Дхусойты Нафи«Фыдæлты туг».
Оценка 4.8

Дхусойты Нафи«Фыдæлты туг».

Оценка 4.8
Образовательные программы
doc
другое
25.11.2021
Дхусойты Нафи«Фыдæлты туг».
Урок по осетинской литературе
Урочы темæ Дхусойты Нафи«Фыдæлты туг»..doc

  Урочы темæ: Дхусойты Нафи«Фыдæлты туг».

  Урочы нысан :

1.   Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзурын.

       2. Романы историон бындурыл æрдзурын.

      3.Уацмысы идейæ æххæстæй раргом кæнын.

     4.Архайджыты фæлгонцтæн характеристикæ скæнын.

     Эпиграф:                 

 « Лæг намысæй лæг у! Йæ намыс куы фесæфа ,уæд йæ цард   æгады мæлæтæй фыддæр у!»

  Урочы хъомыладон куыст: Адæймаг æмæ зарæджы æмдзу романы.

  Урочы хуыз: Историон урок.

              Урочы цыд:

1.Презентаци  фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадæй.

2.Хъуысы историон зорæджы мелоди.

3.Галуанты Людæ:  «Дæ фыдæлтæ рухсаг ,дæхæдæг мын бæзз…»

Текстыл цыбыртæй æрдзурын;

1. -Амондау нæм фæкаст дард бæстæй Уырысы паддзахæй хæстон адæмы æрцыд.Загътам,  ныр нæ паддзах дæр иу уыдзæн:Уырысæй,Гуырдзыйæ,Ирæй. Æмдин ,æмпаддзах,æмбар,æмнамыс уыдзыстæм.Нæ фыдбылызтæ,нæ хæрзбон дæр иу уыдзæн.Нæ нæртон фыдæлтæй нын баззад-Хуыцауы йеддæмæ сæрæй ныллæг макæмæн кув;лæг дæ!

Фæлæ армыдзаг адæмæн утæппæт тыхы раз цы у йæ бон?

 Загътам:разы стæм паддзахы бархъомысыл,фервæзын нæ кæнут æлдæртты фыдвæнд æмæ æфхæрдæй.Бæргæ рæсугъд фæндтæ фæкодтам,  фæлæ хæрзæбонæй фыдбылыз фæраздæр ,æлдар цы уыд,уымæй баззад,йемæ бамбал  сты сауджын æмæ паддзахы инæлар,сæ иу цагъары хъадамантæ хаста йа къухы, иннæ дины чиныг-хъадамантыл разыйы хос.

Цы бон ныл æркодта, кæмæн дзы фæрæзтаиккам?

Кæнæ цагъары цард, кæнæ цæттæ мæлæт салдаты арцæй,сармадзаны нæмыгæй.

2. Æмæ райдыдта хæст Хъуды комæй Къуыдары къуылдымтæм,Чысаны рагъай Нары дзыхъмæ.Комæй-коммæ цыд,æфцæгæй- æфцæгмæ додой кодта,мæсыгæй-мæсыгмæ сидт арты пиллон æмæ сармадзанты богъ.

Æнусы æрдæг фæхæцыдыстæм,фæкалдтам нæ туг, нæ сидзæр сабиты æмæ саударджыты цæссыгтæ æнустæм номхæссæн уыдысты.Сæ кой сымахмæ,фæстагæттæм,  фæдисоны зарæгау  чи фæхæццæ кодтаид, уый дæр нал уыд. Тохы быдыры сæ сæртæ æрхастой нæ хуыздæртæ –кæстæрæй  ,хистæрæй.

Маст æмæ хъарæгæй сæ зæрдæтæ ныддур сты нæ дзырддзæугæтæн. Зарæджы хъæр нал хъуыст нæ хъæутæй ,бамыр нæ хъæлæс,бакъуырма сты нæ хъисфæндыртæ.

3.Кæд искуы нæ фыдæлты туг агурат,  уæд уæ ма ферох уæнт нæ фыдгулты нæмттæ.Уыдон хуыдтой æлдæрттæ,инæлæрттæ æмæ афицертæ,ма уæ ферох уæнт не ' нусон знæгтæ;Ерыстау æмæ Мацабел æлдæрттæ.Ма уæ ферох уæнт паддзахы инæлæрттæ:Ренненкампф,Абхазов æмæ иннæтæ.Ма уæ ферох уæнт , махæн хъизæмæрттæ чи' взарын кодта,нæ хъæбулты нын Туркмæ чи уæй кодта,нæ хæдзæрттыл нын арт чи æндзæрста, нæ мæгуыр къæбæр нын нæ дзыхæй чи скъæфта,уыдон. Уæ зæрдыл сæ дарут,макуы ферох кæнут утæппæт тугкалд!

