Сценарий мероприятия
Оценка 4.6

Сценарий мероприятия

Оценка 4.6
Мероприятия
docx
чтение
7 кл
28.03.2019
Сценарий мероприятия
Журнал «Ногдзау»-ыл сæххæст 80 азы! 1-аг амонæг: Журнал «Ногдзау» у Уæрæсейы рагондæр журналтæй иу. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд 1937 азы, тæргæйтты мæйы. Уæдæй абонмæ йæ куыстæй нæ банцад æмæ йæ алы номырæй дæр стыр æхсызгондзинад хæссы æппæт кары адæмæн дæр: хистæрæй кæстæры онг. 2-аг амонæг: Абоны онг журнал йæ ном хæссы кадджынæй. Хистæр кары адæм хорз хъуыды кæнынц: скъоладзаутæ ма куы уыдысты, уæд-иу сын ахуыргæнджытæ радтой хæслæвæрдтæ журналæй, куыд уæлæмхасæн æрмæг. Уæд алы бинонтæ дæр сæхицæн хæсыл нымадтой рафыссын газеттæ æмæ журналтæ, куыд уырыссаг æвзагыл, афтæ ирон æвзагыл дæр.
Ногдзау-80 азы.docx
Журнал «Ногдзау»-ыл сæххæст 80 азы! 1-аг амонæг: Журнал «Ногдзау» у Уæрæсейы рагондæр журналтæй иу. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд 1937 азы, тæргæйтты мæйы. Уæдæй абонмæ йæ куыстæй нæ банцад æмæ йæ алы номырæй дæр стыр æхсызгондзинад хæссы æппæт кары адæмæн дæр: хистæрæй кæстæры онг. 2-аг амонæг: Абоны онг журнал йæ ном хæссы кадджынæй. Хистæр кары адæм хорз хъуыды кæнынц: скъоладзаутæ ма куы уыдысты, уæд-иу сын ахуыргæнджытæ радтой хæслæвæрдтæ журналæй, куыд уæлæмхасæн æрмæг. Уæд алы бинонтæ дæр сæхицæн хæсыл нымадтой рафыссын газеттæ æмæ журналтæ, куыд уырыссаг æвзагыл, афтæ ирон æвзагыл дæр. 3-аг амонæг: Абоны царды газеттæ æмæ журналтæ кæсыны культурæ зынгæ фæныллæгдæр ис. Иуæй-иу ныййарджытæ та, хъыгагæн, æппындæр нæ зонынц сывæллæтты сæрмагонд журналтæ. Фæстаг азты Уæрæсейы чингуыты дуканиты парахатæй ссарæн ис сывæллæттæн алыхуызон хуызджын, рæсугъд джиппæйуагъд чингуытæ. Хъыгагæн, иронау фыст чингуытæ æмæ журналтæ кадавардæр сты. 1-аг амонæг: Ацы аз журнал «Ногдзау»-ыл сæххæст 80 азы. Уый гыццыл нымæц нæу. Кæддæрты, йæ фыццаг номыртæ цæуын куы райдыдтой, уæд журнал дæр рæзыди, сабийау, бонæй-бонмæ йæ тыхы цыди. Азæй-азмæ ивтой: йæ æрмæг, фæлгонц, рубрикæтæ, автортæ, фæлæ йæ сæйраг нысан баззад æнæивгæ – ирон адæмæн хæссын циндзинад æмæ æхцондзинад. 2-аг амонæг: Нæ абоны мадзалы мах абалц кæндзыстæм нæ журналы раздæры азтæм, фендзыстæм, куыд аивта абон «Ногдзау» йæ фæлгонц æмæ йæ мидис… «Мæ рагон хæлар» - афтæ схуыдта 17 азы размæ журнал «Ногдзау» Амилаханты Хизир (рухсаг уæд!). Куыд дзырдта, афтæмæй æртиссæдз азæй фылдæр рацыди, «Ногдзау» кæсын куы байдыдта, ууыл. Уæд ма «Пионер» хуындис. Куыд зонæм, афтæмæй пионер иронау у ногдзау. Журнал рафыссын алкæй бон нæ уыд уæд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ, æмæ-иу хæлæг кодта, журнал чи иста, уыдонмæ. 