Урок родного (осетинского) языка по теме "Миногон" (Имя прилагательное) для учащихся 5-го класса. Целями урока являются повторение и обобщение знаний по теме "Имя прилагательное", а также умение использовать эти знания в письменной и устной речи. На уроке использованы такие методы, как метод групповой работы, поисковый метод.
Темæ «Миногоны тыххæй рацыд æрмæг бафидар кæнын».
Урочы нысантæ:
1. Миногонæй рацыд æрмæг бафидар кæнын,
2. Ныхасы рæзтыл бакусын
(5æм кълас)
Урочы фæлгонц:
Урочы цыд:
презентативон æрмæг, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ
।.Бацæттæгæнæн рæстæг
Ахуыргæнæг:
Сывæллæттæ,
уæ бон хорз!
Нæ урочы
райдайæны
кæрæдзимæ
бахудæм æмæ
афтæмæй
зæрдæрухсæй
нæ куыст।. Урочы темæйыл
куыст
1) Дзырдуатон куыст
кæнæм.
Ахуыргæнæг: Нæ урок райдайæм дзырдуатон куыстæй.
Фæлæ уый размæ баххæст кæнæм дзырдбыд. Дзырдбыд
та цы у?
Дзырдбыды дзырдтæ куы базонат, уæдиу дзырдæн йæ
орфограммæ дæр бацамонут. Орфограммæ та цы у?
Райдайæм
*Зымæг куы ралæууы, уæд рауары… (мит)
*Æнцъылдтæ дзаумайыл сæвæрæм…(иту)
*Адæймаг куы райгуыры, уæд ыл сæвæрынц…(ном)
*Зæххыл æнæ уый алцыдæр бахус уыдзæн (дон)*Быдырты æмæ хъæдты рæсугъд зайæгой у… (дидинæг)
*Астæуыл баст вæййы…(рон)
*Къуырийы бонтæй фæндзæм у …(майрæмбон)
Ахуыргæнæг: Нæ дзырдбыдыл кусгæйæ, сбæрæг кодтам
нæ урочы темæ дæр (миногон)
Миногонты тыххæй мах зонæм (скъоладзаутæ сæхæдæг
дзурынц, темæ ахуыр кæнгæйæ цы базыдтой, уый)
Цы у миногон?
2) Ахуыргæнæг: Нæ
урочы хъуамæ
æрдзурæм,
миногонтæй цы
базыдтам, ууыл.
Зонæм: Миногонты хуызтæ
Миногоны бæрцбарæнтæ
Миногоны синтаксисон функцитæ
Миногоны нысаниуæг нæ ныхасы
Миногоны морфологион æвзæрст
Арæхсæм: (скъоладзаутæ дзурынц, цæмæ хъуамæ арæхсой,
уыдæттæ):
тексты миногонтæ ссарынмæ
миногоны грамматикон категори базонынмæ
миногон морфологион æвзæрст кæнынмæ
миногонтæ раст фыссын, ныхасы сæ раст пайда кæнынмæ
Беседæ
Цы у миногон?3.Къордты куыст
Ахуыргæнæг:
Дарддæр кусæм
къордгай. Алы
рæнхъ дæр у хицæн
къорд (æртæ
къорды). Алы
рæнхъæн дæр хицæн
хæс (хæслæвæрдтæ
райуарын).
Цавæр нысаниуæг ис миногонæн нæ ныхасы?
Фыццаг рæнхъы хæс: Æмдзæвгæйы текстыл бакусын (текст
æвдыст цæуы слайдыл). Æмдзæвгæйы рæнхъытæ баххæст
кæнын хъæуы хъæугæ дзырдтæй. Цавæр ныхасы хай сты
уыцы дзырдтæ?
Къух дæ аузын фæразы…
Мæй дæ авдæнима хъазы,
Стыр лæг мын æсуай
Алоллай!
Ракæндзынæн дын мæ зарæг…
Искуы кæд æсуис мæ дарæг
Урс уæрыкк дын уон…О, мæ бон!
Зындонæй фыддæр нæ цæрæн…
Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн
Сау хæххон куыстæй…
Ахуысс, цæй!
2аг рæнхъы хæс: Адих кæнын миногонтæ дыууæ къордыл –
миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг миногонтыл.
Бамбарын кæнын, цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ дыууæ
къорды миногонтæ?
Миниуæгæвдисæг ахастæвдисæг
Рæсугъд хъæдын
Бæрзонд хæххонАив æфсæйнаг
Хæрзад сыгъзæрин
Зæронд хом
Хæрзконд митын
3аг рæнхъы хæс: Уæлдай цæджындз ссарын. (дзырдтæ
æвдыст цæуынц слайдыл)
Урс бæлас уазал
Стыр худын адджын
Нарæг гыццыл туаг
Хус бадын рæгъæд
Сыгъдæг тымбыл уæрæхАхуыргæнæг:
Сбæрæг кæнæм уæ
дзуæппытæ
(къордты
дзуæппытæм
байхъусын)
3) Хæс: хæццæ
дзырдтæй саразут
дзырдбæстытæ –
номдар+миногон
(дзырдтæ æвдыст
цæуынц слайдыл)
Лæппу, къаннæг, æгъдауджын, къæбыла, сырх, кæрдæг,
харбыз, туаг, гæлæбу, æхсынцъы, цъæх, сойджын, мит,
æхсыр, хæмпус, уæлдæф, хъулон, сыгъдæг. (æгъдауджын
лæппу, къаннæг къæбыла, сырх харбыз, цъæх кæрдæг, туаг
æхсынцъы, хъулон гæлæбу, сойджын æхсыр, хæмпус мит,
сыгъдæг уæлдæф).
4) Хæс: миногонтæ
хуыз хъæд формæ
сæ æууæлтæмгæсгæ адих кæнут
æртæ къордыл:
Бур, хъæдын, тымбыл, морæ, æвзист, сау, цыппæрдигъон,
сыгъзæрин, зылын, бæрзонд, ныллæг, гыццыл.
Ралæууыд …зымæг. Хæдзæрттæ, быдыртæ, хъæдтæ …миты
бын фесты. Адæм сæ … дарæс скодтой. Сывæллæттæ
сарæзтой митæй …дада. Тынг …у æрдз зымæджы.
5) Хæс: саив кæнут
текст, кæцыйæ
ист æрцыдысты
миногонтæ.
(текст æвдыст
цæуы слайдыл)
6)Хæс:.
тексты 4æм хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм
гæсгæ
lll Хæдзармæ куыст. Ныффыссын цыбыр сочинени «Мæ уарзон хæдзарон
цæрæгой». Спайда кæнын алыхуызон миногонтæй.