Добавить материал
Войти
🕊️
Войти в кабинет
Медиатека
Курсы
Сертификация
Мероприятия
Конкурсы
Собрания
Классные часы
Новости
Ваше членство
Добавить материал
и получить до 500 000 ₽.
свидетельство СМИ
и 10 документов
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Оценка
4.9
Газзаева Рита
Газзаева Рита
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Оценка
4.9
Мероприятия
doc
чтение
10 кл
12.05.2018
Нысан: 1.Гуырын кæнын уарзондзинад скъоладзауты зæрдæты гени Къостамæ,йе сфæлдыстадмæ. 2.Скъоладзауты аив дзурыныл æфтауын. Сценæйы фæлгонцæн: 1. Хетæгкаты Къостайы сурæт. 2. Ныхас саразын. Кау, дуртæ бадæнтæ. 3. Рагон стъол, фыссæн пъеро, сыфтæ. 4. «Ирон фæндыр»-ы макет йæ фыццаг рауагъдады. 5. «Сидзæргæсы» нывæн рæхыс, цуайнаг. 6. Къостайы куырыхон ныхæстæ, Къостайыл куырыхон адæмы ныхæстæ. 7.Компьютер, презентаци, судзгæ мыдадзын цырæгътæ.Нæ базыдтон никуы, циу мады рæвдыд, Мæ сабидуг сидзæр, æвæгæссæг уыд, Сæууон хур цъæх арвæй Мæн тавта йæ хъармæй, Æмæ мæм уый касти мæ мады рæвдыд, Фæзынди мæм фыны уæд иу хатт мæ мад, Æнкъард уыд йæ хъуыды… (хъырнынц)
Иры барзонд стъалы.doc
Текстом
Картинками
Литературонмузыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы». Нысан: 1.Гуырын кæнын уарзондзинад скъоладзауты зæрдæты гени Къостамæ,йе сфæлдыстадмæ. 2.Скъоладзауты аив дзурыныл æфтауын. Сценæйы фæлгонцæн: 1. Хетæгкаты Къостайы сурæт. 2. Ныхас саразын. Кау, дуртæ бадæнтæ. 3. Рагон стъол, фыссæн пъеро, сыфтæ. 4. «Ирон фæндыр»ы макет йæ фыццаг рауагъдады. 5. «Сидзæргæсы» нывæн рæхыс, цуайнаг. 6. Къостайы куырыхон ныхæстæ, Къостайыл куырыхон адæмы ныхæстæ. 7.Компьютер, презентаци, судзгæ мыдадзын цырæгътæ. Архайынц дзы хистæр æмæ астæуккаг къласы ахуырдзаутæ. Амонджытæ хистæр кълæстæй 4 чызджы æмæ 4 лæппуйы. Лæууынц сценæйы кæрон: лæппучызг, иннæ кæрон лæппучызг. Кæронбæттæны сты иумæ. Музыкæйы зæлтæ. Рацæуы цъухъаты Къоста. Сценæйы астæуæй æрлæууы. Къоста: Мыггагæй мæ ма фæрс, Каронма) Къоста фæстæмæ фæцæуы. Музыкæ хъуысы æмæ рацæуынц амонджытæ 2 чызджы, 2 лæппуйы. 1аг лæппу: 1859 азы 15 октябры нæ диссаг райгуырæн Хохбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы номджын æхсæны лæгæн Хетæгкаты Леуанæн райгуырди лæппу. 2аг чызг: Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой номКъоста. Музыкæ фæтыхджын. Рахызт «Ныййарæгæй амонд»мæ. 2аг лæппу: Саби нæ бафсæст мады адджын хъæбысæй. 2аг чызг: Гуыбаты Мария йæ сабийæн рухс радта, фæлæ йæхæдæг… Къостайы хъæлæс сценæйы фæстæ: Тæхудиаг, буц хъæбулæй Йæ уалдзæджы царды хурæй Чи бафсæст йæ мады хъæбысы… («Тæхуды» Х.