6 класс.Урок :подготовка к написанию сочинения "Осень-последняя улыбка года"Урок по развитию речи. Эпиграф к уроку: "Слово-одежда всех фактов, всех мыслей." /М.Горький./
Цель урока: организовать творческую деятельность учащихся по подготовке к написанию сочинения, используя личные наблюдения, устное народное творчество, произведения поэтов, картины известных художников, музыку П.И.Чайковского .
Задачи: формировать навыки работы над сочинением-описанием;
а) развивающие: совершенствовать умение использовать в речи - изобразительно-выразительными средства языка;
б) воспитательные: способствовать формирванию внимательного отношения к природе, уметь слышать и понимать его "язык", воспитывать
чувство прекрасного, общение с музыкой, изобразительным скусством, поэзией.
Фззæг –афæдзы фæстаг мидбылхудт
Гом урок ирон æвзагæй 6æм къласы.
Урочы нысантæ:
1.
Зонадон нысан.
а) Бацæттæ кæнын скъоладзауты сфæлдыстадон куыст
ныффыссынмæ;
æ) тексты хуызтæ æмæ сæ хицæндзинæдтæ зæрдыл æрлæууын
кæнын;
æ) ирон æвзаджы лексикæ, морфологи æмæ синтаксисы
æгъдæуттæ фæлхат кæнын;
б) скъоладзауты æркæнын урочы темæ хибарæй сбæрæг
кæнынмæ, æмæ сæм уымæй цымыдисдзинад гуырын кæнын
дарддæры куыстытæм;
в) ахуыр кæнын скъоладзауты къордты кусыныл.
2. Хъомыладон хæс.
а) гуырын кæнын скъоладзаутæм алыхуызон æнкъарæнтæ, нæ
алыварс цы æрдз ис, уымæ;
æ) цæст дарын (æрдзы, адæмы æмæ цæрæгойты царды цы
ивддзинæдтæ цæуы, уыдонмæ, зонын æмæ сæ æмбарын);
б) адæмон сфæлдыстады хæзнадонæй арæхстгай пайда
кæнын;
в) æмбарын æрдзы сусæгдзинæдтæ, зонын ын йæ
бæрæггæнæнтæ, йæ сусæг æвзаг;
г) æрдз адæймагæн йæ хæдзар у, йæ царддæттæг æмæ йæ
хъæуы
хъахъхъæнын, сыгъдæгæй дарын.
Урок цалцæггонд у:
нывтæ
тексттæ
компьютер
дзырдуат
тетрæдтæ
æртæкъуымонтæ
рифтаг
Урочы цыд.
Хъуысы «Зондабитæ»йы музыкæ. Скъоладзаутæ æрбахизынц кæрæдзийы
1фæстæ къласмæ»
Слайд 1,2
1.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
а) Скъоладзаутæ æрбахызтысты къласмæ, «райсом хорз» загътой
ахуыргæнæгæн æмæ уазджытæн.
Ахг. – Урокмæ нæм æрбацыдысты уазджытæ æмæ сын арфæ ракæнæм.
Скъау. Скъоладзаутæ се ׳ргом уазджытæм раздахдзысты æмæ лæппутæй
иу зæгъдзæн арфæйы ныхæстæ:
Уазæг Хуыцауы уазæг у, æмæ нæм алы бон æгас цæут!
Ахг. – Æрбадут æмæ байдайæм нæ балц зонындзинæдты бæстæм.
Цæттæ стæм? (Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæйы рæнхъытæ.)
Разæнгардгæнæн растæг
(мотивации)
О, стæм! /иумæ дзолгъойæ/
1аг скъ. Зонындзинæдты бæстæм
Иумæ ׳нæ зивæг цæуæм!
2аг скъ. Басгарæм дæлвæзуæлвæзтæ,
Быдыртæ, бæрзонд цъæх хæхтæ!
3аг скъ. Нæу нæ фæндаг иууыл лæгъз –
Кæм уырдыг, кæм та – уæлвæз.
4æ скъ. Аллонбиллонты æвзаг
Махæн амондзæн фæндаг.
5æм скъ. Чи? Кæм?
6æм скъ. Куыд? Цæмæн?
7æм скъ. Цæй тыххæй?
Иумæ Уыцы фæрстытæн æмдыхæй
Агурдзыстæм абон дзуапп.
Скъæ иумæ. Зонындзинæдты бæстæм
Араст уæм фæрсæй фæрстæм!
