Конспект урока по осетинской литературе по балладе Гриша Плиева "Семь черкесок" (8 класс)
Оценка 5

Конспект урока по осетинской литературе по балладе Гриша Плиева "Семь черкесок" (8 класс)

Оценка 5
Разработки уроков
doc
родителям
8 кл
14.02.2019
Конспект урока по осетинской литературе по балладе Гриша Плиева "Семь черкесок" (8 класс)
Ежегодно с праздником Великой Победы оживают страницы летописи, которые могут звучать лишь с помощью живых. Автор баллады «Семь черкесок» Плиев Гриш сполна заслужил прижизненную признательность в сердцах сотни читателей. В основе произведения – доподлинный факт – трагическая судьба семи братьев Газдановых, уроженцев селения Дзуарикау республики Северная Осетия. В поэме «Семь черкесок» Гриш Плиев создал образ матери, потерявшей на фронте своих сыновей. С большим трудом взрастила она семерых своих сыновей. Выросли они – один к одному, словно на подбор, красивые, добрые, трудолюбивые, внимательные к людям и друг к другу. Ушли на фронт, не успев жениться. Мать сшила им красивые черкески, в которых им следовало бы идти свататься. Но увы, им не суждено было походить в женихах. Погибли сыновья, и мать не знает, как ей жить. Поэт показал образ матери, раскрыл изумительную способность советских людей преодолевать любые невзгоды и лишения. Словом, показал народный, горский национальный характер на одном из ответственнейших этапов истории.
Авд цухъхъайы..doc
Гом урок ирон литературæйæ 8-æм къласы Плиты Грисы балладæмæ гæсгæ «Авд цухъхъайы» Урочы нысантæ: 1.Аив литературон уацмысы фæрцы ахуырдзаутæм Райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ уарзт æвзæрын кæнын; 2.Хъæбатыр хæстонтæн, нæ кадджын хистæртæн, ныййырджытæн сæ аргъ кæныныл ахуыр кæнын; 3.Скъоладзаутæн аивады æмæ царды бастдзинад æмбарын кæнын; 4.Аивадон уацмысы фæрцы ахуыргæнинæгтæм рæзын кæнын тырнындзинад се 'нкъарæнтæ сфæлдыстадон куысты равдисынмæ; 5.Лирикон уацмыс – балладæйы миниуджыты фæрцы поэт хъайтары мидуавæр куыд æвдисы, уый æргом кæныныл ахуыр кæнын. Урочы фæлгонц: Плиты Грисы æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл аив литерæтурæйы уацмыстæ, Санахъоты Сергейы цыртдзæвæны ныв Гæздæнты авд æфсымæрæн. Урочы эпигрæф: Хæст лæгмар у, цард та дзы – æнуд, Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид… Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут, Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл… (Плиты Грис). Ахуыргæнæджы разныхас Май… Уалдзæджы хуыздæр мæйтæй иу. Уалдзæг та у адæмæн циндзинад æмæ цардамонд