Къ.) Цырæгътимæ рацæуынц чызджыты къорд. Зардзысты «Ныййарæгæй амонд». Сценæйы фæзыны мад. Дæрддзæф лæудзæн Къоста. Зарæджы æхсæн Дзасохты М. ныхæстæ дзурын чызджытæ. Зарæг зæлы: Нæ базыдтон никуы, циу мады рæвдыд, Мад: Мæ сабидуг сидзæр, æвæгæссæг уыд, Сæууон хур цъæх арвæй Мæн тавта йæ хъармæй, Æмæ мæм уый касти мæ мады рæвдыд, Фæзынди мæм фыны уæд иу хатт мæ мад, Æнкъард уыд йæ хъуыды… (хъырнынц) Хæрзбон мæ хъæбул! Ракæсма! Искуы Мæн нал уындзынæ, сау мæлæт мæ исы, Гъе уый фыдæнæн ахæм лæг ысу Куыд бафтауай æгас дунейы дисы. (Ситохаты С.) Ныййарæджы фæдыл æнкъардæй кæсын, Мæ риуæн йæ арфы мæ сагъæс хæссын, Нæ бафсæстæн хурæй, Зæрдæрыст, сæркъулæй Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын. (хъырнынц). 1аг чызг: Ды куы уайыс, куыд бирæ йæ уарзис Æмбарис дæ фырты зæрдæ, Тыхмитæ, фыдæй йæ, цæргæсау, Ды хъахъхъæнис царды бæргæ. Цыма дзы кæцы у мæ мады æнгæс, Цымæ дзы кæмæн ис мæ мады хъæлæс? Йæ цин æмæ уарзтæй Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгæс? 1аг лæппу: Нæ ахызт дæ иуварсты амæндтæ уарæг – Дæуау фæрнджын Иры нæма уыди мад; Ирыстоны намыс – Къостайы ныййарæг Сыгъдæг удты фарсмæ дзæнæты фæбад. 2аг чызг: Сыгъдæг удты астæу дзæнæты фæбад Цы бæсты, цы ранæй нæ бафсæстæ, мад. Ир бафсæст дæ хъæбулы хурæй, ныййарæг! (Дзасохты М.) Ныййарæгæй амонд… Цæй диссаг у, цæ! Уый æрдзы хæрзтимæ нæ кæны хæццæ. Æмæ йæ буц дарут, Ныййарæгæн барут. Ныййарæгæй амонд… цæй диссаг у, цæ! Хъысмæты цалх дыл разылди кæд хинæй, Уæддæр дæ амонд разынди къæдзæх: Нæ бафсæст хъæбулы амонд, цинæй. Дæ фырты цинæй бафсæст Иры зæхх. Музыкæ фæтыхджын. Зарæггæнджыты къорд фæцæуынц. Рацыдысты кæстæр кълæстæй 2 скъоладзауы: чызг, лæппу. чызг – Сидзæры рæвдыдтой хуры хъарм тонтæ, лæппу – Зæдтæ йын æрвыстой арфæтæ, хуынтæ, чызг – Авдхоны йын радтой урс цъухъхъа, нымæт. лæппу – Бафтыдта йыл мæй та сагъæс æмæ мæт. чызг – Булæмæргъ ын зæронд алолай фæндыл, иумæ – Скодта йæ мæлгъæвзаг, радта йын фæндыр. 1аг чызг – Кæд уæззау уыдысты Къостайы сабибонтæ, уæддæр тырныдта зонындзинæдтæм, ахуырмæ: 1аг лæппу Нары райдиан скъола… 2аг чызг Дзæуджыхъæуы прогимнази… 2аг лæппу Стъараполы гимнази. 1аг чызг – Стъараполы гимнази хорз арæзт уыди ахуырады хъуыддаг. Хохаг адæмты лæппутæ иттæг рæвдыд уыдысты. 1аг лæппу: Нарон уæлыгæсæн йæ сыстъæлфыди ног царды зынгæй, зындады уидæгтæ рæмудзын байдыдтой бындзарæй… 2 – чызг: Уарзон рæузæрдæйæн бирæ æнтысы, уайтагъд чысыл æмбæлттæн балхон сси алы хорз хъуыддæгтæн; таурæгътæ, стихтæ æмæ зарджытæ фыссы уырыссагау. 2 – лæппу: Æмбисонд нывдæсныйады æвдисы. 1 – чызг. Къостайы дарддæры царды фæндагæн стыр æххуыс бакодта йæ ахуыргæнæг Смирнов. 1 – лæппу: 1881 аз.. 2 чызг: Къоста иттæг хорз ахицæн кодта фæлварæнтæ æмæ сси Бетъырбухы Аивæдты академийы ахуыргæнинаг. 2 лæппу: 223 адæймагæй Академимæ ист æрцыд 35, уыдонæй иу Къоста. 1 чызг: Къоста ахуыр кодта «в классе гипсовых фигур», йæ ахуыргæнæг уыд Челтыков. 1 лæппу Къостайимæ ахуыр кодтой Академийы Серов, Врубель, Гинцбург. 2 чызг: «Коста Л. вынес из стен Академии мировозрение художника – демократа и навыки художника реалиста» Туганов. 