Ахуыргæнæг: Мах байхъуыстам нæ фыдæлты фæдзæхстмæ,нæ цæстытыл ауад сæ цард,сæ бирæ фыдæбон, сæ маст.Æппæт уыдæттæн æвдисæн уыдысты нæ Иры бæрзонд хæхтæ, уыдон сæ зæрдæты арф æвæрынæ фыдæлты цардыуаг.

Джусойты Нафийы абарæн ис нæ Иры бæрзонддæр хохимæ.Уый у удæгас æвдисæн нæ историйæн.

Нафи, бæрзонд хох, зарæг ,се' ппæтдæр нæ историйы цыртдзæвæнтæ!

Байхъусæм - ма романы  райдайæн: «Æгомыг зарæг» -мæ.

4..Æгомыг сты хæхтæ.Зарын нæ- зонынц ,дзурын нæ зонынц. Æрмæстдæр  æнусты сæрты хъусынц дзагъырдзастæй.

-Хъусынц сæ фæдджиты цæрæг адæммæ.хъусынц адæмы зарджытам куывдты ,чындзæхсавты,балцы…

Хъусынц адæмы хъарджытæм хистыты…

Уынынц адæмы фыдæбон…Уынынц,хъусынц æмæ зæрдыл дарын фæразынц

Æгомыг сты хæхтæ.Нæ зарынц ,нæ дзурынц,æрмæст хъусынц .Чи зоны, нæ зарынц-зæрдæ ныддур мастæй.

Ахуыргæнæг :Зæрдæмæ хъаргæ ныхæстæ…

Нафийæ хуыздæр ма чи зæгъдзæн ,чи фæхæццæ кæндзан кæсæгмæ,нæ фыдæлты тугкалæн хæстыты хабæрттæ.

 «Фæлæ туг , цы фæци ?

 Хурмæ ахсгæ,чи нæ кæны,ихы бын сæлгæ,мæры æмбийгæ,уыцы туг, фыдæлты туг!»

Хъусут фæстагæттæ?

Ацы хъарæг фæдзæхст у,нæ фыдлты сидт сæ фæстагæттæм,махмæ…

Хъусут фæстагæттæ?!

Ма  уæ ферох уæд не гомыг зарæг .Байхъусут æм уарзæгой зæрдæйæ æмæ ,кæд уæ дуг хуыздæр уа, уæд æй самонут хъæлæсыдзагæй,æргомæй æгас дзыллæты раз.

Самонут æй уæндон æмæ сæрыстырæй .Махæй,уæ фыдæлты номæй,къæмдзæстыг  никуы уыдзыстут æмæ нын рухс куы кæнат ,уæд-сæрыстырæй,чъызгæйæ нæ,нæ хъæуы, ахæм кой.

Уый уын уæ фыдæлты фæдзæхст, æнусты сæрты.

 

Ахуыргæнæг: Ацы скъуыддзаг бакæсгæй, нæ разы сæвзæрд ахæм фæрстытæ:

 

 

 

1.Цы æрцыд Чеселтгомы ?

2.Цавæр цард кодтой,цæмæн равзæрста Нафи йæ романы Чеселтномы адæмы?

3.Цæмæн у роман историон ?

Дзуаппытæ:

1.Уацмыс фыст у Хуссар ИрыстоныЧеселтгомы цардыл. Уæрæсеимæ баиуыл адæм тынг фæцин кодтой,уырныдта сæ, Уырысы паддзах сæ æлдæртты фыдмитæй бахиздзæн,фæлæ фыдæнхъæл фесты Уæлдай уæззаудæр уавæры бахаудтой Хуссар Ир. Гуырдзиаг æлдæрттæ рагæй архайдой,цæмæй хæххон  сæрибар адæмæй сæхицæн хъалондар скæной .Ныр сын фадат фæци æмæ зæхкусæг адæмыл алы фыдтæ мысын райдыдтой,паддзахы хииауадæй домдтой æфсад,  ирон абырджыты басæттынæн.

2.Хуссар Ир цардысты сæрибарæй, сæ уавæртæ сæ куыд амыдтой, афтæ. Фæлæ сæ истори ахæм уавæрты сæвæрдта, æмæ сæ бахъуыд сæ бартæ топпы дзых æмæ карды комæй бахъахъхъæнын.

 «Сæ фæндаг уыд тугзæйтыл.Се хсар æмæ лæгдзинад уыдысты сæ хъахъхъæнæг». Ардасеты Хадзыбатыр

 

3.1830 –æм азы уæлдай фыдæвзарæнтæ базæрстой Иры адæм.Уыцы иу рæстæг Цæгат æмæ Хуссармæ æрвыст æрцыдысты æфхæрæн экспедицитæ.Хъобангоммæ-инæлар Абхазов,Чеселтгоммæ- инæлар Ренненкампф.

 

Ахуыргæнæг;Райстой хæцæнгарз ,цæмæй бахъахъхъæной сæ сæрибар, сæ бартæ, сæ зæхх – ахæм у  «Фыдæлты туг»-ы сæйраг хъуыды .

