Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы
Оценка 4.9

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Оценка 4.9
Руководства для учителя
doc
чтение
10 кл
28.02.2019
Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы
«Бынӕттон бӕстӕзонӕн ӕрмӕджы ахадындзинад ирон литературӕйы урокты». Бирӕгъы, дам, бафарстой: «Чи у зӕххыл тӕккӕ тыхджындӕр?». Уый сын дзуапп радта: «Адӕймаг, фӕлӕ йӕм ис иу лӕмӕгъдзинад – фӕстӕмӕ кӕсын нӕ зоны». Фӕстӕмӕ кӕсын куы зыдтаиккам, уӕд ахӕм стыр рӕдыдтытӕ не 'руагътаиккам. Тынг хорз ӕй ӕмбарӕм, Ирыстоны абоны зын уавӕрӕн дӕр йӕ сӕйрагдӕр аххосӕгтӕй иу кӕй у, бирӕ азты мадӕлон ӕвзагӕй иппӕрд фӕлтӕр хъомылгонд кӕй цыд, уый. Абон уыдоны тынг не 'ндавы Ирыстоны ӕмӕ йӕ адӕмы хъысмӕт. Уымӕн ӕмӕ алчидӕр йӕ адӕмы хъӕбул у. Абон, ирон адӕмы фидӕныл хъуыдыгӕнгӕйӕ, хъомыл кӕнын хъӕуы ног фӕлтӕр, кӕцытӕн зынаргъ уыдзысты йӕ мадӕлон ӕвзаг, истори, культурӕ. «Мадӕлон ӕвзагмӕ былысчъилӕй чи кӕсы, йӕ ахадындзинад ӕмӕ, царды цы бынат ахсы, уый чи не 'мбары, ӕцӕгӕлон цӕстӕй йӕм чи кӕсы, уыцы ирон адӕймаг канд ӕвзаг нӕ, фӕлӕ миддунейӕ у ӕдых, мӕгуыр, ӕдзыт ӕмӕ ӕнӕфидӕн» - фыссы Абайты Васо.
Доклад-2017.doc
Доклад Темӕ: «Бынӕттон бӕстӕзонӕн ӕрмӕджы ахадындзинад ирон литературӕйы урокты». Доклад бацӕттӕ кодта   Беслӕны 6­ӕм скъолайы  ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг   Æгъуызарты З.З. «Бынӕттон бӕстӕзонӕн ӕрмӕджы ахадындзинад ирон литературӕйы урокты». Бирӕгъы,   дам,   бафарстой:   «Чи   у   зӕххыл   тӕккӕ тыхджындӕр?». Уый сын дзуапп радта: «Адӕймаг, фӕлӕ йӕм ис иу лӕмӕгъдзинад – фӕстӕмӕ кӕсын нӕ зоны». Фӕстӕмӕ кӕсын   куы   зыдтаиккам,   уӕд   ахӕм   стыр   рӕдыдтытӕ  не 'руагътаиккам. Тынг хорз ӕй ӕмбарӕм, Ирыстоны абоны зын уавӕрӕн   дӕр   йӕ  сӕйрагдӕр   аххосӕгтӕй   иу   кӕй   у,   бирӕ азты   мадӕлон  ӕвзагӕй   иппӕрд   фӕлтӕр   хъомылгонд   кӕй цыд,   уый.   Абон   уыдоны   тынг   не   'ндавы   Ирыстоны  ӕмӕ  йӕ адӕмы хъысмӕт. Уымӕн ӕмӕ алчидӕр йӕ адӕмы хъӕбул у.  Абон,   ирон   адӕмы   фидӕныл   хъуыдыгӕнгӕйӕ,   хъомыл кӕнын хъӕуы ног фӕлтӕр, кӕцытӕн зынаргъ уыдзысты йӕ мадӕлон  ӕвзаг,   истори,   культурӕ.   «Мадӕлон  ӕвзагмӕ былысчъилӕй   чи   кӕсы,   йӕ  ахадындзинад  ӕмӕ,   царды   цы бынат   ахсы,   уый  чи  не   'мбары,  ӕцӕгӕлон  цӕстӕй  йӕм   чи кӕсы, уыцы ирон адӕймаг канд ӕвзаг нӕ, фӕлӕ миддунейӕ у ӕдых,   мӕгуыр,  ӕдзыт  ӕмӕ  ӕнӕфидӕн»   ­   фыссы   Абайты Васо.  