Урок "Афæдзы афонтæ".
Оценка 4.7

Урок "Афæдзы афонтæ".

Оценка 4.7
Работа в классе
docx
воспитательная работа
9 кл
24.11.2018
Урок "Афæдзы афонтæ".
Ахуыргæнæг: Куыд бамбæрстат афтæмæй абон нæ урочы дзурдзыстæм афæдзы афонтыл. Афæдзы афонтæ сты цыппар æфсымæры, æмæ сты алыхуызон, сæ удыхъæдæй æмæ æддаг бакастæй дæр. Цæй æмæ сæ уæдæ хуыздæр базонæм. Ахуырдзау: Афæдзы афонтæ. Афæдзы афонтæй алкæцы хорз! Зымæджы райхъуысы Ног азы зард! Уалдзæг у хъæлдзæгæй амонды хос! Сæрд æмæ фæззæг та – уарзт æмæ цард!.
Времена года.docx
Темæ: Афæдзы афонтæ. 1.Ахуырдзауты хæстæгдæр базонгæ кæнын афæдзы афонты миниуджытимæ. Урочы нысантæ: Сбæрæг кæнын цавæр хицæндзинæдтæ ис афæдзы афонты æхсæн. 2.Æрдзæн аргъ кæнын , хъахъхъæнын æй цæстыгагуыйау. Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, презентаци иллюстрацитæ, нывтæ. Урочы хуыз: Урок­экскурси. Урочы цыд: Хъуысы музыкæ «Времена года». Ахуыргæгæг: Цавæр мелоди хъуыстис нæ урочы? ( Уырыссаг композитор П.И.Чайковскийы «Афæдзы афонтæ». Ахуыргæнæг: Куыд хуыйнынц афæдзы фырттæ? (Зымæг, уалдзæг, сæрд, фæззæг). Ахуыргæнæг: Куыд бамбæрстат афтæмæй абон нæ урочы дзурдзыстæм афæдзы афонтыл. Афæдзы афонтæ сты цыппар æфсымæры, æмæ сты алыхуызон, сæ удыхъæдæй æмæ æддаг бакастæй дæр. Цæй æмæ сæ уæдæ хуыздæр базонæм. Ахуырдзау: Афæдзы афонтæ. Афæдзы афонтæй алкæцы хорз! Зымæджы райхъуысы Ног азы зард! Уалдзæг у хъæлдзæгæй амонды хос! Сæрд æмæ фæззæг та – уарзт æмæ цард!. Хъуысы фæндыры цагъд.       Уалдзæг Уалдзæг та ралæууыд, Къуыпа нæрсы. Мадау нын уый рæвдыд Амонд хæссы. Къуылдым нæм разынди Мигъты бынæй, Астым дæр бахудти,­ Нал у фынæй. Малусæг базмæлыд, Сдардта йæ сæр. Уалдзæджы фидиуæг, Фарнимæ цæр! Ахуыргæнæг: Куыд зонæм афтæмæй уалдзæджы райдайынц быдырты æмæ цæхæрадæтты куыстытæ. Ахуырдзау:  Æмдзæвгæ «Фæллой». Цæй æмæ куыстафон Ма кæнон æнцой. Царды тынтæ уафон Царды тын ­ фæллой. Уалдзæг миттæ тайгæ, Даргъ куы кæна бон, Хъуамæ уæд æз райгæ Исты куыст кæнон! Ахæм царды райсынц Адæм, зæхх ­ сæ рад. Ахæм афон кусæг Нал фæбады ‘нцад... Карк, æндæрæй ­ мæргътæ Цоты кой кæнынц. Хъомтæ, фыстæ, сæгътæ, Фос нын ног дæттынц. Булкъ, хъæдындз, цæхæра Раттынц адджын ад. Райгæ сæ фæхæра Бакусæг... Фæллад... Се ‘ппæт дæр æнцагæ Нал фæкæнынц, зон­ Афтæ кусгæ, райгæ Хъуамæ æз кæнон! Ахуырдзау: Уалдзæджы фыццаг мæй­ тæргæйтты мæйы вæййы Æппæт дунейы сылгоймæгты бæрæгбон. Уыцы бон арфæ ракæнæм нæ мадæлтæн, нæ нанатæн, нæ хотæн, нæ ахуыргæнæгæн, нæ къласы чызджытæн. Бирæ фæрæвдыдтай, О, гыцци, мæн, Арæх ­ иу аргъæуттæ Кодтай мæнæн. Хъарм иу мæ бамбæрзтай, Хур мæ хуыдтай. “Ахуысс мын, айрæзмын!”­ Заргæ дзырдтай.  Буцæй дæ хъæбысы Схастон мæ рæз. Ракæс ма, абон дын Ногдзау дæн æз! Уарзын мæ чингуытæ, Уарзын мæ хъæу. Уарзын фыдыбæстæ. Уарзын æз дæу.   Ахуыргæнæг: Уалдзæджы ирон адæм бирæ бæрæгбæттæ фæбæрæг кæнынц. Уыдоны’ хсæн стыр кад кæнынц райдзаст æмæ рæсугъд бæрæгбон Куадзæнæн.  Куадзæн ­ у уалдзыгон, æхсызгондзинады бæрæгбон. Адæм сæхи Куадзæнмæ цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары æфсинтæ сцæттæ кæнынц уæлибæхтæ, нозт, хæрд, бæгæны. Бæрæгбоны фынгыл сæрмагонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ. Уалдзæджы æгас дуне 9­майы фæбæрæг кæны Стыр Уæлахизы Бон. Арфæ ракæнынц сæрæгас ветерантæн, сæ рухс ном ссарынц хæсты цæхæрæй чи нал сыздæхт, уыдоны рухс нæмттæ.  «Уæлахизы бон». 45 ­æм азы тæвд уалдзæг, Куыд дæм каст æнхъæлмæ Дунай. Бæллиццаг сæрибар æрхаста, Европæйы адæмтæн Май. Ахуырдзау: Уалдзæг нæм фарны къах куы æрбавæры, уæд Ирыстоны дзыллæтæ 15 майы кадджын уавæры сбæрæг кæнынц – Ирон æвзаджы бæрæгбон. Æмдзæвгæ: «Ирон æвзаг». Цы рæстæг базыдтон æдæрсгæ Иронау чиныджы кæсын; Уæдæй нырмæ рæсугъд нывæстæй Мæ риуы царды цин хæссын. Æз кастæн Нигеры, Секъайы Цомахъы уацмысты цæхæр. Мæ зонды хурзæринау райы, Мæ хъустыл зæлы «Тохы хъæр». Къостайы тугæй фыст ныхæсты Æз федтон ивгъуыд дуджы уаг. Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты, Нæ Ирон мадæлон æвзаг! СÆРД Хур судзы... Уырыдзы Хæрынæн бæззы... Чи хъæдæй рæгъæдæй Сырх мæнæргъ хæссы, Чи халсарæй кæмтты Æргъæмттæ бæтты... Хуыскъæлæй, æхсæрæй Кæм цæуынц рæтты! Цæвæгæй, мæхъитæй, Æхсырфæй цæттæ, Хорз байрай, мæ бæстон, Кæмдæриддæр дæ! Ахуыргæнæг: Уæдæ бæстæ цъæх рæсугъд фæлыст куы вæййы, уæд та райдайынц сывæллæтты каникултæ сæрды мæйты. Ахуырдзау: Тынг уарзæм мах сæрды мæйтæ. Сæрды вæййы хъарм. Алы цымыдисаг хъæзтытæй фæхъазæм, цæугæдæтты нæхи фæнайæм. Бæлæстыл вæййы алыхуызон адджын дыргътæ. Фæззæг: Æрдз йæ хуыз