Ивгъуыд æмæ абоны бастдзинад  та -уацмысы идейæ.

Чи у романы сæйраг архайæг?

 

 

5. Романы сæйраг архайджытæ сты адæм ,фæлæ се хсæн бæрæг дарынц сæ раздзæуджытæ Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега.Æмбаргæ,хиуылхæцгæ,раст адæймæгты бахъуыд сæ адæм æмæ сæ бартæ бахъахъхъæнын знагæй.

Коцты Бега-мæлдзыгæн дæр тæригъæд чи кодта ,уый ныр знагæн тæригъæд нал зоны.Нал зоны тас, фыдгулæй нæ лидзы,бацæуы лæгæй –лæгмæ тохы.Йæ диссаджы удыхъæд  раргом ис, цæф уырыссаг салдатыл куы сæмбæл,уымæй..

Æвæд миты йæ йæ йе ккой фæхаста.Уайдзæфтæ йын фæкодтой бирæтæ.  «Æмæ йын уæдæ цы кодтаин?Талынджы,иунæгæй,æцæгæлон бæсты,æнæзонгæ бынаты ,цæфæй….

Салдат у,цы кодта?»

Раст зæгъгæйæ, йæхицæн дзы цагъараг скæнынма  хъавыд,фæлæ куы бамбæрста, йæхи  хуызæн куыстæфхæрд,мæгуыр у,уæд ын æфсымæры бынаты баззад .Бургъуын-афтæ йæ рахуыдта йæ бурдзалыг сæры хилмæ гæсгæ, цалынмæ йын хъæубæсты адæм йæ ном иронау нæ рацарæзтой –Цæргæсаты Алæг. Хæсты заманы гадзрахатæй нæ рацыд æрдхордзинадыл, фалæ æрбалæууыд Бегайы фарсмæ æмæ тох кодтой мæсыгæй знаджы ныхмæ.

- Нæ урочы эпигаф  куыд æмбарут?(ахыргæнинæгтæ

      к æнынц сæхи хатдзæгтæ.)

-Нæ ныхасы темæ та цы у?

-Цæмæн у роман историон?

-Чи сты Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега, раттут сын характеристикæ.

-Цæмæн ис абарæн Нафи,бæрзонд Хох æмæ хъайтарон

Зарæгæн?

(Зарæджы фæрцы нæм æрхæццæ  Чеселтгомы сæфт,нæ фыдæлты хъæбатырдзинад).

-Цавæр адæмон хъайтарты зонут?( Гæдиатты Ц. «Хазби»-йы историон бындурыл æрдзурын)

Цы ис иумæйагæй дыууæ уацмысæн?(цыбыр дзуæппытæ).

-Зарæджы райгуырд романы.

 

6.Цы баййæфтой фосæй ,фæллойæ аскъæрдтой ,ахастой сæ.Хъæуты цъыбыртты сыгъд бакодтой, семæ акодтой цæф уацайрæгты,  стæй ноджы фæсвæд хъæуты кæй æрцахстой ахæмты цыппæрдæс лæджы.Дзауы сæ талынг чъырыны ныппæрстой хъæмпы уæлæ.Ака амард æртæ боны фæстæ, иннæтæ дæр зонынц, цы сæм æнхъæлмæ кæсы,уый.

Мæнæ сæ ракæнынц марынмæ…

Хъæндил зарæг самыдта,хъахъхъæнджытæ йа бауромынмæ хъавынц,фæлæ ма  чи хъуыста, иннæтæ бахъырныдтой,

 Зарæг атахт ахæстонæй ,æрзылд Ирыстоны кæмттыл ,æрхæццæ абон махма,æмæ йа мах дæр сисæм бæрзонд хъæлæсæй ,нæ фыдæлты ном куы фæарæм, уæд!

Афтæ знаг нæ асаста  Хуссар Ирæн сæ тых, сæ ныфс ,

сæ хъару, сæ сæрибармæ бæллын.

   Хатдзæгтæ:

1. Ирыстоны æфхæрджытæ.

2.Нæ фыдæлты удыхъæд.

3.Хъайтарон зарæджы нысаниуæг ивгъуыдæй абонмæ.

4.Национ иудзинад романы.

Хæдзармæ куыст:

Роман даррдæр кæсын.

Ныффыссын нывæцæн ;Мæ Ир,дæ цæфтæ байгас уæнт æнустæм! «Фыдæлты туг»-мæ гæсгæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Урочы темæ:Дзесты Куысдзæг «Фæндагсар       Уастыджи».

Урочы нысан:

1.Проблемон уавæртæ аразгæйæ,скъоладзауты хибарæй архайыныл ахуыр кæнын.

2..Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзурын.

 

Райхалинаг фарстатæ:

1.Хæхбæсты зын уавæртæ,фæндаджы нысан  царды.