Ныртӕккӕ стыр хӕстӕ ӕвӕрд ис алкӕуыл дӕр ӕвзонг фӕлтӕр   хъомыл   кӕнынады,   уӕлдайдӕр   та   ахуыргӕнӕгыл. Фӕлӕ,   цӕмӕй   ирон   сывӕллоны   зонды,   зӕрдӕйы,   удысконды уарзондзинад   сӕвзӕра   йӕ  мадӕлон  ӕвзагмӕ,   ууыл   та хъуамӕ  ӕвӕллайгӕйӕ  архайой канд йӕ  ныййарджытӕ  нӕ, фӕлӕ  ирон  ӕвзаджы   ахуыргӕнджытӕ  дӕр.   Абон   скъолайы стырдӕр   хӕс   у   схъомыл   кӕнын  ӕмӕ  сахуыр   кӕнын, удыхъӕдӕй  ӕххӕст  ӕмӕ  цардмӕ  цӕттӕ  чи   у,   ахӕм адӕймаджы.  ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕм   дӕр.   Алы   ахуыргӕнӕг   дӕр   агуры   ног мадзӕлттӕ, сывӕллӕтты   цымыдисдзинад   кӕна,   фӕлӕ  тынгдӕр   рӕза.   Уыцы мынӕгдӕр   ма     Уыцы   хӕстӕ  хауынц   ирон   цӕмӕй мадзӕлттӕй иу у бынӕттон бӕстӕзонӕн  ӕрмӕгӕй пайда кӕнын ирон литературӕйы урокты.  Зындгонд   ахуыргонд­методисттӕ  сбӕлвырд   кодтой, бынӕттон  ӕрмӕгӕй   пайда   кӕнын   стыр   ахъаз   кӕй   у сывӕллоны   хъомылады  ӕрмӕг   хуыздӕр   бамбарынӕн. Ахуыргӕнӕг литературӕйы урокты фаг ӕргом хъуамӕ здаха ирон   адӕмы   националон   традицитӕ,   се   'гъдӕуттӕ,   сӕ национ   психологи  ӕмӕ  удыхъӕдмӕ,   историимӕ  баст ӕрмӕгмӕ.   Цӕмӕй   ахӕм   методикон   хӕс  ӕххӕст   цӕуа литературӕйы урокты, уый тыххӕй ахуыргӕнӕг йӕхӕдӕг хъуамӕ  арф ӕмӕ уӕрӕх зона ирон культурӕ, аивад, истори, ӕгъдӕуттӕ.   Ирон   скъоладзауы   ахуыргӕнӕг   ацы  ӕрмӕгӕй пайдагӕнгӕйӕ,   сабыргай   хъомыл   кӕндзӕн   йӕхи   цард,   йӕ адӕмы ивгъуыд ӕмӕ фидӕн уыныныл, ӕмбарыныл…  Райгуырӕн   бӕстӕйы   истори,  ӕрдз, базонгӕ  вӕййӕм   литературӕйы,  ӕхсӕнадон   цард, ӕгъдӕуттӕ  хуыздӕр   базонынӕн  ӕххуыс   сты   бынӕттон фысджыты чингуытӕ. Бирӕ  базонӕм сӕ  уацмыстӕй ногӕй. Автортимӕ    стӕй фӕсурокты   куысты.   Сӕ  хӕс   у   скъоладзауты   бакӕнын хъӕздыг национ литературӕмӕ, хъомыл кӕнын ӕгъдауджын сывӕллӕтты,   кӕцытӕ  бӕлвырд   зонынц   сӕ  фыдӕлты истори,   се   'гъдӕуттӕ,   нӕ  фыдӕлтӕн   цы   бынӕттӕ уыдысты зынаргъ, уыдон.  Бӕстӕзонӕн  ӕрмӕгӕй   пайда   кӕнӕм   урокты,   ома, ахуыргӕнӕг   йӕхӕдӕг   радзуры   йӕ  урочы   темӕимӕ  баст таурӕгъ, аргъау, хабар. Фӕлӕ бӕстӕзонӕн ӕрмӕгӕй пайда кӕнӕн   ис   фӕсурокты   рӕстӕджы   дӕр,   зӕгъӕм,   историон­ литературон экскурситы: скъоладзауты акӕнӕн ис музеймӕ кӕнӕ  экскурсийы  ӕрдзмӕ. Ам скӕнӕн ис куыд иугонд урок: афӕдзы дӕргъы, иу четверты дӕргъы бынӕттон  ӕрмӕгӕй цы базыдтой, уыдон фенын. Зӕгъӕм, ахӕм бынӕттӕ: Мады хох, Хъӕдӕргъӕвӕн, Реком, Б.Елбыздыхъойы ингӕн, кувӕндон. Ирон бӕстӕзонынадӕй цы ӕрмӕг ис, уый адих кӕнӕн ис, зӕгъӕм, мӕнӕ ахӕм къордтыл: 1.«Иры номдзыд адӕм ӕмӕ литературон уацмыс»  а)Иры   номдзыд   адӕмы   тыххӕй   (Хъаныхъуаты   Бола, Тлаттаты Чермен, Кодзырты Таймураз,  Алыккаты  Хазби, Хетӕгкаты  Къоста.); ӕ)Сгуыхт   адӕмы   фӕлгонц   ирон   адӕмон   сфӕлдыстады (историон таурӕгътӕ ӕмӕ хъайтарон зарджытӕ);          б)Аивадон  ӕрхъуыды  ӕмӕ  ӕцӕгдзинад   нӕ  фысджыты уацмысты   (Г.   