдзиаг сиахс бауай. Ос-Бӕгъатыр ӕмбарын кӕны йӕ мадӕн, куыд тухийӕ марынц мӕгуыр ирон адӕмы алырдыгӕй. Ӕмбарын кӕны кард ӕрӕвӕрыны афон кӕй нӕма у. Знаг пырх хъуамӕ ӕрцӕуа, кӕннод афтӕ бирӕ быхсӕн нал ис, ӕгӕрыстӕмӕй гуырдзиаг кусӕг адӕмы дӕр хъыгдарынц. Уалынмӕ Ос-Бӕгъатыры уӕлхъус балӕууыд йӕ хорз ӕмгар Гиорги, ӕмӕ йын фехъусын кодта: фӕсӕфцӕг хуссарӕй ӕмӕ быдираг ирӕй ӕрбацыдысты дыууӕ бӕлццоны Тъепӕ ӕмӕ Арӕби. Ӕмбарын кӕны Ос- Бӕгъатырӕй ӕххуыс кӕй агурынц, уый. Ӕвӕццӕгӕн ӕй йӕ зӕрдӕ зыдта, кард ӕрӕвӕрыны афон кӕй нӕма у, уый. Бамбӕрста, сӕр та кӕй бахъуыд нӕ быдираг ӕмӕ фӕсхохаг мӕгуыр ирон адӕмы. Хъизӕмарӕй сӕ марынц тӕтӕр, адыгей-кӕсӕг ӕмӕ аннӕрдыгӕй та цӕцӕн, мӕгуыр адӕмы хӕрдмӕ скӕсын нал уадзынц. Уазджытӕ тынг рахъаст кодтой гуырдзыйы ӕлдӕрттӕй ӕмӕ фыдуаг адыгей- кӕсӕгӕй. Ноджы ӕргомӕй загътой ᾽знаг гӕрзифтонг кӕй у, уый, сӕ бӕх-рог, нымӕцӕй тынг бирӕ, тыхгӕнӕг сын тых нӕ ары. Уыдон цӕттӕ, мах ӕдзӕттӕ. Ирон хъӕу нал баззад Мӕлхъ-доны фӕстӕ. Курынц Ос-Бӕгъатырӕй ӕххуыс ӕмӕ ма загътой: Кӕсгон ӕлдары хъомдон мӕрзыны бӕсты - мӕлӕт ӕвзарӕм, зӕгъгӕ. Цагъайрады фӕлтау - кады мӕлӕт ӕвзарынц нӕ фӕсивӕд, иу дӕр фӕстӕ нӕ лӕууы. Цӕцӕн дӕр сусӕг ӕргомӕй нал ауӕрдынц, лӕбурынц бирӕгъау алырдыгӕй, ахсынц цагъартӕй. Къордгӕйттӕ ныййыстӕм, асасти нӕ тых, нал ис хъару, нал фӕразӕм. Фӕкӕс нӕм Ос-Бӕгъатыр дӕ адӕмимӕ знӕгтыл алӕгӕрдынмӕ, нӕ бартӕ нӕ къухтӕм райсынмӕ. Ӕнхъӕлмӕ дӕм кӕсы, хох, ӕххуысмӕ!.. Бирӕ нӕ ахъуыды кодта Ос-Бӕгъатыр, фӕлӕ сын ныфс авӕрдта, цӕцӕн сты тӕлтӕг ӕмӕ тӕппуд адӕм , уыдонӕй тӕссаг нӕу, фӕлӕ кӕсӕг ӕлдариуӕг кӕнынмӕ хъавы Ирыл. Ӕргомӕй дзуры Ос-Бӕгъатыр, ᾽знаджы цӕвын кӕй хъӕуы йӕ фыццаг фӕзындыл, арфмӕ сӕ нӕ хъӕуы уадзын. Бавӕрдта Ос-Бӕгъатыр йӕ хохаг уазджытӕн ныфс, тагъд знаг кӕй базондзӕн Иры ᾽хсар, нӕ кӕрдтӕй та знаджы туг кӕй тӕдздзӕн. Хуссайраг уазӕг Тъепӕ не ᾽нцайы уӕддӕр йӕ дзурынӕй, хъаст кӕны ӕлдӕртты уагӕй, кӕй сын байстой сӕ зӕххытӕ, сӕ фос, нӕмынц сӕ уистӕй. адӕмы Хынджылӕг кӕнынц сылгоймӕгтӕй, зӕрӕдтӕй. Цӕуын