Технологическая карта урока
Оценка 4.8

Технологическая карта урока

Оценка 4.8
docx
22.10.2022
Технологическая карта урока
+ Урок 6 кл. ФГОС Техн карта.docx

 

Кълас:   6  ( Ирон литературæ)

Ахуыргæнæг: Кокайты Ларисæ

Темæ: «Чермен – æлдæртты ныхмæ хъæбатыр тохгæнæг» («Чермены зарæг»-мæ гæсгæ)

Урочы  нысантæ.

1.   Хъайтарон  зарджыты бындур раргом кæнын.

2.   Ныхасы рæзтыл бакусын.

3.   Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ, нæ историмæ, нæ хъæбатыртæм.

Урочы хуыз.

Урок-беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæн фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентаци, интерактивон фæйнæг.

 

 

                            

 

 

 

 

 

Урочы структурæ

 

 

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

 

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

 

 «Чермены  зарæг»-æй скъуыддзаг сæвæрын.

 

 

Хъусынц зарæджы скъуыддзагмæ.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын), 

 

удгоймагон

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

 

 

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

 

 

 

 

 

 

 

 

 

- Кæй номыл у зарæг?

- Йæ жанрмæ гæсгæ цавæр у?

-Уæдæ, сымахмæ гæсгæ, кæуыл ныхас кæндзыстæм  нæ абоны урочы?

-Сбæрæг-ма  кæнут нæ абоны урочы темæ.

- Цæмæн хонæм Чермены  зарæг адæмон?

 

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, классификаци; проблемон фарст æвæрын), æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын),

 

удгоймагон

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)

 

 

 

 

Урочы темæйыл куыст.

 

 

 

- Байхъусæм ахуыргæнинагмæ. Уый нын бацæттæ кодта хъусынгæнинаг презентациимæ «Адæмон сфæлдыстады равзæрд æмæ йæ райрæзт».

 

Хатдзæг:

Хъæздыг у ирон адæмон сфæлдыстад. Кæуылты сты Нарты кадджытæ, адæмон таурæгътæ æмæ аргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Уыдон сæвзæрдысты ирон æвзагыл. Мах хъуамæ уыдон бахъахъхъæнæм, нæ фыдæлтæ сæ куыд бахъахъхъæдтой, афтæ. Уый та ис бахъахъхъæнæн æрмæстдæр æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал уа, уæд фесæфдзысты уыцы æнæнымæц диссæгтæ дæр æмæ адæм  сæхæдæг дæр.

Æмæ мах, сæ кæстæртæ, сæ байзæддæгтæ, хъуамæ бахъахъхъæнæм уыцы хъæздыгдзинæдтæ æмæ сæ дарддæр сыгъдæгæй хæццæ кæнæм.

 

Хъусынц æрмæгмæ æмæ кæсынц презентацимæ. (адæмон сфæлдыстады равзæрд æмæ йæ райрæзт).

 

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

 

коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),

 

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

 

Къордты куыст:

- Уæдæ  нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, адæмон сфæлдыстады тыххæй цы зонæм, уый.

- Алы къордæн дæр йæ разы ис карточкæ хæслæвæрдимæ. Æркæсут, ахъуыды кæнут æмæ дзуапп раттут.

1 къорд:

1.Ранымайут адæмон сфæлдыстады хуызтæ.

2.Чи уыдис Тлаттаты Чермен?

3. Цæмæй бæрæг у йæ хъæбатырдзинад?

 

2 къорд:

1.Зæгъут-ма, чи сты ирон адæмы уарзондæр хъæбатыртæ? Цæмæн?

2.Чермены миниуджытæй уæ зæрдæмæ цы фæцыдис?

 

 

Æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ æмæ алы къорд дæр дзуапп дæтты.

 

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

 коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),

 

удгоймагон

(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

 

 

 

Ног æрмæгыл куыст.

 

Раныхас:

-    Æлдæрттæ æмæ æддагон знæгты ныхмæ чи тох кодта, уыдон кæддæриддæр уыдысты фæллойгæнæг адæмæн сарибардзинады идеалтæ. Адæм сæ бирæ уарзтой, сæрыстыр сæ уыдысты. Сæ уарзондæр хъæбатыртыл-иу кодтой таурæгътæ æмæ зарджытæ. Хъæбатырты зарджытæ-иу цыдысты комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ, æрыгон лæппутæ, фæсивæд сыл ахуыр кодтой лæгдзинадыл, Фыдыбæстæ уарзыныл. Амыдтой сын се ᾽фхæрæг тыхгæнджыты раз сæрыстыр уæвын, адæймаджы, ирон лæджы ном æмæ кад бæрзонд æмæ сыгъдæг дарын.

   Ирон адæм кады зарджытæ скодтой Кодзырты Таймуразыл, Алыккаты Хазбийыл æмæ æнд.

    Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн, Чермены  номæй сæрыстыр чи нæ у. Суанг ма ирон лæг фыр буцæн йæ фыртæн ратты Чермены ном. Чермен у национ хъæбатыр. Уый тох самадта æлдæртты ныхмæ æмæ хъæбатырæй фæмард. Хъæбатыр лæджы номыл ис саразæн цыртдзæвæн кæнæ мæсыг, цæмæй йæ ном ма ферох уа. Фæлæ рацæудзæн рæстæг, æмæ цырты фыстытæ фесæфдзысты, гæнæн ис, æмæ акæла мæсыг. Фæлæ нæй амæлæн, фесæфæн, адæмы зæрдæйы цы цыртдзæвæн ис, уымæн – зарæгæн.

- Байхъуыстат скъуыддзагмæ, ныр та йæм æнæхъæнæй байхъусут.

     - Чермен уыд  ирон адæмæн сæ кадджындæр хъæбатыртæй иу. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ литературæйы нæ ирон фысджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ аздахынц се ᾽ргом Чермены фæлгонцмæ.

 

Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ, стæй та - зарæгмæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

 

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æмгæрттимæ),

 

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

 

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

- Б     Кæсæм  зарæджы ныхæстæ.  (ахуыргæнæг кæсы)

 

 Беседæ уацмысы мидисмæ гæсгæ.

 

1.     - Цавæр ныхæстæй райдайы зарæг?

                                                                        

2.     - Цæуыл дзурæг сты уыцы дзырдтæ?

                                                                    

 

3.     - Йæхи куыд дары Чермен йе знæгтимæ?

 

4.     -Цавæр миниуджытæй ма у хайджын Чермен?

 

5.     - Куыд уæм кæсы, Черменæн йæ царды сæйрагдæр нысан цы уыдис?

 

6.      - Æлдæрттæ сæ ныфс цæуылнæ бахастой Чермены комкоммæ  амарынмæ? Сусæгæй цæмæн бакодтой сæ мæнгард ми?

 

 

 

 

 

 

Дзуапп дæттынц, чиныгæй пайдагæнгæйæ.

 

ᴁлдæртты тæппуддзинадыл

 

хъæбатырæй,уæззаузондæй,ныфсджынæй

зондджын, хъаруджын

 

сæрибармæ тырнындзинад

 

 

Уыдысты тæппуд, æнæныфс.

 

 

 

 

 

 

 

Зонадон

(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

 

Рефлекси.

 

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

 

Хатдзæгтæ скæнын.

 

 

 

 

 

 

 

 

- Куыд ис схонæн ацы миниуджытæ иу дзырдæй?

- Куыд уæм кæсы, ныртæккæ Чермены  зарæгæн царды исты ахадындзинад ис?

- Цæуыл ахуыр кæны сымах?

 

 

-Абон урокæн скæнæм хатдзæгтæ:

1.Æфхæрд нæ ныббарын.    Абоны царды актуалон у?

 

2.Абон мах зарæджы фæрцы базыдтам нæ ирон адæмы уарзон хъæбатыр – Тлаттаты Чермены.

 

Синквейн.

1.Чермен

2. хъæбатыр, уæздан

3. тох кæны,тырны, уарзы

4. Чермен сæрибарыл тох кæны.

5. тохгæнæг

лæгдзинад

 

Æгаддзинад сæрмæ ма рхæссын.

Адæмы сæраппонд  цард раттын.

 

Абон дæр актуалон сты Чермены миниуджытæ,

лæгдзинады нысаниуджытæ.

Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архæйдтытæ алгоритммæ гæсгæ кæнын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын, алыхуызон критеритæй пайда кæнын; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),

удгоймагон

(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын).

 

Хæдзармæ куыст.

Зарæг бакæсын, фæрстытæн дзæппытæ даттын.

 

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 

 


 

Кълас: 6 ( Ирон литературæ)

Кълас: 6 ( Ирон литературæ)

Урочы структурæ Урочы этаптæ

Урочы структурæ Урочы этаптæ

Урочы темæйыл куыст . -

Урочы темæйыл куыст . -

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст

Ног æрмæгыл куыст. Раныхас: - Æлдæрттæ æмæ æддагон знæгты ныхмæ чи тох кодта, уыдон кæддæриддæр уыдысты фæллойгæнæг адæмæн сарибардзинады идеалтæ

Ног æрмæгыл куыст. Раныхас: - Æлдæрттæ æмæ æддагон знæгты ныхмæ чи тох кодта, уыдон кæддæриддæр уыдысты фæллойгæнæг адæмæн сарибардзинады идеалтæ

Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон ( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æмгæрттимæ), удгоймагон (мадæлон æвзаджы аивдзинад;

Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон ( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æмгæрттимæ), удгоймагон (мадæлон æвзаджы аивдзинад;

Рефлекси. Æрмæг бафидар кæныныл куыст

Рефлекси. Æрмæг бафидар кæныныл куыст
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
22.10.2022