анализ урока родного языка

  • doc
  • 14.01.2026
Публикация на сайте для учителей

Публикация педагогических разработок

Бесплатное участие. Свидетельство автора сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

Иконка файла материала Гом_урочы_анализ.doc

Гом урочы анализ

 

 

 Ахуыргæнæг: Цаериаты Тинае

 

Темæ: Булкъаты Михал «Теркæй – Туркмæ»

 

Нысан: Романы историон бындурыл æрдзурын.

 

Фæйнæгыл фыст:  Эпиграф «Не ' взаг иу, нæхæдæг хицæн.

                                                  Ад нæ кæны афтæмæй нæ цард…»

 

Урочы хуыз – урок – ныхас.

  

Урок райдыдта йæ рæстæгыл. Ахуыргæнæг сбæрæг кодта хæдзармæ куыст. Дарддæр пъланмæ гæсгæ лæмбынæг æрдзырдта фыссæджы цардыл, романы историон бындурыл. Туркмæ алидзыны аххосæгтæ æмбæрстгонд æрцыдысты, ахуырдзаутæ лæвæрдтой æххæст дзуæппытæ.

 

Бæрæггонд бынæттæ бакаст йæхæдæг.

 

Муссæ – адæмы разамонæг. Ахуыргæнæг арф æрдзырдта йæ архайдыл, абарста йæ уæйгæнджытимæ. Темырболаты фæлгонцыл та æрдзурдзысты  дыккаг урочы.

 

Ратта хæс: Ныффыссын Темырболаты фæлгонц.

 

Ахуыргæнæг æрдзырта фыссæджы æвзагыл, цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны йæ романы.

 

Бæрæггæнæнтæ сæвæрдта. Бæрæг у, ахуыргæнæг разæнгард кæны ахуырдзауты мадæлон æвзагыл дзурыныл.

 

Фиппаинæгтæ:

 

- Ахуырдзаутæй иуæй – иутæ нæ уыдысты фаг цæттæ

- Ахуыргæнæг йæхæдæг дзуры раст,  ис æм къалендарон æмæ тематикон пълантæ. Урочы ис дисциплинæ, бæрæг у, ахуыргæнæг æмæ ахуырдзаутæ кæрæдзийы кæй æмбарынц, уый.

    

 

 

 

 

М.И. РАЗАМОНÆГ                                              Цæриаты Т.Ц.

 

 

 

 

 

 

 

 

Гом урочы анализ

 

 

 Ахуыргæнæг: Гæбæйраты Эльвирæ

 

Темæ: «Зонындзинæдты къæбиц». (Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын).

 

Нысан: 1. Зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæг.

              2. Ныхасы рæзтыл бакусын.

              3. Гуырын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ; кæрæдзийæн кад кæнын               зонын

 

Урочы хуыз – урок – хъазт

  

Урок райдыдта йæ рæстæгыл. Ахуыргæнæг сбæрæг кодта хæдзармæ куыст. Ахуырдзауты базонгæ кодта фыццаг æмбисы цы æрмæг рацыдысты, уыйимæ.

 

Сывæллæттæ дих æрцыдысты дыууæ къордыл. Алчидæр дзы æрхъуыды кодта йæ командæйæн ном æмæ девиз.

 

Алы къорд дæр дзуры йæ девиз,  æмæ куыст райдыдта.

 

Ратта хæс:

  1. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ
  2. Дзырды хæйттæ
  3. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ
  4. Дзырдбаст
  5. Хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст
  6. Сидæн
  7. Диалог
  8. Комкоммæ ныхас

 

Аулæфыдысты. Райхъуысти ирон зарæг.

 

 Ахуыргæнæг бæрæггæнæнтæ сæвæрдта алы къордæн дæр. Раарфæ кодта ахуырдзаутæн, сæхи дзæбæх кæй бацæттæ кодтой урокмæ, уый  тыххæй.

Фиппаинæгтæ:

 

- Ахуырдзаутæй иуæй – иутæ нæ уыдысты фаг цæттæ, фæлæ уæддæр зæрдиагæй архайдтой.

    

М.И. РАЗАМОНÆГ                                              Цæриаты Т.Ц.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Гом урочы анализ

 

 

 Ахуыргæнæг: Гæбæйраты Эльвирæ

 

Темæ: « Хъуыдыйад»

 

Нысан:

1.Хъуыдыйады тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæх кæнын.

2.Ирыстоны тырысайыл æрдзурын

3. Ныхасы рæзтыл бакусын

 

 

Цæстуынгæ æрмæг: Ирыстоны тырыса, Уæрæсейы тырыса, карточкæтæ, презентации.

 

Урочы хуыз – фронталон, индивидуалон, къордтæй.

  

Урок райдыдта йæ рæстæгыл. Ахуыргæнæг сбæрæг кодта хæдзармæ куыст. Сывæллæттæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта  рацыд æрмæг. Текст «Тырыса» -йы тыххæй сын лæмбынæг радзырдта йæхæдæг. Цы нысан кæнынц нæ тырысайы хуызтæ, куыд æнгом баст сты нæ фыдæлтыккон ирон æхсæнады рæзтимæ

 

 

Ратта хæс:

  1. Фонетикон æвзæрст дзырд «тырыса»-йы.
  2. Текстæй рафыссын ирон тырысаимæ баст дзырдбæстытæ.
  3. Нарты кадджыты текст. Цухгонд дзы æрцыдысты Нарты мыггæгтæ æмæ нæмттæ.

 

Ахуыргæнæг æрдзырта ахуырдзаутæн Нарты тыххæй. Сæ зæрдыл сын æрлæууын кодта Нарты куырыхонты, сæ лæгдзинад, сæ хъару, сæ зонд.

