Методическая разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол "
Оценка 4.6

Методическая разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол "

Оценка 4.6
Разработки уроков
docx
администрации
9 кл—11 кл +1
15.01.2017
Методическая  разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол  "
Методическая разработка по осетинскому языку.Тема урока "Грамматика родного языка.Глагол" Урок тематический. За основу взята пословица "Друга в беде не бросай"На уроке используются виды работ: Индивидуальная работа,работа с текстом,работа у доски, самостоятельная работа, работа по картине. Обучающиеся с большим интересом закрепили новый материал.Методическая разработка по осетинскому языку.
мет.разр..docx
Урочы темæ: «Æххуыс бахъуаджы сахат хъæуы»                        Грамматикон темæ: Мивдисæг (рацыд æрмæг ныффидар  кæнын).   Урочы нысантæ: 1. Мивдисæгæй рацыд æрмæг ныффидар кæнын.                                2. Бакусын скъоладзауты дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл, се сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад райрæзын кæныныл.                               3. Ахуырдзаутæм хъомыл кæнын æмбалæн бахъуаджы рæстæг  баххуыс кæныны æнкъарæнтæ.  Цæстуынгæ æрмæг урокмæ: 1) мивдисæг æвзарыны схемæ,                                                   2) сюжетон ныв «Хъæды».                                                  Урочы цыд: Бацæттæгæнæн рæстæг. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. I. II. (фарстата раттын рацыд æрмæгмæ гæсгæ) 1. Тематикон диктант. Ныхасы хай, архайд, хуымæтæг, вазыгджын, нырыккон афон, ивгъуыд   афон,   суинаг   афон;   æргомон,   бадзырдон,   фæдзæхстон     æмæ     бæллиццаг здæхæнтæ; цæугæ æмæ æдзæугæ, ифтындзæг, æртæ цæсгомы ­    ­ Ахуыргæнæг:  Нæ диктанты кæрон стъæлф нæма æвæрæм. Цæуылнæ, уый фæстæдæр базондзыстæм. Сбæрæг уал  кæнын хъæуы, нæ тематикон диктант цавæр   ныхасы   хыйыл   дзуры,   уый.   Ацы   фарстæн   нын   дзуапп   раттынмæ феххуыс уыдзæн базон­базон дæр: Архайд æмæ ми æвдисын У мæнæн мæ хæс, Номдартæм мæхи фæисын, Дæн сын алкæд коммæгæс.  Цавæр ныхасы хайыл цæуы дзырд? (Дзуапп: мивдисæгыл) ­ Ахуыргæнæг: Раст  зæгъут. Нæ тематикон диктантмæ раздæхæм æмæ дзы  тирейы фæстæ бафыссæм  дзырд «мивдисæг».    2. ­ Ахуыргæнæг:  Æркæсæм­ма   7­æм къласы ирон æвзаджы  чиныджы 22§ æмæ сбæрæг кæнæм, мивдисæджы грамматикон æууæлтæй нæ терминологон диктанты кæцыйы кой не скодтам.               Дзуапп:  Нæ  терминологон  дзырдуаты  ныхас нæ  цæуы мивдисæджы нымæцтыл. Мивдисæгæн ис дыууæ нымæцы. ­ Ахуыргæнæг:  Скæнæм хатдзæг. Радзурут, мивдисæгæй нæ терминологон  диктант, базон­базон æмæ 22§­мæ гæсгæ цы базыдтат, уый.  (Скъоладзаутæ кæнынц хатдзæг).       3. Тематикон диктантæй пайда кæнгæйæ, хъуыдыйæдтæ кæронмæ ахæццæ  кæнын (хæслæвæрд æххæст кæнæм дзургæйæ).  