хæссæг. Æрдз бæрæгбонхуыз йæхи сфæлынды. Бæстæ дидинæг акалы. Хур йæхи бæрзонд сисы æмæ æхсызгонæн фæтавы. Æнæкæрон арвыл иу мигъы цъупп нал вæййы. Адæймаджы зæрдæ байдзаг вæййы алыхуызон рæсугъд æнкъарæнтæй, бæллицтæй, хъуыдытæй. Ноджы тынгдæр æрфæнды адæймаджы цæрын, аразын, уæлахиздзинæдтæм тырнын. Майы мæй уæлдай æхсызгон у нæ бæстæйы адæмты тæккæ стырдæр, кадджындæр бонæй – 9-æм майы бæрæгбонæй. Уый у стыр Уæлахизы бон. Æрхастой нын æй, Фыдыбæстæйы кад сæ риутæй чи бахъахъхъæдта, уыцы буц хистæртæ. Уыдон абоны царды сæрвæлтау удуæлдай тох кодтой знаджы ныхмæ. «…Карз тохы заман бæсты сæрвæлтау Знаджы гæнах уæ риутæй састат, Уæддæр нæ буцæй нæ цардуалдзæджы Уæ фæллад къухтыл бирæ фæхастат…» (Чеджемты Æхсар. «Дæ ном») Æнусон кад æмæ намыс, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард æвгъау чи нæ кодта, уыдонæн. Махæй хъуамæ рох макуы уа, цы стыр хорзæхы нын бацыдысты нæ кадджын хистæртæ, уый.Мах та сын хъуамæ уæм, сæрыстыр кæмæй уой, бахъуаджы сахат сæ зæрдæ кæуыл дарой, ахæм аккаг кæстæртæ. Абон махæн 9-æм май амондджын бæрæгбон у. Фæлæ æвзæрын кæны: иутæм – цæссыгтæ, иннæтæм – зæрдæхалæн мысинæгтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй. Уымæн æмæ сын абоны амонды бон æгæр зынаргъ сыстади – сæ тугæй æлхæд æрцыди. Нæ урочы ныхас цæудзæн хъæбатыр хистæрты æгæрон æхсарыл, тыхджын патриотизмыл, адæймаджы кад æмæ намысыл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Хæст… Хæрз цыбыр, фæлæ уæззау дзырд. Зæрдæ ныккæрзы, уæнгтæ баризынц, сæрыхъуын арц сбады æрмæст йæ койæ дæр. 1941-æм аз… 22-æм июнь…Æвæццæгæн, уыцы сæрдыгон райсом алчи куывта амондджын бонмæ, алчи æнхъæлмæ касти боны хорзæхмæ. Фæлæ цард мæнгард у. Фыдбылыз кæцæй кæсы, уый ничи зоны. Æмæ æрвнæрæгау нæ бæстæйыл азæлыд: «Райдыдта хæст!» (Зæлы хъайтарон зарæг). Ирон адæм дæр, иннæ адæмтау, сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ. Бирæ тохмæсидæг ныхæстимæ цыдысты ирон адæм тохы быдырмæ. Фæлæ кæд Фыдыбæстæйы Стыр хæст банцад, кæд Уæлахизы бон æрцыд, уæддæр абон дæр хæсты хъæдгæмттæ нæма байгас сты. Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, уыдон уыдысты 85мин 521 адæймаджы. Уыдонæй фæмард хæсты, цæфтæй, уацары – 46 мин 900 адæймаджы. Дыууæ хæдзармæ нал сыздæхтысты æвдгай æфсымæртæ: Гæздæнтæ æмæ Кобегкатæ; авд хæдзармæ – æхсæзгæйттæ; 36 хæдзармæ – фæндзгæйттæ; 92 хæдзармæ – æртыгæйттæ, цыппæргæйттæ. Куыд уынæм, афтæмæй æнцонæй нæ бафтыд уæлахиз къухы. Хæсты рæстæджы поэттæ æмæ фысджытæ нæ бадтысты æнцад, æмдзæвгæтæ фысгæйæ. Хæстхъом чи