Урок. Темæ: Номдар.

  • pptx
  • 20.11.2019
Публикация в СМИ для учителей

Публикация в СМИ для учителей

Бесплатное участие. Свидетельство СМИ сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

Иконка файла материала Презентация Номдар 5.pptx

Темæ:

НОМДАР.

НОМДАР

Предметы ном æвдисæг ныхасы хай хуыйны Номдар.
Дзуапп дæтты фарстатæн чи? , цы?

НОМДАР

ЧИ?

ЦЫ?

 Дунетыл нæй мæнæй фылдæр, Цæрын æмбæлттимæ æнгом. Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр, Хæссын æз предметæн йæ ном.
(Номдар).

Базон-базон.

Хохы йæ цыбыр кæрц дары.
Быдыры – йæ даргъ кæрц. (Фыс).

 «Æртæ æфсымæрæн - иу хо» (фынг).

Фыс æй æппары, лæг дзы хæдон кæны.

Уырызмæгыл фондзыссæдз кæрцы.

Дзыккутæ йыл уыди, æмæ чызг нæ уыди
Тымбыл уыди, æмæ айк нæ уыди,
Къæдзил ын уыди , æмæ мыст нæ уыди.

Нæ чысыл мæсыг рæсугъд амад,
Йæ алы дур дæр фидар æвæрд.

Чысыл дурыны – урс
Нæмгуытæ.

Нæ сындзы къутæр куы
цæуы, куы тулы

Номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд. Иумæйаг нæмттæ сты, бирæ иумыггаг предметты нæмттæ чи нысан кæнынц, уыдон (гæды, тетрад). Сæрмагонд номдартæ сты, иугай предметты нæмттæ чи амонынц, уыдон (Мæскуы, Япон, Уырызмаг). Ирон, уырыссаг æмæ бирæ æндæр æвзæгты сæрмагонд нæмттæ фыссынц стыр дамгъæйæ.

Хъуыдыйады мидæг номдар фылдæр хатт вæййы сæйрат кæнæ æххæстæгæнæны ролы.

Номдар хицæн кæнынæн ис æрмæст семантикон æмæ синтаксикон бындур — грамматикæты фыссынц номы категорийы тыххæй[1]. Иу дзырдæн, йæ хъуыдыйады ролмæ гæсгæ, ирон æвзаджы уавæн и миногон æмæ номдар:

Арвы цъæх. (цъæх куыд номдар)
Арв цъæх у. (цъæх куыд миногон)

НОМДАРТЫ ТАСЫНДЗÆГ

Н-чи? Цы?

2. Г – кæй? Цæй?

3.Д - кæмæн? Цæмæн?

4. А -кæмæ? Цæмæ?

5.И - кæмæй? Цæмæй?

6. Æ-б – кæуыл? Цæуыл?

7. Ц – кæимæ? Цæимæ?

8. Х – кæйау? Цæйау?

Иууон

Бирæон

Æмбал

Æмбæлттæ

Æмбалы

Æмбæлтты

Æмбалæн

Æмбæлттæн

Æмбалмæ

Æмбæлттæм

Æмбалæй

Æмбæлттæй

Æмбалыл

Æмбæлттыл

Æмбалимæ

Æмбæлттимæ

Æмбалау

Æмбæлттау

НОМДАР

Хæс: Дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнут. Фыццаг цæджындз – æнæуд предметты нæмттæ. Дыккаг цæджындз – удджын предметты нæмттæ.

НАНА

СКЪОЛА

ÆФСЫМÆР

ГОРÆТ

АХУЫРГÆНÆГ

ЖУРНАЛ

ВЕТЕРАН

ПОСТХÆССÆГ

ФРАНК

АЛТЪАМИ

БÆРЗ

ДЗОНЫГЪ

КУЫРÆТ

ФЫЙЙАУ

ÆМБАЛ

Æмбисæндты цухгонд номдартæ СÆвæрут.

1. Цæваг галæн йæ …. сæтты.

2. Æфсинты армæй …тæдзы.

3. Хæдзары ….. æфсиныл баст у.

4. Лæг – иудзырдон, .. – сæдæдзырдон.

5.Ирон … чъылдым не здахы.

6. Æнæ кæрддзæм …. згæ кæны.

7. Бæсты - фидауц ………

(Сыкъа)

(Сой)

(Бæркад)

(Ус)

(Лæг)

(Кард)

Сылгоймаг)

Лингвистикон аргъау

  Морфологийы алæмæты бæстæйы цардысты номдартæ. Уыдон ахæм æмхуызон уыдысты, æмæ сæ уыцы бæстæйы иннæ цæрджытæ кодтой хæццæ.*Æмхуызон та уыдысты цы асæй, цы æддаг бакастæй. Дзæвгар рæстæг хæццæ кодтой номдарты. Уыцы æмтъерыйы хъуыддæгтæм нал уыд Морфологийы бон кæсын æмæ сфæнд кодта æмхуызон номдартæн раттын нæмттæ. Алкæмæн дæр куыд уа йæхи сæрмагонд ном. Зæгъæм, чызг Алинæ, лæппу Алан,газет «Рæстдзинад» æ.а.д. Уыцы номдартæ æвæрд æрцыдысты бæрзонддæр къæпхæныл æмæ иннæ номдарты сæрты сæрыстырæй кастысты,уымæн æмæ фыст æрцыдысты стыр дамгъæтæй.

Дзырдтæ фæпырх сты. Дыууæ цæджындзæй сæ ныффыссут. 1 – аг цаджындзы – сæрмагонд номдартæ. 2 – аг цæджындзы – та иумæйаг.

Дзæуджыхъæу

Дукани

Батрадз

кълас

Уалдзæг

Терек

Нарт

хох

Рудзынг

Ирыстон

Фыссæг

Секъа

Сæрмагонд.

Иумæйаг

Фыссæм æрбайсгæ дзырдтæ номдартæй

Шифанер,
Газет,
Клуб,
Библиотекæ,
Поезд.
Скъапп,
Кърандаш,
Расписани.

Студент,
Инæлар,
Пъол,
Скъола,
Закъон, Булкъон,
Къабуска.

Картæ

Дзырдтæ фæпырх сты. Дыууæ цæджындзæй сæ ныффыссут. 1 – аг цæджындзы – конкретон номдартæ, 2 – аг цаджындзы – иппæрдон кæнæ абстрактон номдартæ.

Æмбалад

Чиныг

Хæдзар

Рудзынг

Циндзинад

Куырæт

Бæлас

Хæлардзинад

Фæрæт

Пурти

Хъæдзæгдзинад

Æндзæвын

Мæнæргъы

Адджын

Конкретон

Абстрактон

НОМДАРТÆ

Иумæйаг

Сæрмагонд

Космонавт

Юрий Гагарин

Нау

Восход - 1

Дукани

Нарт

Поэт

Къоста

Хох

Казбек

Цæугæдон

Терек

Лæппу

Амыран

Дамгъæтæй сараз дзырдтæ

1. Дз æ ф б о ы у р г к д

2. Г б о æ л р гъ ц д а у н т м

3. С р дз къ ы т л о а г у н æ

4. Ф гъ у х æ а т р е б

5. Б ф дз и а д р æ ы н

6. Т г б л у р æ г а ы п и

Хæдзармæ куыст.

НОМДАРЫ ТЫХХÆЙ ÆРХЪУЫДЫ КÆНЫН ЧЫСЫЛ ГРАММАТИКОН АРГЪАУ (СОЧИНЕНИ-ÆРФЫСТ)

НОМДАР

АРФÆГОНД УТ!