2.Уазæгæн лæггад кæнын ирон адæммæ.

 

Эпиграф; «Цæйнæфæлтау мæ цæсгом мæхи раз чъизи уа,цæрæнбонтæм ,фæлтау…»

 

Урочы хъомыладон куыст: «Мæгуыр уый у,æмæ бирæ адæмы æхсæн дæр иунæг чи вæййы…»

 

Урочы хуыз: традицион урок.

 

                            Урочы цыд.

Организацион хай.

Ног æрмæгыл куыст.

-Раргом кæнын Дзаххо æмæ Дзитæйы сусæгдзинад.

-Цавæр фæндтæ сæм ис,кæмæй æмбæхсынц?

-Ахуырдзауты дзуæппытæм байхъусын:

1.Уазæгæн лæггад кæнын ирон адæммæ фыдæлтæй баззад Дзаххо Хуссар Ирмæ куы æрæфтыд ,уæд æй ничи бафарста йæ æрцыды аххосагæй,кæд æй æмбæрстой уæддæр.Æхсæйнаг хъæу æй райста ,куыд æфсымæр афтæ, уæлдайдæр та Лæджыгаты Гæвди.

-Дзаххо ныллæууыд фæндагаразæгæй.Йæ зæрдиаг куыст,йæ адæймагдзинадæй фыццаг бонæй йæхи  афтæ бауарзын кодта комбæстæн,æмæ йæ кæд зыдтой цавæрдæр сусæгдзинад æмбæхсы ,уæддæр æй ничи бафарста (æгъдаумæ гæсгæ та?)             

- Уæдæ Дзитæ та?Уæздан,куыстуарзаг сылгоймаг,цы бафæрæзта бæлццæтæн лæггад кæнын.Уый куыд арæхст къуымбилы куыстмæ,æгас комы кæмæн нæ бахуыдта нымæт худ æмæ кæрц ,ахæм нæ разынд.

-Дзаххойы фæзминаг хъуыддæгтæ бирæ сты:кусаг ,рæстдзинадыл хæст,лæггадгæнаг,уый  фæндагмæ куыд зылд,бæлццæттæн куыд лæггад кодта,уый та иннæ..

- сæ куысты фæрцы сæхицæн хæдзаргонд скодтой æфцæджы бын (Фыццаг зымæг . Дардбæстаг уазджытæ)цыбыртæй радзурын.

_Дзаххо геологтæн раргом кодта йæ фырты хабар.

-Дарддæр абарын «Хорхæссæг » æмæ дæсæм хайы зын уæвæры бахауæг бæлццæттимæ.

-Дзаххо куыд фенкъары бæлццæтты уавæр?

-Дзитта куыд фенхъæлмæ кæсы йæ мойы æрцыдмæ?

-11 хай «Фæрнджын лæг æнамонд никæд вæййы»

-Йæ фыртимæ фембæлд бакæсын,анализ скæнын.

-6 хай «Хæрзбон, хорз адæм»-ы раргом кæнын Дзамболаты хабæрттæ(сæхи хъуыдытæ цыбыртæй)

-1937 азы фыссæг йæхæдæг цытæ бавзæрста Сыбыры хасты,уымæй конспет бакæсын.

 «Зæрдæйы ностæ»-Куыдзæджы хифыст боныг равдисы ахуыргæнæг,  æрдзуры репресийы азары кæй бахауд фыссæг йæхæдæг_дæр ,ууыл.

-Цæмæ ахауд Дзамболат Сыбырмæ?

-Куыд суæгъд æмæ сыздæхт сæхимæ?

-Куыд ссардта йæ мад æмæ йæ фыды?

 

          

 

 

 

 

-Хъомыладон куыст бакæнын.

 

-Уазæг- цыты уазæг.

-Куыст –цардæн фæрæз.

-Мады зæрдæ никуы сайы.

-Дæхи куыд равдисай ,афтæ дæ райсдзысты адæм.

 

   Хатдзæгтæ:

-Æлдæртты фыдмитæ ирон литературæйы (абарст).

-Эпиграф æмæ уацмысы бастдзинад.

 

 Хæдзармæ куыст:

 «Дзамболат ног дуджы минæвар».Дзургæ нывæцæн.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                 Урочы темæ:

       Æгънаты Гæстæн «Фæстаг бæх».

 

    Урочы хуыз: урок- тæрхон.

 

     Урочы нысан:

1.Проблемон уавæрæм гæсгæ хибарæй кусыныл ахуыр кæнын.

2.Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæст

 

Райхалинаг фарстатæ:.

1.Уацауы мидис раргом кæнын.

2.Техникæйы ахадындзинад царды.

3.Хистæртыл аудын,кад кæнын, буц дарын.

