Гом урок 7 къласы
Темæ:»Мад-царддæттæг, хæст-цардисæг» Плиты Грис «Мад»-мæ гæсгæ.
Эпиграф: «Нæмыг куы атæхы,уæд фыццаг мады зæрдæйы сæмбæлы».
Нысан.
1. Плиты Грисы цардвæндагыл скъоладзауты базонгæ кæнын.
2. Ахуырдзауты зæрдыл æрлæууын кæнын ирон адæмы царды трагикон цаутæ.
3. Сывæллæттæн гуырын кæнын уарзондзинад Фыдыбæстæмæ, ныййарæг мадмæ æмæ ирон аив дзырдмæ.
Урочы фæлгонц: Презентаци, хистæрты хæстон къамтæ.
Универсалон ахуырадон архайдтытæ: коммуникативон, миддуне хъæздыг кæнын, регулятивон, удгоймагон.
Урочы цыд.
I/ Организацион хай.
II/ Хæдзармæ куыст.
- Ивгъуыд урочы мах лæмбынæг æрныхас кодтам Дзаболаты Хазбийы цард æмæ сфæлдыстадыл . Лæмбынæг равзæрстамДзаболаты Хазбийы цард æмæ йе сфæлдыстад, бæлвырддæр, йе ’мдзæвгæ «Фашисттæ æхсынц Пушкины».
Ныртæккæ фæйнæгыл тестытæ. Уæ тетрæдты ныффыссут нымæц æмæ тестыты дзуаппытæ.
1/ Дзаболаты Хазби райгуырд
а/Дзæуджыхъæуы б/ Джызæлы
æ/Ногхъæуы в/ Ганисы хъæуы
2/Дзаболаты Хазби куыста:
а/æрзæткъахæгæй б/ сауджынæй
æ/телеуынады редакторæй в/ зæхкусæг
3/Йæ сфæлдыстады сæйраг мидис уыд:
а/ фæллойгæнæг адæмы тыххæй
æ/хицауады тыххæй
б/хæсты фæстиуджыты
в/мадæлон æвзаджы.
2.«Фашисттæ æхсынц Пушкины».
1/Цавæр рæстæг вдыст цæуы æмдзæвгæйы?
/ Рæнхъытæ ссарын, бакæсын/
2/»… Цыма ногæй Дантес уыд йæ разы?..»
Куыд æмбарут ацы рæнхъытæ?
3/Цы хуызæн æвдисы поэт фашистты? /Унтер автомат систа, худынц зæрдæбын кæл-кæлæй, хъавынц генимæ/.
4/ Автор Пушкины куыд вдисы? /Каст æгасау хъуыдыгæнгæ, зынг нæмгуытæ федта, сты сæрибар, сæрыстыр.
Ссарут ма дзы фæрсдзырдтæ уæ ранымады.
5/ Синквейн 4 фарст. Цавæр æмбисонд ис зæгъæн ацы æмдзæвгæйы мидисмæ гæсгæ?
III/ Ног æрмæгмæ рахызт.
1.Уæ зæрдыл-ма æрдарут иу хатт, кæцы хæсты æрцыд архайд?Ирон адæм ма цавæр хæстытæ бавзæрстой? /ФСХ, мæхъæлы рбабырст, Хуссар Ирыстонмæ ныббырст æмæ еныр Украинæйы уæззау уавæр/.
Сæ ном ссарынæн, макуы сæ ферох кæнæм ./1 уысм сабырдзинад./
Абон не фсымæртæ, нæ хистæртæ, нæ фырттæ цæмæй дзæбæхæй сæмбæлой Ирыстоны зæххыл, ууыл кувæг стæм иууылдæр /Аммен Хуыцау/
2.Скъоладзаутæн развæлгъау хæс .
ФС хæсты чи архайдта сæ хистæртæй, уыдоны ныв æрхæссын, радзурын кæм хæцыди, уый тыххæй /скъоладзау/тæ/ дзурынц/.
3.ФСХ ирон лæгтæй чи фесгуыхт, уыдонæй кæй зонут?/Плиты Иссæ, Мамсуров Хаджимурат…
4.Плиты Грисы биографии /презентаци скъоладзауы/.
5.Плиты Грисы сфæлдыстадæй цы зонут? «Æртхутæгдон», «Гæздæнты авд æфсымæры».( Æмдзæвгæты мидисыл цыбыр æрдзурын).
АУЛÆФТ
6.Зæгъут-ма, æппæты фылдæр нæ чи уарзы, чи ныл мæт кæны?МАД.
Скæнут-ма мын МАД -æн синквейн 2 фарст.
7. Плиты Грисы æмдзæвгæ «Мад». (Скъоладзаутæ кæсынц, мидис халынц.Фæйнæгыл слайдыл лæвæрд æнæмбаргæ дзырдтæ-дзырдуатон куыст).
Тексты дзырдты вазыгджын дзырдты дзырды арæзтмæ гæсгæ равзарын/сидзæргæс, хæстæфхæрд/.
IV/Хатдзæг.
Зæгъут-ма , æппæты сæйрагдæр цы у адæймаджы царды? (Скъоладзауты хъуыдытæ- бæстæ сабыр куыд уа, нæ ныййарджыты зæрдæтæ кæстæртæй рухс куыд кæной…).Цы æмбисæндтæ зонут мады тыххæй?
Рефлексия.
Чи куыд бакуыста абон урочы (сæхицæн аргъ кæнынц).
Y/ Хæдзармæ куыст. Плиты Грисы биографии, æмдзæвгæйæ скъуыддзаг наизусть, æмбисæндтæ мады тыххæй ныффыссын.
© ООО «Знанио»
С вами с 2009 года.