2 лæппу: «Его картины и его стихи говорят об одном, поют одну и ту же песнь» Кацман. Пейзажон мыртæ, музыкæ æмæ æмдзæвгæтæ кæсынц чтецтæ «Æфсатийы зарæг»… Кæнæ «Джуктур», кæнæ Фатимæйæ скъуыддзаг кæнæ «В горах»æй. кæсæг – Проснулся царственный Казбек, Восход приветствуя румяный, Долины быстротечных рек Покров свой сбросили туманный… Лениво выползают горы Из облаков. Проснулся лес, И птиц восторженные хоры Благословляют ширь небес. Коста «Фатима» Къоста студенты уæлæдарæсы фæзынд сценæйы. киноныв «Возвращ. К.» музыка. Къоста … – Фæхæссонма загътон, уæддæр Фæстæмæ мæ иунæджы сæр Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм… Мæ цæстысыг донау мызти.. Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм. Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм Музыкæ тыхджындæр кæны. Ныхасы бадынц цалдæр зæронд лæджы, баздæхт сæм Къоста. 1 чызг: Фæлм бады уазæджы цæстыты Кæдæй йæм кастысты æнхъæлмæ Йæ фæсидт, йе 'сныхас, йæ хъæрмæ. Ныр нал ис бабыхсæн мæстытæн, Æмæ йын райдыдтой хъæстытæ… 1 – лæг: Паддзах, хъæуыхицау, жандармтæ, Нæ туг нын дойныйæн нуазынц, Нæ царм нын хъалонæй ыстъигъынц. 2 – лæг: Кæмдæрид исынц нын нæ бартæ Ныккалд ныл се 'нæууæнк, сæ азар. Нæ фæдыл балбирæгъау зилынц. 3 – лæг: Нæй зæхх – кæм азæлæм, кæм кусæм, Зымæг зæйласт кæнæм мыггагмæ. 4 – лæг: Сæрдта æрра дæтты лæсæнтæ Фæззæг кæфойыдзаг нæ мусы. Кæдæм ма фесафæм нæ сæртæ. 5 – лæг: Фæхауæм сæрсæфы фыддомдæй. Сценæйы бынæй Сидзæргæс, артдзæсты фарсмæ хъуысы йæ мелоди. Къоста дардæй кæсы ацы нывмæ. Сценкæ «Сидзæргæс»… Къоста æрбадт дурыл æмæ цыдæртæ фыссы. Сценæйы фæстæ амонæг дзуры: 2 лæппу: Къоста сæм фехъуыста æмырæй Æмæ йæ риуы райгуырд «Додой»… Сидзæргæс сыстад æмæ дзуры «Додой» мелоди зæлы. / куплет зарынц. – фæстаг дæр заргæ. Къоста сыстад дзуры. Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, Дунейы сеппæт махимæ æрхонин Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст (Къоста) 2 – чызг: Рацыдтæ иунæгæй, «Додой» ныззарыдтæ, Федтай зын цард. 2 – лæппу: Де знаг дæ ахаста дардмæ дæ адæмæй Кодтай æнкъард. «Æнæ хайы» мелоди, зарæг. Къоста фæссценæйæ: О бонты фарн! Мæ хъиутæ тонгæ цардтæн Æз дард Херсонты. Зарæгау нæ Ирмæ Нывæзтон æз мæ сагъæсты къуыбылой (Дудиаты Х.) Зарæг фæтыхджындæр. 1 – чызг: Бæстæйы сабырдзинадæн тæссаг адæймагыл нымадтой паддзахы хицауад Къостайы æмæ йæ нæ уагътой йæ уарзон Ирыстоны Цæрын, фæлæ сын никуы бантыст поэты зæрдæ басæттын. 1 – лæппу: Къостайы саджы фисынтыл амад поэзи райгуырди Ирыстоны сагъæстæй. Уый поэты зæрдæйы арфæй рагуылф кодта Къасарайы нарæг комыл, анхъæвзт æгас бæстæйыл, дунейыл. Къоста фæссценæ: Везде для всех я песнь свою слагая. Везде разврат открыто я крою. И грудью грудь насилия встречаю И смело всем о правде говорю. (Коста). 2 – чызг: Къоста тынг аргъ кодта уырыссаг литературæйы классиктæн. Хуыдта сæ йæ ахуыргæнджытæ. 