 

Урочы хъомыладон куыст:

 « Скъола лæггæнæг нæу, дæ сæры дын зонд нæ ныссадздзæн,дæ зæрдæ дын нæ раивдзæн.Адæмы бамбарын,адæмæмимæ цæрын- уый тыххæй стыр скъола фæуын нæ хъæуы,уыдон гæххæтты иу ран дæр фыст не сты- туджы хъуамæ уой,адæймагæн йемæ райгуырой».

 

Эпиграф: «Чингуытæ хорз сты ,фæлæ цардæй се хсæн тыгъд быдыр и».

                      Урочы цыд:

Организацион хай.

Кълас дыууæ дих фæци,сæхицæн радтой нæмттæ:

1-аг цæрææгойтæ хъахъхъæджытæ.

2-аг технктæ.

Тæрхон.

Адвокат.

Секретарь.

Тæрхон. Нæ абоны æрбадты мах æвзарæм æвирхъау хъуыддаг,кæцыйæн царды нæй хатыргæнæн.

Чи загъта æмæ ,зæрондæн нæй бынат ног æхсæнады?

Чи загъта æмæ трактортæ æмæ машинæта кæм ис, уым  бæх  нал хъæуы?Фыдæлтæй нырмæ бæх æмæ хъуг хæдзардарæг уыдысты, уæд ныр цы рцыд нæ адæмыл,цæмæн афтæ суæлæхох сты фосыл ,æви æндæр сусæгдзинад æмбæхст ис ацы хъуыддаджы ,уый равзарæм.

Секретарь.Ныхасы бар лæвæрд цæуы зианджынтæн,хабарæн æвдисæн чи уыд,уыцы чысыл Ирбегæн.

Тæрхон. Радзур дæхи цæстæй цыдæиддæр федтай уый ,æрмæст сайгæ ма фæкæн.

Ирбег.Уыцы райсом мæ дада æмæ Згъаримæ ацдыстæм колхозмæ. Дада уыд хъæлдзæг, цæрдæг, никæй зæрдæ йæм фехсайдтаид, ахæм хабарæй. Уæдæ Згъарæй та уый чи ахъуыды кодтаид, æмæ æхсæнадæн зианхæссаг у. Фермæмæ куы бацыдыстæм, уæд Бæппу йæ куыстыл æрлæууыд. Æз та кæрчыты фермæты раз фехъуыстон Мишæ Заретæйæн куыд æппæлыд, абон хъуамæ Згъары амара ,уый.

Тæрхон. Дарддæр цы бакодтай?

Ирбег. Æз ницыуал базыдтон фыртæсæй,алыгътæн Бæппумæ æмæ йын рахабар кодтон, уый мæм худгæ æрбакаст, ма дам тарс, уымæн уæвæн нæй,зæгъгæ.

Секретарь. Ныхасы бар ног технологитæ хъахъхъæнджытаæн.

2-аг къорд. Мах разы не стæм Мишæйы  кæй зылын кæнынц Хъуыдæйнæты мæлæты. Мишæ нæу аххосджын, цард размæ цæуы ,фæзынд ног техникæ,трактор баивта бæхты, галты. Згъар та уыд тынг зæронд,æнæпайда æмæ йæ уый тыххæй сфæнд кодта амарын. Мишæ сабырæй бамбарын кодта Хъуыдайнатæн хабар, фæлæ уый не сразы ис æмæ уым аххосджын ничи у.

1-аг къорд. Зæрдæ ныррызт уæ ныхæстæй. Уый цавар техникæты кой кæнут, кæд уыдис æмæ бæх базæронд æмæ йæ марын хъæуы. Зыгъар кæд зæронд уыд, уæддæр уыд фыццаджыдæр удæгас, дзургæ нæ кодта, уый йеддæмæ уый хорз кæмæн нæ фæци, ахæм нæй нæ хъæубæсты (æрдзуры  Зыгъары бирæ лæггæдтыл).

-Хъуыдайнæты хъæубæстæ зонынц æгъдауджын æмæ раст лæгæй. Йæ азтæй йын кæд нæ фефсæрмы кодта, уæддæр Фыдыбæстæйы стыр хæсты инвалид кæй у,уымæй дæр нæ фæхатыр кодта. Кæм ис фыст, адæймаджы мæрдтæм барвит æфтиаджы тыххæй. Мишæ Зыгъары мардта фыцаджыдæр Хъуыдайнæтмæ хаста маст, (радзуры цæмæн хæссы маст,уыдæттæ) дыккаджы та йæ хъуыд царм , æндæр бамбарæн нæй ацы хабарæн. (Ныхасы бар ракуры Ирбег, уый радзырдта лыстæггай хабæрттæ, Мишæ куыд æгъатыр æмæ фыдмардæй амардта Згъары. Хъуыдайнат  æмæ Згъар куыд кастысты кæрæдзима, куыд дзы куырдта æххуыс, уыдæттæ.)