уыд, уыдон иннæ хæстонтау сæ къухмæ райстой хæцæнгарз æмæ знагæн хастой мæлæт. Фæлæ, иннæ хæстонтæй уæлдай, поэттæ æххæст кодтой æндæр хæс дæр: тох кодтой сæ аивадон курдиæттæй. Ахуыргæнæджы фарст: Зæгъут-ма, кæй зонут уыцы хæстон поэттæй? Цавæр уацмыстæ ныффыстой хæстон темæйыл? Дзуапп: Плиты Грис, æмдзæвгæ «Æртхутæгдон»; Кочысаты Мухарбег, æмдзæвгæ «Фæстаг салам»; Калоты Хазби, æмдзæвгæ «Кард»; Джимиты Георги, драмæ «Сау мигъ». Фарст: Цавæр у ацы уацмыстæн сæ сæйраг хъуыды? Дзуапп: Хæстон темæйыл фыст уацмыстæй кæцыфæнды дæр æвдисы хæсты æвирхъау цаутæ. Уацмысы автор дзуры хæсты ныхмæ. Ахуыргæнæджы хатдзæг: Раст у. Алы фыссæг дæр йæ уацмысы кад кæны лæгдзинадæн, адæймаджы удыхъæды хуыздæр миниуджытæн. Фарст: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл ма цавæр уацмыстæ ныффыста Грис? Дзуапп: Грисæн 1995-æм азы рацыд мыхуыры æмдзæвгæты æмбырдгонд «Атакæ». Ис дзы ахæм æмдзæвгæтæ: «Ма ку», «Хæцæны», «Атакæ». Ахуыргæнæг: Грис у æцæг патриот æмæ бæрæг у, Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй кæй никуы рацæудзæн. «Фыссæг фыссæг уæд уыдзæн, æмæ адæмы фарнæн куы куса», – зæгъы Грис. Афтæ куы нæ уаид, уæд нæ равзæрдаид, æппæт ирон адæмы зæрдæтæ цы уацмыс фæриссын кодта, уый – балладæ «Авд цухъхъайы». Ахуыргæнæджы фарст: Цы хонæм балладæ? Дзуапп: Балладæ у чысыл сюжетон æмдзæвгæ фантастикон, историон кæнæ хъæбатырон мидисимæ. Фарст: Цы равдыста Грис балладæ «Авд цухъхъайы»? Дзуапп: Грис балладæ «Авд цухъхъайы» равдыста Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад, сæ кадджын мæлæт, сæ ныййарæг мады æвирхъау уавæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Фарст: Цы цæстæй кæсы поэт йæ уацмысы хъайтартæм? Дзуапп: Поэтæн йæ зæрдæ тынг фæрыст Гæздæнты авд зынгхуыст æфсымæрыл, сæ ныййарæг мадыл. Сæ æвирхъау уавæр сын афтæ тынг банкъардта, æмæ йе стыр курдиаты фæрцы, аивадон мадзæлттæй арæхстджынæй пайда кæнгæйæ, сарæзта тыхджын фæлгонцтæ. Грис ма арæхстджынæй спайда кодта балладæйы миниуджытæй Гæздæнты авд æфсымæры æмæ сæ ныййарæг мады уæззау уавæр равдисынæн. Курдиатджын поэт, стыр зæрдæйы хицау уæвгæйæ, Грисмæ ис диссаджы поэтикон миниуæг – раздæр фæхъуырдухæн кæны йæхинымæр. Стæй йæхи бауырнын кæны, цæуыл фысдзæн, уыцы æцæгдзинадыл. Афтæмæй равзæры уацмыс дæр. Инсценировкæ «Авд цухъхъайы». (Хъуысы æнкъард цагъд) Ахуырдзаутæ кæсынц текст Мæхæмæты ныхæсты онг. Ахуыргæнæджы фарст: Цавæр уавæрты фæмард сты иннæ æфсымæртæ та? Дзуæппытæ: Алчидæр сæ фæмард хъæбатырæй. Райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнын банымадтой сæ сæйрагдæр хæсыл. Æгаддзинад сæ иу дæр йæ сæрмæ не ’рхаста. Алчидæр сæ йæ царды фæстаг минут, мæлæты дзыхмæ кæсгæйæ, архайдта лæгдзинад равдисын, хъæбатырай амæлын. Дзæрæхмæт фæмард Мæскуыйы бынмæ (ахуырдзаутæ текстæй пайда кæнынц); скъоладзаутæ агурынц уацмысы æмæ кæсынц, иннæ æфсымæртæ кæм æмæ куыд фæмардысты, уыцы бынæттæ. Фарст: Цæмæн зæгъы Махарбег: «Хæсты хорзæх æмæ кадæй æз æнæнымад куы дæн»? Дзуапп: Махарбег уацары барæй радта йæхи Клейсты æфсадмæ, цæмæй ма йæ царды фæстаг сахат знæгтæй йæ маст райса. Фарст: Куыдæй бантыст поэтæн ныййарæг мад æмæ йæ авд зынгхуыст хъæбулы æвирхъау хъысмæт равдисын? Дзуапп: Поэт спайда кодта балладæйы миниуджытæй тынг дæсныйæ, ома, фæлхатгонд рæнхъытæй: «Мад ын ныр йæ цухъхъа дауы Æмæ хус цæстæй лæууы… Айнæг сау фæрчытæй хауы, Арв цыхцырджытæй кæуы… Фарст: Куыд æмбарут фæстаг дыууæ рæнхъæн сæ хъуыды? Дзуапп: Гæздæнты авд æфсымары мадæн йæ фыртты мæстæй йæ зæрдæ ныддур, кæд æмæ йæ тæригъæдæй айнæг фæйнæрдæм атондзæн, арв цыхцырæг фестдзæн. Адæймаджы дисы æфтауынц ныййарæг мады хъæддыхдзинад æмæ фæразондзинад. Фарст: Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны поэт балладæ «Авд цухъхъайы»? Дзуапп: Поэт арæхстджынæй спайда кодта алыхуызон аивадон мадзæлттæй. Зæгъæм, эпитеттæй: «сау рыг», уынгæг бон», «ныллæг хæдзары», «фыдбоны балцы»; олицетворенитæй: «бонгай хæст куы фæци давд», «арв цыхцырджытæй кæуы», «джихæй цухъхъатæ кæсынц»; барæнтæй: «ингæнау ныссабыр къæс», «фатау смидæг дæн». Фарст: Цавæр у балладæйæн йе ’взаг? Дзуапп: Балладæйы ’взаг у аив, хъæздыг, æлвæст æмæ æнцонæмбарæн. Поэтикон фæзилæнтæй афтæ арæхстджынæй пайда кæны поэт, æмæ 2-3 цыбыр хъуыдыйадæй саразы тыхджын фæлгонцтæ. Хъайтартæн равдисы сæ лæгдзинад, хъæбатырдзинад, сгуыхтдзинад. Фарст: Цы цæстæй кæсы Грис хæстмæ? Дзуапп: Хæст Грисæн у æнæуынон. Уымæн æмæ хæст лæгмар у. Знаджы хоны «сырд», «фыдгул», знæгтæм у æгъатыр. Ахуыргæнæг: Грис у хæсты ныхмæ. Уымæн æмæ хæст у антигуманон фæзынд. Алы адæймаг дæр райгуыры цæрынæн, аразынæн, фæллой кæнынæн. Фарст: Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс «Авд цухъхъайы»? Дзуапп: Гæздæнты æфсымæртæ авдæй дæр бацарæфтыд сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азарæй. Ницыуал баззадис йæ фырттæй ныййарæгæн сæ цухъхъаты йедтæмæ. Фæлæ кæд сæхæдæг фесæфтысты, уæддæр сæ хъайтары ном, сæ кад æмæ намысы кой баззайдзæн æнусмæ. Фарст: Цавæр фæлгонц у мад балладæйы: реалон æви символикон? Дзуапп: Балладæйы мад у символикон фæлгонц. Мады фæлгонцæй Грис равдыста