Открытый урок
Оценка 4.9

Открытый урок

Оценка 4.9
Разработки уроков
docx
чтение
25.11.2020
Открытый урок
Открытый урок по литературному чтению на родном языке.
гом урок.docx

 

Гом урочы пълан.

4 къласы литературон кӕсынад.

Аргъау «Сауцъиу ӕмӕ Ӕхсыргур»

Чеджемты Геор.

Ахуыргӕнӕг: Кӕркуысты Дианӕ

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                                                                                     https://ironavzag.com/wp-content/uploads/2016/05/iron_avzag-1024x585.jpg

Ахуыры темӕ: « Ӕхсыргур ӕмӕ Сауцъиу».( Аргъау )Чеджемты Геор.

Ахуыры нысан: базонгӕ кӕнын сабиты аргъауы мидисимӕ.

 1.Аразын сабиты рӕзтӕн ахӕм фадӕттӕ, кӕцыты фӕрцы сӕ бон бауыдзӕн куысты нысан ӕмӕ хӕстӕ сӕ размӕ ӕвӕрын.

2. Бакусын хъусдардыл, хъуыдыгӕныныл,  хи хъуыдытӕ дзурыныл.

3. Ахуыр кӕнын аргъ кӕнын куыстуарзонтӕн, ӕгъдауджынтӕн, раст миты хицӕуттӕн.

Фӕстиуджытӕ:

предметон: бамбарын аргъуы темӕ, сӕйраг хъуыды;

метапредметон: кусын чиныджы ӕрмӕгимӕ, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕгимӕ, зонын хатдзӕгтӕ кӕнын, арӕхсын къордтӕй кусын, хи хъуыдытӕ раст дзурын;

удгоймагон: уарзондзинад кӕсынадмӕ рӕзын кӕнын.

 

Ӕххуысгӕнӕн фӕрӕзтӕ:

презентации,

кусӕн карточкӕтӕ,

дзырдуат,

ахуыргӕнӕн чиныг,

фӕйнӕгыл цӕстуынгӕ ӕрмӕг.

 

Урочы цыд:          

I.

1.Ахуыргӕнӕг урок райдыдта девизӕй:

«Ахуыр ӕмӕ ахуыр – рухс цардмӕ фӕндаг!»  

2.Рӕсугъд салам раттын.

3.   Релаксацийы рӕстӕг:

-Абон, сабитӕ, уазӕгуат нӕ урокмӕ ӕрбацыдысты диссаджы уазджытӕ, алцӕмӕй ӕххӕст, ӕгъдауджын, раст хъомыл -  Данӕ ӕмӕ Батрадз.     Уыдоны   уе’хсӕн фӕнды сӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ссарын: зондджынты, ӕгъдауджынты, хъӕлдзӕг . Табуафси, уӕхи хорз равдисут: уӕ куыстӕй, уӕ зонындзинӕдтӕй, уӕ рӕсугъд ӕгъдауӕй.

4. -Радгӕс абон  чи у ? Аразы диалог «Къуырийы бонтӕ.

-Абон цы бон у?

-Знон цы бон уыд?

-Райсом цы бон уыдзӕн?

-Къуырийы бонтӕ чи зӕгъдзӕн?

-Ӕнӕхъӕн кълас дзуры къуырийы бонтӕ!

 

-5. Рацыд ӕрмӕг фӕлхат кӕнӕм ( Афӕдзы афонтӕ нывты фӕрцы бӕрӕг кӕнӕм зонындзинӕдтӕ, фонетикон куыст кӕнӕм - текст «Сызгъӕрин фӕззӕг».

 

6. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

- Цы у ӕмдзӕвгӕ?

(1-2 строфа зонын зӕрдывӕрдӕй, кӕнӕ аив кӕсын ӕмдзӕвгӕ «Фӕллойы зарӕг»).

-Цавӕр литературон мадзалӕй спайда кодта автор фыццаг строфайы?

-(Олицетворени).

II. Ног ӕрмӕг.

1- Абон нӕ литературон уацмыс нӕу ӕмдзӕвгӕ, нӕу радзырд, нӕу басня! Уӕды цы уыдзӕн уацмыс?(Уыци-уыци)

-Аргъау!

- Нӕ аргъауӕн ис автор Чеджемты Геор. Уӕдӕ нӕ аргъау цавӕр у -литературон ӕви адӕмон?

- Цы у аргъау?

-

-«Сауцъиу ӕмӕ Ӕхсыргур».

2. Эпигрӕф: «Рӕсугъд мит дӕр у, фӕлӕ уазал у!»

- Цӕуыл дзурӕг сты ӕмбисонды дзырдтӕ?

-Нӕ размӕ цӕлхдурон фарст :

-Рӕсугъд хъуамӕ нӕ уынд уа ӕви не ’гъдау?

 

Ахуыргӕнӕг: - Сымах зонут урочы темӕ, чи уӕ зӕгъдзӕн цавӕр нысан уын ис ?

Ахуырдзаутӕ :- Нӕ нысан – бамбарын цӕуыл у аргъау, базонын йӕ темӕ ӕмӕ сӕйраг хъуыды.

Ахуыргӕнӕг: - Ӕмӕ кӕд зонӕм нӕ нысан ,уӕд нӕ хъӕуы цалдӕр хӕсы сӕххӕст кӕнын: а) Бакусын дзырдуатон дзырдтыл; ӕ)Равзарын текст; б) къордтӕй бакусын; в) ссарын темӕ ӕмӕ сӕйраг хъуыды; г) Саразын хъуыдыйӕдтӕ лӕвӕрд дзырдтӕй.

