Программæ арæзт у Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы иумæйаг æмæ профессионалон ахуырады Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы бындурыл.
Ирон æвзаг – нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирæтты мадæлон æвзаг. Ирæттæ – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы титулон наци.Программæ арæзт у Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы иумæйаг æмæ профессионалон ахуырады Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы бындурыл.
Ирон æвзаг – нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирæтты мадæлон æвзаг. Ирæттæ – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы титулон наци.Программæ арæзт у Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы иумæйаг æмæ профессионалон ахуырады Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы бындурыл.
Ирон æвзаг – нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирæтты мадæлон æвзаг. Ирæттæ – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы титулон наци.
3 кълас
Ирон æвзаг
ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ
Программæ арæзт у Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы иумæйаг
æмæ профессионалон ахуырады Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы
бындурыл.
Ирон æвзаг – нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирæтты
мадæлон æвзаг. Ирæттæ – Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы титулон
наци. Куыд уырыссаг æвзаг, афтæ ирон æвзаг у филологон циклы иу хай æмæ
рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ, æххуыс ын кæны йæ
ныхасы рæзтæн, уæрæх ын кæны йæ дунеæмбарынад æмæ хъомыл кæны
ирæтты хуыздæр традицитæ æмæ æгъдæуттыл.
Ирæттæ сæ рæвзæрдæй фæстæмæ аудынц сæ мадæлон æвзагыл,
уымæн æмæ æмбарынц: цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ фидар уыдзæн национ
культурæ, национ хиæмбарынад.
Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы
цæрæг алы адæмæн дæр йе взаджы кад се хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа,
цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст
кæны райдайæн скъола.
΄
΄
Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг
рæзтæн. Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан
æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:
хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый
тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды
кæнынæй;
сывæллæттæ зоной: æхсæнады адæмты хсæн ног ахастытæ к й ис,
иннæ æдæмы хæттыты сывæллæттæ дæр ирон æвзаг кæй ахуыр кæнынц, æмæ
сæ уый кæрæдзийыл фидардæр к й б тты; сæ алыварс цæрæг адæмтимæ
хæларæй цæрын к й хъ уы,уый;
ǽ ǽ
ǽ ǽ
иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы
рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ
тырнын;
мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны алывæрсыгæй хъомыл кæнын;
райдайæн скъолайы сывæллæтты лингвистикон зонындзинæдтæ
рæзын кæнын хуымæтæг хуызы, цæмæй кæсын фыссын базоной;
адæймаджы хъуыздæр миниуджытыл хъомыл кæнын.
΄
ǽ хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр рæзын кæнын;
зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.
Чингуытæм, иннæ ахуырадон предметтæм сæм аудыны цæстæнгас рæзын
кæнын.
Скъолайы иннæ ахуырадон предметты хсæн ирон æвзаджы нысан у
ирон æвзагæй зонындзинæдтæ фылдæр кæнын æмæ сывæллæтты æхсæны
культурæ бæрзондæр кæнын:
′
1аг нысан – зонындзинæдтæ фылдæр кæнын. Ам скъоладзаутæн
æмбарын кæнын хъæуы æппæтдунеон наукæйы иу къабаз кæй у, йæ
сæйрагдæр хæйтты йын зонын кæй хъæуы; уыцы зонындзинæдты бындурыл та
аразын логикон хъуыдыкæнынад.
2аг нысан – æхсæны культурæ бæрзонддæр кæнынмæ хауы
скъоладзауты коммуникативон арæхстдзинад, ома дзургæ æмæ фысгæ ныхасы
рæзт, монологон æмæ диалогон ныхас, раст æмæ æнæрæдыдæй фыссын.
Уыдон иумæ сты адæймаджы иумæйаг культурæйы бæрæггæнæнтæ.
Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Æмкъай зылангонтæ æмæ æзылангонтæ (вф, гк,
дзц, гъх, зс) кæрæдзийæ иртасын.
Æмхъæлæсонтæ гк, (кк), къйы ивынад, джч, (чч), чъмæ хъæлæсон
ыйы разæй (уынгуынджы, карккарчы æмæ а.д.).
Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ раст дзурын æмæ фыссын (фæллой,
лæппу æмæ а.д.).
Дзырд. Дзырды хæйттæ. Кæрон. Уидаг. Æмуидагон дзырдтæ. Уидаг
фæсæфтуантимæ. Фæсæфтуанты руаджы дзырдтæ аразын æмæ раст фыссын.
Уидаг æмæ разæфтуан. Рæзæфтуантæ æнæ, æм, а æмæ а.д.
Лексикон фæлтæрæнтæ. Разæфтуантæ æмæ фæсæфтуанты руаджы
ног дзырдтæ аразын, сæ нысаниуæг куыд аивы, уый бæлвырд кæнын.
