Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.
Оценка 4.8

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Оценка 4.8
Работа в классе
docx
воспитательная работа
6 кл
31.10.2019
Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.
Раджыма – раджыма царди æмæ уыди иу мæлдзыг. Ницы йæм уыд æппындæр, царди тынг мæгуыр. Иухатт йе’мбæлттимæ хъазынмæ ацыд. Кæсы æмæ зæххыл тынг бирæ сыгъзæрин. Мæлдзыг сæ æрæмбырд кодта æмæ сусæгæй алыгъд. Кæуылты фæцæйлыгъд, уым та ма ссардта 'хца дæр. Тынг арф сæ бамбæхста æмæ цинæй марди. Æддæмæ дæр нал цыди. Бон – изæрмæ йе’хцатæ нымайы æмæ сыгъзæрин ракал-бакал кæны.
Ирон аргъау..docx
Аргъау «Мæлдзыг  æмæ   йе’мбæлттæ».          Раджыма – раджыма   царди   æмæ   уыди   иу   мæлдзыг.   Ницы   йæм   уыд æппындæр,   царди   тынг   мæгуыр.   Иухатт   йе’мбæлттимæ   хъазынмæ   ацыд. Кæсы  æмæ  зæххыл  тынг  бирæ  сыгъзæрин. Мæлдзыг  сæ  æрæмбырд  кодта æмæ  сусæгæй  алыгъд.  Кæуылты  фæцæйлыгъд,  уым та ма  ссардта 'хца  дæр. Тынг  арф  сæ  бамбæхста  æмæ  цинæй  марди.  Æддæмæ  дæр  нал  цыди.  Бон – изæрмæ йе’хцатæ  нымайы  æмæ сыгъзæрин  ракал­бакал  кæны.           Уалынмæ   йæм   йе’мбæлттæ   фæзындысты   æмæ   йæ   фæрсынц: «Кæм фесæфттæ,  æддæмæ  дæр  куы  нæ  кæсыс?».  Бирæ  фæбадтысты  се’мбалмæ уазджытæ.   Тынг   æвзæр   фысым   разынд.   Йæхиуыл   фервæсыд   æмæ   сæ ратардта.  Кæртæй  мидæмæ  куы’рбацæйхызт,  уæд  рудзгуыты  бын  йедзагæй лæууыд  голлаг. Мæлдзыг  æм  ныккаст  æмæ  та – æхца. Цинæй  та  скафыд  йæ зæрдæ. Хъуыды   дæр   нæ   акодта,   кæцæй   февзæрд æхца, уый.   Æхцатæ   та æрбахастой     æмбæлттæ,     дарддæр     цы     уыдзæн,     зæгъгæ.   Сси     æппæтæй хъæздыгдæр, кусгæ  æппындæр  нал  кодта,  мæгуыры' мбаргæ  дæр  нæ  кодта, нæдæр  æй  хъуыди.  Рæстæг кæрæдзи. Зымæджы’рбалæудмæ сæхи æмгуыппырæй цæттæ кæнынц мæлдзгуытæ. цæуы. Афонтæ ивынц Æрмæст нæ зыдыка мæлдзыг уыдис æнæмæт. Бон – изæрмæ уæлгоммæ хуыссыд æмæ йе’хцатæй æмæ сыгъзæринтæй зæрдæ ради. Æнусон ницы ис царды. Фæлæ ацы’мбисонд нæ мæлдзыгмæ нæ хъардта. Фæлæ цард цард у. Æмбисонды хай баци. Бынтæ хæрд фесты. Мæлыны къахыл куы ныллæууыд, уæд æрæмысыд йе’мбæлтты. æххуысмæ. Тыххæйты сæм бабырыд Райста ахæм дзуапп: «Дæумæ куы  уыди  бирæ  æхца,  уæд  нын  нæ  лæвæрдтай,  ныр  дын  мах  цæй  тыххæй хъуамæ   баххуыс   кæнæм».   Ничи   йын   сарæзта   йæ   къух.   Уазалæй   ризын райдыдта,  ныссалди  æмæ  тыххæйты  бахæццæ  сæхимæ.  Мидæгæй  хыл  кæны йæхицæн: «Афтæ  мын  хъæуы.  Цæуылнæ – иу  баххуыс  кодтон ме’мбæлттæн. Уыцы  рæстæг  та  йæм  йе’мбæлттæ  кастысты  æмæ  йæ  хъахъхъæдтой,  цы бауыдзæн,  зæгъгæ. Стæй  йæм  бацыдысты  æмæ йæм  дзурынц: «Бахатыр  нын кæн.  Мах  нæ  фæндыд  дæуæн  зын  ракæнын. Фæндыд  нæ  цæмæй  бамбарай æмбæлттимæ  цæрын  кæй  хъæуы,  адæммæ  хъусын  кæй  хъæуы.  Цы  дæ  бон у,  уымæй  æххуыс  кæн  дæ  сыхагæн,  де’мбæлттæн,  зын  уавæры  чи  бахауы, уымæн. Чъындыдзинад  æвзæр  миниуæг у  æмæ  йæ  дæ  зæрдæйæ  аппар».  Уыцы     ныхæстæ     мæлдзыгæн     æвдадзы     хос     фесты.     Йæхиуыл     æрхудт. Хатыртæ    фæкуырдта   йе’мбæлттæй.   Уæдæй   фæстæмæ    ссис   иузæрдион æмбал   иннæ   мæлдзгуытæн.   Раст   зæгъынц   ирон   æмбисæндтæ: «Æмбалы фарсмæ     амонд     цæры»,   «Æмбал     бахъуаджы     бон     стыр     ныфс   у», «Æмбалдзинад  стыр  хæзна у». Стыр   амонд    ссардта    мæлдзыг    йе’мбæлтты'  хсæн     æмæ    ма    абон    дæр хæларæй  дих  кæнынц  сæ  исбон. Автор: Уæллаг Санибайы астæуккаг скъолайы 5 – æм къласы ахуыргæнинаг Худжиты Георгий.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.

Ирон аргъау. Хуыджита Георгийы куыст.
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
31.10.2019