3-аг амонæг: Иу хатт ын йæ сагъæс бамбæрста сæ хæстæг Цæрикъаты Саукуыдз (рухсаг уæд!). Радта йын æртæ сомы æмæ загъта: «Æгайтма кæсын уарзыс». Уыцы æртæ сомæй журнал дæр рафыста лæппу, тетрæдтæ дæр ма дзы балхæдта. Йæ цинæн кæрон нал уыди. Уæлдайдæр та, 1939-æм азы йæхæдæг фыццаг хатт куы райста журнал, уæд. Журналы уыдис алыхуызон æрмæг, уыдонимæ худæджы уацмыстæ. Сæ иумæйаг сæргонд хуынди «Æцæг хабæрттæ». 1-аг амонæг: Уыцы «Æцæг хабæрттæ»-иу тынг цымыдисæй кастысты иууылдæр, кæд æцæг нæ уыдысты, уæддæр. Уыдон ахудынæн фыста журнал, фæлæ уæды æвзонг фæлтæрæн уыдис хорз хæларау, стæй зондамонæг. Ахуыр кодта адæмы райгуырæн бæстæ – Ирыстон уарзыныл, нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттыл. Нарты кадджытæ дæр уый руаджы базыдтой бирæтæ. Уæдæ нæ зындгонд фысджыты уацмыстæ дæр афтæ. 2-аг амонæг: «Æз ныр дæр кæсын уæды «Пионер» - ныры «Ногдзау»,- зæгъы Амилаханы-фырт. Æмæ мын тынг æхсызгон у, кæй нæ фæцудыдта, фæлæ, цардимæ æмдзу кæнгæйæ, йæ мидис хъæздыгай-хъæздыгдæр, йæ фæлгонц та аивæй-аивдæр кæй кæны, уый. 17 азы размæ ма журналы сæйраг редактор уыд, журналæн бирæ азты дæргъы зæрдиаг лæггад чи факодта, уый – Дзасохты Музафер. Журнал дзаг уыди алыхуызон хъæздыг æрмæгæй, кæцы дих кодта хицæн рубрикæтыл. 3-аг амонæг: Абон нæм уазæгуаты æрбацыдысты уыцы рубрикæты минæвæрттæ. Хонæм сæ нæ размæ. (Скъоладзауты размæ рацыдысты хицæн рубрикæты минæвæрттæ):  «Æз дæр уыдтæн уæ карæн»;  «Арвæрдын»  «Аивад – хæлардзинады суадон»;  «Аппæй – фæйнæхуызон, бакастæй – иу»;  «Æрдз – не сфæлдисæг, зæхх – нæ цæрæн»;  «Библи сабитæн»;  «Дзурæм иронау»;  «Оу, мæнæ диссæгтæ, Царциаты диссæгтæ!»;  «Алы фыдæн – алы хос»;  «Æнæнтыст макуы фæуай!»;  «Зондаби» Куыд уынæм, афтæмæй нæ уазджытæ бирæ сты. Раттæм-ма сын ныхасы бар. 1-аг минæвар дзуры Мамсыраты Камалы номæй: Мамсыраты Камал уыд Сырх Тырысайы орденхæссæг, уыимæ ма Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны дыууæ ордены, Сырх стъалыйы дыууæ ордены, майдантæ. Æдæппæт цыппæрдæс хæрзиуæджы… 2-аг минæвар – «Арвæрдын»: Ацы рубрикæйы мыхуыргонд фæцæуынц нырыккон фысджыты радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ сывæллæттæн. Бакæсдзынæн уын Дауырæйы æмдзæвгæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди». 3-аг минæвар – «Аивад – хæлардзинады суадон». Скъоладзаутæ æвдисынц сценкæ – Антуан де Сент-Экзепюрийы аргъау «Чысыл æлдар»-æй скъуыддзаг. 