Иумæйаг æмбарынад ныхасы хæйтты тыххæй:
номдар, миногон, мивдисæг
Номдар. Номдарты нысаниуæг. Номдарты нымæцтæ. Удджын æмæ
æнæуд предметтæ æвдисæг номдартæ. Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.Сæрмагонд номдарты растфыссынад. Номдарты кæрæтты ивынад æндæр
дзырдтимæ бастæй.
Миногон. Миногоны нысаниуæг. Миногоны фæрстытæ. Миногонты
дих æууæлтæм гæсгæ.
Мивдисæг. Мивдисæджы нысаниуæг, цавæр фæрстытæн дзуапп
дæтты.мивдисæджы æбæлвырд формæ фæсæфтуан – æнимæ, мивдисæджы
афонтæ (нырыккон, ивгъуыд, суинаг).
Ныхасы хæйттæ нысаниуæг æмæ фæрстытæм гæсгæ кæрæдзийæ
иртасын.
Дзырдуатон куыст. Ныхасы хæйттæй алкæмæн дæр сæ хъуыдымæ
гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырдтæ агурын; фæлтæрæнты
бирæнысаниуæгон дзырдтæ агурын æмæ сæ кæрæдзиуыл барын, семæ
дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ аразын.
Хъуыдыйад. Таурæгъон, фарстон æмæ хъæрон хъуыдыйæдтæ.
Хъуыдыйæдтæ раст хъæлæсы уагæй кæсын зонын. Хъуыдыйады сæйраг
уæнгтæ: сæйрат æмæ зæгъинаг. Хъуыдыйады фæрсаг уæнгтæ. Хъуыдыйады
мидæг дзырдты кæрæдзиуыл бастдзинад. Цыбыр хъуыдыйæдтæ даргъдæр
кæнын.
Ныхасы рæзтыл куыст. Ахуыргæнæджы æххуысæй цыбыр текстæн
пълан аразын. Чысыл текст скъоладзаутимæ иумæ арæзт пъланмæ гæсгæ хи
ныхæстæй дзурын æмæ фыссын. Мидисджын нывтæм гæсгæ дзырдтæ се
ууæлтæм, архæйдтытæм гæсгæ къордтæ кæнын; предметы нæмттæ æмæ се
ууæлтæ æвдисæг дзырдтæй дзырдбæстытæ кæнæ хъуыдыйæдтæ аразын.
Нывмæ гæсгæ цыбыр радзырд æрхъуыды кæнын æмæ ныффыссын.
Сывæллæттæн сæхи цардæй ист цаутыл цыбыр радзырд æрхъуыды кæнын
æмæ ныффыссын. Хибарæй чысыл радзырдтæ æрхъуыды кæнын æмæ
ныффыссын.
Сыгъдæгфыссынад. Фыссыны æгъдæуттæ фидар кæныныл архайын.
Сывæллæтты цæттæ кæнын иухаххон тетрæдты фыссыныл рахизынмæ.
Зынфыссæн стыр кæнæ гыццыл дамгъæтæ фыссын.
Æртыккаг къласы кæронмæ скъоладзау хъуамæ зона:
æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ;дзырды хæйттæ;
ныхасы хæйттæ;
хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ;
æмæ арæхса:
дзырдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ æвзарынмæ;
ныхасы хæйттæ кæрæдзийæ иртасынмæ æмæ сын сæ грамматикон
æууæлтæ зонынмæ;
хъуыдыйады мидæг дзырдты бастдзинæдты хуызтæ бæрæг кæнынмæ;
предметты нæмттæ æмæ сæ æууæлæвдисæг дзырдтæй дзырдбæстытæ
аразынмæ;
иумæйаг пъланмæ гæсгæ сочиненитæ æмæ изложенитæ фыссынмæ
(6070 дзырды онг).
Литературæ
1. Никандров Н.Д., Рыжаков М.В., Кондаков Л.М. Примерные программы
начального общего образования.ч.1. М. «Просвещение» 2009.
2. Багаты Л. Ирон. æвзаджы чиныг. 3къл. Дзæудж. 2007
3.
Гуыриаты М.., Райдайæн кълæсты мадæлон æвзаджы методикæ. Ордж.,
1978
4. Моурауты М. Дидактикон æрмæг ныхасы рæзтыл кусынæн. Дзæудж, 2010
5. Моурауты М. æмбисæндтæ æмæ уыциуыцитæ. Джæудж., 2010
6. Моурауты М. дидактикон хъæзтытæ æмæ улæфты минуттæ. Джæудж.,
2010
7. Майрæмыхъуаты Ф. Дидактикон æрмæг текст æмæ хъуыдыйадыл
кусынæн. 14 кълас. Дзæудж., 1997
8. Ирон. æвзаг æмæ литературæйы программæтæ. 111 къл., Дзæудж,2005
9. Пагæты З. 14 къл.ахуыргæнинæгтæ кæсын æмæ фыссын куыд зонынц,
уымæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ. Дзæудж. «Иристон» 2002
10. Æлдаттаты В. Нæ алыварс дуне. Дзæуджыхъæу: «Ирыстон» 2003.