 

Бæрæггæнæнтæ сæвæрдта.

 

Фиппаинæгтæ:

 

- Ахуырдзаутæ уыдысты цæттæ урокмæ. Тынг хорз дзуæппытæ лæвæрдтой.

- Ахуыргæнæг йæхæдæг дзуры раст,  ис æм къалендарон æмæ тематикон пълантæ. Урочы ис дисциплинæ, бæрæг у, ахуыргæнæг æмæ ахуырдзаутæ кæрæдзийы кæй æмбарынц, уый.

    

 

 

 

 

М.И. РАЗАМОНÆГ                                              Цæриаты Т.Ц.

 

 

 

 

 

Гом урочы анализ

 

 

 Ахуыргæнæг: Гæбæйраты Эльвирæ

 

Темæ: «Ирыстонæн кад скодтой»

 

Нысан:

  1. Сывæллæтты базонгæ кæнын фыццаг зындгонд богал Хъаныхъуаты Болайы царды хабæрттимæ.
  2. Раст, æмбаргæ æмæ аив кастыл бакусын; дзургæ ныхасы аивдзинадыл скъоладзаутимæ бакусын.
  3. Хъомыладон куыст бакæнын.
  4. Сывæллæттæн раттын хуымæтæг зонындзинæдтæ мивдисæгæй.

 

Фæйнæгыл фыст:  «  Хъазыбеджы хох»

 

Урочы хуыз – индивидуалон, урок - ныхас

  

Урок райдыдта йæ рæстæгыл. Ахуыргæнæг сбæрæг кодта хæдзармæ куыст. Дарддæр пъланмæ гæсгæ лæмбынæг æрдзырдта Хъаныхъуаты Болайы царды хабæрттыл. Цавæр адæймаг уыд, йæ диссаджы тых æмæ фæразондзинады тыххæй. Кæм райгуырд, куыд рæзыд, йæ дæргъ æмæ уæз цас уыдысты.

 

Бæрæггонд бынæттæ бакаст йæхæдæг.

 

Ратта хæс:

1. Антонимтæ ссарын тексты

2. Грамматикон хæс(карточкæтæ)

3. Диалогы репликæтæ баххæст кæнын, бакусын раст интонацийыл.

 

Ахуыргæнæг радзырдта  нырыккон зындгонд богæлтты тыххæй. Æрхастой дæнцæгæн бирæ ирон æмбисæндтæ.

 

Бæрæггæнæнтæ сæвæрдта. Бузныг загъта сывæллæттæн. Æппæлгæ дæр сæ ракодта, сæ рæдыдтытæ дæр сын бамбарын кодта, кæм хъуыдис, уым.

 

Фиппаинæгтæ:

 

- Ахуырдзаутæ се ' ппæт дæр архайдтой тынг зæрдиагæй.

- Ахуыргæнæг йæхæдæг дзуры раст,  ис æм къалендарон æмæ тематикон пълантæ. Урочы ис дисциплинæ, бæрæг у, ахуыргæнæг æмæ ахуырдзаутæ кæрæдзийы кæй æмбарынц, ис  сæ астæу хæлардзинад, иудзинад.

    

 

М.И. РАЗАМОНÆГ                                              Цæриаты Т.Ц.

 

 

Гом урочы анализ

 

 Ахуыргæнæг: Гæбæйраты Эльвирæ

 

Темæ: Нымæцон (Фæлхат кæныны урок).

 

Нысан:

  1. Ныффидар кæнын рацыд æрмæг нымæцонтæй.
  2. Бакусын ныхасы рæзтыл.
  3. Сывæллæттæн уарзын кæнын Райгуырæн бæстæ, мадæлон æвзаг.

 

Фæйнæгыл фыст:  Эпиграф «Иу зонд – хорз, дыууæ – хуыздæр, иу тых – тыхджын, дыууæ- тыхджындæр»

Цæстуынгæ æрмæг: презентаци, предметон нывтæ, карточкæтæ.

  

 

Урок райдыдта йæ рæстæгыл. Ахуыргæнæг æрдзырдта эпигрæфы ныхæстыл. Бамбарын сæ кодта ахуырдзаутæн, зынсахат уа, хъæлдзæгдзинад уа, адæмы æнгом æрлæууын кæй хъæуы кæрæдзимæ, цæмæй кæрæдзийæн æххуыс кæной ахæм сахат. Ног дзырдтимæ сæ базонгæ кодта, бамбарын сын сæ кодта.

 

 

Ратта хæс: Ратæлмац кæнын ирон æвзагмæ хъуыдыйæдтæ. Раст пайда кæнынц сывæллæттæ нымæцонтæй, æви  нæ.

Урочы  уыдис предметон нывтимæ куыст. Семæ хъуыды кодтой ахуырдзаутæ дзырдбæстытæ.

 

Бæрæггæнæнтæ сæвæрдта. Бæрæг у, ахуыргæнæг разæнгард кæй кæны сывæллæтты, уый.

 

Фиппаинæгтæ:

 

- Ахуырдзаутæй иуæй – иутæ нæ уыдысты фаг цæттæ

- Ахуыргæнæг йæхæдæг дзуры раст,  ис æм къалендарон æмæ тематикон пълантæ. Урочы ис дисциплинæ, бæрæг у, ахуыргæнæг æмæ ахуырдзаутæ кæрæдзийы кæй æмбарынц, уый.

    

 

 

 

 

М.И. РАЗАМОНÆГ                                              Цæриаты Т.Ц.