Конспект урока

  • doc
  • 14.01.2026
Публикация на сайте для учителей

Публикация педагогических разработок

Бесплатное участие. Свидетельство автора сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

Иконка файла материала Фандаг.Уаст..doc

Кълас:   11 ( ирон литературæ)

Ахуыргæнæг: Цæриаты Тинæ

Темæ: Дзесты Куыдзæг «Фæндагсар     Уастырджи».

 Эпиграф:«Мæгуыр уый у,æмæ бирæ адæмы æхсæн дæр иунæг чи вæййы» 

                                                                                                                                                Дзаххо

Урочы  нысантæ:

1.Проблемон уавæртæ аразгæйæ,скъоладзауты хибарæй архайыныл ахуыр кæнын.

2..Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзурын.

 

 

1. Раиртасын романы проблематикæ.

2.Романы историон бындурыл æрдзурын.

3.Уацмысы идейæ æххæстæй раргом кæнын.

4.Архайджыты фæлгæцтæн характесисткæ скæнын.

Урочы хуыз.

Традицион урок..

Урочы райхалинаг фарстатæ:

1.Хæхбæсты зын уавæртæ,фæндаджы нысан  царды.

2.Уазæгæн лæггад кæнын ирон адæммæ.

Урочы хъомыладон куыст:

Уазæг-цыты уазæг.

Куыст-цардæн фæрæз.

Мады зæрдæ никуы сайы.

Дæхи куыд равдисай,афтæ дæ райсдзысты адæм.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын..

Метапредметон: уацмысы сæйраг хъайтарты архайд, сæ хъуыдтæгтæн аргъ кæнын; бамбарын кæнын урочы нысан , æвзарын раст аналитикон нысан, хынцинæгтæ, кæрæдзимæ раст фæрстытæ дæттын, кæрæдзийы хъуыдытæм лæмбынæг хъусын æмæ коммуникативон уæвын.

Удгоймагон: сæрибармæ тырнын,лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ.

 «Мæгуыр уый у,æмæ бирæ адæмы æхсæн дæр иунæг чи вæййы

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Системон –архайдон технологийы метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Чиныджы  æрмæг, презентации, интерактивон фæйнæг.

                                                

                      Урочы структурæ

 

 

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Текстыл хайгай бакусын,равзарын.

 

 

 

 

 

Урочы темæйыл куыст.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Æлдæртты фыдмитæ ирон литературæйы(абарст)

 

 

 

 

 

 

 

 

-

 

Ивгъуыд æмæ абоны бастдзнад-уацмысы идейæ.

 

-«Хорхæссæг » æмæ  дæсæм хайы зын уæвæры бахауæг бæлццæттимæ хъысмæты проблематикæ равзарын.

 

Фæрнджын лæг æнамонд никæд вæййы.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Уацауы темæ раргом кæнын.

 

 

 

Текстыл дарддæр кусын чиныджы æрмæгыл æнцойгæнгæйæ

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Уацмыс эпигафимæ бабæттын уацауы темæ.

 

РЕФЛЕКСИ

 

ХАТДЗÆГТÆ СКÆНЫН

 

 

 

ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ

Ивгъуыд æмæ абоны бастдзнад-уацмысы идейæ.

Сбæрæг кæнын романы сæйраг архайæг чи у,уый

ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ

 

 

 

- Уæ бон хорз, уырны мæ, абон кæрæдзи кæй бамбардзыстæм.

-Фыссæджы биографийыл цыбыртæй æрдзурын

-1937 азы фыссæг йæхæдæг цытæ бавзæрста Сыбыры хасты. конспет бакæсын.

 «Зæрдæйы ностæ»-Куыдзæджы хифыст боныг равдисы ахуыргæнæг,  æрдзуры репресийы азары кæй бахауд фыссæг йæхæдæг_дæр ,ууыл.

 

.

-Раргом кæнын Дзаххо æмæ Дзитæйы сусæгдзинад.

-Цавæр фæндтæ сæм ис,кæмæй æмбæхсынц?

-Ахуырдзауты дзуæппытæм байхъусын:

 

Цыбыртæй текст хайгай  радзурын

 

 

 

 

 

- (Фыццаг зымæг . Дардбæстаг уазджытæ)цыбыртæй радзурын.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

-Дзаххо геологтæн раргом кодта йæ фырты хабар:Зæхкусæг ирон лæг йæ намыс ссæндын нæ бауагъта,æлдæрттимæ сæ быцæу тугныккалдæй ахиуæн.Æлдары фырт цы агуырдты, уый ссарта-ингæн йæхицæн,фæлæ мæгуыр лæппу йæ фыды уæзæгæй фæхауæггаг.Дарддæр-ахæстон,Сыбыры каторгæ,империалистон хæст,урсгвардионтимæ тох æмæ фæстагмæ сæибар…

 

 

-Дзаххо куыд фенкъары бæлццæтты уавæр?

Дзитта куыд фенхъæлмæ кæсы йæ мойы æрцыдмæ

 

Сæ фыртимæ фембæлд.Мады æмæ фыды уавæр.Сæ цин_сæ уæлахиз!

 

Зæгъын, нæ туджджын æлдæрттæ нæ фæдыл куы рацæуой сæ маст исынмæ.Абоны онг дæр маадæмы раз къæмдзæстыг дæн,мæнг ныхæстæ сын сын кæй фæкодтон,уый тыххæй.

