* * *
* * *
Цармæ нæхи сивæзтам,
Хæдзары сæр
æрымбæрзтам,
Фидар дурæттæ
сарæзтам,
Къултæ рæсугъд
сахуырстам,
Нана уый куы ауыдта,
Дадамæ дын фæдзырдта,
Дада арфæ ракодта:
Бузныг уын, мæ
къонатæ!
Кафынц хъазтæ, бабызтæ,
Кæрчытæ ,мæ цицыртæ.
Абон гогыз Госæда
Цъиутимæ фæзынди!
Иу, дыууæ, æртæ,
цыппар,
Фондз, æхсæз æмæ дын
авд
Гыццыл хъулонты нымад.
Уайынц гогызы фæстæ,
Мæнæутæ æвзарынц
Хъасты оххыл уыдон раст
Ницыма æмбарынц.