3. Аргъауы архайджытӕ сты  Мыдыбындз, Сауцъиу ӕмӕ Ӕхсыргур.

4. Дзырдуат:

Сауцъиу - скворец;

Ӕхсыргур – пчелоед;

уаллонхор – любитель червей;

фӕныфсджындӕр – осмелел;

мыдгӕс – пасечник.

5.Чиныгимӕ куыст. Аргъау бакӕсын. Ахуыргӕнӕг кӕсы ,сабитӕ скъуыддзаджы мидис дзурынц.

Фӕрстытӕн дзуапп раттын:

а)Мыдыбындзы зарӕджы ныхӕстӕ куыд бамбӕрстат?

ӕ) Цӕй тыххӕй смӕсты Сауцъиу Ӕхсыргурмӕ?

б) Цавӕр уӕм фӕкаст Сауцъиу? Цавӕр у Ӕхсыргур?

в) Ӕртӕйӕ ӕмбалӕн кӕцыйы равзариккат?

6.Къордтӕй куыст.(2-3мин)

Экраныл ӕртӕ архайӕджы: Мыдыбындз, Сауцъиу  ӕмӕ Ӕхсыргур.

Хӕс ӕртӕ къордӕн: фыццӕгтӕ дзырдты къордӕй равзарӕнт ахӕм дзырдтӕ, кӕцытӕ ӕвдисынц Мыдыбындзы миниуджытӕ;

 дыккӕгтӕ – Сауцъиуы миниуджытӕ ;

 ӕртыккӕгтӕ – Ӕхсыргуры миниуджытӕ.

7. Рауадис лӕвӕрд дзырдтӕй хъуыдыйӕдтӕ:

 

Мыдыбындз у куыстуарзон.

Сауцъиу у хӕларзӕрдӕ,сыгъдӕг уд ӕмӕ раст.

Ӕхсыргур у хиппӕлой, саузӕрдӕ, нӕрвӕссон.

 

Ахуыргӕнӕг:  -Уӕдӕ цалдӕр хӕсы сӕххӕст кодтам , нӕ бон у зӕгъын аргъауы темӕ ӕмӕ сӕйраг хъуыды?

(Аргъауы темӕ – «Рӕсугъд ӕгъдау». Сӕйраг хъуыды : Рӕсугъд ӕгъдау ӕвдисын, дӕ уд сыгъдӕгӕй дар.)

8. Аив кӕсыныл бакуысын.(Кӕсын аргъау).

- Уӕдӕ нӕ архайджытӕй фӕзминаг чи ? Ӕппӕрццӕгтӕм кӕцы хауы?

-Уӕдӕ нӕ эпигрӕфы дзырдтӕ кӕмӕ хаудысты?

-  Нӕ цӕлхдурон фарстӕн дзуапп раттӕм: «-Рӕсугъд хъуамӕ нӕ уынд уа ӕви не ’гъдау?»

-

III. 1. Рефлекси скӕнын:

- Уыди нын нысан ?

-(Равзарын аргъау ,ссарын йӕ темӕ ӕмӕ йӕ сӕйраг хъуыды)

-Сӕххӕст ӕй кодтам ? Цӕй фӕрцы ?

-(Хӕсты фӕрцы)

-Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд урок?

-

-Цы нӕ бамбӕрстат?

2. Хӕдзармӕ куыст равзар дӕ тыхтӕм гӕсгӕ:

 а) Аив кӕсын аргъау;

ӕ)сныв кӕн А4 фылдӕр дӕ зӕрдӕмӕ кӕцы архайӕг фӕцыд,уый;

 б) Бацӕттӕ кӕн 3-5 фӕрстытӕ аргъаумӕ.

3. Хи куыстӕн сӕвӕр аргъ.

Данӕ ӕмӕ Батрадз абон бирӕ ӕмбӕлттӕ ссардта уе’хсӕн.

- Стыр бузныг, сабитӕ!

 

 

 

 

 

                                                         


 

Гом урочы пълан. 4 къласы литературон к ӕ сынад

Гом урочы пълан. 4 къласы литературон к ӕ сынад

Ахуыры тем ӕ : « Ӕ хсыргур ӕ м ӕ

Ахуыры тем ӕ : « Ӕ хсыргур ӕ м ӕ

Рӕсугъд салам раттын. 3.

Рӕсугъд салам раттын. 3.

Аргъау! - Нӕ аргъауӕн ис автор

Аргъау! - Нӕ аргъауӕн ис автор

Аргъауы архайджытӕ сты Мыдыбындз,

Аргъауы архайджытӕ сты Мыдыбындз,

Хӕс ӕртӕ къордӕн : фыццӕгтӕ дзырдты къордӕй равзарӕнт ахӕм дзырдтӕ, кӕцытӕ ӕвдисынц

Хӕс ӕртӕ къордӕн : фыццӕгтӕ дзырдты къордӕй равзарӕнт ахӕм дзырдтӕ, кӕцытӕ ӕвдисынц

Нӕ цӕлхдурон фарстӕн дзуапп раттӕм: « -

Нӕ цӕлхдурон фарстӕн дзуапп раттӕм: « -

Данӕ ӕмӕ Батрадз абон бирӕ ӕмбӕлттӕ ссардта уе’хсӕн

Данӕ ӕмӕ Батрадз абон бирӕ ӕмбӕлттӕ ссардта уе’хсӕн
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
25.11.2020