«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»
Оценка 4.8

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

Оценка 4.8
Аудио +2
doc
русская литература
10 кл
19.02.2019
«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»
Публикация является частью публикации:
Араб. Гуыргъ..doc
Муниципальное казенное общеобразовательное учреждение средняя общеобразовательная школа №2 г. Алагир Алагирского района. Урочы темӕ: «Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг» ( Барахъты Г. Радзырд «Арӕбиаты Гуыргъохъ»- мӕ гӕсгӕ) (Фардзинты К.Х. ) Алагир 2017 Урочы нысантӕ: 1.Бӕлвырд нывӕфтыд фӕлгонцты ӕххуысӕй радзырды мидис бамбарын кӕнын. 2. Сывӕллӕтты дзургӕ ныхасы рӕзтыл куыст. 3. Сывӕллӕтты удты сыгъдӕгдзинадыл куыст. Эпиграф: 1.«Уарзондзинад адӕймаджы хохы цъупмӕ дӕр сисы, цъымарайы дӕр ӕй ныппары» (ӕмбисонд) 2. Словом можно и вылечить, и убить. (Ӕмбисонд) Урочы цыд. I. Сывӕллӕттӕ цы интервьютӕ райстой, уыдонма байхъусын. Сывӕллӕттӕ , урокмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ сарӕзтой ӕрфарст: 1) - Куыд ӕмбарыс ацы ӕмбисонд: «Уарзондзинад адӕймаджы хохы цъупмӕ дӕр сисы, цъымарайы дӕр ӕй ныппары»? 2) - Ацы ӕмбисондимӕ разы дӕ? Сывӕллӕтты ист видеороликмӕ гӕсгӕ сбӕрӕг кӕнын урочы темӕ. II.Ахуыргӕнӕг: Абон цы проблемӕйыл дзурдзыстӕм, уый сбӕрӕг уыдзӕн , суды ӕрбадтмӕ куы бакӕсат, уӕд. Ис нӕм : 1. Тӕрхонгӕнӕг( судья) 2. азымджынгӕнӕг (обвинитель) 3. фарсхӕцӕг (защитник) 4. ӕвдисӕн (свидетель) 5. аххосджын кӕй кӕнынц, уыцы сылгоймаг (обвиняемая) Тӕрхонгӕнӕг фӕдзырдта сылгоймагмӕ. Тӕрхонгӕнӕг: - Чи дӕ? Кӕм цӕрыс? (Арӕбиаты Гуыргъохъы бинойнаг. Цӕрын Ирыстоны) - Абон ӕвзарӕм дӕ фыстӕджы мидис ӕмӕ йӕ фӕстиуджытӕ. Азымджынгӕнӕг: - Кӕд ӕмӕ кӕмӕ ныффыстай, абон цы фыстӕджы кой кӕнӕм, уый? (Ныффыстон ӕй мидхӕсты заман мӕ бинойнаг Арӕбиаты Гуыргъохъмӕ) - Дӕ бинойнаг рынчындоны ис, уый зыдтай? (Зыдтон) - Цӕуыл дзырд цыди фыстӕджы? (Фыстӕг бакӕсын) Тӕрхонгӕнӕг бадзуры ӕвдисӕнмӕ (медицинон хо) - Чи дӕ? Ацы сылгоймаг ӕмӕ Арӕбиаты Гуыргъохъы кӕцӕй зоныс? (Мед.хо дзуры радзырды мидис, писмойы бӕлвырд мидисӕй фӕсӕмӕ) Азымджынгӕнӕг: Ацы сылгоймаджы аххосджын кӕнын, йе ̓нӕрхъуыды фыстӕгӕй йӕ бинойнаджы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта ӕмӕ йын йӕ мӕлӕт кӕй фӕраздӕр кодта, уымӕй. Фарсхӕцӕг: (Раст кӕны сылгоймаджы) Тӕрхонгӕнӕг: Арӕбиаты Гуыргъохъы бинойнаг аххосджын у, зӕххыл сыгъдӕгдӕр ӕнкъарӕн цы ис, ууыл гадзрахатӕй кӕй рацыд. Кӕй дзы фӕрох, ныхасӕй адӕймаджы сдзӕбӕх кӕнӕн дӕр кӕй ис, ӕмӕ йӕ амарӕн дӕр кӕй ис. Йе ̓нӕрхъуыды фыстӕгӕй йӕ бинойнаджы уавӕр кӕй фӕуӕззаудӕр кодта ӕмӕ йын йӕ мӕлӕт кӕй фӕраздӕр кодта. Ахуыргӕнӕг: - Барахъты Г.йӕ радзырды цавӕр проблемӕйыл дзуры? (Уарзондзинад; гадзрахатдзинад; фыдӕх) - Сымахмӕ гӕсгӕ, цы у уарзондзинад? (Сывӕллӕтты дзуаппытӕ) Слайд 3. Дзырдуатӕй ист ӕрмӕг: Уарзондзинад – адæймаджы уды рæсугъд æнкъарæн, зæрдæйы бастдзинад цæмæдæр, кæнæ кæмæдæр. Слайд 4. Галуанты Людӕ ацы ӕнкъарӕны тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уарзондзинад цардæн у йæ музæ, Уый дæлбазыр алчидæр цæрæд. «̓Рымысгæ у» – мачи зæгъæд уарзтæй, Уарзт æцæг у, ̓рымысгæ – мæлæт!» (Галуанты Л.) - Иу хатт ма зӕгъут, Арӕбиаты Гуыргъохы бинойнаджы ми куыд схонӕн ис? (Гадзрахатдзинад) - Цымӕ абоны царды ахӕм хабӕрттӕ не ̓мбӕлы? (сывӕллӕтты дзуаппытӕ) - Барахъты Г. нын ацы радзырдӕй цавӕр зонд амоны? (Уарзон адӕймаджы алы уавӕры дӕр ӕмбарын кӕй хъӕуы, зӕрдӕниз аразын ын кӕй нӕ хъӕуы) Ахуыргӕнӕг. Ӕкӕсӕм – ма , декабристты бинойнӕгтӕ сӕ хорз цард куыд суӕлдай кодтой ӕмӕ Сыбырмӕ куыд араст сты. Уӕдӕ нӕхи Гӕдиаты Цомахъы зонгӕ чызг Наталья Ионовна Мусьпан дӕр йӕ зынаргъ адӕймаджы фӕдыл араст Сыбырмӕ , Цомахъы йӕ революцион куысты тыххӕй цӕрӕнбонтӕм куы ахастой, уӕд. Ӕмбисондӕн баззадысты, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ чи ацыд, уыдоны бинойнӕгтӕ. - Эпиграфмӕ аздӕхын. Куыд баст у эпиграф нӕ абоны темӕимӕ? Разы стут фыццаг ӕмбисондимӕ? (Сывӕллӕтты дзуаппытӕ) - Дыккаг ӕмбисонд цымӕ абон актуалон у? (Сывӕллӕтты дзуаппытӕ) - Цымӕ абон урокӕй цавӕр хъуыдытимӕ ацӕудзыстут? - Уӕ фидӕны цардмӕ дзы цы ахӕсдзыстут? III. Х.к. Сочинени: «Уарзондзинад адӕймаджы хохы цъупмӕ дӕр сисы, цъымарайы дӕр ӕй ныппары?» (Кӕд ма рӕстӕг уа, уӕд равдисӕн ис цӕттӕ клип) - Ис ахӕм таурӕгъ: (Клип)

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»

«Уарзондзинад цардӕн у йӕ мӕсыг»
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
19.02.2019