Ахг. Бæлццон фæндагыл куы фæцæуы, уæд йемæ райсы хызын –
рифтаг. Сæвæры дзы йæхицæн фæндаггæгтæ.
Æз дæр уын æрцæттæ кодтон рифтæг.
Æвæрдзыстæм дзы, балцы нæ æхсызгон цы хъуыдытæ,
зондамындтытæ æмæ зонындзинæдтæ
хъаудзæн, уыдон.
II. Ахг. Абон нæ дзырдуат фæуæрæхдæр кæндзыстæм мæнæ ацы
дзырдтæй:
Слайд3
Рифтаг дыууæрдыгæй æвæрæнтæ кæмæн ис, ахæм хызын.
2Декораци – сценæйы архайд равдисынæн æххуыс чи у, ахæм ахорæнтæ,
нывтæ, предметтæ.
Урочы нысан:
Слайд4 Таурæгъон сочинени фыссынмæ бацæттæгæнæн урок.
Ахг . Урок байдайдзыстæм зынгонд уырыссаг фыссæг Максим
Текст. Тексты æмбарынад, йæ сæйраг æууæлтæ.
Æвзаджы лексикæ, морфологи æмæ синтаксис.
2.
Слайд5 Горькийы ныхæстæй:
«Дзырд у æппæт цаутæ æмæ хъуыдыты уæлæдарæс»
/Максим Горький/
Ахг Куыд æмбарут М. Горькийы хъуыды?
Цæмæн хоны дзырд хъуыдыйы уæлæдарæс?
(Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ хуызæгмæ гæсг.)
1. Хъуыды раст бамбарыны тыххæй
хъæуы, фыццаджыдæр,дзырдты нысаниуæг хорз æмбарын
æмæ сæ раст пайда кæнын.
2. Адæймагæн йæ дзырдуат мæгуыр куы уа, уæд не ссардзæнис
йæ хъуыдытæ аив зæгъынæн аккаг дзырдта.
3. ………………….
4. ………………….
Ахг. Цæмæй нæ дзырдуат хъæздыг уа, уый тыххæй цавæр хатдзæгмæ
æрцыдыстæм?
/Скъ. /Хъæуы фылдæр ирон чингуытæ кæсын æмæ мадæлон
æвзагыл дзурын, цæмæй нæ хъуыдытæ рæсугъд зæгъын нæ бон
уа./
Тетрæдтимæ куыст.
Ахг. М.Горькийы арф хъуыды уын æвæрын уæ рифтæджы.
Уæ зæрдыл æй бадарут.
3.
Ахг. – Тетрæдты фыссæм абоны нымæц æмæ М. Горькийы ныхæстæ:
Цæмæн хуыйны ацы мæй Джеоргуыбайы мæй?
( Джеоргуыбайы бæрæгбон вæййы ацы мæй …..)
Ахг. Ис ма нын фæйнæгыл ноджы иу зондамынд фыст. Чи йæ
бакæсдзæн ?
Слайд6 /Кæсы йæ скъоладзау./
Адæймаг йæ райгуырдæй йæ амæлæты онг æнгом баст у æрдзимæ.
/Адæмон æмбисонд/
3Фарст. Разы стут уыцы хъуыдыйыл? Цæмæн?
1 скъ. Уымæн æмæ нын æрдз лæвар кæны уæлдæф, дон.
2скъ. Рухс
3скъ. Адæймаджы цард
Зæгъæм,хъарм цы бæстæты у, уым кæнынц зæххы куыст,
æмæ нын хойраг дæр æрдз дæтты.
дæр æрдзимæ баст у.
æмæ куыст
дарынц фос. Цæгаты та кæнынц æндæр куыстытæ…..
Ахаг. Цавæр хатдзæг сараздзыстæм?
Скътæ. Адæймаг йæ райгуырдæй йæ амæлæты онг æнгом баст у
æрдзимæ.
Хъæуы йæ:
хъусын,
æмбарын,
хъахъхъæнын…
Ахг. Сæвæрæм та ацы арф хъуыды дæр нæ рифтаджы
Æмæ та йæ афыссæм нæ тетрæдты.
Ахг. Уæ разы уын æрæвæрдтон хъуыдыйæдтæ.
Бакæсæм ма сæ.
(Скъоладзаутæн сæ разы æвæрд ис текст №2 æнæ сæргондæй.
