конспект занятия по физкультуре в детском саду

  • Разработки уроков
  • docx
  • 25.01.2019
Публикация на сайте для учителей

Публикация педагогических разработок

Бесплатное участие. Свидетельство автора сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

Публикация является частью публикации:

Иконка файла материала Хъæзтытæ1.docx
Хъæзтытæ 1 хъазт Хъазты уагæвæрд: Сывæлæттæ тымбылæй æрбалæууынц амонæджы  алыварс. Амонæг æмæ сывæллæттæ хъæрæй дзурынц æмдзæвгæйы ныхæстæ.  Куыддæр дзырд фæуой, афтæ апырх вæййынц. Амонæг та хъуамæ искæй  рацахса. Дымгæ ракодта æвастæй, Сыфтæ ,ркалдысты бæласæй. Чи нæм разындзæн сæрæн? Сыфтæ амæрздзæн цырын? 2 хъазт Хъазты уагæвæрд: Сывæлæттæ амонынц хæдзарон фосы митæ: цыд, уаст,  æууылд. Уалдзæг æрцыд а бæсты, Кæрдæг æрзад быдыры. Рацыд къамбец хизынмæ… Уалдзæг æрцыд а бæсты, Кæрдæг æрзад быдыры. Рацыд бæх хизынмæ… Уалдзæг æрцыд а бæсты, Кæрдæг æрзад быдыры. Рацыд хæрæг хизынмæ… Уалдзæг æрцыд а бæсты, Кæрдæг æрзад быдыры. Рацыд хъуг хизынмæ… Уалдзæг æрцыд а бæсты, Кæрдæг æрзад быдыры.Рацыд фыс хизынмæ… 3 хъазт «Дыууæ ,фсымæры» Хъазты уагæвæрд: Сывæллæттæ амонæджы ныхæстæм лæмбынæг хъусынц  æмæ цы дзура, уыдон хъуамæ  æххæст кæной. Дыууæ ,фсымæры галиу къух æмæ рахиз къух рацыдысты сæхи  ирхæфсынмæ. Уæрæх фæндагыл фембæлдысты. ­О! Æгас цу! ­ Дæ бон хорз! Кæрæдзийыл бацин кодтой, ахъæбыс кодтой, кæрæдзийы æрылхъывтой. Иу  æфсымæр зæгъы: ­Галиуырдæм азгъорæм! Иннæ йын дзуапп дæтты: ­ Рахизырдæм азгъорæм! Дыууæ фсымæры азгъордтой галиуырдæм, стæй та рахизырдæм. ­ Уæларвмæ нæхи куы аивазиккам! Сæ къахфындзтыл слæууыдысты æмæ сæхи аивæзтой. ­ Нæ мидбынаты ацæуæм! Мидбынаты цæуынц. Дыууæ ,фсымæры бафæлладысты. Загътой кæрæдзийæн  бузныг, хæрзбон æмæ сæ хæдзæрттæм ацыдысты. 4 хъазт «Фæткъуы æмæ зулчъытæ» Хъазты уагæвæрд:Амонæг: ­ Мах ныртæккæ ахъаздзыстæм диссаджы хъазтæй. Хуыйны «Фæткъуы æмæ  зулчъытæ». Зулчъытæ æрхуысдзысты сæ гуыбынтыл æмæ фæткъуыйы фæстæ  бырдзысты. Фæткъуымæ раздæр чи бавнала, уый уыдзæн фæткъуы æмæ хъазт  амондзæн дарддæр.

Скачивание материала доступно только для авторизованных пользователей.