Урочы грамматикон темæ: Дамгъæ Бб.

  • docx
  • 13.02.2025
Публикация в СМИ для учителей

Публикация в СМИ для учителей

Бесплатное участие. Свидетельство СМИ сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

Иконка файла материала дамгъа Бб.docx

 

Урочы грамматикон темæ: Дамгъæ Бб.

        Ныхасы темæ: Бинонтæ.

Рагацау загъд фæстиуджытæ:

– сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр [б] æмæ дамгъæ Бб-имæ;

– мырæн характеристикæ дæтдзысты;

– базондзысты дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын, уæнгтæй дзырдтæ аразын, нывмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ аразын, дзырдтæ бирæон нымæцы æвæрын; 

-сывæллæттæ базондзысты бинонты ахадындзинад, алы адæймагæн йæ бинонтæ æппæтæй зынаргъдæр кæй сты, уый.

Урочы хæс:

1.Сывæллæттæм гуырын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ, разæнгард кæнын бинонты 'хсæн иронау дзурынмæ.

2.   Ныхасы рæзтыл бакусын.

3.   Къордты куысты фæлтæрддзинад рæзын кæнын.

4.   Хатдзæгтæ скæнын.

Урочы фæлгонц: Презентативон æрмæг, тымбылæгтæ къоппы мидæг свиток-хæслæвæрдтимæ, предметон нывтæ, æмбисæндтæ, æмдзæвгæтæ, къамты выставкæ (разные фотографии, главное, что среди них одна фотография семьи)

                                                       Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн  рæстæг.

 Мотивацион уавæр

  Ахуыргæнæг:

- Уæ бон хорз, сабитæ! Царды æппæтæй хуыздæр миниуджытæ сты: зæрдæхæлардзинад, рæдаудзинад, æнæхиндзинад æмæ уарзондзинад. Уыцы миниуджытæ зæрдæйы гуырын кæнынц мидбылты худт. Уæ хорзæхæй, сабитæ, бакæсут-ма ныртæккæ кæрæдзимæ æмæ кæрæдзийæн балæвар кæнут уæ мидбылты худт. Ныр та аздахут уе `ргом нæ уазджытæм æмæ уыдонæн дæр балæвар кæнут уæ мидбылты худт. Бузныг. Ǣрбадут.

-Сабитæ, цалдæр минуты размæ мæм курьер æрбадзырдта телефонæй æмæ афтæ зæгъы: «Фыццæгæм къласæн уæм рарвыстой лæвар.» Æз æм акæсон æмæ йæ райсон.

        (Дуар байгом кодтон, æмæ мидæмæ арбахастон æхгæд къопп, йæ мидæг тымбылæгтæ, стæхынц, къопп куы байгом кæны ахуыргæнæг сывæллæттимæ иумæ, уæд). Тымбылæгтæ иугай ныггуыпп кæндзысты, алкæцыйы дæр дзы фыстæг)

 - Сабитæ, рауайут-ма, иумæ байгом кæнæм ацы диссаджы къопп. (Тымбылæгтыл баст лентæ, цæмæй сæ æрцахсæн уа, куы стæхой, уæд, сæ мидæг свитокты хуызы фыстæджытæ).

-Кæсут-ма, тымбылæгты цыдæр ис. Ныр æй куыд базонæм, цы сты?

Дзуапп: Тымбылæг ныггуыпп кæнын хъæуы.

-  Чи у ныфсджындæр, чи ныггуыпп кæндзæн фыццаг фыстæг?

Тымбылæгæй æрхауд свиток.

- Ам фыстæг куы ис. Цыдæр сусæг фыстæг у. Бакæсæм æй?

Дзуапп: О, фæнды.

      (открываю, а там написано) «Æркæс фæйнæджы бынмæ. Цы уыныс, уый дæ уæлæ абар æмæ уæд, дарддæр цы кæнын хъæуы, уый базондзынæ» ( под доской на стуле лежат вещи: рубашка, борода, трость)

Æнхъæлдæн нæ квест ацæуын бахъæудзæн абон. Хъазын та не ͗ппæт дæр уарзæм, уый æз зонын. Цæттæ стæм?

- Сабитæ, чи уæ рауайдзæн размæ æмæ чи абардзæн йæ уæлæ? Цы абарын хъæуы цымæ?