2 – лæппу: Номдзыд поэты Лермонтовы цырты байгомы 1889 азы Къоста иттæг рæсугъдæй бавдыста Иры, Уæрæсейæ чи æрцыд уыцы фысджыты, зонады дæсныты æмæ хицæутты раз. 1 – чызг: Бакаст дзы æмдзæвгæ «Лермонтовы цырты раз». стæй раныхас кодта. Къостайы фæсценæйæ: «Великий торжествующий гении, подрастающее поколение моей Родины приветствует тебя как путеводную звезду в новом своем движении к храму искусства наук и просвещения». (Коста) 1 – лæппу: «Осетинская серая черкесска победила нас» 2 – чызг: говорили русские. 4 – чызг: Сылгоймаджы хъысмæт… 4 – лæппу: уымæн нæ царды уавæртæ… 3 – чызг: йæ тох сæрибармæ… 3 – лæппу: Татьяна Ларина 4 – чызг: Вера Павловна 4 – лæппу: Катерина… 3 – чызг: Анна Каренина… 3 – лæппу: Фатима… Хонгæ кафт Фатимæ кафы Ибрагимимæ. Фатимæ: Рæстдзинад, уарзоны æнцойы – Нæ хид, нæ тугæйдзаг фæллойы, Ыссардзынæн æз цин, рæвдыд… (Къоста). Кафт фесты: Ибрагим ацыд. Фæзынд Дзамболат. Дзамболат 2 фæзындæй саразын 1 сценкæ. Равдисын мад, сылгоймаджы кад, кæй нæ сафы. 4 – чызг: Стыр фыссæгæн нæ цард дæр стыр æмæ бирæвæрсыг вæййы. 4 – лæппу: Къоста цардис Ирыстоны цардæй. 3 – чызг: Къоста цардис ирон адæмы цардæй. Къоста фæсценкæ: «Найти охотницу делить со много такую участь не легко». Сценкæ Къоста æмæ Аннæйы ныхас: Аннæ: Цы дыл æрцыдæппын дæ Куы не мбарын? Къоста: Ды зондджындæр уыдтæ. Зыдтай: Нæ цард нæ рауайдзæнис иумæ. Аннæ: Къоста! Къоста: Æмæ мын фараст азы дзуапп Нæ лæвæрдтай, Æз та æнхъæлмæ кастæн. Ныфс мæ уыди, æрцæудзæни рæстæг, Æмæ мæм хурау ракæсдзæни Аннæ. Ныр иу къуыримæ басасти мæ ныфс. Аннæ: Къоста! Зæгъ мын цы у! Къоста: Æз дæ куырдтон, кæд искæй уарзыс, кæд Дæуæн мæ удæй адджындæр у исчи, Уæд мын æй зæгъ, мæ зæрдæ рисдзæн тынг Фæлæ уæддæр æз алæудзынæн иуварс. Ды мæм æргом нæ разындтæ – æмбæхст Уыдтæ мæнæй… Аннæ: Фæдзырдтой дын… Къоста: Рæдийыс! Æз дам – думтæм нæ фæхъусын Дæ цард, Дæ бæллицттыл фæсагъæс кодтон бирæ, Фæбарстон сæ нæ уавæрыл… Мæ зæрдæйы дæр уарзондзинад амард. Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры, Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын. Къоста дæтты Аннæмæ сыф. хъуысы музыкæфортепиан. Аннæ кæсы фыстæг хъæрæй. Благодарю тебя за искреннее слово, Прости, прости навек! Отвергнутый тобой Я посох и суму благословляю снова, Благословляю жизнь, свободу и любовь, Благодарю тебя! Ты снова возвратила Скитальцу бедному потерянное «я» Мучительным «прости» ему ты озарила Забытую стезю разумного бытья. Аннæ æрбадт бандоныл. Музыкæ. Кæсæг: Лишь горечь бед судьба ему сулила, Но так и не сломила до конца! – Так почему же ты не разделила Тяжёлой дали гневного певца? Гора и та от слов дрожала, Ему внимали жадно земляки. А ты? Ты никогда не понимала Ни слез его, ни боли, ни тоски! Печаль Коста, тебе укором будет! Но что со мной? К чему тебя винить, Лишь ты, лишь ты была его мечтою, Тебя он пел, страдая и скорбя, Так много песен рождено тобою, Что право стоит оправдать тебя. (Кайтуков Г.) Аннæ ацыд. Фæзынд Къоста. Фæцæуы «Ирон фæндыры» макетмæ. 