æппæт хæстæфхæрд ныййарæг мадæлты уæззау хъысмæт. Уыдон уыдысты бирæ. Фарст: Куыд равдыста поэт ныййарæг мады уæззау уавæр? Дзуапп: Гæздæнты хæдзары авд цæджындзы афæлдæхт. Авд гуыппырсары араст сты æмæ нал сæмбæлдысты сæ фыдыуæзæгыл. Поэт арæхстджынæй спайда кодта ныййарæг мады уæззау уавæр равдисынæн ахæм дзырдтæй: «баззад афтидæй сæ мад», «цухъхъаты дæр удтæ нæй»… Фарст: Мады æгæрон уарзондзинад йæ хъæбултæм куыдæй раргом кодта поэт? Дзуæппытæ: Мад йæ фырттимæ дзургæйæ алкæмæн дæр ссары бæлвырд æмæ фæлмæн ныхæстæ: «мæ рогбазыр цæргæстæ», «уæ мæ фыццаг хур», «мады ’нхъæлцау»…Мады нæ фæнды, цæмæй йæ хъæбултæй исчи тæппуд разына, æгаддзинад йæ сæрмæ ’рхæсса, уый. Не ’мбары, сæ хъысмæт афтæ æвирхъау цæмæн рауад, уый. Мад йæ фыртты уарзы æгæрон уарзтæй. Фарст: Цы цæстæй кæсынц æфсымæртæ сæхæдæг сæ мадмæ? Дзуапп: Уыдон сæ ныййарæгыл сты æнувыд. Сæ ныхас мадимæ у фæлмæн. Фарст: Мады æппын нæ уырны йæ авд хъæбулы мæлæт, уый цæмæй бæрæг у? Дзуапп: Поэт зæгъы: «Фæлæ се сæфтыл бæлвырдæй зæрдæ не ’ууæнды уæддæр». Балладæ арæзт у ныййарæг мад æмæ йæ авд зынгхуыст хъæбулы диалогæй. Уый ууыл дзурæг у, æмæ мад йæ бонтæ æрвиты йæ хъæбултæм æнхъæлмæ кæсгæйæ. Ахуыргæнæджы хатдзæг: Нæмыг куы атæхы, уæд сæмбæлы, фыццаджыдæр, мады зæрдæйыл. Зæрдæйы хъæдгæмттæ та æрæгмæ дзæбæх кæнынц. Ныййарæгæн йæ хъæбул нæ мæлы, йæ фæстаг сулæфты онг дæр цæры йæ зæрдæйы… «Мадæн тохæй нал раздæхт йæ фырт… Иу фырт нæ… Бирæ уарзон хъæбултæ…» Ахуыссыд сæ цæсты рухс, фæлæ… Хъуысы Ян Френкель æмæ Расул Гамзатовы фыст зарæг «Журавли». Зары Марк Бернес йæ фæстаг зарæг «Хърихъуппытæ». Марк Бернесæн уый уыд йæ фæстаг зарæг, фæлæ нæ аскъуыди зарæг æрдæгыл. Скульптор Санахъоты Сергеймæ равзæрын кодта сусæг хъуыды… Куырттаты комы фæзилæны абон ис цыртдзæвæн. Сау айнæджы сæрмæ хърихъуппытæ се ’ндон базыртæ базмæлын кодтой, сындæггай сæ фæйнæрдæм айстой æмæ сæхи бæрзонд систой цъæх арвы тыгъдадмæ. Афтæ кæсы адæймагмæ, цыма ныртæккæ сæхи къæдзæхæй атондзысты. Сæ фæстæ æнкъардæй кæсы саударæг ныййарæг мад… Урочы хатдзæгтæ: Ахуырдзаутæ дзурынц æмæ æмбарын кæнынц æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæ, адæймаджы кад, намыс æмæ сæрыстырдзинады тыххæй. *Райгуырæн бæстæ адджын у. *Æнусон цардæй æнусон кад – хуыздæр. *Кадæн агурæн нæй, йæ фæдыл цыфæнды згъорд та у æнæпайда. *Кад йæхæдæг дæ фæдыл не згъордзæн, йæ зындзинæдтæй йын дæхи куы хизай, уæд. *Лæджы сæр æрмæст худ дарынæн нæу. *Райгуырæн бæстæ мады хъæбысау адджын у.

Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
14.02.2019