хъӕуы, цӕуын! Ӕнӕ хӕст гӕнӕн нал ис! Цыргъ нӕ кард, рог нӕфат! Ӕхсарӕй та ныл зӕрдӕ кӕм худы. Ос-Бӕгъатыр йӕ сӕр разыйы тылд бакодта ӕмӕ сын дзуры: Ӕхсарӕй ныл бӕргӕ ничи фӕтых уыдзӕн, уый ӕцӕг у. Фӕлӕ ахӕм стыр хъуыддаджы зондӕй хъӕуы сархайын, бауынаффӕ кӕнын. Ахъуыды хъӕуы бӕстон , кӕцырдӕм ахӕцӕм фыццаг Гуырдзымӕ ӕви Кӕсӕгмӕ? Тъепӕйы тыхс хуызмӕ гӕсгӕ бамбӕрстой Ос-Бӕгъатыры адӕм Гуырдзыстоны ᾽рдыгӕй тынгдӕр тыхст кӕй сты, уый. Тынг ахъуыды кодта мӕгуыр гуырдзиаг лӕппу Уӕхтӕнӕджы хабарыл дӕр. Йӕ адӕмӕй ралыгъд ӕмӕ ӕххуыс агуры ирӕттӕй. Йӕ фыр хъалӕй не ᾽рцыд мыййаг ӕххуыс агур, йӕ зӕрдӕйы цы стыр маст ис, уый уромын йӕ бон нӕ бацис, ӕлдары фырты мары йӕ масты сӕрыл. Раст Уӕхтӕнӕджы чындзӕхсӕвы бон ӕлдары фырт фӕзынд, йӕ усы йын байсын кодта, йӕхимӕ йӕ акодта фыццаг ӕхсӕв, ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодта. Уый йӕм фаг нӕ фӕкаст, чызджы сыгъдӕг цӕсгом фӕхудинаг кодта, фӕлӕ ма йӕ Уӕхтӕнӕгмӕ баппӕрста, ӕмӕ йӕхӕдӕг худгӕ рацыд. Йӕ уарзоны сыгъдӕг уды маст нӕ ныббарста Уӕхтӕнӕг, мары ӕлдары фырты. Зоны йӕ хъысмӕт кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ лидзы Ирыстонмӕ. Ам дӕр тынг тырны, цӕмӕй ӕлдӕртты кой мауал уа, зӕххыл. Иу хъуыдымӕ ӕрцыдысты адӕм, хъуамӕ гуырдзыйы ӕлдӕрттӕ пырх ӕрцӕуой, стӕй гуырдзыйы зӕхкусджытимӕ иумӕ рахӕцой кӕсӕгыл. Ӕлдары фырт мард куы ӕрцыд, уӕд фыд йӕ маст исгӕйӕ фылдӕр фыдмитыл ахӕцыд, сылгоймӕгтӕн сӕ риуы ӕхсырӕй хъомыл кӕнын кодта куыдзы къӕбылатӕ. Ацы стыр тӕригъӕддаг фыдмитӕ тынг ӕргомӕй равдыста Гӕдиаты Секъа йӕ радзырд «Арагуыйы ӕлдар Нугзар»-ы. Ӕлдарӕн ис иунӕг чызг Кетеван, кӕцы йӕ фыды карз ӕмӕ ӕнӕгъдау митимӕ нӕу разы , уайдзӕф ын кӕны, фӕлӕ фыд йӕ митӕ дарддӕр кӕны. Кетеван йӕ фыдӕй домы, цӕмӕй мӕгуыр адӕмы суӕгъд кӕна йе᾽фсондзы бынӕй. Уый ӕмбары, мӕгуыр адӕм афтӕ бирӕ кӕй нал бабыхсдзысты, ӕмӕ йӕ фыдӕн тынг тӕрсы. Цомахъ Кетеванӕн ахӕм рӕсугъд фӕлгонц сныв кодта ӕмӕ йӕ алчидӕр тынг бауарзы. Уымӕн фыссы афтӕ: «Кетеван ӕлдӕртты ᾽хсӕн у, ӕлдӕртты дарддӕр, къухтӕй