(Вышел мальчик, примерил. )

 - Сабитæ, ракæсут-ма, кæй хуызæн у …(ном)?

 - Бабайы.

 - Диссæгтæ, ам дæр йæ быны цыдæр фыстæг куы ис! Бакæсæм æй.

 (Беру новое письмо со стула, читаю) «Баххæст кæн ды ныр мæ хæс:

-Тагъддæр фæйнæгмæ скæс.

Бакæс мыртæ, дзырдтæ кæс.

Уæд ссардзынæ ног хæс.

Б-ба, бæ, бы, бо, бу,

Б- баба, бон, бæлас

- Ссарут тагъддзуринаджы, цы дзырдтæ сфæлхат кодтам, уыдон:

Бонæй бонмæ, бæрæгбонмæ, бадтæн бон изæрмæ бал бæласы бын. 

Экраныл тагъддзуринаджы слайдимæ нывтыл бæласы бын сундук.

-Æрбакæсут-ма, кæм ис цымæ нæ хæс? Бацагурæм май æ.

Дзуапп: цъиуы базыры бын, дадайы дзыппы, дадайы фарсмæ чырыны (по одному щелкаю мышкой, с третим щелчком открывается сундук и всплывает текст третьего задания):

Кæд фæнды дæу хъазын дарддæр,

Агур тымбылæг ды тагъддæр.

Уый у æртыккагæй къаддæр.

(лопают шар поменьше)

Ныггуыпп та кодтой дыккаг тымбылæг, йæ мидæг амынд: ссар дадайы къайы дзаума æмæ йæ дæ уæлæ скæн.

-Чызджытæ, чи уæ разгъордзæн размæ æмæ чи акæндзæн йæ уæлæ ацы дзаумæттæ?

                                (девочка надела халат, косынку, жилет и взяла руки пряжу.

- Сабитæ, кæй хуызæн у ныр … (ном)?

- Нанайы.

- Уæдæ уæд æрбад бабайы раз æмæ дæ къухмæ æлвисинаг райс. (æлвисинаг цы чыргъæды ис, уым хæс: баххæст кæну фæйнæгыл фыст дзырдтæ хъæугæ дамгæтæй, бакæсут сæ.

…аба, на…а, …инонтæ

-Зæгъæм-ма иу хатт иумæ, цы мыртæй баххæст кодтам дзырдтæ: [б], [н]

-Цавæр мыртæ сты ацы дыууæ мыры?

Дзуапп: æмхъæлæсонтæ.

-Уæнг та кæцы мыртæ дæттынц?

Дзуапп: хъæлæсонтæ.

Адих-ма кæнæм лæвæрд дзырдтæ уæнгтыл: ба-ба, на-на, би-нон-тæ. Алы дзырды фæстæ дæр фарст: цал уæнджы ис дзырды? Хъæлæсонтæ та?

- Баба æмæ нанайы уынæм нæ разы- уыдон сты бинонты хистæртæ. Бинонтæ та чи сты?

Дзуаппытæ:…

- Ссарут –ма къамты равдысты, бинонтæ кæцытæ сты?

(выставка разных фотографий, среди них фотография семьи, о которой я им рассказываю)

- Ацы къам хуымæтæг къам нæу. Мæ зæрдæйæн тынг зынаргъ у,уымæн æмæ дзы сты мæ фыдæлтæ. У ивгъуыд фæлтæры æвдисæн. Цæуы йыл сæдæ азæй фылдæр (1917 ист къам). Уыдон дæр нæм æнусты сæрты хæс æрвитынц, бакæсæм æй: Бинонтæ цæмæй цæрой æнгом,

Æртыккаг тымбылæг æрцæуæд гом.

(лопают последний шар, в нем задание и подарок: билет на спектакль «Бинонтæ»)

- Сæмбырд кæн бинонты æххæстæй, дзырдтæ бирæон нымæцы сæвæргæйæ. 

(экраныл нывтæм гæсгæ дзурынц)

 - Нывтыл цы уынут, уыдон уын æз иууон нымацы дзурдзынæн, сымах та сæ бирæон нымæцы дзурут.

(фæстæгма æвдисын лæппуйы ныв æмæ фæрсын: кæй уæ фæнды размæ рацæуын æмæ лæппуйы ролы ахъазын? Чызджы ролы та?

(Сæ къухтæм сын дæттын кукла æмæ машинæ).