Мивдисæг амоны … … …. Мивдисæгæн ис цыппар … æмæ æртæ … . Мивдисджытæ сæ кондмæ гæсгæ вæййынц … æмæ … . Мивдисджытæ вæййынц цæугæ æмæ … . Мивдисæгæн ис æртæ … æмæ  … .  III. Мивдисæджы тыххæй рацыд æрмæг ныффидар кæнын. 1. Текстыл куыст.  Иу   лæгмæ   уыдис   хæрæг   æмæ   бæх.   Фæндагыл   иумæ   фæцæйцыдысты. Хæрæг хаста бирæ хæссинæгтæ æмæ бастад. (Нал) фæрæ …та цæуын. Бæх та цыд  афтидæй.  Бæргæ йын лæгъстæ кодта хæрæг, мæ  уаргъ  мын айс, зæгъгæ, фæлæ уый (нæ) баххуыс кодта йе ’мбалæн. Хæрæг бафæ л..ади, ныу..асыд, ныр..ы…т, æрхауд æмæ амард.  Уæд   ын   хицау   йæ   царм   басты…та   æмæ   йæ   уæргътимæ   бæхыл сæвæрдта.  Хæслæвæрдтæ текстмæ: 1). Текст аив каст бакæнын.  2). Бацамонын нысангонд дзырдтæ. 3). Зæгъын, цæуыл дзуры текст, цæуыл нæ ахуыр кæны. 4). Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын. 5). Тексты ссарын хæрæджы уавæр, йæ архæйдтытæ  æвдисæг дзырдтæ.  Сбæрæг кæнын, цавæр ныхасы хæйттæ сты. (Дзуапп: мивдисджытæ). 6). Зæгъын,  цавæр у  мивдисæджы нысаниуæг тексты.  (Хатдзæг: Мивдисджытæ æвдисынц,  архæйдтытæ кæрæдзи куыд ивынц, уый.  Æрмæст мивдисджытæй пайда кæнгæйæ дæр радзурæн  ис тексты мидис,  цæстытыл ауайын кæнæн – тексты архæйдтытæ. Мивдисæг у, хъуыдытæ  раргом кæнынæн æнæмæнг чи хъæуы, уыцы ныхасы хай). 2. Тексты орфографион æвзæрст.  1).Цухгонд дамгъæтæ цы дзырдты ис, уыдон   рафыссын, дамгъæтæ  баххæст кæнын,  бацамонын дзырдты растфыссынад.  2). Байгом кæнын къæлæттæ, бацамонын хайыгты растфыссынад. 3). Дзырд  сæвæрдта  дзырды хæйттæм гæсгæ равзарын, бацамонын ын  йæ растфыссынад.  Хатдзæг: Цы базыдтам мивдисджыты растфыссынады тыххæй? 3. Текстыл æнцой кæнгæйæ сфæлхат кæнын мивдисджыты дзырдарæзт.            1) Текстæй рафыссын разæфтуанты фæрцы арæзт мивдисджытæ,  фæсæфтуанты фæрцы арæзт мивдисджытæ,  разæфтуанты  æмæ  фæсæфтуанты фæрцы арæзт мивдисджытæ. Дзырды хæйттæм гæсгæ сæ  равзарын. Хатдзæг: Цы базыдтам мивдисджыты дзырдарæзты тыххæй? 4. Тексты лексикон хицæндзинæдты æвзæрст.   1) тексты ссарын мивдисæг бастад­ы синонимтæ (бафæллад, нал фæрæзта); 2) дзырдбаст  афтидæй цæуын­ мæ синонимтæ ссарын (уæгъдæй цæуын, æнæ хæссинагæй цæуын, …). 5. Дзырд  цæуын    морфологион æвзæрст скæнын.  (мивдисæг æвзарыны фæтк – фæйнæгыл ауыгъд, фæстаг пункты бæсты ­  фарсты нысан)  Ахуыргæнæг: Мивдисæг æвзарыны фæткы кæронæй фарсты нысан цæмæн ис? Цы ферох кодтам бафыссын? Дзуапп: Лæвæрд мивдисæгæн  хъуыдыйады цы синтаксивон функции æххæст  кæны, уый, ома цавæр хъуыдыйады уæнг у, уый.  Ацы хъуыдыйады мивдисæг  цæуын æххæст кæны зæгъинаджы фнкци.  Хатдзæг: мивдисæджы æууæлты тыххæй радзурын йæ æвзарæн фæткмæ гæсгæ.    6. Аифтындзæг кæнын текстæй ист мивдисæг  айс.  Зæгъын, кæцы здæхæны æвæрд ис ацы мивдисæг.  