Секъа   «Чермен»,   Б.   Елбыздыхъо   «Хазби»,   Дз. Тотырбег «Хӕххон стъалы», П. Грис «Чермен»). Спайда кӕнӕн ис ахӕм   цыбыр   уацмыстӕй:   «Болайы   хабӕрттӕ»,   «Сугтӕ ласгӕйӕ»,   «Къутӕрыл   мӕкъуыл»,   «Чермен  ӕмӕ  сомихаг», «Чермен  ӕмӕ  кӕсгон  ӕлдар», «Черменӕн – кӕвдӕсарды хай», «Хазби  ӕмӕ  Уӕрӕсейы   паддзах»,   «Къоста   уазӕгуаты», «Фӕстаг   фондз   сомы»,   «Къоста   рынчындоны»,   «Сауджыны сугтӕ».   2.«Нӕ алыварс ӕрдз ӕмӕ литературон уацмыс» а) Нӕ алыварс ӕрдз; ӕ) Ӕрдз ӕмӕ адӕймаджы удхӕстӕгдзинад;  б) Мифон таурӕгътӕ; в) Ӕрдзы нывтӕ ирон фысджыты сфӕлдыстады;  г)   Этикон,   хъомыладон  ӕмӕ  экологон   проблемӕтӕ  нӕ фысджыты   уацмысты   (Б.   Гино   «Залимхан»,   Дз.   Хазби   «Ӕз хӕхты   райгуырдтӕн»,   К.   Арсен   «Хъусой»,   А.   Гӕстӕн «Фӕстаг бӕх»). Спайда кӕнӕн ис таурӕгътӕй: «Хур  ӕмӕ мӕй»,   «Авд   хойы»,   «Тъӕнджы   мӕй  ӕмӕ  мартъи», «Уастырджийы   таурӕгъ»,  «Хетӕджы  къох»,  «Хъӕриуы  хох», «Мады хох».      3. «Ирон адӕмы цардыуаг,  ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ  литературон уацмыс»  а) Адӕмон ӕгъдӕуттӕ Нарты эпосы ӕмӕ таурӕгътӕ; ӕ) Ирон адӕмы цард ӕмӕ ӕгъдӕутты аивадон равдыст;  б)   Этикон  ӕмӕ  хъомыладон   проблемӕтӕ  нӕ  фысджыты уацмысты   (Б.   Чермен   «Мӕсгуытӕ  дзурынц»,   Дз.   Куыдзӕг «Фӕндагсар   Уастырджи»,   М.   Васо   «Сурмейы   хӕдзар»,   Г.   Алеш «Азарут   иронау,   лӕппутӕ»).   Спайда   кӕнӕн   ис,   ирон   адӕмы ӕгъдӕуттӕ  ӕмӕ  традицитӕ  ӕвдыст  кӕм цӕуынц, ахӕм чингуыты ӕрмӕгӕй. Ӕрдзурын хъӕудзӕнис ахӕм сӕйрагдӕр бынӕттыл: нӕ  фыдӕлтӕ  хӕхбӕсты цардысты къӕйдурӕй амад тъӕпӕнсӕр хӕдзӕртты. Хӕдзары сӕйрагдӕрыл нымад уыди:   къона,   артдзӕст,   рӕхыс.   Хъӕздыг   адӕм   арӕзтой гӕнӕхтӕ, галуантӕ, мӕсгуытӕ. Ирон адӕмы  ӕгъдӕуттӕ: хистӕрӕн  ӕгъдау   дӕттын,   сылгоймагӕн   кад   кӕнын, саламджын   уӕвын,  ӕххуыс   кӕнын, хъӕлдзӕгдзинад уарзын.   кӕрӕдзийӕн 4. «Ирон аивад, культурӕ ӕмӕ литературон уацмыс».   а) Нарты аивад; ӕ) Театр ӕмӕ литературон уацмыс;  б) Сюжетон­аивадон ныв;  в) Музыкӕ ӕмӕ литературон уацмыс;  г) Аивады темӕ  ирон литературӕйы (Х. Къоста «Хъуыбады», Къ. Алыксандр «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ», Б. Гино «Бӕстырӕсугъд», «Азджериты Куыцыкк», Дз. Хазби «Ирон кафт», Ц. Максим «Мады зарӕг»).  Ӕрдзурӕн   уыдзӕнис   ахӕм   сӕйрагдӕр   хабӕрттыл: фыццаг ирон драмкъорд фӕзынд Ольгинскӕйы. Фыццагдӕр дзы ӕвӕрд ӕрцыд Б. Елбыздыхъойы «Уӕрӕседзау» 1904 азы.