мард раст цыма фаджысы цъуппыл дидинӕг ӕрзад, афтӕ. Йӕ фыды хуызӕнӕй йӕм ницы ис…» Ос-Бӕгъатыр сиды йе᾽мгӕрттӕм: Гъӕтт, ирон фӕсивӕд! Размӕ! Размӕ! Знаджы цӕгъдынц, нӕ ауӕрдынц сӕхиуыл. Знаджы дӕр тас куыннӕ бацыд. Уыцы карз тохы фӕмард Кетеваны фыд дӕр, афтӕ бирӕ кӕй уарзта. Кетеваны баййӕфта, цӕмӕй тарст, уый. Баззад иунӕгӕй, йӕ фыды дӕр уымӕн фӕдзӕхста, зыдта мӕгуыр адӕм куы сфӕлмӕцой, уӕд иу бон растдзысты. Мӕстджын та мӕлӕтӕй кӕм фӕтӕрсы, фӕлӕгӕрды размӕ, цалынмӕ йӕ фӕнд сыххӕст уа, ӕмӕ мӕнӕ абон йӕ фыд йӕ разы мӕцы йӕ туджы. Ос-Бӕгъатыр Кетеваны фенгӕйӕ йӕ нанайы ныхӕстӕ йӕ хъустыл ауадысты, уӕдта ма гуырдзиаг сиахс бадӕ, зӕгъгӕ. Кетеван тынг балӕхстӕ кодта Ос-Бӕгъатырӕн, цӕмӕй йын йӕ фыды кад ӕмӕ радимӕ баныгӕной. Чызгӕн нал уыд балӕууӕндон ӕмӕ йӕ Ос-Бӕгъатыр йӕ нанамӕ ӕрвиты, чындзагӕн. Стыр хӕст райдта Кавказы. Иры ӕмӕ Гуырдзыйы фӕсивӕдӕн минӕвӕрттӕ фехъусын кодтой, кӕй хъӕуы ӕмхуызонӕй сыстын, цӕмӕй ӕлдӕрттӕ ӕрцӕуой ӕппӕрст ӕнустӕм. Адӕм нал ауӕрдынц, судзынц сын сӕ фос, сӕ фидӕрттӕ, цӕмӕй сӕ кой мауӕл уа, ферох сӕ ой сӕ фыдӕбӕттӕ. Хӕцы Ос-Бӕгъатыр иу аз, Кетеван ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕгъдауыл йӕ мойагмӕ, кувы Хуыцаумӕ, цӕмӕй хӕст фӕуа. Ӕлдӕрттӕ бамбӕрстой Ос-Бӕгъатыр ӕн тыхӕй кӕй ницы ракӕндзысты, зилын. Ӕрвитынц ӕм фондз комӕй минӕвӕрттӕ, цӕмӕй бафидауой. Кӕдмӕ хӕцдзыстӕм, демӕ нӕ хъӕуы фидауын. Ос-Бӕгъатыр зоны ӕлдӕртты фӕлитой митӕ ӕмӕ сӕм ӕрвиты: «Кӕд ныл сайдӕй пилон суадздзыстӕм». Тугӕн ӕгъгъӕд у, дзурынц Кетеван ӕмӕ нана дӕр, бафидауын хъӕуы. Кетеван нал ӕмбӕхсы йӕ уарзондзинад. Ос-Бӕгъатыр дӕр ӕргомӕй сӕтты йӕ уарзон чызгӕн йӕ ӕнӕкӕрон уарзондзинадыл. Ныфс дӕтты Ос- Бӕгъатырӕн, ӕлдӕрттӕ дӕр иухуызон кӕй не сты, ома сайгӕ нӕ кӕнынц. Ратдзысты дын дӕ адӕмӕн зӕххытӕ, ӕмӕ мах та ӕнӕмӕтӕй цӕрдзыстӕм. Фӕлӕ йӕ йӕ уарзон чызджы ныхӕстӕ кӕм уырнынц. райдыдтой гӕнӕхты ӕмӕ йыл сайдӕй рацӕуат, уӕд уын уӕ – Ӕлдӕрттыл ӕууӕнк нӕй, стӕй сӕ зӕххытӕ дӕр ӕнцонӕй нӕ ратдзысты. Уалынмӕ та ногӕй