Ирон литратурæйы урок 5 –æм къласы
Урочы темæ: «Фыдыбæстæ» Кочысаты Мухарбег
Урочы эпиграф:
«Цы хъахъхъæнон, уый ис:
Фыды уæзæг,
Фыдыбæстæ –
Мæ райгуырæн Цæдис.»
Цырыхаты Михал
Урочы нысантæ:
1.Равзарын Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»;
2.Скъоладзауты аруыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурыныл,хадзæгтæ кæныныл.
3.Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын
Урочы фæлгонц: презентаци,чиныг,видеофильм
Дзырдуатон куыст: ныфс, æдас,цардамонд, æвдадзы хос, сæрвæлтау
Универсалон ахуырадон архæйдтытæ урочы:
Коммуникативон,миддуне хъаздыг кæнын,регулятивон,удгоймагон.
Урочы цыд
-Уæ райсом хорз! Абон махмæ и уаздытæ æмæ ма цын "æгас цæут!" зæгъæм. Нæ абоны урок арвитдзыстæм иумæ, мæ ном у Ангелина Робертовна. Тынг æхсызгон мын у уе мæ базонгæ кæнын!Диссаджы рæсугъ лæппутæ æмæ чызджытæ стут!
Мотивацион уавæр.
-Уæдæ райдайæм нæ куыст!Нæ урочы эпигрæф у: Уæ зæрдылæй бадарут ,уымæн æмæ ма йыл æрдзурдзыстæм.
Видеоныв таурагъ .Слайд 1
Ахуырг. - Зæгъут ма мын цай кой дзы цыд ацы видео нывы?
–Куыд уæм кæсы цавæр темæйыл дзурдзыстæм абон нæ урочы?
(Сывæллæтты дзуæппытæ)
Куыд æмбарут дзырд «Райгуырæн бæстæ»? Цавæр синонимтæ йæм ис æрхæссæн?
(Сыв:Фыдыбæстæ, Райгуырæн зæхх, Райгырæн уæзæг æмæ а.д)
(Повесить на доску слова)
Ахуыр. Ис нын стыр æмæ гыццыл Фыдыбæстæ. Куыд хуыйны не'стыр Фыдыбæстæ?
(Ответы детей)
-Æмæ уæд гыццыл та?
(ответы детей)
_Тынг раст! Уæдæ куыд рæсугъ у нæ Райгуырæн бæстæ! Бæрзонд урс сæр хахтæ, æнусон цъититæ,цъах быдыртæ. æвæдза цы диссаджы ран цæрæм!
Ацы рæсугъддзинадмæ кæсгæйæ адæймаджы зæрдæйы сывзæры æхсызгон æнкъарæнтæ,фæлæ знаджы бафæндыд уыцы æхсызгондзинад скъахын...
(Голос Левитана? Слайд 2)
-Куыдæй фехъуыстат афтæ 1941 азы 22 июны немыцаг фашистытæ æрбабырстой æнæнхъæладжы нæ Райгуырæн бæстæмæ. Фыдыбæстæйы тохмæ ацыдысты 84мин адæймаджы. Бирæтæ дзы уыдысты хæрз æрыгон. Уыдон æхсæн уыдысты нæ курдиатджын поэттæ дæр.
(Слайд 3)
- Се'ппæт уын кæм равдисдзæн фæлæ... (Перечисление)
-Лæмбынæг ма æркæсут æмæ зæгъут, куыд уæм кæсы цымæ дзы мах абон бæлвырддæр кæуыл æрдзурдзыстæм?
(Ответы детей)
-Раст у! Кочысаты Георгийы фырт Мухарбеджыл.Уый райгуырд 1920 азы,Ольгинскæйы.Скъола каст куы фæци уæд бацыд ахуырмæ Цæгат Ирыстоны Педагогон институтмæ. Фæстаг курсы куы ахуыр кодта уæд райдыдта хæст, æмæ йын нæ бантыст институт фæуын.Мухарбег ацыд йæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ, уыд афицер.Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын ссаккаг кодтой "Сырх стъалыйы орден"(Орден красной звезды) æмæ Хъæбатырдзинады тыххæй.
Слайд 4
æрыгон поэтæн цы бантыст ныффыссын ,уыдон æнусмæ ахстон скодтой адæмы зæрдæты.
Нæ йын бантыст уæлахиы бонмæ ацæрын,1944 азы знаджы нæмыгæй йа æрыгон цард æрбаскъуыд.
- Чи йæ анымайдзæн тагъд æмæ йæ зæгъдзан цал азыйыл цыд уый?