- Бинонтæй ма кæй уæлæдарæс хъæуы скæнын?

Фыд æмæ мад.

-Кæй уæ фæнды абон мад ама фыды рольты ахъазын?

(На слайде открываются занавеси сцены и появляется надпись):

- Дарддæр дæ арæхстдзинад ͗вдис, бинонты ͗хсæн уыдзæн цæдис!

(дети вышли, я даю каждому текст в  руки):

 

1.     Уæ бон хорз. Æз дæн бинонты кæстæр. Мæ ном хуыйны ... . Ис мын хистар хо … .

2.     Уæ бон хорз. Æз дæн … . Бирæ уарзын мама æмæ нанайæн æххуыс кæнын.

3.     Уæ бон хорз. Æз дæн мад. Мæ ном хуыйны … . Уарзын сывæллæттимæ чиныджы кæсын æмæ уроктæ кæнын.

4.     Уæ бон хорз. Æз дæн фыд. Мæ ном хуыйны ... Æз кусын архитекторæй.

5.     Уæ бон хорз. Æз дæн нана. Мæ уарзондзинадæй узæлын мæ бинонтыл.

6.     Уæ бон хорз. Æз дæн бинонты хистæр – баба. Мæ ном у … . Æз бинонтæн дæн…

 

 - Сабитæ, зæгъут-ма, уæ хорзæхæй, бинонты хистæр куыд хуыйны?

- Мады ном та куыд у? Чызджы ном та?

- Иууылдæр иумæ та куыд хуыйнынц?

- Æмæ иумæ куыд хъуамæ цæрой бинонтæ?

- Æрбакæсут-ма фæйнæгмæ æмæ бакæсæм ног дзырдтæ.

На доске написаны словарные слова:

Æнгом-сплочённый

Хæларзæрдæ-добросердечный

Кæрæдзи уарзын-любить друг друга

Аргъ кæнын-ценить друг друга

- Ныртæккæ та байхъусут рагон ирон æмбисондмæ. (читаю сказку «Веник»).

Ахуыргæнæг: Сабитæ, байхъусут-ма ацы рагон ирон æмбисондмæ.

 

Фыд æмæ йæ фырттæ.

Иу лæгæн уыдис бирæ фырттæ, фæлæ æнгом нæ уыдысты æмæ сæ цард нæ цыд. Уæд сæм иуахæмы фыд фæдзырдта кæртмæ. Къуымæй сын уисой рахæссын кодта æмæ загъта:

- Абон хъуамæ уæ тых бафæлварат уисойыл. Чи йæ асæтта, уый уыдзæн æппæты хъаруджындæр.

  Фырттæ иугай фæархайдтой баст уисой фæдыууæ кæныныл, фæлæ сæ къухты нæ бафтыд. Уæд сын фыд афтæ:

- Ӕриут-ма йæ ардæм.

   Фыд уисой райста, райхæлдта йæ æмæ йæ уисгай сæттын райдыдта.

-  Афтæ, мæ хуртæ, сымах дæр æнгом куы уат, уæд уын ничи ницы кæндзæн, уæ цард фæрныгдæр уыдзæн. Иугæйттæй  та уыл алчидæр тых у, уæ хъомыс – къаддæр.

Ӕмæ кæрæдзи æруарзут.

   Ацы цау æфсымæртæн зонды хос фæци.

                                                                   Ирон æмбисонд.

~  Цы бафæдзæхста фыд йæ фырттæн?

~  Куыд хъуамæ цæрой æфсымæртæ кæрæдзиимæ?

~  Кæддæра, сымах та куыд цæрут уæ бинонтимæ?

~   Исчи ма уæ радзурæд йæ бинонты тыххæй.

(Сабитæ дзурынц сæ бинонты тыххæй)

~  Тынг хорз, сабитæ. Бинонтæ кæрæдзи хуыздæр æмбардзысты уæд, иу æвзагыл куы дзурой.

~ Æмæ уæ бинонтæ та цавæр æвзагыл фæдзурынц фылдæр уæ хæдзæртты?

Сабитæ: Ирон (уырыссаг).

Ахуырг.: Æмæ мадæлон æвзаг та афтæ цæмæн хуыйны?

Сабитæ: Уымæн æмæ мады ад кæны.

Ахуыргæнæг:  Бинонты тыххæй æмдзæвгæтæ дæр ахуыр кодтам.