Дзахо æмæ Дзиттæйы артдзæст ссис адæмæн уарзон,дардылайхъуысти сæ кады ном.

-Хæрзбон,хорз адæм!

Дзахо æмæ Дзиттæйы аздæхт сæ райгуырæн бæстæм .

Дзесты Куыдзæг йæ уацауы æвдисы фæндаджы проблемæ.Дзахо куыд зилы æрвылбон фæндагмæ,афтæ хъæуы кусын,афтæ хъæуы цæрын адæмимæ,

Ахæм у йæхæдæг дæд нæ уарзон фыссæг.

Раст загъта Джусойты Нафи: «Куыдзæджы хуызæн рæсугъд æмæ тыхджын курдиат,уый хуызæн лæгуарзон æмæ æппæтæй аив адæймаг куы райгуыры æмæ куы рахъомыл вæййы,уæд уый æгас дзыллæйæн дæр арфæйы æмæ фарны хъуыддаг у».

  «Мæгуыр уый у,æмæ бирæ адæмы æхсæн дæр иунæг чи вæййы» 

1.Æлдары дудгæн кæрон æрцыд.

2.Куыст цардæн фæрæз..

3.Хорзгæнæг хорз ары.

4.Фæрнджын лæг иунæг никæд вæййы.

1.Нывæцæн.

«Дзамболат ног дуджы минæвар»

 

 

 

 

 

 

 

 

конспет бакæсын

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Ахуырдзауты дзуаппытæ

 

 

 

1.Уазæгæн лæггад кæнын ирон адæммæ фыдæлтæй баззад . Дзаххо Хуссар Ирмæ куы æрæфтыд ,уæд æй ничи бафарста йæ æрцыды аххосагæй,кæд æй æмбæрстой уæддæр.Æхсæйнаг хъæу æй райста ,куыд æфсымæр афтæ, уæлдайдæр та Лæджыгаты Гæвди.

 

2.Дзаххо ныллæууыд фæндагаразæгæй.Йæ зæрдиаг куыст,йæ адæймагдзинадæй фыццаг бонæй йæхи  афтæ бауарзын кодта комбæстæн,æмæ йæ кæд зыдтой цавæрдæр сусæгдзинад æмбæхсы ,уæддæр æй ничи бафарста (æгъдаумæ гæсгæ )             

 

3. Уæдæ Дзитæ та?Уæздан,куыстуарзаг сылгоймаг,цы бафæрæзта бæлццæтæн лæггад кæнын.Уый куыд арæхст къуымбилы куыстмæ,æгас комы кæмæн нæ бахуыдта нымæт худ æмæ кæрц ,ахæм нæ разынд.

-Дзаххойы фæзминаг хъуыддæгтæ бирæ сты:кусаг ,рæстдзинадыл хæст лæггадгæнаг,уый  фæндагмæ куыд зылд,бæлццæттæн куыд лæггад кодта,уый та иннæ..

- сæ куысты фæрцы сæхицæн хæдзаргонд скодтой æфцæджы бын (Фыццаг зымæг . Дардбæстаг уазджытæ)цыбыртæй радзурын.

 

 

 

 

 

 

 

Ахуырдзауты цæстæнгас хæхбæсты уавæртæм фыдæлты дуджы æмæ ныры рæстæджы.

 

 

9 хай. «Фæндагсар Уастырджи»

 «Кæм дæ,цы фæдæ,Уастырджи!»-бæлццæты зын уавæр сæрсæфæн фæндагыл.

Дзахо- сæ ирвæзынгæнæг.Текстыл æнцойгæнгæйæ радзурын хи ныхæстæй.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Ахуыргæнинæгты хи хъуыдытæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

зонадон

(куысты нысан цы у, уый бамбарын; проблемон фарст æрæвæрын)

 

 

регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын; æххæст кæнын ахуырадон архайд), 

 

удгоймагон

(хæдуагæвæрд,æгъдау,кæрæдзийы фарсмæ балæууын тыхст рæстджы ирон  адæмы царды).

 

 

зонадон

( анализ, абарст, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын; проблемон фарст æрæвæрын)

 

 

 

 

коммуникативон

(хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын; хи хъуыдытæ бахъахъхъæнынæн аргументтæ хæссын)

 

регулятивон

(æххæст кæнын ахуырадон архайд),

 

 

 

 

 

зонадон

(дзургæ ныхасы æмбаргæ арæзт; зонындзинæдтæ иу уагмæ кæнын)

 

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд æмæ æххæстæй зæгъын; æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæн æмæ ахуырдзаутæн)

 

удгоймагон

(хъуыды бавæрын, иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

 

зонадон

(хъæугæ æрмæг агурын; хибарæй саразын алыхуызон мадзæлттæ проблемæтæ лыг кæнынæн сфæлдыстадон бындурыл; зонынадон хъæппæрис æвдисын)

 

удгоймагон

( этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын; адæймаджы миддунейæн эстетикон æгъдауæй аргъ кæнын æмæ æмбарын)

 

коммуникативон

( иумæйаг уынаффæ-йыл разы уæвын; ныхмæлæуддзинæдтæ райхалын)

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 


Скачано с www.znanio.ru