11. Уалыты Т.Цалдæр ныстуаны æрыгон ахуыргæнæгæн. Дзæудж. 2005.12. Уалыты Т., Джусойты К. 3æм къласы ирон æвзаг æмæ кæсыны уроктæм
хæслæвæрдтæ. Влад. 1997
13. Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæтæ 111 къл., Дзæудж. 2005Сах.
дих
3
№
I.
Темæ
Рацыд
æрмæг
фæлхат
кæнын
Къæлиндаронтематикон пълан
Равзаринаг
фарстатæ
Дзырдты мидæг
уæнгтæ, мыртæ,
дамгъæтæ
равзарыныл
дарддæ.р кусын.
Предмет, миниуæг
æмæ
архайдæвдисæг
дзырдтæ
фæрстытæм гæсгæ
иртасын.
Практикон куыст
Ǽ
1. Текст бакæсын. Хъуыдыйæдты нымæц
нымайын. Тетрадмæ сæ фыссын.
рхæцæн
нысæнттæ æвæрын.(13)Дзургæдзурын æмæ
фысгæфыссын иу хъуыдыйад иннæмæй
цæмæй хицæн кæны (фæлт.14).
2. Фарст чи? Æмæ цы?йæн дзуапп цы
дзырдтæ домынц, уыдон иртасын. (48).
3.Фæрстытæ цавæр? цыхуызæн? æмæ цы
ми кæны? цы архайы? цы дзырдтæ домынц,
уыдон зонын(921).
II. Мыртæ æмæ
14 Мыртæ æмæ
дамгъæтæ.
III. Дзырд..
7
мкъай зылангон
дамгъæтæ.
Зылангон æмæ
æзылангон
æмхъæлæсонтæ.
Ǽ
æмæ æзылангон
æмхъæлæсонтæ.
Ǽ
мхъæлæсонтæ
г.к(кк), къйы
ивынад дж,чъйæ
хъæлæсон ы йы
разæй. Дæргъвæтин
æмхъæлæсонтæ.
Дзырды хæйттæ.
Кæрон. Уидаг.
Уидаг
фæсæфтуанимæ.
Уидаг æмæ
разæфтуан.
1.Мыртæ фысгæйæ нысангонд цæуынц
дамгъæтæй. Мыртæ æмæ дамгъæты нымæц
куыд бæрæг кæнæм, уый зонын (фæлт.2228).
23. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны
æгъдау. Дыгай дамгъæтæй нысангонд
дзырдтæ. (фæлт.3042).
45. Нывмæ гæсгæ куыст. Бирæуæнгон
дзырдтæ. (4244).
6.Алфавит. (4451).
79. Зылангон æмæ æзылангон
æмхъæлæсонтæ.(5266).
1012. мкъай зылангон æмæ æзылангон
æмхъæлæсонтæ. (6786).
13. мхъæлæсонтæ
дж, ч(чч), чъйæ хъæлæсон ыйы разæй (87
95).
14. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ (96115).
1. Дзырд. Дзырды хæйттæ. Кæрон.
(фæлт.116118).
2. Уидаг. муидагон дзырдтæ. (фæлт.119
124).
34. Уидаг фæсæфтуанимæ (фæлт.125134).
56. Уидаг æмæ разæфтуан. (фæлт.135150).
г.к(кк), къйы ивынад
Ǽ
Ǽ
ǼIV. Ныхасы
хæйттæ.
12
V. Уырыссаг
æвзагæй
æрбайсгæ
дамгъæтæ
VI. Цавд
VII. Дамгъуат
2
2
2
VIII Дзырд
10
Ныхасы хæйттæ.
Номдар. Номдарты
нымæц. Сæрмагонд
æмæ иумæйаг
номдартæ.
Номдарты
кæрæтты ивынад
æндæр дзырдтимæ
бæтгæйæ
фæрстытæм гæсгæ.
Миногон.
Мивдисæг.
Мивдисæджы
æбæлвырд формæ.
Мивдисæджы
ивынад афонтæм
гæсгæ.
Э,Ю,Я,Е,Ж,Ш,Щ,
Ъæмæ Ь нысантæ
раст кæсын æмæ
фыссын
Цавд. Дзырдты
мидæг цавдон æмæ
æнæцавдон уæнгтæ.
Дамгъуат. Абетæ.
Дзырд. Стыр
дамгъæ нæмтты,
фыды нæмтты æмæ
мыггæгты.