 Чи сæ радзурдзæн?

(Ахуырдзаутæ дзурынц  æмдзæвгæтæ)

«Гыцци»

Бирæ фæрæвдыдтай, о гыцци, мæн.

Арæх-иу зарджытæ кодтай мæнæн.

Хъарм – иу мæ батыхтай, хур мæ хуыдтай.

Ахуысс мын, айрæз мын, хъазгæ дзырдтай.

«Нана»

Уарзын æз нанайы,

Стыр бузныг дзы дæн,

Уымæн æмæ алы бон

Барæвдауы мæн.

«Хистæр æмæ кæстæр»

Хистæрæн кæстæр куы ратта æгъдау,

Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау.

Хистæрæн кæстæр куы ратта бынат,

Кæстæр уыдзæнис уæд хорзыл нымад.

Кæстæр куы фæрса хистæры зондæй,

Уæд никуы фæрæдидзæн сонтæй.

                                                           Дзасохты М.

-Ныр та дыууæ къорды архайджытæй алчидæр хъуамæ йæ къай ссара, æмбисонды хæйттæ баиу кæнгæйæ. (иу къорды архайджытæм мыхуыргондæй æмбисондтæн сæ фыццаг хæйттæ, дыккаг къорды архайджытæм та – дыккаг хæйттæ. Агурынц сæ къæйтты æмæ иу кæнынц æмбисæндтæ. Кæрæдзи фарсмæ лæууынц, æнæхъæн æмбисонд æвдисгæйæ, дзурынц æй.)

Æмбисæндтæ:

1.     Бинонтæ кæрæдзийы куы уарзой, уæд сæ Хуыцау дæр уарзы.

2.     Бинонтæ иуы амондæй цæрынц.

3.     Мады рæвдыдæн æмбал нæй.

4.     Мады уындæй æхсызгондæр ницы ис.

5.     Мады зæрдæ - зонаг, фыды зæрдæ – мæтгæнаг.

- Цавæр темæ иу кæны ацы æмбисæндтæ дæр?

Дзуапп:  Бинонтæ.

- Тынг раст. Бинонтæ!

- Куыд ис лæвæрд дзырдтæ бинонтимæ бабæттæн?

 (Фæйнæгыл фыст ног дзырдуатон дзырдтæ:

                Æнгом – сплочённый,

                Хæларзæрдæ -  добросердечный,

                Кæрæдзи уарзын – любить  друг друга   

                Аргъ кæнын – ценить.

Дзуапп: Бинонтæ хъуамæ уой æнгом, хæларзæрдæ, кæрæдзи уарзой, кæрæдзийæн аргъ кæной.

- Тынг раст. Хуымæтæджы æнæхъæн Уæрæсейы дæр ацы аз «Бинонты аз»-ыл нымад не ͗рцыд. Хæлар æмæ æнгом бинонтæ цы бæстæйы уа, уым æмткæй уыдзæн фарн æмæ амонд. Æмæ махæй алчидæр архайдзæн нæ иумæйаг фарнджын цардмæ йе ͗вæрæн бахæссыныл.

Рефлекси:

- Мæн фæнды, цæмæй мах дæр, абон нын курьеримæ лæвар чи æрбарвыста, уымæн дзуапп арвитæм. Уый хъуамæ  ма дызæрдыг кæна, йæ хæстæ иууылдæр æххæстгонд кæй æрцыдысты, ууыл.  Равзарæд уæ алчидæр лæвæрд дзырдбæстыты æхсæн бинонтимæ баст хъуыдытæ æмæ сæ къоппы нывæрæм. Арвитæм мах дæр курьеры æххуысæй нæ дзуапп.

Сывæллæттæ æвзарынц дзырдбæстытæ, кæсынц сæ, æвæрынц сæ къоппы. (Коробку закрывают, красиво оформив заклеивают, учитель вызывает курьера по телефону и отправляют свою посылку).

- Мæн уырны, абонæй фæстæмæ уæ бинонты æхсæн хæлардзинад æмæ уарзондзинад тыхджындæр кæй кæндзæн. Уæ хистæртæм тынгдæр кæй хъусдзыстут, фылдæр аргъ сын кæй кæндзыстут. Уымæн æмæ алы адæймагæн æппæтæй зынаргъдæр æмæ ахсджиагдæр сты йæ бинонтæ!

Бæрæггæнæнтæ.