Саст бæласы дидинæг.Калоты Хазби
Оценка 4.8

Саст бæласы дидинæг.Калоты Хазби

Оценка 4.8
docx
23.03.2022
Саст бæласы дидинæг.Калоты Хазби
Саст бæласы дидинæг.docx

                          Саст бæласы дидинæг…(Калоты Хазбийы 100 азы бонмæ)

 

Хъуысы зарæг «Мадæлты фæдзæхст»

Ахуыргæнæг: 80 азы рацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта ,уæдæй. Даргъ, уæззау æмæ тугкалæн уыдысты Советон Адæмæн уыцы 1418 боны,фæлæ бабыхстой,бафæрæзтой æппæт зындзинæдтæн æмæ стыр аргъæй фæуæлахиз сты цыфыддæр знагыл. Фронтмæ чысыл Ирыстон афæндараст кодта тынг бирæ хæстонтæ,сæ фылдæр хай фæстæмæ нал æрыздæхт. Уыдон хæцыдысты хæсты æвирхъау уадтымыгъы,се уæхсчытыл рахастой йæ уæз æмæ æрхастой уæлахиз.

Зынгæ советон фыссæг Петр Павленко афтæ фыста уыцы рæстæджы: «Дзырд «ирон»- кадджынаей фаелхатт цаеуы Фыдыбаестаейон хаесты аеппает фронтты даер, уымаен аемае ираеттае саехи равдыстой хъаебатыр аемае намысджын хаестонтаей». 

 

(Цаллагов А.,Цаболова Дз)

 

Презентаци.

Ныхасы бар…..

Ахуыргæнæг: Ирон поэттæй Фыдыбæстæйы хæсты чи фæмард,уыдонæн сæ курдиатджындæртæй иу уыд Калоты Хазби.Уый райгуырдис 1921 азы Садоны районы,Захъайы.Йæ ныййарджытæ хохæй быдырмæ куы ралыгъдысты,уæд Хазби бацыд Къостайыхъæуы скъоламæ.Уый фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты,уырдыгæй ацыдис фронтмæ æмæ 1943 азы фæмард.

Дзæвгар рæстæг раивгъуыдта,уый йæ уацмыстæ куы ныффыста ,уæдæй нырмæ.Фæлæ сæ аивадон тых нæ фæкъаддæр. Хазбийæн йе сфæлдыстады сæйрагдæр темæ у Фыдыбæстæ.Йæ мæлæты размæ прозæйæ цы æмдзæвгæтæ ныффыста,уыдонæй поэт иуы афтæ зæгъы: (Кудзилты К. «Хорзæй баззай,Ир!»)

Ахуыргæнæг: Хазби кæд йæ курдиат æххæстæй нæ равдыста,уæддæр ын ис йæхи поэтикон хъæлæс: йæ уацмыстæ никæцы фыссæджы уацмыстимæ фæивддзаг уыдзысты.Йе мдзæвгæтæн ис рæсугъд æвзаг,аив формæ,музыкалон ритм.Хуры тынау ферттывта нæ поэзийы Хазби.Йæ цæстыдзагæй нæма ракаст,афтæ йæ сау мигътæ бамбæрзтой…Æрмæст нæ бамынæг йæ фыссæджы цæхæр.

Ныхасы бар фысджытæн.

Багаты А.

Баскаты А.

Джыбылты З.

Баскаты В.

 

Кæронбæттæн.

Ахуыргæнæг: Зынгзæрдæ,курдиатджын æдзард хæстон ,поэт Калоты Хазби фæцард 22 азы.Цы сты 22 азы!Хазби стъалыйау ссыгъд,царды судзгæ ацыд…Йæхæдæг нал ис ,фæлæ йæ рухс ном нæ ахуыссыд.Хурмæ бæллыд æмæ хуры тыхæй фæхъæстæ,йæ хъарм ын райста æмæ дзы хъарм кæны нæ удты,цæры немæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 


 

Саст бæласы дидинæг…(Калоты Хазбийы 100 азы бонмæ)

Саст бæласы дидинæг…(Калоты Хазбийы 100 азы бонмæ)

Хазби.Уый райгуырдис 1921 азы

Хазби.Уый райгуырдис 1921 азы

Кæронбæттæн. Ахуыргæнæг: Зынгзæрдæ,курдиатджын æдзард хæстон ,поэт

Кæронбæттæн. Ахуыргæнæг: Зынгзæрдæ,курдиатджын æдзард хæстон ,поэт
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
23.03.2022