Тæрхон. Ахæм хабарæн хатыр нæй, кæд æцæг афтæ у, уæд ма ныхасы бар раттæм Мишæйæн, байхъусын æм кæддæра уый та куыд сраст кæнид йæхи, йæ цæсгом ын цас бар раттид.

Мишæ: (кæд нырыонг схъæл уыд, уæд ыл ныр бæрæг у, тас дзы кæй бауыд, уый.) Радзуры, цард размæ кæй цæуы, зæронд хабæрттæ хъуамæ ныууадзæм æмæ архайæм ногдзинæдтыл. Зын ын кæй у талынг адæмимæ, стæй Зыгъар пайда кæй нал хæссы, цалдæр аз йын байраг кæй нæ цæуы, уыдæттæ.

 Бакæсын скуыддзаг (Згъар йæ байраджы сæфтыл кæм кæуы. )Кæуынц кæрæдзиуыл Зыгъар æмæ Хъуыдæйнат; бамбæрстой сæ фæстаг æмбæлд кæй у, уый.

 Тæрхонгæнæг р ахæссы тæрхон Мишæйæн фондз азы ахæстон. (бафхæры Мишæйы, тызмæг ныхæстæ йын фæкæны.)

                                         Хатдзæгтæ:

-Скъола хорз у, фæлæ лæггæнæг нæу, цæмæн?.

-Хицæуттæ æмæ сæ дæлбартæ.

-Заретæ-æвдисæн æппæт хабæрттæн.(подозрительное лицо.)

-Æгомыг фосæй- фосдæр, Мишæйы хуызæттæ.

-Хистæры фарн –мæрдтæм нæ цæуы.

-Зыгъар æмæ Хъуыдайнат ног цардæн зиан æви бындур…

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                         

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                              31 –æм скъолайы ахуыргæнæг

                                                                    Цæриаты Тинæ

        «   Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут?»

                Сценари «Ирон æвзаджы бон» -мæ.

1.         Адæймаг куы райгуыры, куы фены рухс, уæд йæ цардимæ иумæ райсы тæккæ зынаргъдæр мулк – Мадæлон æвзаг. Уый йын ваййы иу, æндæр ын никæд уыдзæн.

Нæ зæгъдзыстæм, - Ома, ирон æвзаг иннæ æвзæгтæй хуыздæр у, ирæттæ та иннæ адæмыхæттытæй хуыздæр сты. Фæлæ нын мачи бауайдзæф кæнæд,нæ уарзон адæм нæм хæстæгдæр кæй лæууынц, стæй сæ уарзгæ дæр фылдæр кæй кæнæм, уый тыххæй.

2.         О, мах уарзæм уыцы адæмы, кæцытæ дзурынц нæ рæсугъд æвзагыл æмæ сæрыстырæй хæссынц аланты ном:

1.      Æнæбасæтгæ Цæразон Сослан-Дауыт æмæ генион фыссæг Хетагкаты Къоста;

-Зындгонд ахуыргонд Уасо Абайты æмæ Граждайнаг хæсты легендарон хъæбатыр Хаджи – Мурад Дзæрæхохты ;

2.-Кадджын æфсадхон Плиты Иссæ æмæ таурæгъон Хаджи – Умар Мамсыраты;

1. – Æвзыгъд Отелло -Тæбæхсæуты Бало æмæ дунейы фыццаг сылгоймаг – дирижер Дудараты Вероника;

2. –Арктикæйы джигит Кучиты Юрии æмæ балеринæ Адырхаты Светлана.

1. –Æнæхъæн дунейы зындгонд бæхылбадæг Гуцаты Агубе æмæ фыццаг бæхты цирк саразæг Хъантемыраты Али-Бек;

2.-Нæ «Хъазыбег – Хох» - Домбай богал Хъаныхъуаты Бола æмæ Олимпиадæйы дыууæхатты уæлахиздзау Андиаты Сослан.

1.-Народы можно делить на большие и малые. К языкам такое решение не применимо. Каждый язык велик для своего народа. У каждого из нас есть сыновий долг перед народом, нас породившим, давшим нам самое большое свое богатство – свой язык, хранить чистоту его, приумножить богатсво его. Смерть какого-либо языка означает смерть народа, а кто заинтересован в том, чтобы вымирали народы, каждый со своей неповторимой индивидуальностью, со своей самобытной культурой. Никто кроме каких-нибудь расистов.

    Дерево рушится, если подсечь его корни в земле. Язык погибает, если подсечь его корни в семь. Вот почему для каждого осетина должно быть законом: хранить и беречь родной язык в семье.

                       «Мужество»    Къадзаты Станислав.

Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут?

Куы нæ йын сты мин азтæ дæр фаг!

Цæры ма уым нæ фыдæлты нæргæ дуг,

Нæ фидæнмæ дæр уый кæны фæндаг.

Æз та йæ уæдæ афтæ зæгъин абон:

Уæд алы бон дæр не взагæн йæ бон!

