Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...
Оценка 4.9

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Оценка 4.9
Мероприятия
docx
классное руководство
7 кл
02.03.2019
Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...
Куыд зынаргъ дӕ, Ныййарӕг… « Хассыс, сылгоймаг, царды рухс дӕ армы, Ӕнустам калӕд дидинӕг дӕ фарн» --- Адӕймагӕн йӕ мад, йӕ фыд йӕ зӕрдӕйы базыртӕ сты. Зӕрдӕйӕн базыртӕ куы уа, уӕд та цӕрын ӕнцон у,мӕ хуртӕ. Уыдон фӕндагамонӕг сты ӕмӕ нӕ цардӕн йӕ рӕсугъддӕр, йӕ бӕрзонддӕр рындзтӕм хонынц. Мӕ зӕрдӕйӕн йӕ сызгъӕрин базыртӕ рагӕй нал сты, уӕддӕр сӕ мысын ӕмӕ сӕ кӕддӕры хъармӕй абон дӕр цӕрын.
Куыд зынаргъ дӕ.docx
Куыд зынаргъ дӕ, Ныййарӕг… « Хассыс, сылгоймаг, царды рухс дӕ армы, Ӕнустам калӕд дидинӕг дӕ фарн» --- Адӕймагӕн йӕ мад, йӕ фыд йӕ зӕрдӕйы базыртӕ сты. Зӕрдӕйӕн базыртӕ куы уа, уӕд та цӕрын ӕнцон у,мӕ хуртӕ. Уыдон фӕндагамонӕг сты ӕмӕ нӕ цардӕн йӕ рӕсугъддӕр, йӕ бӕрзонддӕр рындзтӕм хонынц. Мӕ зӕрдӕйӕн йӕ сызгъӕрин базыртӕ рагӕй нал сты, уӕддӕр сӕ мысын ӕмӕ сӕ кӕддӕры хъармӕй абон дӕр цӕрын. 1-аг амонӕг. Мад… Уыимӕ баст сты нӕ царды рӕсугъддӕр бонтӕ. Кӕд зӕххыл ӕцǽг амонд фенӕн ӕмӕ банкъарӕн ис, уӕд ӕрмӕстдӕр мады рухс цӕсгом уынгӕйӕ. Мады фаг хорздзинӕдтӕ ацы зӕххыл нӕй, фӕлӕ уый буц даргӕйӕ, уымӕн ирон рӕсугъд ӕгъдау дӕтгӕйӕ бамбарӕн ис, циу амонд. (зарӕг «Ныййарӕгӕй амонд) 2-аг амонӕг. Фыдӕлтӕ кӕддӕриддӕр аргъ кодтой сылгоймагӕн, рӕдаукъух ӕфсинӕн, уарзӕгуд мадӕн, хӕдзары къона хъахъхъӕнӕгӕн. --Сылгоймаг, нӕ мад, нӕ хо дӕ, Мӕ сӕрӕй дын кувын ныллӕг Дӕ уалдзӕджы тухӕн, зын бонтӕ Фӕззыгон – фӕрнӕйдзаг тыллӕг! Куыд ахадгӕ дзаума у авдӕн, Куыд зынаргъ у дунейы рухс,- Ды сфӕлыстай уыдон нӕ цардӕн Ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдӕ уӕд буц! Дӕ бакаст у хурау нӕ удтӕн, Дӕ дзыхы ныхас у уӕздан Нӕ цинты, нӕ зынты дӕ тухӕн Мах хонӕм нӕ хӕдзары фарн. --- Зыланггӕнгӕ куы рбацӕуы цъӕх уалдзӕг Нӕ зӕхмӕ хур куы бахуды фӕлмӕн Уӕд мӕ куыд тынг, куыд тынг фӕфӕнды Мӕ ӕрдз ӕмӕ фыццаг тын, лӕвар кӕнын дӕуӕн. Уарзты зард, малусӕг, ӕхсӕрдзӕн Уарзын уалдзӕг ног кӕрдӕджы тӕф, Хонгӕ кафты химӕ лвасӕг зӕлтӕ Уарзонӕн, йӕ сонт