Открт. урок по осет лит-ре
Оценка 4.7

Открт. урок по осет лит-ре

Оценка 4.7
Работа в классе
docx
классное руководство
9 кл
09.11.2019
Открт. урок по осет лит-ре
Ирон адæммæ ис ахæм таурœгъ сылгоймаджы тыххæй.Чи зоны,исчи уæ йæ фехъуыста. Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр,æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад,мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг.Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа,уый тыххæй сæм бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ ,рувасы хиндзинад,мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф-тулфдзинад дзургæйæ.Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ : арт,зæй,арвæрттывд,арвнæрд,тымыгъ,тæрккъæвда æмæ æппæт уыдæттæй сарæзта Сылгоймаг… Æвæццæгæн ,зæххыл ахæм тых нæй ,æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн…Сылгоймаг у хуры тынау рæсугъд æмæ фæлмæн,сылгоймаг у фарн æмæ амондхæссæг…
plity_gris_mad.docx
Урочы темæ:          «Мады ном –æнусон»  Плиты Грисы «Мад»­мæ гæсгæ. Урочы нысан:   1.Скъоладзауты базонгæ кæнын Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстадимæ.                             2.Бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ «Мад»                            3.Ахуырдзауты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад сæ ныййарджытæм,ахуыр сæ кæнын уыдонæн кад кæнын æмæ æгъдау дæттын . Урочы фæлгонц: магнитофон,проектор,компьютер,чингуытæ,докладтæ. Урочы эпиграф:     «Зæххыл ис иунæг хæзнæ царды                                  Æмæ уый Мад у ,мæ хур,Мад.                                  Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары,                                  Фæсуры зæрдæйы фæллад»                                                                 Денджызты Д.                                                      Урочы цыд 1.Организацион хай. ­Уæ бон хорз,сывæллæттæ!Сбадут! 2.Ног æрмæг.Ахуыргæнæджы раныхас, Сылгоймаг,нана,мад,хо,бинойнаг… Дæ ном­æнусон у,дæ кад –бæрзонд, Де `гъдау фæзминаг,дæ къух­рæдау,дæ зæрдæ –уарзæгой, Дæ ныфс –фидар,дæ хъуыды –ирд. ­Сывæллæттæ,уæдæ цымæ нæ урочы темæ цавæр у.Кæуыл дзурдзыстæм абон?  Ахуыргæнæг .  Ирон адæммæ ис ахæм таурœгъ сылгоймаджы тыххæй.Чи зоны,исчи уæ йæ фехъуыста. Хуыцау   æрбайста   худгæ   хуры   тынтæй   цалдæр,æрттиваг   мæйы   сонт   æнкъарддзинад,мæлхъы сæрыстыр   уæздандзинад     æмæ   уарди   дидинæджы   æмбисонды   тæфаг.Цæмæй   æгæр  æлутон   ма фæуа,уый   тыххæй   сæм   бафтыдта   ноджы   уаддымгæйы   æнæсæрфат   зилдухæнтæ   ,рувасы хиндзинад,мигъты цæссыгкалындзинад  уарыны  агъоммæ æмæ   гæркъæраджы  талф­тулфдзинад дзургæйæ.Чысыл   ахъуыдыйы   фæстæ   ма   йæм   бафтыдта   ноджы   хъаймæты   æппæт   бæллæхтæ   : арт,зæй,арвæрттывд,арвнæрд,тымыгъ,тæрккъæвда æмæ æппæт уыдæттæй сарæзта Сылгоймаг… Æвæццæгæн  ,зæххыл ахæм тых нæй ,æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн…Сылгоймаг у хуры тынау рæсугъд æмæ фæлмæн,сылгоймаг у фарн æмæ амондхæссæг…             Сылгоймаг!