Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)
Оценка 5

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)

Оценка 5
Мероприятия
docx
воспитательная работа
9 кл
28.02.2019
Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)
Изæр-фембæлд «Ирон рухстауæг Колыты Аксойы мысгæйæ» Урокмæ æмбæлы æрбахонын Колыты Аксойы хæстæг- æрвадæлтæй искæй, стæй ма, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй Колыты Аксойы номыл премийы лауреат чи сси, уыдоны. Ахуыргæнæджы разныхас: Бæлас куы акæлы, уæд афтæмæй йæ дæргъ æнцондæр сбарæн у. Ацы ран адæймаг дæр бæласау у: йæ цард æмæ йын йæ куыстæн аргъ скæнынц, не 'хсæн куы нал вæййы, йе 'цæг дунемæ куы ацæуы, уæд. Мах абон кæй кой ракæндзыстæм, уыцы адæймаг йе 'мзæххонтæй райста бæрæггæнæн, кæцы фыст æрцыд йæ ингæны дурыл ирон аргъуаны кæрты: «Рухсаг у, рухсаг! Æгас Ир дæ бузныг сты». Цыфæнды иронæн дæр йе стырдæр бæллиц уаид ахæм бæрзонд аргъ æмæ бæрæггæнæн райсын йæ адæмæй. Фæлæ уыдон бирæ не сты.
Изæр.docx
Изæр-фембæлд «Ирон рухстауæг Колыты Аксойы мысгæйæ» Урокмæ æмбæлы æрбахонын Колыты Аксойы хæстæг- æрвадæлтæй искæй, стæй ма, ирон æвзаг  æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй Колыты  Аксойы номыл премийы лауреат чи сси, уыдоны.  Ахуыргæнæджы разныхас:  Бæлас куы акæлы, уæд афтæмæй йæ дæргъ  æнцондæр сбарæн у. Ацы ран адæймаг дæр бæласау  у: йæ цард æмæ йын йæ куыстæн аргъ скæнынц, не  'хсæн куы нал вæййы, йе 'цæг дунемæ куы ацæуы,  уæд.  Мах абон кæй кой ракæндзыстæм, уыцы адæймаг йе  'мзæххонтæй райста бæрæггæнæн, кæцы фыст  æрцыд йæ ингæны дурыл ирон аргъуаны кæрты:  «Рухсаг у, рухсаг! Æгас Ир дæ бузныг сты».  Цыфæнды иронæн дæр йе стырдæр бæллиц уаид  ахæм бæрзонд аргъ æмæ бæрæггæнæн райсын йæ  адæмæй. Фæлæ уыдон  бирæ не сты.  Ахæм аргъ скодтой ирон адæм Колыты Аксойæн –  фыццаг ирон рухстауæгæн.Уый йæ цыбыр царды æмгъуыды бирæ сарæзта йæ адæмæн. Æмæ абон  уымæн нæу рох ирон адæмæй уыцы стыр куырыхон  лæджы ном, кæцы уыйбæрц фæцархайдта йæ  адæмы монон культурæйы райрæзтыл æмæ  ахуырадыл.  1 амонæг.  Ирон адæмы историйы Колыты Аксойы фæзынд у  нымад стыр цауыл. Аксо­рухстауæг нудæсæм æнусы талынг, æнахуыргонд ирон адæмы «судзгæ  цырагъимæ» акодта йæ фæдыл рухс фидæнмæ,  ахуырмæ.  2 амонæг.  Колыты Бесæйы фырт Аксо райгуырди 1822 азы  ирон хæххон хъæу Нары, кæцы хъæздыг у  курдиатджын адæмæй. Хетæгкаты Къостайæ  дарддæр ма ацы хъæуы райгуырдысты ирон  культурæйы зындгонд минæвæрттæ: Хетæгкаты  Леуан æмæ Петр, Куыдзиаты Леуан, Джанайты  Иван. Аксо фыццаг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы  дины скъолайы, стæй та Калачы духовон семинары. 1845 азы Аксо каст фæци ацы семинар иттæг хорз  бæрæггæнæнтимæ æмæ райдыдта кусын  Дзæуджыхъæуы духовон училищейы ирон æвзаджы  ахуыргæнæгæй уæлдæр хайады. Дыууæ азы фæстæ  куыста сауджынæй Дзæуджыхъæуы ирон аргъуаны. Уый фæстæ Аксойы сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы  духовон училищейы директорæй. 1860 азы та  райста протоирейы сан.  3 амонæг.  Дисы æфтауы уый, æмæ куыд арæхстджынæй  æххæст кодта Аксо уыцы иу рæстæджы сауджыны куыст дæр, ахуыргæнæджы æмæ директоры куыст  дæр. Аксойы царды хабæрттæ бæрæг­бæлвырд не  сты, фæлæ дзы æнæдызæрдыгæй кæй зонæм, уый у  ахæм: 1862 азы йæхи хæдзары байгом кодта ирон  чызджытæн скъола, ахуыргæнæг дæр дзы йæхæдæг  уыди, ахуыр та сæ кодта лæвар. Æмбисондау  хастой адæм Аксойы зондамынд: «Ног фæлтæртæ  цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр  æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ  саразынæн та хъæуы, фыццаджы­фыццаг, ахуыр  æмæ размæдзыд сылгоймаг – мад».  Уыцы скъола  фæкуыста 1918 азмæ.  4 амонæг.  Колыты Аксо амард, йæ тæккæ лæджы кары куы  бацыд, уæд – 44­аздзыдæй рæуджыты низæй.  Сидзæртæй баззадысты канд йæ бинонтæ нæ, фæлæ æнæхъæн интеллигенци, кæцытæн Аксо уыдис сæ  фидæны ныфс. Аксойы куыстæн уæды паддзахад ницы аргъ скодта.  Уый бæрæг уыди, йæ бинонтæ цы уæззау уавæры  цардысты, уымæй. Йæ дыууæ фырты Егор æмæ  Николай, стæй йæ чызг Варварæ дарддæр цæмæй  сахуыр кодтаиккой, уый фадат сын нæ уыди.  5 амонæг.  Колыты Аксо канд ахуыргæнæг нæ уыди. Иттæг  хорз кæй зыдта йæ мадæлон æвзаг, уымæ гæсгæ уыд  дæсны тæлмацгæнæг. Тынг зæрдиагæй архайдта йæ  адæмы иудзинадыл.  Х1Х – ХХ­æм æнустæ нымад  сты ирон æхсæнады æмæ культурæйы райрæзты  рæстæгыл. Ирон адæмы 'хсæн рухстауæн куыст  йæхицæн ныфсджынæй фæндаг лæгæрста, кæд йæ  размæ бирæ цæлхдуртæ уыди, уæддæр.  1 амонæг.  Колыты Аксойы кой куы кæнæм, уæд, æнæмæнгæй,  зæгъын хъæуы йæ поэтикон сфæлдыстады тыххæй.  Æппæты фыццаг Аксо райдыдта фыссын  æмдзæвгæтæ йæ мадæлон æвзагыл.

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)

Литературный вечер, посвященный памяти Аксо Колиева, первого осетинского просветителя. (9 класс, осетинская литература)
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
28.02.2019