мыстулæгау фæивта Бæлæстæн сæ цъæх ахуырст ссыд Бур мыдхуыз кæркæ-мæркæ сыфтæртæ Згъæлынц иугай-фæззæг нæм æрцыд. Ахуыргæнæг: Базонгæ уæм уæдæ нæ зынаргъ фæззæгимæ дæр. Ахуырдзау Фаззæджы райдианы скъоладзаута бацæуынц скъоламæ, райдайынц ахуыры бонтæ. Фæззæджы 15 октябры Иры дзыллæ фæбæрæг кæнынц нæ уарзон хъæбул, не стыр гени Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон. Сыгъзæрин фест бæркадхæссæг фæззæг! Æз дæу æппындæр ницæимæ барын… Ды Ирæн радтай - зæдыхуызæн лæг… Нæртон хъæбул – ирон гени Къостайы! Ахуырдзау: Фæззæг нын ноджы зынаргъдæр уымæн у æмæ Джеоргуыбайы мæйы вæййы Джеоргуыбайы бæрæгбон( Табу йæхицæн). Ирон адæм къуырийы бонты фæкувынц æмæ сæхи фæдзæхсынц Хуыцау æмæ Лæгтыдзуарыл( Табу сæхицæн).   Кадджын, амондджын бæрæгбон! Мах Дæумæ табу кæнæм! Курæм ныфс, бæркад нæ зæххыл! Зон Дæ ныфсæй мах цæрæм! Ракæс, рафæлгæс Ды дардæй, Де уазæг нæхи кæнæм. Тæх нæргæ, рæсугъд нæ сæрты, Мах Дæуæй зон, ард хæрæм. Зымæг: Хуры цæст æрныллæг, Нал ис тафс йæ тынты Рабæлццон та зымæг Хъавгæ хохрæбынты. Ахуырдзау. Зымæг кæд уазал вæййы. Уæддæр у тынг рæсугъд. Зымæджы фæхъазæм къахдзоныгътыл, фæбырæм дзоныгътыл, фæхъазæм хоккейæ, скæнæм митын дадатæ. Зымæджы ваййы нæ уарзондæр бæрæгбон Ног аз.  Нæуæг боны зарæг. Хæдзаронтæ! Хæдзаронтæ! Айсут нын нæ арфæ. ЗÆРОНД АЗÆН – фæндараст, Фыдбылызтæ ахæссæд НОГ АЗ нæм æрбахæццæ, Амонд йемæ æрбахæссæд! Тымыгъ нæ уагъта йæ хъал митæ Ног Аз æмæ сабитæ. Быдырты абон изæрмæ Ног Азмæ кастысты сабитæ Хъарм уаты дысон æнхъæлмæ. Цыд Ног Аз сабитæм хъæлдзæгæй, Дуар сæм ныххоста йæ лæдзæгæй. Йемæ сын дидитæ хаста, «Чи и сам, чи ис ам?» - фарста. Сабитæ Ног Азы бауарзтой, Мах, дам, дæ кадæн куы зарæм. Мæнæ йæ афтæ куы бафарстой: «Демæ цы’ рхастай лæварæн?». «Амæндтæ, амæндтæ!» – загъта сын,- Семæ æнæниздзинад дæр. Уарзын сымахимæ ахъазын, Акафын, асимын дарддæр». «Хъаз ды дæр немæ!» - куы дзырдтой. Бауарзта Ног Аз сæ хъæзтытæ. Стъалытæ арвæй сæ цæстытæ Сабитæм арвæй ныкъуылдтой. Ахуыргæнæг: Уæдæ базонгæ стæм афæдзы афонтимæ, æмæ уал сын хæрзбон зæгъæм. Алы афон дæр нын расугъдæй, хъæлдзæгæй цæуæд.

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".

Урок "Афæдзы афонтæ".
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
24.11.2018