зӕрдӕйы цӕф. (Хонгӕкафт) 2-аг амонǽг Мады зǽрдǽ… Цас, цас уарзондзинад ис уыцы зǽрдǽйы. Мады уарзондзинад дендджыз у, хур у, цард у. Хъǽбулы маст йǽхи маст у, хъǽбулы цин йǽхи – цин. Ǽмǽ куыд ǽхсызгон вǽййы мадǽн, йǽ хъǽбул ын йǽ фыдǽбǽттǽ куы фембары, уый. Мады ǽгъуыссǽг ǽхсǽвтǽ, мады тыхст хъǽбулыл. Тӕхуды, мады бирӕ хӕрзтӕ Куы суаид бафидын мӕ бон Ӕз ме ккой хох хӕссин йӕ бӕсты,- Хъӕбулы зӕрдӕйы ӕхцон Фӕцӕр, ныййарӕг мад, дзӕбӕхӕй Дӕ цоты уындӕй рай. Ӕмӕ нын миназон къӕдзӕхау Хъӕддыхдӕр, фидардӕр куыд уай. 1-аг амонӕг. --- Мад – царддӕттӕг. Хӕрзконд, хӕрззонд, фӕлмӕнзӕрдӕ, уды рӕсугъддзинад… Уыцы хӕрзиуджытӕ иууылдӕр мады лӕвӕрттӕ сты. Мад сӕ куынӕ радта, уӕд уыцы хорздзинӕдтӕ тыгъд быдыры фӕндаджы хъӕбӕрыл ссаргӕ не сты. 2-аг амонӕг. --- Мад… Уый диссаг у, ӕвӕдза! Уый йӕ хъӕбулы улӕфт дардмӕ хъусы. Йӕ хъӕбул та зӕры – зӕрондмӕ куы фӕцӕра, уӕддӕр ӕй сываллон хоны ӕмӕ йын хур бон хуры тӕвдӕй тӕрсы, къӕвда бон – суазалӕй. Мады зӕрдӕ сыгъзӕрин фестай! ---- Зӕххыл ис иунӕг хӕзна царды Ӕмӕ уый Мад у, мӕ хур, Мад. Йӕ рӕвдыд сау дуртӕм дӕр хъары, Фӕсуры зӕрдӕйы фӕллад. О Мад, сыгъзӕрин Мад, дӕ хӕрзтӕй, Ды кӕныс кӕстӕрты ӕнгом. Тӕхуды зарӕджы ныхӕстӕй Ӕнусон чи кӕны дӕ ном. 1 – аг амонǽг. Абон сылгоймаг йе ххуысы хай хǽссы куыд хо, чызг, сылгоймаг. Фǽлǽ се ппǽты сǽргъы лǽууы мад, ныййарǽг. Мад… Ныййарǽг мад, куыд зынаргъ ǽмǽ адджын сты ацы дзырдтǽ алы адǽймагǽн дар. Бирǽ ǽхцондзинады ǽнкъарǽнтǽ сǽвзǽрын кǽнынц алкǽмǽн дǽр йǽ зǽрдǽйы. Мадǽй райдайы алцыдǽр. Мадǽй райдайы дуне. Райгуырǽн бǽстǽ дǽр мадǽй райдайы. Мадǽй райдайы цард. (Зарӕг «Мады ном») Цыбыр концерт : 1. Сценкǽтǽ «Уайсадǽг чындз»; 2. «Мǽ фыды дневник» 3. Хонгǽ кафт. Кӕронбӕттӕн Нӕ Иры сылгоймӕгтӕ! Ӕнусон уӕ фарн, Ӕмӕ уӕ рухс дӕр ӕнусон. Цъӕх уалдзӕгау худӕд, ӕрттивӕд уӕ цард Уӕ хорзы хорзы кой дардыл куыд хъусӕм Нӕ Иры сылгоймӕгтӕ, нӕ цин дӕр, нӕ рис дӕр Уӕ цӕстыты мбӕхсы. Кӕд ацы бӕрзонд зӕххыл хорз амонд ис Уӕд уый дӕр ссарӕм дӕ фӕрцы.

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...

Внеклассная работа "Куыд зынаргъ да, Ныййараг...
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
02.03.2019