Уыдзæнис уæд æвидигæ нæ амонд,

Йæ рухсæй ифтонг зæрдæ æмæ зонд.

Уадз абуха нæ горæттæ, нæ хъæуты –

Æхсæв уа, бон æхсæрдзæнау хърæй!

Ныхаса сасмау сомбоны фæлтæрты,

Æнæ уымæй ирон адæм дæр нæй.

                                       Æхсар Кодзати

Телеграмма отчаяния Богу

Все крови нашей мало супостату

Найди отвагу, родина, и силы:

Кто чует нашу боль в огромном мире?-

Нет ни друзей у нас, ни кровнх братьев.

Как ни взывай к любым земнын сардарам-

Генсекам ли, Премьерам, Призедентам,

Кому еще?..- на этом горьком свете

Одни остались мы на дне кошмара.

 Ты всемогущ, о Господи, и если

Есть справедливость меж землей и небом,

То это ты, Господь. Да только есть ли?..

Мрак ослепляет душу супостата.

Так озари же разум тех, кто слепы,

Добром и светом и лиши их яда.

                                  Мадæлон æвзаг (Расул Газатов)

Фын алкæд дæр лæджы æфтауы дисыл.

Æз федтон фын: мæ мæлæт мæм æрцыд.

Мæ уд æз истон иу тæвд боны мбисыл

Дагъистаны, нæмыг мæ риуы уыд.

Хæл-хæлæй тахт хæххон суадон мæ цурты.

Нæ хъуыдтæн никæй, ферох кодтой мæн..

Хуыссын æнцад мæ гуырæн зæххы дуртыл /

Æмæ – рæхджы мæ мард сыджыт уыдзæн.

Цыма мæлын, æмæ мын ничи зоны

Мæ сæфты хабар, -нал хъуысы мæ хъæр,

Æрмæст ныууасынц цæргæстæ бæрзондæй

Æмæ ныннæтынц хъуазтæ та кæмдæр.

Æмæ кæуæг мæныл нæ зыны абон,

Æрыгонæй æдзард кæй фæдæн æз,-

Нæдæр мæ мад, нæдæр хæлар, нæ – уарзон,

Нæй, нæй, нæ хъуысы хъарæджы хъæлæс.

Гъе афтæ мардтан, цардæй кодтон хицæн.

Æваст дын хъусын: адæм мæм æввахс

Æрбацæуынц æмæ кæнынц сæхицæн

Раст ме взагыл – авайрагау ныхас.

Куыд хъуыстон дзурын мадæлон æвзагыл,

Уæд кодтон æз æгас, улæфгæ – фаг,

Уæд бамбæрстон: мæ хосгæнæг у рагæй…

Чи? Дæсны? Дохтыр?-

 Мадæлон æвзаг!

Ис  ахæмтæ, сæ низы хай сын райсы

Кæйдæр æвзаг, -ды уыдонæй нæ дæ.

Æмæ кæд ме взаг фесæфдзæни райсом, Уæд абон æз мæлæтма дæн цæттæ.

                                      Мамсыраты Музаффар(Стамбул)

Ис æвзагæй нал дзурæм иронау,

Ис хъæбулæй не взаг у æвæд,-

Стыр уырысæн нал хизæм йæ ронæй,

Удæй ма куыд уæм  Ирæттæ уæд!

«Макæй уарзæм» - афтæ æз нæ дзурын.

Фæлæ уарзтæй хъуама ма уæм куырм.

Зæрдæ дæр цы риуæн равзæрд хурау,

Рухс кæнæд æппæты фыццаг уым!

                             Ирон æвзаг (Тасойты Роберт)

Мæ ирон æвзаджы – мæ фыдæлты фарн,

Мæ сагъæс, мæ бæллиц, мæ зæрæйы хъарм.

Мæ мæсыг, мæ цæссыг,

Мæ цыт у, мæ кад.

Æнæ уый нæ бæстыл

Æлгъыст у мæ цард.

Мæ уды уидæгтæ – фыдæлтима баст.

Мæ фыдæлты рухс ном – мæ кадæг, мæ уарзт.

Алантæ – сæрбæрзонд, фæзминаг цытæн.

Ныууагътой мын се взаг.

Æнæ уый цы дæн?

Æрдæгхæлд – мæ мæсыг, о,

Уый у мæ маст.

-Мæ Хуыцау, мæ раттæг,

Дæумæ у мæ каст..!

- Сты зонды уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,

Нæ дзы взарын хæстæг æмæ дæрддаг,

Фæлæ ныххойыс зæрдæйы  къæсæртæ

Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг.

                                            Астемыраты И.

 Ды арвы цæссыг. Уый ныхмæ цы сты

Æнуд æнтæф, сындзы арт æмæ уадæг,

Ды дæ нæ туг, нæ уды рухс, нæ кадæг,

Нæ фарны гæнах,сыгъд  æмæ хæсты.

