Урок осетинского языка: Ирон адӕмы фарн.

  • docx
  • 13.02.2025
Публикация в СМИ для учителей

Публикация в СМИ для учителей

Бесплатное участие. Свидетельство СМИ сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

Иконка файла материала ирон адамы фарн.docx

Темæ: Ирон адӕмы фарн.

Текст:                    Уазӕгуаты ивгъуыдмӕ

Грам.ӕрмӕг:      Номдар (фӕлхат).

                             Текст«Фыдӕлты зӕххИрыстоны зӕрдӕ»(фӕлхатынӕн).

 


Нысан:

 

 

 

 

 

 

 

 

     Урочы

     фӕлгонц:

 

 

Куысты хуызтӕ:


1.     Рацыд лексикон-грамматикон ӕрмӕг рафӕлхат кӕнын.

2.      Ахуыр кӕнын скъоладзауты рацыд лексикон - грамматикой ӕрмӕгӕй ныхасы мидӕг активонӕй пайда кӕнын: раст грамматикон формӕтӕ аразын; диалогон ӕмӕ монологон ныхасы рӕзтыл кусын.

3.      Ирон адӕмы культурӕ ӕмӕ традицитӕм

цымыдисдзинад ӕмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын; ахуыр кӕнын нӕ рагфыдӕлтӕн кад кӕнын.

фӕйнӕгыл фыст;карточкӕтӕ;слайдтӕ текстытӕ;

нывтӕ-иллюстрацитӕ; таблицӕ;

эпигрӕф: «Фыдӕлтӕ фарн мӕрдтӕм нӕ цӕуы».

лексикон ӕмӕ грамматикон фӕлтӕрӕнтӕ; диалог ӕмӕ монологыл куыст; тест аудирование; беседӕ; карточкӕтӕ ӕмӕ таблицӕимӕ куыст.

 

Урочы цыд:

 

I.       Организацион хай,хай.

-      Салам раттын.

-      Скъоладзауты      цӕттӕдзинад      урокмӕ      сбӕрӕг кӕнын.

-      Радгӕсимӕ    бакуыст    (боныхъӕд,нымӕц,    къласы, абон чи нӕй, уыдӕттыл ӕрдзурын).

-      Диалог«Афӕдзы афонтӕ ӕмӕ мӕйтӕ».

II.         1.Ахуыргӕнӕджы разныхас урочы нысаныл.

2.               

X

хъ

хур

хъул

хуыр

хъуыр

хӕр

хъӕр

хуын

хъуын

 

 
Фонетикон зарядкӕ:

 

 

 


 


 

 

-      Бакусын дзырдты растдзурынадыл.

-      Ратӕлмац сӕ кӕнын уырыссаг ӕвзагмӕ.

-      Дзырд«хъул»-имӕ ӕрхъуыды кӕнын хъуыдыйад.

З. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

-      Бакӕсын, сывӕллӕттӕ хӕдзары текстӕн цы кӕрӕттӕ скодтой, уыдон.

-      Текст равзарын фӕрстытӕм гӕсгӕ

-      Цӕуыл мӕт кӕны бӕлас йӕ монолоджы?

-      Радзурут монолог наизусть. Фӕрстытӕм гӕсгӕ равзарын текст.

-Цӕуыл мӕт кӕны бӕлас хаугӕ-хауын?

-Цы сты адӕймагӕн та йӕ«уидӕгтӕ»?

-Цы ис адӕймаджы царды ӕнусонӕй?

Хӕс:            Ссарут радзырды ӕмбисӕндтӕ.

                                а) Бӕласӕн йӕ къалиутӕ цас бӕрзонддӕр цӕуой,уый бӕрц

                                  тынгдӕр хӕцы йӕ уидӕгтыл.

                                 ӕ) Адӕмы хъӕздыгдзинад мулкӕй баргӕ нӕу.

-Куыд ӕмбарут ацы ӕмбисӕндтӕ?

-Ӕрхъуыды сӕм кӕнут ӕмгӕс ӕмбисӕндтӕ.

Хӕс:           Дарддӕр ахӕццӕ кӕнут хъ-тӕ.       

-Бӕлас хаугӕ-хауын...

-Адӕмы хъӕздыгдзинад...

-Адӕймаг дӕр уыцы...

Атасындзӕг кӕнын дзырд бӕлас.

Ацы ӕмбисӕндтӕн раст ссарын сӕ къӕйттӕ.

1.Искӕй бӕсты

...мыст дӕр хъӕбатыр у.

2.Хи хуыггомы

...ӕмӕ кадджын у.

3.Ном зынаргъ

...ӕлдарӕй дӕр зын цӕрӕн у.

4.Кад кӕм и

...мысынӕн у.

5.Рагзаман

...цыт дӕр уым ис.

Цыбырӕй сын бамбарын кӕнут сӕ нысаниуӕг.

III.         Ног ӕрмӕгыл бакусын.


Рагзаман мысынӕн у ӕмӕ скӕнӕм цыбыр балц ивгъуыдмӕ.

1.     Ратӕлмац кӕнын сӕргонд

2.    Цы хъуыдытӕ уӕм фӕзынд сӕргондмӕ гӕсгӕ,цӕуыл дзурдзыстӕм тексты?

3.    Цымӕ куыд цардысты ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ ивгъуыд царды?

