Методы урока (Родной язык и литература)
Оценка 5

Методы урока (Родной язык и литература)

Оценка 5
Руководства для учителя
doc
родителям
Взрослым
14.02.2019
Методы урока (Родной язык и литература)
Разныхасы нысан у уацмысы темæйы фæдыл скъоладзаутæн бæлвырд зонындзинæдтæ раттын. Ахæм æрмæг раæхдæр вæййы адæмы царды уавæрты тыххæй, историон комментаритæ, фыссæджы биографиимæ баст факттæ, уацмысы фæзынды истори… Уыдоны руаджы ахуыргæнинæгтæн фенцондæр вæййы уацмыс бамбарын, йæ бакæсынмæ сразæнгард вæййынц, анализ кæнгæйæ æрлæууынц раст фæндагыл.
урочы методтæ.doc
1. Ахуыргæнæджы раныхас. Разныхасы нысан у уацмысы   темæйы   фæдыл   скъоладзаутæн   бæлвырд зонындзинæдтæ раттын. Ахæм æрмæг раæхдæр вæййы адæмы царды   уавæрты   тыххæй,   историон   комментаритæ,   фыссæджы биографиимæ   баст   факттæ,   уацмысы   фæзынды   истори… Уыдоны  руаджы  ахуыргæнинæгтæн   фенцондæр  вæййы  уацмыс бамбарын,   йæ   бакæсынмæ   сразæнгард   вæййынц,   анализ кæнгæйæ æрлæууынц раст фæндагыл.           Разныхас   хъуамæ   уа   цыбыр.   Фæлæ   бæлвырд,   мидисæй хъæздыг,   уацмысы   темæимæ   æнгом   баст,   йе   ‘взаг   лæгъз, фæлгонцджын, зæрдæмæхъаргæ.                    2.   Беседæ.  Йæ   нысан   у     ахуыргæнинæгтæн   сæ зонындзинæдтæ   сæ   зæрдыл   æрлæууын   кæнын   æмæ   сæ   уый фæрцы аивадон уацмыс бамбарынмæ бацæттæ кæнын. Уæд ног æрмæг   райдайын   æмбæлы   ахуыргæнæджы   фарстæй. Ахуыргæнæг   хатдзæг   кæны   скъоладзауты   дзуæппыты   фæдыл. Алы   урочы   дæр   беседæ   хъуамæ   уа   æндæрхуызон,   уацмысы мидисмæ хæстæг. Скъоладзауты зонындзинæдтæ куыд фылдæр цæуынц, афтæ сын хъæуы дæттын вазыгджындæр фæрстытæ.              3.   Рагацау   лæвæрд   фæрстытæ   æмæ   бакусинæгтæ.  Цæмæй   ахуыргæнинæгтæ   активондæрæй кусой,   хъуыды   кæной,   уацмысы   мидис   бамбарынмæ   тырной, лæмбынæгдæр   æй   бакæсой,   уый   тыххæй   хорз   у   уацмыс бакæсыны размæ къласмæ иу­дыууæ фарсты раттын. Зæгъæм, уацмысы ном мидисимæ куыд баст у? Кæнæ, кæсгæ­кæсын адих кæнут   архайджыты   2   къордыл:   раппæлинаг   геройтæ   æмæ рафауинаг   персонажтæ.Кæнæ,   сæ   хъус   æрдарæнт   уацмысы æрдзы   нывтæм   æмæ   сын   уый   фæстæ     анализы   рæстæг   сæ идейон­аивадон функци раиртасой уацмысы контексты. 4. Дзырдуатон куыст.  Зынæмбарæн   дзырдты нысаниуæг зонын æххуыс у уацмысы мидис бамбарын.  Иуæй­иу зынæмбарн дзырдтæ амонын хъæуы тексты бакæсыны размæ.                     5. Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæнын. Ныв уацмысæн йæ сюжетæй исты эпизод куы æвдиса, уæд хуыздæр у уымæй кæсыны рæстæг спайда кæнын, йе та мидис дзургæйæ. Бесбедæ   аразын   хъæуы   афтæ,   цæмæй   нывы   фæрцы ахуыргæнинæгтæ уацмысы раиртасой ног хъуыдытæ, æрцæуой бæлвырд   хатдзæгмæ.   Кæсыны   урокты   аккаг   бынат   дæттын хъæуы   пейзаж   æвдисæг   хуызджын   нывтæ,   уæлдайдæр   та лирикон   æмдзæвгæтæ   ахуыр   кæнгæйæ   кæнæ   прозаикон уацмысты æрдзы æрфыстытыл кусгæйæ.                   6.   Экскурси.  Экскурсии   саразынæххуыс   у,   скъоладзаутæ   фыссæджы   биографии   куы   ахуыр   кæной,   уæд. Сывæллæттæ фенынц, фыссæг кæм райгуырди, уый, кæм царди, кæмæты   куыста.     Ис   ацæуын   литературон   музеймæ   . Экскурсийы   ацæуыны   фадат   куы   нæ   дæтта,   уæд   хорз   у экскурсии   саразын   фото­эллюстративон   æрмæгæй   техникон фæрæзты   фæрцы,   кæнæ   цæстуынгæ   æрмæг   рагацау   бафидар кæнын фæйнæгыл.             7. Музыкæмæ байхъусын. Лирикон поэзии æнгом баст   у  музыкæимæ.     Музыкалон  уацмыстæй   спайда   кæнын   ис фыссæджы биографии ахуыр кæнгæйæ.                    8. Аив каст.  Нæмæнг урочы скъоладзаутæ хъуамæ кæсой   сæхæдæг.   Аив   касты   мадзæлттæ   сты:   литературон ныхасыуагыл нармæтæм гæсгæ дзурын зонын, хицæн дзырдтæ, æнæхъæн   фразæтæ,   алы   мыр   бæлвырд   кæсын.   Логикон   цавд раст   æвæрынмæ   арæхсын,   алы   хъæлæсыуагæй   кæсын, æрхæцæн нысæнттыл раст лæууын.

Методы урока (Родной язык и литература)

Методы урока (Родной язык и литература)

Методы урока (Родной язык и литература)

Методы урока (Родной язык и литература)
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
14.02.2019