Кочысаты Мухарбег
Оценка 4.8

Кочысаты Мухарбег

Оценка 4.8
docx
18.02.2022
Кочысаты Мухарбег
Кочысаты Мухарбег.docx

                   Кочысаты Мухарбег

 

Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын уыдис нæлгоймаджы кадджындæр æмæ ахсджиагдæр хæстæй иу. Уый уæлдай тынгдæр рабæрæг æмæ уæлдай ирддæрæй разынд, нæ бæстыл сау калм куы æртыхстис, уæд. Ам  æппæт ирон адæм дæр равдыстой сæ иузæрдиондзинад  Райгуырæн бæстæйыл.

         Хæст… Фыдыбæстæйы  Стыр удхæссæг  хæст. Йæ коймæ дæр баризы адæймаджы зæрдæ. Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз , æнамонддзинад? Цал мады ныууагъта уарзон хъæбултыл зæрдæхалæн хъарæггæнгæ?  Цал сылгоймагæн бавзарын кодта идæдзы уæззау хъысмæт æнахъом сабитимæ? Цал æмæ цал сывæллонæн схауын кодта сæ сидзæры, æвæгæсæджы хæлттæ?

Фыдыбæстæйы Стыр хæстыл ныхас никуы фæуыдзæн.Уый арф хъæдгомæй баззад нæ адæмы зæрдæйы,йæ тыгъд быдыртæ æнусон бынат систы милуангай цардбæллон удтæн.

        Иры хæхтæ фенынмæ бæлгæйæ,нал сыздæхтысты фыдыуæзæгмæ бирæ ирон поэттæ,ирон литературæйы бæллиццаг фидæн. Уыдон цыдысты хæсты цæхæрмæ- бирæтæ бархи,  барвæндонæй. Цыдысты æрцу æмæ ма рцуйы фæндагыл. Уыдон сæ цард æмæ курдиат нывондæн æрхастой Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Намысæн.

         Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ирон фысджытæй чи фæмард, уыдонæй иу уыд Кочысаты Мухарбег.23-аздзыдæй йæ цард радта Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Нæй уымæй стырдæр сгуыхтдзинад.23 азы. Уарзты æмæ бæллицты кар.Æрыгон лæппуйæн поэзийы цы нæ бантыст,уый баххæст кодта стъалыйау ферттивгæ цардæй.Мæлæт барвæндонæй ничи равзары,фæлæ райгуырæн зæххы знаджы ныхмæ тохы йæ уд чи нæ бавгъау кæны,уыцы адæймаджы лæгдзинад у æппæты бæрзонддæр поэзи.

         Кочысаты Мухарбеджы биографи хæрзцыбыр у. Райгуырд  1920 азы 1 майы Ольгинскæйы. Авдазон скъола каст куы фæци,уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ.Ахуыр кодта иттæг хорз,иста Къостайы стипенди.Йæ зæрдæ ради ахуырмæ,фыссынмæ.Цардбæллон лæппу цин кодта цардыл.Йæ уæнгты ивылдысты ныфс æмæ æхсар.

        Нæ йын бантыст нæ йæ уарзондзинад раргом кæнын,нæ институт фæуын.1941 азы цыппæрæм курсæй ацыд фронтмæ,уыдис афицер. Хъæбатыр хæстон хорзæхджынгонд æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй æмæ «Хъæбатырдзинады тыххæй» майданæй.Фæмард 1944 азы,украинаг горæт Ямпол знæгтæй хъахъхъæнгæйæ.

      Мухарбеджы чи зыдта,уыдон зæрдæйы баззад хæдæфсарм,сæрæн æмæ æмгарджын кæстæрæй. Поэт Мыртазты Барис фыста Мухарбеджы тыххæй: «Æмгар дæр ахæм уыд,æмæ нæ цин,нæ хъыг æмбистæ кæимæ кодтам.Кæрæдзимæ мады зæнæджы цæстæй кæимæ кастыстæм.Æмæ нал и абон уый нæ фарсмæ.Фæлæ нæ зæрдæйы баззадис йæ сурæт,æмæ нæ уый хъусæй лæууын нæ уадзы».

   Йæ райгуырæн бæстæйы Мухарбег хуыдта «ныййарæг мад» æмæ йæ «æцæг хъæбулау» уарзта зæрдæбынæй.Йæ сæр нывондæн радта Фыдыбæстæйы сæрвæлтау. «Фæсыкк» сты  йæ «фæндтæ æмæ рухс фæндаг»,фæлæ фæуæлахиз знагыл æмæ рæстæгыл.

   Цас фæндтæ йæм уыд,уыдонæн æвдисæн æдзард поэты зæрдæ æмæ йæ бирæ къухфыстытæ.Йæ ахуыры азты тетрæдтæ суанг гæххæтты гæппæлты онг æрæмбырд кодта йæ хо Зоя(ныртæккæ сты Ирон литературæйы музейы).Уыдонæй бæрæг у,куыд лæмбынæг куыста алы рæнхъыл дæр,уый. Уымæй, йæхи фæлвæрдта æрмæст поэзийы нæ,фæлæ архайдта тæлмац кæныныл дæр.

    Хъыгагæн,ахæм разагъды лæппуйæ æнæхай фæцис Ирыстон.Кæд Мухарбеджы рæсугъд зæрдæ кæронмæ нæ райхæлд,кæд æххæст нæ байгом йæ поэзийы арвы дуар,уæддæр,йе сфæлдыстад,йæ æнæхин цæстæнгас мыггагмæ баззайдзысты æрыгонæй,цардбæллонæй,адæмы фарнмæ тындзæгæй.

 

 

 

 


 

Кочысаты Мухарбег Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ

Кочысаты Мухарбег Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ

Кочысаты Мухарбеджы биографи хæрзцыбыр у

Кочысаты Мухарбеджы биографи хæрзцыбыр у

Хъыгагæн,ахæм разагъды лæппуйæ æнæхай фæцис

Хъыгагæн,ахæм разагъды лæппуйæ æнæхай фæцис
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
18.02.2022