уацхӕссӕг фехъусын кодта Гуырдзыйы паддзахы демӕ фидауын, кӕй фӕнды. Гыцци ӕмӕ Кетеваны цинӕн кӕрон нал уыд, фӕлӕ Гиорги ӕмӕ Ос-Бӕгъатыр фидарӕй зонынц, сайгӕ кӕй кӕнынц, цыдӕр хинӕй сыл кӕй цӕуынц, уый. Фӕлӕ цы хъавынц? Цы уыдзӕн сӕ фӕнд? Кӕд ӕй зоны марынмӕ йӕ хъавынц, уӕддӕр йӕ сӕрмӕ не᾽схаста, ма ацӕуа ӕмӕ ацыд фыдбылызы къахыл. Мады зӕрдӕ зонаг у, цыдӕр тас йӕ зӕрдӕмӕ бахъуыззыд, зоны цыдӕр фыдбылыз ӕм кӕй кӕсы. Мад цӕмӕй тарст , уый йӕ баййӕфта. Цӕргӕс Кӕвдӕсойы куы ауыдта , уӕд ныууынӕргъыдта: - Уӕ Мадымайрӕм! Мӕ иунӕг фырт, де уазӕг. Фӕлӕ фыдбылыз тӕригъӕд кӕм зоны. Цӕргӕс фехъусын кодта уӕззау хабар, фурды астӕумӕ йыл нӕмгуытӕ кӕй ныккалдтой. Мады ниуынӕй къӕдзӕхтӕ дӕр ныррызтысты. Кетеван йӕ удӕй фылдӕр цы Ос-Бӕгъатыры уарзта, уый мӕлӕт фехъусгӕйӕ йӕхи ӕппары Къуары доны, кӕд мӕрдты бӕстӕм уӕддӕр бафтиккам бӕргӕ хъавыдысты Кетеваны аивӕрзын кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕ доны уылӕнтӕ сӕ быны аныгӕдтой. Ос-Бӕгъатыры фӕлгонц у, алы ирон адӕймагӕн дӕр фӕзминаг. Ахӕм гуырдтӕ нӕм куы уаид бирӕ, йӕ адӕмы афтӕ бирӕ чи уарзта. Нӕ бафсӕст йӕ зӕххыл цӕуынӕй. Нӕ бафсӕст йӕ уарзон чызгимӕ цӕрынӕй. Нӕ бафсӕст йӕ Гыцийы рӕвдыдӕй. Ӕмӕ аххосаг та уыдысты ӕрмӕстдӕр – ӕлдӕрттӕ. ӕфсӕдтонтӕ ма иумӕ. Ӕлдары Габеты А. М.

Методическая работа в помощь обучающимся на тему: Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему:  Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему: Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему:  Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему: Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему:  Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему: Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему:  Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему: Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"

Методическая работа в помощь обучающимся на тему:  Цомак Гадиев драма "ОС - Багатар"
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
22.02.2019