Æртæ скъоладзауы кæсынц хъуыдыйæдтæ.)
Таурæгъ. /Текстæн нæй сæргонд, текст дæр æй нæмæ хонæм./
4.
/ Иуахæмы дын иу мæгуыр лæппулæг сфæнд кодта кæсын
æмæ фыссын сахуыр кæнын. Æрбацыд скъолайы кæртмæ æмæ
цымыдисæй æнхъæлмæ кæсы ахуыргæнæгмæ.
/ Уалынмæ ахуыргæнæг фæзынд. Лæппу йæ размæ
æфсæрмхуызæй бацыд æмæрайдыдта дзурын:
Æз сывæллонæй нырмæ кодтон
кусгæ. Скъолама нæ
цыдтæн. Ныр æрыгон нал дæн, нæй мæм хъæздыгдзинæдтæ дæр.
Фæлæ дæ зæрдиагæй курын, айс
мæ дæхимæ ахуыр кæнынмæ.
/ Ахуыргæнæг дзæвгар
хъусæй лæууыд. Æвиппайды сабыргæй сдзырдта:
Хорз. Æз дæ лæвар ахуыр кæндзынæн, æрмæст мын ды дæр
мæ хæдзары æмæ скъолайы куыстытæ лæвар кæн! Ууыл баныхас
кодтой, уæдæ цы уыдаид.
4Йæ ахуыр лæппуйæн зынтæй цыд, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ
саст. Йæхицæниу фидарæй дзырдта:
Æз базондзынæн кæсын дæр æмæ фыссын дæр, раст мæнæ
хохаг дон йæхицæн фæндаг куыд атоны
размæ бырсдзынæн.
хæхты, афтæ æз дæр
Цыдысты
бонтæ. Райсомæйиу раджы фестад.
Ахуыргæнæджы æрбацыдмæиу йæ кусинæгтæ
иууылдæр уыдысты конд.
Цафон факæныс дæ куыстытæ? – дис ыл кодта ахуыргæнæг.
Мæн хур сахуыр кодта
раджы стын, уыд лæппуйы дзуапп.
Кæстæр ахуырдзаутæ йæ æдзух фæзмыдтой, фæлæ сæм лæппу
мæсты дæр никуы ссис. Иу хатт дын, мæстæй йæ чи мардта,
уыцы сывæллæттæй иу бæрзонд бæласмæсбырыд. Йæ быны
къалиу фæсаст, æмæ уырдыгæй расхъиудта. Лæппу бæласы
бынлæуд фæци æмæ йæ рацахста.
/ Гъе, уыцы бонæй фæстæмæ йæм сывæллæттæ бынтон
æндæр цæстæй кæсын байдыдтой.
Ахг. Фарст.
Цы фæндыд лæппуйы?
Чи уыдысты лæппуйы ахуыргæнджытæ?
1. Скъ. – Кæсын æмæ йæ фыссын чи ахуыр кодта, уыцы ахуыргæнæг.
2. Скъ. Хур дæр уыд йæ ахуыргæнæг. Райсомæй стын æй уый ахуыр
кодта.
3. Скъ. – Зындзинæдтæй нæ тæрсын, размæ бырсын, уыдоныл та йæ
хæххон дон ахуыр кодта.
Ахг. Цы хъуыдыйæдтæ бакастыстæм, уый текст схонæн ис?
Бафидар кæнут уæ хъуыды.
1аг скъ. Хъуыдыйæдтæ текст схонæн ис,уымæн æмæ хъуыдыйæдтæн ис
темæ, дзурынц иу хъуыдыйыл (лæппуйы ахуырыл)
2аг скъ. Текст кæрæдзиуыл æнгом баст у. Архæйдтытæ дзы кæрæдзийы
иумæйаг
3аг скъ. Йæ композицион арæзт у æххæст.
фæдыл цæуынц.
Ахг. 1. Цавæр микротемæтæ дзы ис ?
1cкъ. Лæппу сывæллонæй нырмæ бирæ куыста, фæлæ йæм уæддæр
хъæздыгдзинадæй ницы ис.
52аг скъ. Йæ бæллиц у кæсын æмæ фыссын сахуыр кæнын.
3скъ. У ныфсджын, хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг;
4æм скъ. Зоны æрдзмæ хъусын.
Ахг. Иу хатт ма зæгъæм, цы у текст?
.