Фыццаг ирон   профессионалон   артист   уыди   Тотраты   Бесӕ.   Ирон профессионалон театр байгом 1935 азы (Таутиаты Солӕман, Хъарджиаты   Варварӕ,   Икъаты   Серафимӕ,   Плиты   Грис…). Фыццаг ирон композитортӕ  Галлаты Барис, Хаханты Дудар, Плиты   Христофор,   Макъоты   Ацӕмӕз.   Нӕ  республикӕйы гимны   автортӕ:   Цӕрионты   Аркадий. Нывгӕнджытӕ  Тугъанты   Махарбег,   Джыккайты   Мурат, Бедойты Шалва.   Ходы   Камал, 5. «Биографи ӕхсӕнадон цардимӕ баст»  Алы  къордмӕ  дӕр  ӕрмӕгӕй хауынц   хицӕн таурӕгътӕ, цаутӕ, мысинӕгтӕ. Фӕлӕ ис ахӕм ӕрмӕг, кӕцы ахӕссӕн ис 2 кӕнӕ  3   къордмӕ.   Ахуыргӕнджытӕ  бӕстӕзонӕн  ӕрмӕгӕй пайда   кӕнынц,   цӕмӕй   скъоладзаутӕ  активондӕрӕй   ахуыр кӕной, цӕмӕй зоной сӕ фыдӕлты, се 'гъдӕуттӕ, нӕ алыварс цы ӕрдз ис, уый.    хъуамӕ    Ирон  литературӕйы урокты  мӕгуырау  пайдагонд  цӕуы бӕстӕзонӕн ӕрмӕгӕй, афтӕмӕй та нын ис хъӕздыг ӕрмӕг ӕрӕмбырдгӕнӕн.   Зӕгъӕм,   ахуыр   кӕнӕм   Коцойты   Арсены цард  ӕмӕ  сфӕлдыстад,   уӕд   скъоладзауты  ӕххуысӕй ахуыргӕнӕг   хъуамӕ  ӕрӕмбырд   кӕна,   Арсен   кӕм   райгуырд, кӕмыты   ахуыр   кодта  ӕмӕ  куыста,   уый   фӕдыл  ӕрмӕг. Спайда кӕнын хъӕуы мысинӕгтӕй. Чи  ӕмбырд кӕна  ӕрмӕг, сиса уый хӕдзӕртты,   ахуыргӕнӕндӕтты,   уагдӕтты   нывтӕ.  Ӕвӕдза,   куыд диссаджы   урок   уаид,   уыцы  ӕрмӕджытӕ  ахуыргӕнӕг   куы ӕвдиса  ӕмӕ  афтӕмӕй куы кӕна урок, куы дзура зӕрдӕйӕ. Ахӕм ӕрмӕг ӕмбырд кӕнын хъӕуы, алы фыссӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстад   ахуыргӕнгӕйӕ.   Цас   фылдӕр   рӕстӕг   рацӕуа, уыйас   зындӕр   уыдзӕн   ахӕм  ӕрмӕг  ӕмбырдгӕнӕн.   Уымӕ гӕсгӕ,   алы   ахуыргӕнӕджы   хӕс   дӕр   у   бӕстӕзонӕн  ӕрмӕг ӕмбырд   кӕнын, сфӕлдыстад ахуыргӕнгӕйӕ.    фысджыты   цард къамисӕнӕй  ӕмӕ  Мӕ  раныхасы сӕйрагдӕр нысан уыд – кӕй хъӕуы  ӕргом здахын ирон литературӕйы урокты бынӕттон ӕрмӕгмӕ, нӕ удварны хӕзнатӕм. Ацы куыстмӕ  ахуыргӕнӕг йӕ  хъус куы дара,   уӕд   мӕн   уырны,   мадӕлон   бындурӕй   иппӕрд   фӕлтӕр кӕй   нал   цӕудзӕн   хъомылгонд.   Стыр   уырыссаг   критик В.Г.Белинский   афтӕ  фыста:   «Хъомыл   кӕнын   цытджын хъуыддаг   у:   адӕймаджы  хъысмӕт   уымӕй   аразгӕ  у.  Ӕрыгон фӕлтӕр ныртӕккӕйы рӕстӕгӕн уазджытӕ сты, фидӕнӕн – хицӕуттӕ».  Ӕмӕ  уыцы фидӕны хицӕутты та абон хъомыл кӕнын кӕй хъӕуы, уый махӕй алчидӕр хорз хъуамӕ ӕмбара.

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы

Об использовании краеведческого материала на уроках осеьинской литературы
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
28.02.2019