4.      Дзырдуатон дзырдтӕ

-Фӕдонтӕ-потомки;

-Тызмӕгдуг-суровоевремя;

-Хӕцӕнгӕрзтӕ-оружие;

-Фатӕмӕӕрдын-лукистрела;

-Арц-копье;

-Цирхъ-меч;

-Хъамакинжал;

-Уарт-щит;

-Фӕлтӕрын-упражняться.

5.    Аудирование(текстлентӕйылфыстсыв-тӕйӕмлӕмбынӕг хъусынц).

(Компьютерыл цӕуы текстмӕ гӕсгӕ радыгай Скифтӕ ӕмӕ Амазонкӕты къамтӕ, нӕ рагфыдӕлты хӕцӕнгӕрзтӕ, ирон рагон кӕфтытӕ сӕ мелодитимӕ, сылгоймӕгты ӕмӕ нӕлгоймӕгты уӕлӕдарӕс).

6.      Хъуыдыйадгай ратӕлмац кӕнын текст.

7.    Адих кӕнын текст абзацтыл. Алы абзацӕн дӕр ӕрхъуыды кӕнын сӕргонд.

8.     Текст равзарын фӕрстытӕм гӕсгӕ.

-Чи уыдысты ирон адӕмы рагдыдӕлтӕ?

-Цавӕр кӕфтытӕ уыд ирон адӕммӕ?

-Цавӕр хӕцӕнгарзӕй пайда кодтой?

-Сылгоймаджы ӕмӕ нӕлгоймаджы уӕлӕдарӕсы хуызтӕ.

Хæс:

Дзырдтӕ сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ адих кӕнын 3 къордыл(хœцœнгӕрзтӕ,сылгоймаджы уӕлӕдарӕс,нӕлгоймаджы . уӕлӕдарӕс). Цухъхъа, басылыхъ, арц, цирхъ, кӕлмӕрзӕн, ӕвзист рон,

 хъама, хӕдбын дзабыртӕ, риуыгънӕджытӕ, разгӕмттӕ,уарт, сӕрак дзабыртӕ.

-Цавӕр ныхасы хӕйттӕ сты ацы дзырдтӕ?


Хъомыладон куыст(беседӕ):

Абон мах дзырдтам нӕ рагфыдӕлты тыххӕй, цавӕр

дуджы цардысты, цы гъдӕуттӕ сӕм уыд, ӕппындзух сӕ кад ӕмӕ намысыл куыд мӕт кодтой.Уыдон иууылдӕр ис схонӕн иу дзырдӕй «фарн», ирон адӕмы фарн.

Абон нӕ урокӕн эпигрӕфӕн райстам«Фыдӕлтыфарн мӕрдтӕм нӕ цӕуы».Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ?

-Куыд уӕм кӕсы дзырд «фарн» куыд баст у ирон тырысаимӕ?              .

-Таблицӕйы дӕр ӕмбӕхст ис фарны тыххӕй ӕмбисонд, райхалын ӕй хат кӕныны руаджы.

-Кӕм ма сымбӕлдыстут дзырд«фарн»-имӕ?

(Адӕмы фарнӕй къӕдзӕх дӕр ныннӕры.X.Къоста). (Адӕмы фарн бирӕ у).

(Бон цӕуы ӕмӕ йемӕ фарн хӕссы). (Фарны хъуыддаг бӕхыл бады).

Ратӕлмац кӕнын ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ бамбарын кӕнын сӕ нысаниуӕг.

-Ранымайут ирон арфӕтӕ дзырд«фарн»-имӕ.

(Фарн ацы хӕдзары). (Фарн уӕм бадзурӕд).

(Фарны хабӕрттӕ хъусут).

(Фарн ӕрбахӕсс ацы хӕдзармӕ)ӕмӕ а.д.

Уӕдӕ цы нысан кӕны дзырд«фарн»?

(Сабырдзинад, уӕздандзинад, бӕркад, хъӕздыгдзинад, амонд).

Фарн ӕмдзу кӕны ирон адӕмимӕ.

... Ӕмӕ куыд нӕ сты ирон адӕм фӕрнджын, ахӕм хъӕздыг культурӕ,рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ диссаджы

адӕмон сфӕлдыстад кӕмӕн ис.Суанг ма зӕронд бӕлас дӕр хаугӕ-хауын йӕ кады мӕт кӕм кӕны.

Уӕдӕ ӕцӕг дӕр «фыдӕлты фарн мӕрдтӕм нӕ цӕуы». Нӕ рагфыдӕлтӕм цы хорз ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ миниуджытӕ уыд,уыдонӕн фесӕфӕн нӕй. Хъуамӕ сæ хъахъхъӕнат цыкуырайы фӕрдыгау, бӕрзонд хӕссат


уӕ сӕртӕ Ирыстоны кӕй цӕрут ӕмӕ ирӕтгы кулыурӕ кӕй зонут, уымӕй.

IV. Хатдзӕгтӕ

-Цы базыдтат ацы текстытӕй ирон адӕмы цардӕй?

V. Хӕдзармӕ куыст:  ныффыссын цыбыр нывӕцӕн «Ирон адӕмы рагфыдӕлты цард».

 

БАКӔС ӔМБИСОНД, КӔЦЫ БАСТ У ДЗЫРД ФАРН"-имæ

 

(«Фарн кœм ис, цард дœр уым ис»)

 

 

 

*

6

7

8

9

1

Ф

Ӕ

д

Р

2

Р

Ы

А

д

3

ц

А

У

Ӕ

4

И

М

М

С

5

Р

К

н

И