1cкъ. Цалдæр хъуыдыйады кæнæ абзацы сæ иумæйаг темæ æмæ
хъуыдымæ гæсгæ баст куы ׳рцæуынц, уæд фæаразынц текст.
2аг скъ. Тексты мидæг хъуыдыйæдтæ баст æрцæуынц хъуыдымæ гæсгæ
æмæ грамматикон æгъдауæй.
3скъ. Текст февдисы æххæст хъуыды.
4æм скъ. Тексты æппæт хъуыдыйæдтæ цæуыл фæдзурынц,
уый вæййы тексты темæ.
Ахг. 1. Цавæр тексты (ныхасы) хуызтæ зонæм?
Скъу а) Æрфыстон
æ) Таурæгъон
б) Тæрхæттæ.
Ахг. Хъуыдыйæдты астæу цавæр басты хуызтæ вæййы тексты?
1аг скъ. Тексты мидæг хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл баст вæййынц 2
хуызы:
а) цæгон ( цаутæ кæрæдзийы ивынц, хъуыдыйæдтæн
сæ бынæттæ баивæн нæй);
2аг скъ. параллелон тексты мидæг хъуыдыйæдтæн сæ бынæттæ куы
баивæм,
уæддæр нæ фехæлдзæн тексы хъуыды. Нæй йæ бынат ивæн
æрмæст бацæуæн хъуыдыйадæн
Ахг. –Куыд арæзт у тексты стркутурæ?
Скъ. 1. Бацæуæн.
2.Сæйраг хай.
3. Кульминаци
4. Кæронбæттæн.
Ахг. Ссарæм нæ тексты структурон хæйттæ. Цавæр дзврдтæ дзы арæх
фембæлы?
(Скъладзаутæ сæ нымайынц.)
Слайд7
Ахг. Кæд цы хъуыдыйæдтæ бакастыстæм, уыдон текст схонæн ис, уæд нæ
текстæн æрхъуыды кæнæм сæргонд æмæ йын æй ныффысæм.
Скъоладзауты дзуæппытæ.
1. «Æрдзахуыргæнæг»
2. «Æрдзы скъола»
3. «Æрдз æмæ йæ хрозæхтæ»
6V. Ахг. Цымæ мæнæ ацы æрдзы фæзындтæ цæуыл сахуыр кæниккой сымах
та?
Фæйнæгыл фыст. Скъоладзаутæ сæ тетрæдты æххæст кæнынц ацы куыст.
Алы номыры ныхмæ дæр фыссынц галиу фарсæй хъæугæ
дамгъæ.
1. Хур нæ ахуыр кæны –
2. Цæугæдон нæ ахуыр кæны –
3. Стъалы нæ ахуыр кæны
4.Зæхх нæ ахуыр кæны
5.Къæвда нæ ахуыр кæны
6.Дидинæг нæ ахуыр кæны
7.Дымгæ нæ ахуыр кæны –
8.Мады цæстытæ нæ ахуыр кæныц
а) раджы стыныл
æ) хатыр кæныныл
б) сыгъдæгдзинадыл
в) иу ран нæ бадын
г) цæхæр калыныл
д) фидар лæууыныл
ж) агурын , фыдæбон кæныныл
з) уарзондзинадыл
1а, 2 в, 3 г, 4ж, 5б, 6 3, 7 д, 8 æ
Ахг. Кæд ахæм къæрцхъус стут, уæд æвæццæгæн, бафиппайдтаиккат,
æрдзæн дæр йæхи декорацитæ кæй ис,уый.
Фарст. –Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут, цал декорацийы зонут æрдзæн?
(Скъоладзаутæ хъуыды кæнынц æмæ сæ хъуыдытæ хъæрæй зæгъынц?)
Скъутæ – 4
Зымæг,
Уалдзæг,
Сæрд
Фæззæ
VI. Абон дзы мах бæлвырддæр æрлæудзыстæм æрмæст иуыл.
Кæцы декорацийыл, уый базондзыстæм мæнæ ам æмбæхст
дзырд куы ссарæм,уæд
2
3
4
1
ф
Æ
З
З
75
6
Æ
Г
1. Нæ зæронд лæгæн дыууадæс фырты (афæдз)
2. Тексты фыццаг хай хонæм (бацæуæн)
3. Хъустæ, фындзы къоппа, рустæ
æнæвгъау æлхысчъытæ кæны (уазал)
4. Сæ иу цæттæ вæййы, иннæ – æдзæттæ (уазæг, фысым)
5. Афæдзы алы афон дæр йемæ хæссы йæхи …(ахорæнтæ).
