Кълас: 11 ( ирон литературæ)
Ахуыргæнæг: Цариаты Т.Ц.
Темæ: «Махæй ,уæ фыдæлты номæй къæмдзæстыг никуы уыдзыстут!»
Джусойты Нафи «Фыдæлты туг»-мæ гæсгæ.
|
Урочы нысантæ. |
1. Раиртасын романы проблематикæ. 2.Романы историон бындурыл æрдзурын. 3.Уацмысы идейæ æххæстæй раргом кæнын. 4.Архайджыты фæлгæцтæн характесисткæ скнын. |
|
Урочы хуыз. |
Историон урок.. |
|
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ. |
Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.. Метапредметон: уацмысы сæйраг хъайтарты архайд, сæ хъуыдтæгтæн аргъ кæнын; бамбарын кæнын урочы нысан , æвзарын раст аналитикон нысан, хынцинæгтæ, кæрæдзимæ раст фæрстытæ дæттын, кæрæдзийы хъуыдытæм лæмбынæг хъусын æмæ коммуникативон уæвын. Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ. |
|
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ. |
Системон –архайдон технологийы метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
|
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. |
Чиныджы æрмæг, презентации, интерактивон фæйнæг. |
Эпигрæф урокмæ: «Лæг намысæй лæг у!Йæ намыс куы фесафа ,уæд йæ цард æгады мæлæтæй фыддæр у!»
Урочы структурæ
|
Урочы этаптæ |
Ахуыргæнæджы архайд. |
Скъоладзауты куыст. |
УАА |
|
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)
Текстыл хайгай бакусын,равзарын.
\ Урочы темæйыл куыст.
Текстыл дарддæр кусын чиныджы æрмæгыл æнцойгæнгæйæ
.1 Системон –архайдон технологийы бындурыл раиртасын романы проблематикæ. 2. Скъоладзаутæн æмбарын кæнын уацмысы аивадон фæрæзтæ æмæ уый руаджы урочы темæ æргом кæнын. 3. Ахуырдзауты зæрдæты гуырын кæнын фыдфбæстæ уарзын,æмæ хъахъхъæнын.
Ивгъуыд æмæ абоны бастдзнад-уацмысы идейæ.
.1
Цæй фæрцы нæм æрхæццæ сты уыцы хабæрттæ?
Цавæр адæмон хъайтар ма зонæм æмæ цавæр уацмысты æвдыст æрыдыстф?
РЕФЛЕКСИ
ХАТДЗÆГТÆ СКÆНЫН
ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ
|
- Уæ бон хорз, мæ æрыгон хæлæрттæ, уырны мæ, абон кæрæдзи кæй бамбардзыстæм. -Фыссæджы биографийыл цыбыртæй æрдзурын -Хъуысы хъайтарон зарæджы мелодии. -«Уæлахиз уæд сæрибардзинад Иры!» Галуанты Л. Ахуыргæнæг: -.Амондау нæм фæкаст дард бæстæй Уырысы паддзаæй хæстон адæмы æрцыд. Загътам ,нырнæ паддзах дæр иу уыдзæн.Уырысæй Ирæй,Гуырдзыйæ Æмдин,æмпаддзах,æмбар,æмнамыс уыдзыстæм. Нæ фыдбылызтæ,нæ хæрзбон дæр иу уыдзæн .Нæ нæртон фыдæлтæй нын баззад-Хуыцауы йеддæмæ сæр ныллæг никæмæн кæнын,. лæг дæ!
- Фæлæ армыдзаг адæмæн утæппæт тыхы раз цы у йæ бон? -Цавæр тыхы кой кæнæм?
Ахуыргæнæг:Æркæсæм ма нæ фыдæлты фæдзæхстмæ,нæ зæрдыл æлæууын кæнæк куыд зын уавæры уыдысты æмæ куыд бвхъахъхъæтой сæ намыс ,сæ фæстагæтты раз. Æмæ райдыдта хæст Хъуды комæй Къуыдары къуылдымтæм,Чысаны рагъай Нары дзыхъмæ.Комæй-коммæ цыд,æфцæгæй- æфцæгмæ додой кодта,мæсыгæй-мæсыгмæ сидт арты пиллон æмæ сармадзанты богъ. Æнусы æрдæг фæхæцыдыстæм,фæкалдтам нæ туг, нæ сидзæр сабиты æмæ саударджыты цæссыгтæ æнустæм номхæссæн уыдысты.Сæ кой сымахмæ,фæстагæттæм, фæдисоны зарæгау чи фæхæццæ кодтаид, уый дæр нал уыд. Тохы быдыры сæ сæртæ æрхастой нæ хуыздæртæ –кæстæрæй ,хистæрæй. Маст æмæ хъарæгæй сæ зæрдæтæ ныддур сты нæ дзырддзæугæтæн. Зарæджы хъæр нал хъуыст нæ хъæутæй ,бамыр нæ хъæлæс,бакъуырма сты нæ хъисфæндыртæ.
