КОМГÆРОНЫ ХЪÆУЫ ИУМÆЙАГАХУЫРАДОН АСТÆУККАГ СКЪОЛА
ГОМ УРОК
8 КЪЛАСЫ
ИРОН ÆВЗАДЖЫ УРОК
I КАТЕГОРИЙЫ АХУЫРГÆНÆДЖЫ
ÆЛБОРТЫ ФАТИМÆ МАХАРБЕДЖЫ ЧЫЗДЖЫ
Урочы нысæнттæ:
1.Фæарфдæр кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ сидæнты тыххæй, ахуыр кæнын скъоладзауты сидæнтæй хи ныхасы пайда кæнын.
2. Рæзын кæнын скъоладзауты разæнгарддзинад сфæлдыстадон куыстмæ.
3.Æрдзурын хи дарыны æгъдæуттыл, гуырын кæнын уарзондзинад ирон мадæлон æвзагмæ.
Бакæсын хъуыдыйæдтæ.
»Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ
Рохсмæ цæуетæ æнгом.
Нифс лæгдзийнадæ уарзетæ
Скæнтæ муггагмæ стур ном…».
«Мæ фырт, дæ чыргъæд , дæ фæхъхъау фæуон, дæ фыртæн ныууадз. Куы сыстыр уа, уæд æй бийын мауал бахъæуа…»
Кластер
СИДÆН
-дзырд, дзырдты къорд
-даргъ, цыбыр
-интонацийæ хицæн кæнæм
-фæлæууы хъуыдыйады разæй, астæуæй, кæронæй,
-хъуыдыйады уæнг нæ вæййы.
-номон хауæны
- загъд æрцæуы номдарæй, миногонæй, номивæгæй.
-удджын предметты нæмттæ, поэтикон ныхасы – æнæуд.
Уисой.
Иу лæгæн бирæ фырттæ уыдис, фæлæ хъæрмуд нæ уыдысты, æмæ сæ цард нæ цыд. Уæд сæм иу ахæмы фыд фæдзырдта кæртмæ. Къуымæй сын уисой рахæссын кодта. Загъта сын:
- Абон хъуамæ уæ тых бафæлварат уисойыл. Чи йæ асæтта, уый уыдзæн æппæты хъаруджындæр.
Фырттæ иугай фæцархайдтой уисой фæдыууæ кæныныл, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Уæд сын фыд афтæ:
-Æриут-ма йæ ардæм.
Фыд уисой райста, райхæлдта йæ æмæ йæ уисгай сæттын райдыдта.
- Афтæ, мæ хуртæ, сымах дæр æнгом куы уат, уæд уын ничи ницы кæндзæн, уæ цард фæрныгдæр уыдзæн. Иугæйттæй та уыл алчидæр тых у, уæ хъомыс-къаддæр.
Ацы цау æфсымæртæн зонды хос фæци.
1.Чиныгимæ куыст.
Фарс 116-117.
2. 244 фалт.,æрхæцæн нысæнттæ æвæргæйæ рафыссын хъуыдыйæдтæ, бамбарын сын кæнут се ´вæрд.
1.Дæ бæрзондзинад! Ныхасы бар мын ратт.
2.Шофыр, ам мын бауром!
3.Фидар, ардæм-ма рацу, мæ зынаргъ æмбал!
4.Æххормаг мын у, Нана, бахырын мын кæн!
5. Æнгомдæр æрбалæут,фæсивæд!
Схемæтæ хъуыдыйæдтæн скæнын.Æрхæцæн нысæнтты æвæрдтыл æрдзурын.
1.Дæ бæрзондзинад! Ныхасы бар мын ратт. | А.[….,С,…! ] |
2.Шофыр, ам мын бауром! | Æ.[С,…,с! ] |
3.Фидар, ардæм-ма рацу, мæ зынаргъ æмбал! | Б.[…., с! ] |
4.Æххормаг мын у, Нана, бахырын мын кæн! | В.[С!... ] |
5.Фæсивæд, æнгомдæр æрбалæут! | Г.[С,…! ] |
Рефлексия
Куыд бакуыстон?/балтæ банымайын/.
Ногæй исты базыдтон?
Мæ зæрдæмæ фæцыдис урок-
Мæ зæрдæмæ нæ фæцыдис урок -
Зын мын уыди…
Алкæмæ дæр мах куы дзурæм
Æххуыс нын уыдзæн нæ СИДÆН.
Адæм, стъалытæм, мæ мæргътæм
Зæрдиагæй сæм фæсидæм.
Æрмæст , ме рдхорд, ма рох кæн,
Кæдзыгтæ 'вæрын алкæм дæр.
Материалы на данной страницы взяты из открытых источников либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.