(Ответы детей 24 азы)(Похвалить детей)
-Мах абон нæ урочы базонгæ уыдзыстæм Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæй иуимæ.
-Цæмæй йæ хуыздæр бамбарæм уый тыххæй та æмдзæвгæйы цы зын бамбарæн дзырдтæ и уыдоныл акусдзыстæм.
(Показать и объяснить работу с таблицæй)
-Алкæмæн дæр уæ йæ разы ис мæнæ ахам таблицæ. Таблицæйы мидæг дамгъæтæ æмæ уæнгтæ,сæ бынмæ та сæ кодтæ. Сыфыл рæнхъгай нымæцонты æбæхст сты æмдзæвгæйæ дзырдтæ, æмæ нын сæ базонын хъæуы.
(Показать пример)
-Дæнцæгæн уын æвдисын куыд агургæ сты уый.Зæгъам:
8.104.89.16- ныфс.(зæрдæ дарын надежда)
94,57,15,104 100,3,16-æвдаджы хос(алы низтæй диссаджы хос)
18.32.117.2.48,25,5- сæрвæлтау(искæйы тыххæй)(Во имя,ради,за)
-Уыдон сты æмбæхст дзырдтæ. (Подбадривать)(Проработать)
ФИЗМИНУТКÆ
Нæ бæстæйы хæхтæ тынг бæрзонд сты(Вытягиваются на носочках
Дæттæ та тынг арф(садятся на корточки)
Быдыртæ тынг уæрæх(разводим руки широко)
Хъæдтæ тынг стыр(вытягиваем руки вверх)
Мах та сабитæ стæм мæнæ ахæмтæ!(показываем большой палец)
Æмдзæвгæ бакæсын, йæ хъуыды мæ гæсгæ йын сæргонд æрхъуыды кæнын.Читает учитель.
(Ответы детей)
-Цымæ йын автор та цæвæр сæргонд радта?
-Байгом ма кæнут уæ чингуытæ ... фарсыл , æркæсут ма цавæр сæргонды радта автор?
(Ответы детей)
-Куыд хоны автор "Фыдыбæстæ" йе'мдзæвгæйы?
(Ответы детей. Ныййарæг зæхх, мæ цин,мæ цардамонд,мæ зæхх)
-Куыд уæм кæсын афтæмæй стут тынг сæрæн ахуырдзаутæ, цымæ иронау кæсынмæ дæр дæсны стут?
(Читают дети)
-Йæ Райгуырæн бæстæйы æрдзы рæсугъддзинад цавæр дзырдтæй равдыста поэт? Ссарут ма цæ
(Ответы детей)
-Цавæр зæрдæ бавæрдта Мухарбег йа Фыдыбæстан? Куыд басомы кодта?
-Куыд уæм кæсы абон цы цауутæ цæуы Украинæйы уыдонимæ бабæттæн ис нæ абоны темæ?
(Ответы детей)
- Æмæ куыд баст у?
(Ответы детей)
- Урочы эпиграфмæ дæр æркæсæм (прочитать) цы хъахъхъæнæм уый нын æцæгæй дæр ис , ис нын Райгуырæн бæстæ кæцы йы æрмæст хъахъхъæнын нæ.фæлæ йæ уарзгæ дæр кæнæм.
Рефлекси
-Фæдих ма ут 2 къордыл, æз уын пазылтæ авæрон, ацæттæ кæнут кърандестæ æмæ пазыл сахорут Ирыстоны тырысайы хуызтæй.
(Вопросы во время закрашивания.)
Цавæр хуыстæ ис Ирыстоны тырысайæн?
(Ответы детей. смотреть по времени и спросить про значения)
-Уæдæ цавæр æмдзæвгæимæ базонгæ стам?
-Чи у йæ автор?
(Вешаем пазл на доску)
-Цы рауад нæ пазылтæй?
(Ответы детей)
- Алкæмæн йа разы ис хур, сныв ма канæут алчи йа хурæн цæсгом, урок кæд фæцыд уæ зæрдæмæ уæд мидбыл худгæ, кæд нæ уæд та æнкъæрд цæсгом.
рахæссут сæ мæ сæ нæ картæйыл æныхасут.
-Сымах стут нæ хуртæ,нæ фидæн æмæ уыл алы хатт хур кæсæт. Уарзут æмæ кад кæнут уæ Фыдыбæстæ æмæ хистæртæн.
Хæдзармæ куыст
Æмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.
Бæрæггæнæнтæ
-Абон иууыл дæр тынг хорз бакуыстат, æвæрын уын 5 тæ æмæ ма уын мæнæ мæ лæвæрдтæ
(отдать медали)
© ООО «Знанио»
С вами с 2009 года.