4 – чызг: Бæркадджын уыд Хетæджы фырты най. «Ирон фæндыр» басгуыхт ирон адæмæн æнусон цырагъдарæй. 4 – лæппу: кад æмæ намысы мæсыгæй. 1 – кæсæг: «Ирон фæндыр» нæ Иры ныфс, «Ирон фæндыр» Иры рыст, Зæрин хурау Къостайы ном. Къæдзæхы риуыл фыст. (Айларты М.) 2 кæсæг: «Ирон фæндыр» мне не забыть вовек Поетбоец, ты смело шел на муки. Чтоб счастлив был, свободен человек, Незнали горя сыновья и внуки. 3 – кæсæг: Ты и природу мог на битву звать… К родным горам ты обратился гневно: Гореть вам горы, нужно, не молчать: Ты ожил вновь… И голос твой напевный Звучит в сердцах… Стихам твоим звучать Покуда сердце будет нам сиять. 1 – чызг: Къостайы рæнхъытæ тугдадзинтау тæлфынц, тугдадзинтау цардæгас сты. 1 – лæппу: «Признак любого гения его современность. И вспоминая Коста, не обязательно громогласно и назойливо говорить о его величии и гениальности. Надо только внимательно читать Коста и рассуждать и прочитанном на много что происходит в обществе, раскроет от нам глаза…» (Т. Кусов). «Æхсины лæг» кæсынц 2 кæсæгæй, кæнæ «Цæрын æнцон кæмæн у»йæ сæвæрæн ис скъуыддзæгтæй; кæнæ Друзьям приятелям, кæнæ баснятæй. Музыкæ кинонывæй. 2 – чызг: Мæгуыр æфхæрд лæгæн йæ хъæстæн, раст лæгæн йæ мастæн æрцыд сагъæссаг кæрон… 2 лæппу: 1900 аз. Мартъи… 3 – чызг: Къоста сыздæхт Херсонæй… 3 – лæппу: Нал æй базыдтам. Саумылазон мигъ æрæхгæдта нæ рæсугъд цæстыты зынг… 4 – чызг: Æгомыг уыд сызгъæрин дзых. 4 – лæппу: Уæззау рохст зæрдæ хуылфы ныддур… 1 – чызг: Фыднизы нысæнттæ бæрæг уыдысты… Къоста сценæйы фæстæйæ. Я смерти не боюсь, холодный мрак могилы Давно манит меня безвестностью своей, Но жизнью дорожу, пока хоть капля силы Отощется во мне для Родины моей… (Коста) 1 – лæппу: 1903 азы Къостайы йæ хо Ольгæ аласта Лабæмæ Йæ фыды хæдзармæ. Къоста сынтæгæй нал сыстад 2 – чызг: 1906 азы Ирыстонмæ ссыд тел «Къоста амард» Ольга. Къоста сценæйы фæстæ: Зонын, æфсармæй кæудзыстут Бавæрдзыстут мын мæ мард, Рухсаг у, рухсаг, зæгъдзыстут, Ницæмæнуал уыд дæ цард!» (Къоста) 3 – чызг: Дзæуджыхъæу, 1906 аз. Апрель. 2 – лæппу: Райсомæй тыхджын рауарыди, стæй сихорæй фæстæмæ скодта хорз бон, ныккасти уалдзыгон хур. 4 – чызг: Уыцы бон горæты уынгты уæлдай стыр змæлд уыдис: адæм тырныдтой вагзалмæ. 4 – лæппу: Уырдæм поезды схæццæ Ирыстоны номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къостайы мард Кубанæй. 