Ахуыргæнæг:Джусойты Нафийы абарæн ис нæ Иры бæрзонддæр хохимæ.Уый у удæгас æвдисæн нæ историйæн. Нафи, бæрзонд хох, зарæг ,се' ппæтдæр нæ историйы цыртдзæвæнтæ!
Ахуыргæнæг :Байхъусæм-ма романы райдайæнмæ «Æгомыг зарæг»-мæ :Зæрдæмæ хъаргæ ныхæстæ… Нафийæ хуыздæр ма чи зæгъдзæн ,чи фæхæццæ кæндзан кæсæгмæ,нæ фыдæлты тугкалæн хæстыты хабæрттæ. «Фæлæ туг , цы фæци ?Хурмæ ахсгæ,чи нæ кæны,ихы бын сæлгæ,мæры æмбийгæ,уыцы туг, фыдæлты туг!»
Ахуыргæнæг: Романы скъуыддзæгтæ бакæсгæй, нæ разы сæвзæрд ахæм фæрстытæ: 1.Цы æрцыд Чеселтгомы ?
2.Цавæр цард кодтой,цæмæн равзæрста Нафи йæ романы Чеселтгомы адæмы? 3.Цæмæн у роман историон ? Ахуыргæнæг:Райстой хæцæнгарз ,цæмæй бахъахъхъæной сæ сæрибар, сæ бартæ, сæ зæхх – ахæм у «Фыдæлты туг»-ы сæйраг хъуыды .
- Романы сæйраг архайджытæ чи сты ? -- Рахизæм романы проблемæтæ иртасынмæ.
Салдат чи у,куыд бафтыд Ирысонмæ?»
- Нæ урочы эпигаф куыд æмбарут?
-Цæмæн у роман историон? -Чи сты Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега, раттут сын характеристикæ. -Цæмæн ис абарæн Нафи,бæрзонд Хох æмæ хъайтарон зарæгæн? -Зарæджы райгуыд романы? -Цавæр фыдмитæ баййæфтой Чеселгом? - Нæ урочы нысан цавæр уыди?
- Сæххæст æй кодтам?
1. Ирыстоны æфхæрджытæ. 2.Нæ фыдæлты удыхъæд. 3.Хъайтарон зарæджы нысаниуæг ивгъуыдæй абонмæ. 4.Национ иудзинад романы. Роман даррдæр кæсын. Ныффыссын нывæцæн ;Мæ Ир,дæ цæфтæ байгас уæнт æнустæм! «Фыдæлты туг»-мæ гæсгæ.
|
Ахуырдзау дзуаппыт: 1.Джусойты Нафи роман «Фыдæлты туг»-ы равдыста Хуссар Ирыстоны Чеселтгомы адæмы цард 19-æм æнусы райдайæны. Уæрæсеимæ баиуыл адæм тынгцинимæ сæмбæлдысты.Уырныдта сæ,сæ цард хуыздæр кæй фæуыдзæн,уырысы паддзахы адмиистраци сæ æлдæрттæй кæсуæгъд кæндзæн,фæлæ фыдæнхъæл фесты!Уый нæ фæлæ мА бахаудтой дывæр фыдбылызы.Уæлдайдæр та Хуссар Ирыстон.Гуырдзыйаг æлдæрттæ рагæй дæр хъавыдысты сæрибар Ирæй сæхицæн хъалондар скæной,Иннæрдыгæй та Уæрæсейы хицæуттæ слæууыдысты гуырдзыйы князты фарс,Афтæмæй дыууæрдыгæй тыхтонайы бахаудысты.