6. Тексты мидæг хъуыдыйады басты хуызтæй иу у (цæгон)
Слайд Фæззæг.
VII. Слайд. Фæззæг афæдзы фæстаг мидбылхудт.
Афтæ схонæм нæ урочы дыккаг хай.
Ахг Æрдзурæм ма ныр, æрмæст фæззæджы рæсугъддзинæдтыл нæ, фæлæ
ма нæм дзырд ФÆЗЗÆГ фехъусгæйæ, цы æнкъарæнтæ фегуыры,
уыдоныл дæр.
Уымæн æмæ нæ алкæмæн дæр ис йæхи фæззæг, алчидæр æй уыны
йæхирдыгонау
Куыд æй уынут сымах та?
Цæй æмæ иу хъазтæй ахъазæм.
Æз уын зæгъдзынæн дзырд, сымах та уæ тетрæдты афыссут, уæ
цæстытыл уын цавæр æнкъарæн ауайын кодта, уый. Баныхас
кодтам?
Ахг. дзуры хицæн дзырдтæ.
Хъуысы П.И.Чайковскийы «Фæззыгон зарæг».
Фæззæг:
Зæгъæм: нæ цæхæрадоны сырхсырхид мырткæ,
раздæр бæлæсты сыфæртæ сыгъзæринау бур дардтой æмæ
дзы зæрдæ хъæлдзæг кодта. Ныр сыфтæр æрызгъæлд æмæ
бæстæ у æнкъардхуыз.
мæ цæстытыл та ауад райсомы халас.
дымгæ, къæвдатæ, уазал бонтæ.
тын куыд тæхы, уый.
бæлæсты сыфтæртæ парчы бандæттыл, зæххыл…
бæгънæг бæлæстæ, мит, (хæхты рауарыд).
ирон стыр бæрæгбон Джеоргуыбайы фынгыл фæззæджы
бæркæдтæ
куыд æвæрдзыстæм, уый.
8æмæ æнд.
Бæласы сыфтæ: фæззыгон парк,
бæлæстæ сыгъзæрин дарæсы,
хус сыфтæртæ дымгæ мæрзы.
………
Къæвда: фæззыгон уазал къæвда,
къæвдайы æртæхты гыбаргыбур,
къæвдайы æртæхтæ хус сыфтæ бандонмæ баныхаста,
къæвдайы гыццыл къанæутты хус сыфтæ ласы.
……………………………….
Дымгæ: тыхджын дымгæ футтытæ кæнынмæ хъавы, фæлæ йæ тых нырма
лæмæгъ у,
дымгæйы уынæр мæ хъустыл ауад
дымгæ бæласы къалиута рудзынгыл хойы…
бæлæстыл ма цы сыфтæртæ аззад,уыдоныл дымгæ йæхи рауадзы
æмæ сæ зилгæ зæхмæ æрæзгъалы.
/ Скъоладзаутæй алчидæр дзуры йæ
цæстытыл цы фæзындтæ ауад, уыдон./
Ахг. Кæсут ма, цавæр алыхуызон рæсугъд æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын
кодта фæззæг!
Фæззыгон æрдзы рæсугъддзинадыл курдиатджын поэттæ æмдзæвгæтæ
фыссынц.
Æхсæлы æгъзæлы,
Уæ зæрдыл дзы искæйы æмдзæвгæтæ æрлæууыд?
Фæззæг
Хетæгкаты Къоста
1.
Лæджирттæг фæбур…
Мигъ бады цæгаты, –
Нæ йæ тавы хур…
2.
Нæ хортæ, нæ хос…
Чи кусы йæ мусы,
Чи ’лвыны йæ фос…
3.
Хуыцауы фæрцы…
Нæ хæхбæсты бæркад,
Æркарстам, æрластам
Хор бирæ, фос бирæ
9Цы диссаг дæ цы!
Фæззæг
/ Хозиты Яков /
Байрай, бæркадджын
Бурзачъе фæззæг!
У нын де ׳рцыд адджын –
Царды хос хæссæг.
Рахæс ма дæ рæттæ,
Равдисма дæхи,
Махæн дæм лæвæрттæ
Ацы аз та цы ис.