Мад!..Гыцци!..Дзыцца!..Куыд диссаг сты ацы ныхæстæ.Адæймагæн цæуынц йæ зæрдæйы  арфæй…Ацы  алæмæттаг  дзырд  фехъусгæйæ   ,  алы  кары  адæймаджы  цæстытыл  дæр ауайы  йæхи  мад,йæхи  уарзон  ныййарæг.Мад  алкæмæн  дæр  у  ныййарæг,зондамонæг,хур  æмæ цæсты  рухс.Цас  хъармдзинад  æмæ  уарзондзинад  дæтты  уый  йæ  хъæбулæн.Дунейы  мады  аккаг ныхæстæ  зын  ссарæн  вæййы,цæмæй  йын  раарфæ  кæнай.Тæхудиаг  сты  уыдон,æмæ  сæ  мадæлтæн аккаг аргъ чи скодта,царды мидæг сæ чи сбуц кодта.                          Ахуыргæнæг кæсы урочы эпиграф.Œвзарынц æй скъоладзаутимæ.  Ахуыргæнæг:   Сывæллæттæ,уæдæ куыд бамбæрстат,афтæмæй нæ урочы мах дзурдзыстæм мады тыххæй.Бакæсдзыстæм   æмæ   равзардзыстæ   Грисы   æмдзæвгæ   «Мад».Хæдзармæ   куыст   та   уын лæвæрд   уыд   бацæттæ   кæнын     Плиты   Грисы   царды   хабæрттæ   хибарæй.Табуафси,ныхасы   бар сымахæн.                               Скъоладзаутæ дзурынц П.Грисы биографи хæрз цыбыртæй. П.Г.райгуырд Хуссар Ирыстоны Ручъы хъæуы. Мидхæсты заман бинонтæ ралыгъдысты   Цæгат Ирыстонмæ     æмæ   æрцардысты   Ногиры.   Ам   Грис   каст   фæцис   скъола.   Ахуыр   кæнымæ   бацыд педтехникуммæ, стæй та Мæскуыйы аивадон  скъолайы артисты хайадмæ.1935 азы байгом Цæгат Ирыстоны   паддзахадон   театр   æмæ   Грис   уым   кусын   байдыдта   актерæй,æмдзæвгæтæ   фыссын райдыдта   педтехникумы   ма   куы   ахуыр   кодта,уæд.1930   азы   йæ   уацмыстæ   фæзындысты мыхуыры.Хæсты фыццаг бонты Грис иннæ ирон фысджытимæ ацыд фронтмæ æмæ суанг 1947 азмæ уыдис фронты.Хæстæй æрыздæхт бирæ хорзæхтимæ                  Ахуыргæнæг: Раст зæгъут,сывæллæттæ,бирæ хорзæхтимæ æрбаздæхт Грис хæстæй. Фæлæ ма уымæй уæлдай æрхаста бирæ æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ дæр,кæцытæ бынат ссардтой йе `мдзæвгæты.Мæнæ куыд зæгъы Джусойты Нафи:        «Грисы æмдзæвгæты ирдæй зынынц хæстон лирикæйы хуыздæр æууæлтæ,уыдон сты йæ бæрзонддæр æнтыстытæ». Хæсты темæйыл цы бирæ уацмыстæ ныффыста, уыдоны æхсæн зынгæ бынат ахсы йе `мдзæвгæ «Мад» 1. Æмдзæвгæ кæсы ахуыргæнæг 2. Саразын беседæ. ­Цавæр рæстæг æвдыст æрцыд æмдзæвгæйы? ­Цавæр эмоцитæ уæм сæвзæрын кодта? ­Цæмæн схуыдта Грис йæ уацмыс «Мад»? ­Цы хуызы ауад уæ цæстытыл?Дзургæйæ ма йын сныв кæнут йæ фæлгонц Ǽ      3.  мдзæвгæйы анализ. Бакæсын æмдзæвгæйы фыццаг строфа. Раттын фæрстытæ ­Цавæр дзырдтæй спайда кодта фыссæг ,цæмæй нын мады  фæлгонц сараза,уый тыххæй? ­Цы хонæм эпитет? ­Куыд æмбарут дзырд   фарн­ы нысаниуæг ? ­Цæмæн у мад «фарныл дзурæг»? Фарн – у рагон ирон рæсугъд дзырд .Нысан ,царды цыдæриддæр хорздзинадæй ис, уый:бæркад , амонд, уарзондзинад. Ахуыргæнæг:  Адæймагмæ    фарн   Хуыцауы  фæндæй    æмæ  цас  удæй  сыгъдæг  ,  уæздандзинады æууæлтæй æххæстдæр у, уыйас фарн  дæр вæййы  стырдæр. Уæлдайдæр та сылгоймаджы фарныл куы дзурæм, уæд.  