2.9-майы1830-аем азы Рененнкампфы аефсаеддон раенхъ араст ис Цхинвалаей Дзаумае ,Чеселтгоммае та Мачабелийы адæм, ахæм домæнтимæ,цæмæй сæхи раттой паддзахы дæлбармæ.Фæлæ Чеселтгомы цæрджытæ,куыд æппæт адæм,афтæ,зыдтой сæрибарæн аргъ кæнын æмæ сæхи æрцæттæ кодтой хæстмæ.21 июны Рененнкампфы æфсад рацыдысты Дзауæй æмæ Роройы æфцæкыл рахызтысты. Дарддæр сæ фæндаг уыд Бикъойты хъæу.Афтæмæй хъæуты судзгæйæ цыдсты размæ.Стыр тохты семæ тох кодтой ирон адæм.Бахæццæ сты Хъоламæ ,фæлæам стыр ныхмæлæуд уыд сæ ныхмæ.30-ы бæрцæй Хъолайы мæсыджы бацыдысты,алы рæтты æрбынат кодтой.Иннæтæ хъахъхъæдтой лидзæг адæмы,зæрæдты,сабиты. 3.Загътам:разы стæм паддзахы бархъомысыл,фервæзын нæ кæнут æлдæртты фыдвæнд æмæ æфхæрдæй.Бæргæ рæсугъд фæндтæ фæкодтам, фæлæ хæрзæбонæй фыдбылыз фæраздæр ,æлдар цы уыд,уымæй баззад,йемæ бамбал сты сауджын æмæ паддзахы инæлар,сæ иу цагъары хъадамантæ хаста йа къухы, иннæ дины чиныг-хъадамантыл разыйы хос. Цы бон ныл æркодта, кæмæн дзы фæрæзтаиккам? Кæнæ цагъары цард, кæнæ цæттæ мæлæт салдаты арцæй,сармадзаны нæмыгæй 4.Кæд искуы нæ фыдæлты туг агурат, уæд уæ ма ферох уæнт нæ фыдгулты нæмттæ.Уыдон хуыдтой æлдæрттæ,инæлæрттæ æмæ афицертæ Ахуыргæнæг: Мах байхъуыстам нæ фыдæлты фæдзæхстмæ,нæ цæстытыл ауад,ма уæ ферох уæнт не ' нусон знæгтæ;Ерыстау æмæ Мацабел æлдæрттæ.Ма уæ ферох уæнт паддзахы инæлæрттæ:Ренненкампф,Абхазов æмæ иннæтæ.Ма уæ ферох уæнт , махæн хъизæмæрттæ чи' взарын кодта,нæ хъæбулты нын Туркмæ чи уæй кодта,нæ хæдзæрттыл нын арт чи æндзæрста, нæ мæгуыр сæ цард,сæ бирæ фыдæбон, сæ маст.Æппæт уыдæттæн æвдисæн уыдысты нæ Иры бæрзонд хæхтæ, уыдон сæ зæрдæты арф æвæрынæ фыдæлты цардыуаг
5..Æгомыг сты хæхтæ.Зарын нæ- зонынц ,дзурын нæ зонынц. Æрмæстдæр æнусты сæрты хъусынц дзагъырдзастæй. -Хъусынц сæ фæдджиты цæрæг адæммæ.хъусынц адæмы зарджытам куывдты ,чындзæхсавты,балцы… Хъусынц адæмы хъарджытæм хистыты…Уынынц адæмы фыдæбон…Уынынц,хъусынц æмæ зæрдыл дарын фæразынц Æгомыг сты хæхтæ.Нæ зарынц ,нæ дзурынц,æрмæст хъусынц .Чи зоны, нæ зарынц-зæрдæ ныддур мастæй
Фæлæ туг , цы фæци ? Хурмæ ахсгæ,чи нæ кæны,ихы бын сæлгæ,мæры æмбийгæ,уыцы туг, фыдæлты туг!» 6.Хъусут фæстагæттæ? Ацы хъарæг фæдзæхст у,нæ фыдлты сидт сæ фæстагæттæм,махмæ… Хъусут фæстагæттæ?! Ма уæ ферох уæд не гомыг зарæг .Байхъусут æм уарзæгой зæрдæйæ æмæ ,кæд,кæд уæ дуг хуыздæр уа, уæд æй самонут хъæлæсыдзагæй,æргомæй æгас дзыллæты раз. Самонут æй уæндон æмæ сæрыстырæй .Махæй,уæ фыдæлты номæй,къæмдзæстыг никуы уыдзыстут æмæ нын рухс куы кæнат ,уæд-сæрыстырæй,чъызгæйæ нæ,нæ хъæуы, ахæм кой. Уый уын уæ фыдæлты фæдзæхст, æнусты сæрты.