/ Хозиты Яков
Фæззæг
Кочысаты Мухарбег
Скъуыддзаг(отрывок)
Фæззæг ралæууыд йæ рады
Бон æнкъард хуызæй кæсы,
Дымгæ сау мигътæ цæгатæй
Хуссармæ хæссы.
ОСЕНЬ
А.С.ПУШКИН.
(СКЪУЫДДЗАГ)
Унылая пора! Очей очарованье!
Приятна мне твоя прощальная краса —
Люблю я пышное природы увяданье,
В багрец и в золото одетые леса,
В их сенях ветра шум и свежее дыханье,
И мглой волнистою покрыты небеса,
И редкий солнца луч, и первые морозы,
И отдаленные седой зимы угрозы.
Ахг. Поэттæ фæззæджы рæсугъддзинадыл æмдзæвгæтæ фыссынц,
ныгæнджытытæ та йыл нывтæ кæнынц.
Слайдтæ.
/ Хъуысы дарддæр П.И.Чайковскийы музыкæ. Экраныл нывтæ./
Ахг. Æрдзы рæсугъдзинад йæ зæрдæмæ хæстæг айста П.И. Чайковский
æмæ ныффыста, æмбал кæмæн нæй, ахæм музыкалон уацмыс
«Афæдзы афонтæ»
Сымах дзы абон хъусут «Фæззæджы зрæг»мæ
10Ахг. Æрлæууæм иу нывыл.
Бакæсут нывмæ æмæ ранымайут, фарстытæ Чи? Цы? дзуапп цы
предметтæ науæд фæзындтæ дæттынц, уыдон.
/Ахуыргæнæг амоны сæ разы цы дыккаг сыфтæ æвæрд ис, уыцы
таблицæ №2. Æмбарын кæны хæслæвæрд. /
VIII. Таблицæимæ куыст. Хæслæвæрд скъоладзаутæн æмбæрстгонд
цæуы.
Ахг. – Нæзæрдыл æрлæууын кæнæм синонимты æмæ антонимты нысаниуæг
(Скъоладзаутæ дæттынц æхæст дзуаппытæ)
1. Рафыссут фæрстытæ Чи? Цы? –йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон
(Номдартæ фыссынц фыццаг цæджындзы)
2. Мивдисджытæ Цы ми кæны? Цы кæны? дыккаг цæджындзы
3. Мивдисджыты синонимтæ – æртыккаг цæджындзы
4.
Сæвæрын мивдисджытæм фæрстытæ Куыд? Кæд? Кæдæм? Цæмæн?
№
Номдар
Мивдисджытæ
Чи? Цы?
(Цы ми кæны? Цы кæны?)
Мивдисджыты
синонимтæ
1
2
3
4
5
7
8
9
10
Фæззæг
Хъæд
Сыфтæртæ
Цæрæгойтæ
Сырдтæ
Хæхтæ
Мит
Уæлдæф
Рæстæг
ралæууыд,
сусубусу кæны
згъæлынц
цæттæ кæнынц
æмбырд кæнынц
фæлгæсынц
æрттивы
сыгъдæг кæны
цæуы
æрхæццæ
ныхас кæны, дзуры
хауынц
æвæрæнтæ кæнынц
агурынц
кæсынц,хъахъæнынц
цæхæр калы
рог кæны
ивы, згъоры
Мивдисджытæм сæвæрын
фæрстытæ
КУЫД?Кæд?
Кæдæм?Цæмæн?
хæхтæм
æнкъардæй
зæхмæ
зымæгмæ
холы
уæйгуытау
дардмæ
райсомæй
цалхау, тагъд
Скъоладзаутæ сæ хæс æххæст кæнынц таблицæты (cæ ном æмæ дзы сæ
мыггаг фæбæрæг кæнгæйæ)
Скъоладзаутæ кусынц хицæнтæй. Фыст куы фæуой, уæд кæсынц цы
хъуыдыйæдтæ сæм рауад, уыдон.Чи нæ фæци фыст, уый сæ хæдзары
бацæттæ кæндзæн.
IX Ахг. Фæйнæгыл дыууæ тексты.
1аг хæс: Бакæсут тексттæ.
2аг хæс: Сбæрæг кæнут ткстты хуызтæ.