æрцæуы  Æмдзæвгæйы  2 строфа бакæсын æмæ йæ равзарын.  ­Цы нысан кæны  дзырд «хæцæнмæ»? ­Куыд уæм кæсы ,цæмæн у лæг­салдат афтæ фыст. Ратæлмац ма йæ кæнут уырыссаг æвзагмæ. Муж­воин. Раздæр­иу сылгоймаг йæ лæгмæ искæй раз нæ дзырдта,стæй­иу «мæ лæг» ,зæгъгæ,дæр никуы загъта. Дзырдта : мæ мой,мæ сæры хицау,нæ дарæг…Нæлгоймаг дæ­иу йæ бинойнаджы хуыдта : не `фсин . Хъыгагæн, ныртæккæ уыйбæрц уæздандзинад нал ис æмæ худинагыл нымад нал у , афтæ дзурын. ­Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны фыссæг мады уавæртæ æвдисгæйæ? Равзарын æмдзæвгæйы 3­4 строфатæ. ­Цы нысан кæны дзырд  ­кул­? (озеро,пруд) ­Чи у мады ныфс? ­Цæимæ бары фыссæг сидзæргæсы иунæг хъæбулы? Ахуыргæнæг:Раст зæгъут,сывæллæттæ,мадæн йæ хъæбул æцæгдæр хуры тыны хуызæн у . Равзарын æмдзæвгæйы 5 строфа ­Разы стут бакаст ныхæстимæ? Ахуыргœнæг:Ирон   адæммæ   ис   æцæгæйдæр   ахæм   æмбисонд   «Мады   лæггад   никуыма   ничи бафыста».Œмæ уый æцæгæйдæр афтæ у!Фæлæ алы кæстæры хæс у ,цæмæй йæ хорз хъуыддæгтæй ,йе  ’гъдау æмæ кадæй йæ мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд хæсса,цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбулæй.Хъыгагæн ,мады хæрзтæ алы хъæбул нæ фембары  æмæ сын аккаг аргъ нæ фæкæны.Уый фæдыл ирон адæммæ ис ахæм таурæгь. Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды.Чызг ын хъазгæйæ загъта,зæгъгæ ,мын дæ мады зæрдæ æрбахæсс  æмæ дын бакомдзынæн…Лæппу  ацыд æмæ йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд­ тагъд   фезгъоры     йæ   уарзонмæ.Фæндагыл   йæ   къах   скъуырдта   æмæ   фæкалд.Мады   зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы : ­Дæ къах тынг ныццавтай,мæ хъæбул? Лæппу   уыцы   ныхæстæ   фехъусгæйæ   йæхимæ   æрцыд,цы   бакуыста   ,уый   бамбæрста   æмæ   йæхи рындзæй аппæрста. Хуыцау зæгъæд, æмæ  алы кæстæр дæр куыд æмбара уыцы хъуыддæгтæ æмæ мады зæрдæмæ маст куыд нæ хæсса! Равзарын æмдзæвгæйы  6 строфа ­Куыд æмбарæм ацы рæнхъ  «Арвыл ссыгъди сау хæсты мигъ»? ­Цæй символ у «сау мигъ»? ­Цæмœн систа мад йæ къухтæм йæ иунæг бындары? ­Цы дзуры «хæстæндзарджытæн»? ­Цæмæн  фæдзæхсы Райгуырæн бæстæйыл мады дæр æмæ сидзæры дæр? Ахуыргæнæг: ­Мад æмæ Райгуырæн бæстæ иу сты ­Куыд уæм кæсы,нæ æмдзæвгæимæ ис бабæттæн ацы æмбисонд? ­Цавæр æмдзæвгæимæ ма ис абарæ ацы уацмыс? (Кочысаты М. «Мыййаг хæсты быдыры искуы…»)  ­Цы сæм ис æмхуызонæй? 4 .Рефлекси 5.Кæронбæттæн  Ахуыргæнæг: Ирон мад!Ирон сылгоймаг!Цæй кадджын æмæ хъæбатыр дæ!Цæй фæразон æмæ фидар дæ!Œвæццæгæн,уымæн бафæрæзтай ахæм уæззау æмæ зын фæндагыл рацæуын,æмæ нæ фæцудыдтай!Дæ кады ном айхъуыст æнæхъæн дунейыл!!!Мад тынг зынаргъ у адæймагæн.Мæн фæнды,уæ алчидæр хъуыды кæна йæ мады сæрыл æрвылбон æмæ уæд уæ митæ дæр фæсмойнаг нæ уыдзысты!Хъахъхъæнут æмæ аргъ кæнут уæ ныййарджытæн!!! 5.Хæдзармæ куыст. Œмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре

Открт. урок по осет лит-ре
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
09.11.2019