Иу заман скифтæм знæгтæ æрбабырстой. Уыдон уыдысты бирæ æмæ æнæхатыр. Скифтæй бирæты фæцагътой, бирæты та дзы уацары райстой. Уацайрæгтимæ уыд æрыгон скифаг хæстон Амизок дæр. Хæсты хæдразмæ уый æрдхорд-æфсымæр скодта йæхи æмгар лæппу Дандамидимæ. Дыууæ лæппуйы кæрæдзиуыл афтæ æнувыд уыдысты, кæрæдзийы афтæ бирæ уарзтой, æмæ Дандамид уайтагъд цæугæдоны сæрты баленк кодта знæгтæм, цæмæй баххуыс кæна йе 'рдхорд Амизокæн.
Знæгтæ Дандамиды æрцахстой
æмæ йæ бакодтой сæ фæтæгмæ.
Уый йæ бафарста
– Цы ратдзынæ де 'рдхорд Амизокы
суæгъд кæныны тыххæй?
Дандамид æхсызгонæй сразы.
Лæппуйы цæстытæ куы скъахтой,
уæд знæгтæ æцæгæй дæр
суæгъд кодтой Амизокы.
Материалы на данной страницы взяты из открытых источников либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.