Абарын уырыссаг æвзаджы грамматикæимæ, мивдисæджы здæхæнтæ.  Хатдзæг: Ирон æвзаджы мивдисæгæн ис 4 здæхæны: æргомон, бадзырдон,  фæдзæхстон, бæллиццаг. Уырыссаг æвзаджы та æрмæст  3, ­  нæй дзы  бæллиццаг здæхæн.  7. Фæйнæгыл фыст дзырдтæ раст фæткыл равæрын, цæмæй сæ хъуыдыйад  рауайа.                       Хъæуы, сахат, бахъуаджы, æххуыс.  Дзуапп:        Æххуыс бахъуаджы сахат хъæуы. 8. Дзырдбаст  бахъуаджы сахат  цы амоны, уый дзырдуаты ссарын.      Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы æмбисонд?     Куыд баст у æмбисонд тексты   хъуыдыимæ.                Хатдзæг: Ацы æмбисонд нæ ахуыр кæны бахъуаджы рæстæг, зын  заман кæрæдзийæн æххуыс кæныныл, кæрæдзийæн тæригъæд кæнын.  Бæх  хæрæгæн  куы баххуыс кодтаид, уæд фæстæдæр йæхицæн дæр æнцондæр  уыдаид.  9. Ахуыргæнæг: Байхъусут Цгъойты Хазбийы радзырд æй ист скъуыддзагмæ    (скъуыддзаг ист у  Цгъойты Хазбийы чиныг «Аланы хæлæрттæ»­йæ). Тексты  сюжет æнгом баст у   сюжетон ныв  «Хъæды»­имæ.     Ахъуыды ма­ иу кæнут  æмæ зæгъут, цы сæм ис иумæйагæй? Дзуапп: Текст   æмæ ныв  дзурынц иу тæмæйыл: адæймаджы хæс у æмбалæн     æххуыс кæнын,  зын рæстæг  йæ фарсмæ æрбалæууын. Фыссæг ацы хъуыды  равдыста дзырды фæрцы, нывгæнæг та ­  ахорæнты.  10. Нывмæ гæсгæ куыст.        Пъланмæ гæсгæ,  æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй пайда  кæнгæйæ,  нывмæ гæсгæ бацæттæ кæнын   нывæцæн.                          Пълан: 1. Сæрдыгон хъæды лæвæрттæ.  2. Дзедыртæ тонынмæ.   3. Хъæлдзæг æмбæлтты балц.  4. Чыргъæдтæ дзаг кæнынц.  5. Æнæнхъæлæджы цау.  6. Æмбалы фарсмæ æрбалæууын.  7. Хорздзинад нæ рох кæны.  Æнцойгæнæн дзырдтæ:   сæрды, хъæды лæвæрттæ, дзедыр тонынмæ,   æлвæст   къах,   фæтæрсын, дзаг   чыргъæдтæ,   æвиппайды   фæкæлын,   хинымæры стыхсын, уайтагъд, баххуыс кæнын, æмбалы æнцæйтты, уæдæй фæстæмæ, зæрдыл дарын.   IV. Урокæн хатдзæг скæнын. V.Хæдзармæ куыст: Нывæцæныл куыст кæронмæ ахæццæ кæнын.

Методическая разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол "

Методическая  разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол  "

Методическая разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол "

Методическая  разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол  "

Методическая разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол "

Методическая  разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол  "

Методическая разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол "

Методическая  разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол  "

Методическая разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол "

Методическая  разработка по осетинскому языку на тему "Грамматика родного языка. Глагол  "
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
15.01.2017