7. Лексикон фæлтæрæнтæ. (фæлт.151155)
1. Фæрстытæ чи? æмæ цы?йæн дзуапп цы
дзырдтæ дæттынц, уыдон.
12. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дамгъæтæ
зæрдыл бадарын æмæ сæ дзургæйæ раст
пайда кæнын. Се 'мкъай ирон дамгъæтæй сæ
хицæн кæнын зонын(фæлт.5872).
1. Цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ. Цавды
нысан. Зæрдылдаринаг Фæлтæрæнтыл куыст
2. Цавдон уæнг у хъæрдæрæй дзургæ. Цавды
бынат ирон æвзаджы(фæлт.113123).
1.Дамгъæты рæнхъæвæрд. Сæ нæмттæ.
2.Дамгъуаты рæнхъæвæрдмæ гæсгæ дзырдтæ
фыссын(фæлт.124135).
1.Цы нысан кæнынц дзырдтæ. Нывмæ гæсгæ
куыст. Фæрстытæн дзуапп
дæттын(фæлт.136139)
2.Предметты нæмттæ цы дзырдтæ нысан
кæнынц, уыдон. Дзырдтæй хъуыдыйæдтæ
аразын. Нывмæ гæсгæ куыст(фæлт.140143).
3.Стыр дамгъæ фосы нæмтты. Дзырдты
хæзнадонæй(фæлт.144148).
4.Стыр дамгъæ бæстæты, горæтты, хъæуты,
кæмтты, дæтты æмæ уынгты сæрмагонд
нæмтты(фæлт.149154).5.Фæрстытæ чи?,цы?йæн дзуапп цы дзырдтæ
дæттынц,уыдон къордтæ кæнын(фæлт.155
169).
6.Фæрстытæ цыхуызæн?,цавæр?æн дзуапп
цы дзырдтæ дæттынц,уыдон æвзарын.
(фæлт.170186).
7.Фæрстытæ цы ми кæны?,цы кæны?йæн
дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон
æвзарын(фæлт.187204).
89.Предмет,предметы миниуæг æмæ архайд
цы дзырдтæ æвдисынц.уыдон кæрæдзийæ
хицæн кæнын(фæлт.205214).
10.Сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæстæг
чи лæууы кæнæ ныхæйныхмæ чи у,ахæм
дзырдтæ(фæлт.215227).Дыккæгæм къласы ахуыры кæронмæ скъоладзаутæ хъуамæ
зоной:
æппæт дамгъæты нæмттæ;
цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ;
зылангон æмæ æзылангон мыртæ;
дамгъуат;
æмæ арæхсой:
дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ уæнггай хæссын;
хъæлæсон у æмхъæлæсон уйæ иртасын;
дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ раст фыссын;
дзырдтæ фæрстытæм гæсгæ иртасын;
дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ хицæн кæнын;
хъуыдыйады ныхас кæуыл, кæнæ цæуыл цæуы, уый æмбарын;
æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрын;
дзырдтæ æмæ цыбыр хъуыдыйæдтæ æвзарын æмæ фыссын.Литературæ
14. Никандров Н.Д., Рыжаков М.В., Кондаков Л.М. Примерные программы
начального общего образования.ч.1. М. «Просвещение» 2009.
15. Дзампаты Л. Ирон æвзаг 2 къл. Дзæудж., ЦИППИйы рауагъдад 2011
16. Гуыриаты М.., Райдайæн кълæсты мадæлон æвзаджы методикæ. Ордж.,
1978
17. Моурауты М. Дидактикон æрмæг ныхасы рæзтыл кусынæн. Дзæудж, 2010
18. Моурауты М. æмбисæндтæ æмæ уыциуыцитæ. Джæудж., 2010
19. Моурауты М. дидактикон хъæзтытæ æмæ улæфты минуттæ. Джæудж.,
2010
20. Майрæмыхъуаты Ф. Дидактикон æрмæг текст æмæ хъуыдыйадыл
кусынæн. 14 кълас. Дзæудж., 1997
21. Ирон. æвзаг æмæ литературæйы программæтæ. 111 къл., Дзæудж,2005
22. Пагæты З. 14 къл.ахуыргæнинæгтæ кæсын æмæ фыссын куыд зонынц,
уымæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ. Дзæудж. «Иристон» 2002
23. Æлдаттаты В. Нæ алыварс дуне. Дзæуджыхъæу: «Ирыстон» 2003.
24. Дзытиаты Э., Гæбæраты Р. Диктанттæ æмæ сфæлдыстадон куыстытæ
ирон æвзагæй 12 кълæстæн. Дзæуджыхъæу 2011.
25. Уалыты Т., Джусойты К. Дзытиаты Э. Сывæллæтты литературæйæ
хæслæвæрдтæ 2 къл.ирон æвзаг æмæ кæсыны уроктæм. Дзæудж.2005
26. Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæтæ 111 къл., Дзæудж. 2005