4-æм минæвар – «Аппæй – фæйнæхуызон, бакастæй – иу». Скъоладзау бакæсы 1 рæнхъ, 2-аг рæнхъæн йæ кæрон дзурынц иумæ, зæгъæм: *Дурадзагъдæй хъазтæй Расырдта фондз (хъазтæй). *Ма-иу бацу Бадилатæм, Уый бæсты-иу (бад Илатæм). *Дæуау æз дæр, ау, уон Искуы искæй (аууон?) *Йе сæфт уыдта саразынæй, Кодта уымæн (сара зынæй). *Уымæй раздæр ацыдис саг, Нал фендзæн ныр (ацы диссаг). *Ме ’мбал у мæй Хистæр (уымæй). *Дæ фысы сæр дын Æз хосæй (сæрдын). *Хистæрау мæм кæстæр хъусы, Расырдта та, (кæс, тæрхъусы). 5-æм минæвар – «Æрдз – не сфæлдисæг». Скъоладзау дзуры æрдзы цымыдисаг хабæрттæ. Зæгъæм, текст «Лунаны хъæд». 6-æм минæвар – «Библи сабитæн».Скъоладзау дзуры Библийы фыстытæй иу цымыдисаг хабар. 7-æм минæвар – «Оу, мæнæ диссæгтæ, Царциаты диссæгтæ!» Радзурын, зæххы къорийыл цымыдисæй цы ис, ахæм фæзындтæ: цæрæгойтæ, цæугæдæттæ, зайæгойты тыххæй… 8-æм минæвар – «Алы фыдæн – алы хос». Радзурын, куыд ис тохгæнæн иуæй-иу низты ныхмæ зайæгойтæ, дыргътæ, халсарты фæрцы. 9-æм минæвар – «Æнæнтыст макуы фæуай!» Сывæллæттæ дзурынц… 10 –æм минæвар – «Зондаби». Райхалын дзырдбыд. Абон журнал «Ногдзау»-æн ис ног редактор – Томайты Сергей. Уæдæй фæстæмæ журнал аивта бынтондæр йе ’ддаг бакаст дæр, йæ мидис дæр. Кæд раздæр журналы мыхуыргонд цыдысты зындгонд фысджыты уацмыстæ (куыд уырыссаг, афтæ фæсарæйнаг), уæд ныр журналы фенæн ис бирæ ног рубрикæтæ уырыссаг æмæ ирон æвзагыл. Тексттæ мыхуыргонд цæуынц, алы карæн дæр æнцонæмбарæн чи у, ахæм æвзагыл æмæ стилæй. «Сындæггай архайдзыстæм, цæмæй журналы æрмæджыты авторты ’хсæн фылдæр куыд уа сывæллæттæ» - зæгъы журналы редактор. Журналы бакæсæн ис нæ зындгонд адæмы тыххæй æрмæг – спорты, аивады Ирыстоны ном чи кадджын кæны, ахæмты тыххæй. Æрыгон кæсæгæн йæ бон у базонгæ уæвын ирон бæрæгбонтæ, æгъдæуттимæ. Журналы ссарæн вæййы æрмæг зайæгойтæ, цæрæгойты тыххæй. Не ’взонг хæлæрттæ базонынц уыци-уыцитæ, æмбисæндтæ, мыггæгты историтæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны бирæ курдиатджын сывæллæттæ ис, æмæ журналы редакторы фæнды, цæмæй уыцы сывæллæттæ æмгуыст кæной. Журналæн йæ гæххæтты хæрзхъæддзинад дæр аивта – аразынц æй лæгъз, æрттиваг гæххæттыл. Журналы коллектив æнæхъæнæй дæр егъау куыст бакодтой, цæмæй та журнал раздæрау уа алы ирон хæдзары дæр уарзон уазæг, цæмæй журналы фæрцы ирон сывæллон иронау фылдæр дзура. Уырны нæ, уыцы арфæйаг хъуыддаг сæ къухы кæй бафтдзæн.

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия

Сценарий мероприятия
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
28.03.2019