Игровые упражнения
Хъазæн фæлтæрæнтæ1
* * *
Быргæ, быргæ уæрджытыл.
Лæугæ, лæугæ къахфындзтыл.
Бавзарæм ма иннæ дæр.
Цæугæ кæннæм къахфæдтыл.
Бавзарæм нæ гуыбынтыл.
Æрбадæм нæ зæвæттыл.
Ногæй быргæ уæрджытыл.
(сфæлхат кæнын 3 хатты)
* * *
Сырдтæ хъазынц иумæйагæй:
Хъæдтаг галтæ гуып, гуып, гуып,
Дынджыр пылтæ – тъæп, тъæп, тъæп,
Гады рувас – сæп, сæп, сæп,
Сæрæн тæрхъус –гæпп, гæпп, гæпп,
Мæнæ арс дæр рабырсы – оф, оф, оф,
Мыдыбындзыты расуры з, з, з,
Тæрхъус йæхицан фæтарсти (алыгъдысты)
Пылы фæстæ æрбадти (æрбадтысты).