Текст №1
Ралæууыд фæззæг. Быдыртæ фæбур сты. Хъæды бæлæсты
сыфтæртæ алыхуызон
ма фыццагау цъæхцъæхид дардта æнусон нæзыты къох хъæды астæуæй. Арв
сæрттывтой æмæ дзы цыхуызæттæ нæ уыдис! Æрмæст
11сыгъдæг. Хур касти дардæй æмæ фæззыгон тæвд кодта быдыртæ,
ма уыди
хæхтæ
/Мамсыраты Дæбе/
Текст №2.
Ралæууыд сыгъзæрин фæззæг. Æнусон æрдз йæ дарæс ивы..
Бæстæ сыгъзæрин доны тылды хуызæн ссис. Æнусон хъæдтæ æмæ быдыртæ
сæ рæсугъддзинадæй сæхимæ ׳лвасынц. Диссаджы рæсугъд
у фæззыгон æрдз. Фæззæгафæдзы рæсугъд мидбылхудт.
Скъты дзуæппытæ.
Скъу. Фыццаг текст у таурæгъон. Хъуыдыйæдтæ дзы сты цæгон баст.
Мивдисæг – зæгъинæгтæй дæр бамбарæн ис тексты хъуыдыйы
цыд/
Ралæууыд, фæбур сты, сæрттывтой, дардта, уыди, касти, тæвд
кодта
Скъу. 2аг текст у æрфыстон,
уымæн æмæ хъуыдыйæдты ’хсæн ис
парралелон бастдзинад. Бацæуæнæн хъуыдыйадæн нæй баивæн,
фæлæ иннæ хъуыдыйæдтæн сæ бынат куы баивæм, уæдæр тексты
хъуыды нæ аивдзæн.
Скъу. Æрфысты арæхдæр фембæлынц номдартæ æмæ миногонтæ.
Нывæфтыд æрцæуы эпитеттæ, метафорæтæй, абæрстытæй æмæ
æндæр аивгæнæн мадзæлттæй.
Сыгъзæрин….
X. Ахг. Адæм æрдзимæ æнгом баст кæй сты, уымæ гæсæ йæм зыдтой
хъусын, йæ бæрæггæнæнтæ йын сæ зæрдыл дардтой.
Сымах та æрдзы бæрæггæнæнтæй цавæртæ зонут?
/Скъоладзаутæ дзурынц сæ зæрдыл кæцытæ лæууынц, уыдон./
1. Уымæл сæрд æмæ хъарм фæззæг – даргъ зымæгмæ.
2. Æнгуз æмæ æхсæр бирæ куы нæ ’рзайа, уæд уыдзæн уазал æмæ
митджын зымæг.
3. Фæззæг бæрзы сыфтæ йæ цъуппæй куы райдайой бур кæнын, уæд
уалдзæг раджы ралæудзæн; бынæй куы райдайа сыфтæр бур кæнын
уалдзæг афæстиат уыдзæн.
4. Райсомы халас – хус æмæ хъарм бонмæ цæуы.
5. Зæхмæ цы сыфтæр æрæзгъæла, уый уæлгоммæ фæлдæхт куы уа, уæд
фæззæджы тыллæг хорз не ’рзайдзæн, дæлгоммæ фæлдæхт куы уа,
уæдуыдзæн хъæздыг тыллæгмæ.
6. Тын бирæ куы уа, уæд уыдзæн хъарм фæззæг æмæ уазал зымæг.
7. Фæззæджы мит раджы куы рауара, уæд уыдзæн рагуалдзæг.
8. Фæззæджы мæргътæ ныллæг куы тæхой, уæд уыдзæн уазал зымæг.
9. Тулдз æмæ бæрз сæ сыфтæр раджы куы азгъалой, уæд уыдзæн хъæздыг
тыллæг.
1210.Бæласы сыфтæр фæбур, фæлæ æрæгмæ згъæлыуазалтæ тагъд нæ
уыдзысты.
XI. Къордты куыст.
Ахг. Мæнæ уын слайдыл æмбисондтæ.
Слайд 11 Абадут дыууæ къордæй æмæ райхалут цыбырæй
æмбисæндты хъуыды.
Æмбисæндтæ.
1 .Мыст дæр ма зымæгмæ æвæрæнтæ кæны.
2. Фæззæг бæркæдтæ нымайæн.
3.Уалдзæджы сæрдæн кусæм, сæрды – фæззæгæн, фæззæг – зымæгæн.
1аг къорд фыссы 2аг æмбисонд;
2аг къорд æвзар 3æмбисонд.
Зæлы П.И. Чайковскийы музыкæ. Куыстæн лæвæрд цуæуы 34мин.