1 – чызг: Зианы фæдыл цыдысты канд æрмæст ирон адæм нæ, фæлæ уырыс, гуырдзы, сомих… 1 – лæппу: Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты… фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты, Стырæй, чысылæй, Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ, Уый бæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ, Хохæй, быдырæй… (Къоста) 1 кæсæг: В тоскливый час он вышел в путь, Давил туман… стояла мгла… 2 кæсæг: Но во тьме явшей перед ним Казалось, будто свет мерцал… 1 кæсæг: И как у цели пилигрим Он бодро в руки посох взял И твердой поступью он шел Туда, где этом свет горел – Надежд земли святой символ И наших дел… И наших душ… 2 кæсæг: Еще сильней сгустилась ночь… Еще серее стал туман И было жить уже невмочь… И был нещаден вражий стан. Къоста сценæйы фæстæ: Жизни не вкусив, Я жить уж перестал. 3 кæсæг: И он упал… 4 кæсæг: Не стало сил… 3 кæсæг: Идти он больше уж не мог 4 кæсæг: И разомкнулась сеть могил… И тихо замер горький вздох. 3 кæсæг: Умолк – но стих его певучий В сердцах людей еще звенит. 4 кæсæг: И миру темному сквозь тучи О солнце вечном говорит. (Цæголты Г.) Гъе, уый дын мæ миты, Куыд фæнды сæ дам! Фæрсыс ма мæ ,чи дæ? – Уæд иунæг ма ном. (Къоста) 2 хистæр къласы. 1 – Куыд фæрæзтай мæ Иры сагъас, мастæн! Мæрдтæм дæр хъуысти о Къоста, дæ хъæр. 2 Нæ фидæнмæ æнусты сæрты кастæ Фæзын нæ сидтмæ, байхъуыдис дæ сæр 1 Ныппырх ыстæм æвæгæсæгæй фосау Нæ ныры дуджы мацæуыл кæн дис! 2 Æфсымæр фестад не фсымæрæн марг Тæрхоны лæг уа, æнæхъола паддзах уа Кæнынц æрмæст сæхи гуылты бын арт. 1 Æнæхца лæгмæ ничи здахы йе ргом Бæсты бикъ æмæ комы дæгъæлдавæг. 2 Нæй сау кусæгæн намыс æмæ цыт. Ызноны сæркъуыр – бизнесмен о ралæг. Æнæхсæст демократорты фæрцы. Æварны сæфт кæнæм, Къоста, рæстæй, Фæзын, фæзын, Ирыстоны цырагъдар. Лæппуты кафт «Горский» астæуккаг кълæстæй кæсджытæ: 1 Уый кувынмæ нæ, тохмæ Размæ сидти 2 Уый зарыди сæрибарыл уæндонæй Цæмæй дзæнæтмæ рацæуæм зындонæй 3 Ирон поэт!Йæ заманты уыд иунæг О цас дзæбæхтæ сарæзта, цас иу лæг. 4 Куырыхон, разагъды ирон гуырд Нæрамон Хетæджы фæдон. 5 Дæ алы къахдзæфы дæр зонд уыд Хæцыдтæ знагимæ æргом. 6 Куыстæфхæрд, адæмы сæрылхаст Къостаирон адæмы кад. 7 Нæртон фæринкау уыд дæ ныхас. Дæ цæстыл не стыр фидæн уад. 1 Уыдтæ ды карз дуджы цырагъдар Къоста! Ирыстоны цæсгом 2 Нæ кодтай фарны дзырдæй базар Уыдтæ зæры бынмæ хæстон. 3 Къоста ныллæууыд Иры астæу æхсæны раст лæгæн æмæ загъта, мыггагæймыггагмæ хъуыдыйаг фарнæн ныхæстæ: 4 Ныууадзут, Ир,хæлды ныхæстæ: Тегакуыртта 5 Чырыстонпысылмон 6 7 Æлдаркæвдæсард 1 Чысайнагтуаллаг 2 3 иумæИу буц Ирыстон «Балцы зарæг» Кафт дарддæр. Кæрон дыгуронкъуыдарон скæнæм æмармæй, æмцардæй
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Литературон-музыкалон композици «Иры бæрзонд стъалы».
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете
сообщить о нарушении
.
Введите ваш email
Ваш email
*
Скачать материал
Скачать
Файл готов!
Скачать
Вверх
12.05.2018
Новости
Курсы
Членство
Еще
Войти
Новости
Курсы
Сертификация
Мероприятия
Конкурсы
Собрания
Классные часы
Медиатека
Бонусы
Добавить материал
Добавить