5.Хуссар Ир цардысты сæрибарæй, сæ уавæртæ сæ куыд амыдтой, афтæ. Фæлæ сæ истори ахæм уавæрты сæвæрдта, æмæ сæ бахъуыд сæ бартæ топпы дзых æмæ карды комæй бахъахъхъæнынæн «Сæ фæндаг уыд тугзæйтыл.Сехсар æмæ лæгдзинад уыдысты сæ хъахъхъæнæг». Ардасеты Хадзыбатыр
6. Романы сæйраг архайджытæ сты адæм ,фæлæ се хсæн бæрæг дарынц сæ раздзæуджытæ Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега.Æмбаргæ,хиуылхæцгæ,раст адæймæгты бахъуыд сæ адæм æмæ сæ бартæ бахъахъхъæнын знагæй.Коцты Бега-мæлдзыгæн дæр тæригъæд чи кодта ,уый ныр знагæн тæригъæд нал зоны.Нал зоны тас, фыдгулæй нæ лидзы,бацæуы лæгæй –лæгмæ тохы.Йæ диссаджы удыхъæд раргом ис, цæф уырыссаг салдатыл куы сæмбæла,уымæй. 7.Ака йæ ссардта цæфæй,йе ккой йæ æфцæджы сæрты фæхаста,амæрын æй йæзæрдæ нæ бакуымдта. Уайдзæфтæ йын фæкодтой бирæтæ. «Æмæ йын уæдæ цы кодтаин?Талынджы,иунæгæй,æцæгæлон бæсты,æнæзонгæ бынаты,цæфтæй Салдат у цы кодта? Раст зæгъгæйæ, йæхицæн дзы цагъараг скæнынма хъавыд,фæлæ куы бамбæрста, йæхи хуызæн куыстæфхæрд,мæгуыр у,уæд ын æфсымæры бынаты баззад .Бургъуын-афтæ йæ рахуыдта йæ бурдзалыг сæры хилмæ гæсгæ, цалынмæ йын хъæубæсты адæм йæ ном иронау нæ рацарæзтой –Цæргæсаты Алæг. Хæсты заманы гадзрахатæй нæ рацыд æрдхордзинадыл, фалæ æрбалæууыд Бегайы фарсмæ æмæ тох кодтой мæсыгæй знаджы ныхмæ. Эиграфæн ахуырдзаутæ кæнынц сæхи хатдзæгтæ.
8.1830 –æм азы уæлдай фыдæвзарæнтæ базæрстой Иры адæм.Уыцы иу рæстæг Цæгат æмæ Хуссармæ æрвыст æрцыдысты æфхæрæн экспедицитæ.Хъобангоммæ-инæлар Абхазов,Чеселтгоммæ- инæлар Ренненкампф.
1 |
зонадон (куысты нысан цы у, уый бамбарын; проблемон фарст æрæвæрын)
регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын; æххæст кæнын ахуырадон архайд),
удгоймагон (хæдуагæвæрд,æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды).
зонадон ( анализ, абарст, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын; проблемон фарст æрæвæрын)
коммуникативон (хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын; хи хъуыдытæ бахъахъхъæнынæн аргументтæ хæссын)
регулятивон (æххæст кæнын ахуырадон архайд),
зонадон (дзургæ ныхасы æмбаргæ арæзт; зонындзинæдтæ иу уагмæ кæнын)
коммуникативон (хи хъуыдытæ бæлвырд æмæ æххæстæй зæгъын; æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæн æмæ æмгæрттимæ)
удгоймагон (хъуыды бавæрын, иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)
зонадон (хъæугæ æрмæг агурын; хибарæй саразын алыхуызон мадзæлттæ проблемæтæ лыг кæнынæн сфæлдыстадон бындурыл; зонынадон хъæппæрис æвдисын)
удгоймагон ( этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын; адæймаджы миддунейæн эстетикон æгъдауæй аргъ кæнын æмæ æмбарын)
коммуникативон ( иумæйаг уынаффæ-йыл разы уæвын; ныхмæлæуддзинæдтæ райхалын)
зонадон (анализ, синтез; текстæй хъæугæ æрмæг исын; æмбаргæ æмæ сæрибарæй хъуыдытæ зæгъын)
регулятивон ( аргъ кæнын, рæстытæ кæнын)
коммуникативон (хи хъуыдытæ бæлвырд æмæ æххæстæй зæгъын)
зонадон (хи хъуыдыты рæстдзинадæн аргументтæ хæссын, сбæлвырд кæнын аххостæ æмæ фæстиуджыты бастдзинад)
удгоймагон (бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ)
коммуникативон (алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын)
зонадон (архайдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; архайды фæстиуджытæн аргъ кæнын)
удгоймагон ( ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын; æнтыстытæ бæлвырд кæнын)
коммуникативон ( ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын) |
Скачано с www.znanio.ru
Материалы на данной страницы взяты из открытых источников либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.