/ Цы цыбыр текст ныффыстой скъоладзаутæ, уый хъуамæ
бакæсой./
XII. Ахг. Музыкæ дæрддæр зæлы æмæ ахуыргæнæг дзуры таурæгъ.
Таурæгъ
Раджы кæддæр иу хъæды æрцард Фæззæг. Хъæды сырдтæ,
мæргътæ æмæ йæ цæрæгойтæ фæрсын байдыдтой:
Адæмæй дæхи афтæ дард цæмæн бамбæхстай?
Фæззæг сын æнкъардæй дзуапп радта:
Æз мæ цæстысыг згъалын, сæрды рæсугъддзинад мæн тыххæй
кæй тайы, ууыл.
Мæ бирæ уазал цæссыг зæххыл нал цæуы æмæ доны малтæ
фесты. Сæ сæрмæ та фæзынынц уазал цъæх мигътæ. Фесæфынц
ахорæнтæ, бæстæ ныхъхъуынтъыз æмæ нынкъард вæййы. Боны
рабадын нал фæфæнды, фæстæмæ тагъддæр куы акъул уаид, ууыл
фæархайы.
Нæй адæмы æнæ фæлтæрддзинадæй ныууадзæн – кæрæдзийы
дзыхæй ныхас исгæйæ,сонт хъæр скодтой сырдтæ, мæргътæ æмæ
цæрæгойтæ.
Нæ йæ зоныс, адæмы царды афæдзы алы афон дæр хицæн
нысанимæ баст кæй у, уый?
Уалдзæг сын царддæттæг æмæ сывæллоны бæллицтимæ баст у;
Сæрд НЫФС, УЫРНЫНАД æмæ ФÆНДТИМÆ.
Фæззæг – ФÆЛТÆРДДЗИНАДИМÆ.Уый сын æххуыс кæны царды раст
бæллицтæ æвзарынмæ;
Зымæг – КУЫРЫХОНДЗИНАДИМÆ, уый гуырын кæны адæймагмæ ног
13фæндтæ, бæллицтæ, хатдзæгтæ.
Хæдзармæ куыст
.
Куы бамбæрста Фæззæг, адæм æм æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц
уый,уæд рацыд хъæдæй æмæ араст зæххыл бæркæдтæ уаргæ.
XIII.
Цымæ мах урокæй зæгъæн ис, бæркæдджын (хъæздыг) уыд, зæгъгæ? Цы
дзы бадардтат уæ зæрдыл?
/Скъоладзаутæ нымайынц урочы цæуыл дзырдтам, уыдон æмæ сæ фыссынц
сæ тетрæдты æмæ фæйнæгыл. Рауадис нын дзы сфæлдыстадон куыстæн
пълан.
Пълан.
1. Фæззæджы ахорæнтæ
2. Фæззæг поэттæ, нывгæнджытæ æмæ композиторты
сфæлдыстады.
3. Фæззæджы бæрæггæнæнтæ, йæ сусæг æвзаг.
4. Фæзæгбæркæдтæ уарæг.
Ацы пъланмæ гæсгæ сараздзыстут сочинении æрфыст « Фæззæг – æрдзы
фæстаг мидбылхудт»
Бæрæггæнæтæ сæвæрын скъоладзаутæн.
Урочы кæрон. 1. Скъоладзаутæ сæ фысгæ куыстытæн кърандасæй
тетрады æвæрынц бæрæггæнæн.
1.
Кæрдæхуыз – «5»,
Копрадзхуыз «4» æрмæг хорз бамбæрста;
бур – «3» цыдæртæ дзы кæронмæ нæ бамбæрста;
сырх «2» æрмæг æппындæр нæ бамбæрста.
Æртæкъуымонтæ урочы рæстæг æвæрд уыдысты
скъоладзаутæн сæ партæтыл. Ахуыргæнæгмæ дзы
кæцы фарс здæхт уыд, уымæ гæсгæ уый бæрæг кодта,
скъоладзаутæй æрмæг чи куыд æмбары,уый.
Цъæх – æрмæг хорз æмбары.
Бур æрмæг æххæст æмбæрст нæу, хъæуы ма йæ
скъоладзауæн ногæй бамбарын кæнын .
Сырх скъоладзау æрмæг æппындæр не ’мбары,
хъæудзæн æй урочы фæстæ бауромын æмæ йын
æй бамбарын кæнын.
1415