                                    Джыккайты Шамил

Осетинсеий язык- это лестница, с помощю которой мы с кавказских вершин сквозь тысячилетия видим прородину современного индоевропейского мира –Арию, а с высоты скифских курганов можем взойти на Вавилонскую башню и заглянуть в эгипедские пиромиды.

                                                         Амурхан Торчинов

Сæ къух нæ лæвæрдой тæппудмæ

Фыдæлтæ-ссарда-иу фыдæх…

Сыгъзæринкоцора лæппутæй

Нырма нæ равдæлон нæ зæхх.

О,знæт кадæн,сæ цытæн

Нырма нæ бамынæг йæ ном,-

Лæууынц, фыдæлтыккрн бæрцытау,

Нырма нæ байзæттаг æнгом.

Нæ фарн бæзонддæр у цъæх арвæй,

Æмæ куы бахъæуа æхсар,

Уæд зæххы саумылазон арфæй

Нæ уидаг суадздзæни æвзар.

                                        Ходы Камал

-Арæх фæзæгъынц,ирон æвзаг, дам, Елхоттæй дарддæр нæ хъæуы, зæгъгæ , ныр цы æвзагæй дзурæм,уый Елхотмæ дæр нал хъæуы.(Сцекæ…)

- Уалынмæ фæзынд « Ирон фæндыр».Фехъуыстам арвы хъæрау хæсты додой, бамбæрстам адæмы катай.Йæ дзырд сæ уды уд,йæ хъуыды –нæ хурты хур.Арфæйы дзырд къордтæй скодта ,цардаразæг сæрибар адæм.

,мах сæрыстыр стæм уыцы адæмæй,кæцы Сарæзта уыцы цыртдзæвæн-Дунейы  цивилизацийы шедевр-Нарты эпос æмæ дунейы æмбал кæмæн нæй, уыцы Хуыцауæй лæвæрд кафт-Симд.

         Мах сæрыстыр стæм, уыцы адæммæ кæй хауæм , уымæй,кæцы йæхи хоны Ирон ,йæ бæстæ та-Ирыстон!

    Фæнды нæ,цæмæй ирон фæндыр æмæ ирон æвзаджы зæлтæ хъуысой алы ирон хæдзарæй дæр!

Фæрнæйдзаг уæд нæ ИРЫСТОН!!!

 

 

//*

                 «Мæ уарзон Ирыстон ,дæуыл у мæ зарæг!»

(Сценæйы иуæрдыгæй бадынц чызджытæ,цæгъдынц фæндырæй.Иннæрдыгæй лæппутæ цæуылдæр быцæу кæнынц .

1-      аг лæппу( рахызт сæ цагъд сын фæурæдта æмæ зæгъы)Хорз фæсывæд!Фæдырыл цæгъдын хорз у  ,кафын зарын хорз зонæм,суанг ма нын фæсарæйнаг кафт æмæ зард хæстæгдæр сси нæхиуæттæ.Фæлæ-ма акæсæм, абон ирон æвзаджы бон æмæ невзагмæ куы ркæсиккам…

2-      аг лæппу О.ма тыхс!Ирон æвзагæн сæфæн нæ.,Уый дæ хуызæтты уырны,фæлæ ахæм фæсивæд кæм рæзы ,уыцы адæм/н фæцудæн нæй.Уый Къостай,Васойы æвзаг у.

1-  аг лæппу Уадз-ма,зонын æй цахæм ахаст ис не взагмæ,æз дæр æй æмбарын æмæ уынзæгъын фидарæй сæфтмæ кæйцæуæм, уый.

2-  Аг лæппуУæдæ кæс æмæ уый фæстæ дзурдзыстæм

 


Урочы темæ: Дхусойты Нафи«Фыдæлты туг»

Урочы темæ: Дхусойты Нафи«Фыдæлты туг»

Кæнæ цагъары цард, кæнæ цæттæ мæлæт салдаты арцæй,сармадзаны нæмыгæй

Кæнæ цагъары цард, кæнæ цæттæ мæлæт салдаты арцæй,сармадзаны нæмыгæй

Нафи, бæрзонд хох, зарæг ,се' ппæтдæр нæ историйы цыртдзæвæнтæ!

Нафи, бæрзонд хох, зарæг ,се' ппæтдæр нæ историйы цыртдзæвæнтæ!

Цы æрцыд Чеселтгомы ? 2.Цавæр цард кодтой,цæмæн равзæрста

Цы æрцыд Чеселтгомы ? 2.Цавæр цард кодтой,цæмæн равзæрста

Романы сæйраг архайджытæ сты адæм ,фæлæ се хсæн бæрæг дарынц сæ раздзæуджытæ

Романы сæйраг архайджытæ сты адæм ,фæлæ се хсæн бæрæг дарынц сæ раздзæуджытæ

Цы баййæфтой фосæй ,фæллойæ аскъæрдтой ,ахастой сæ

Цы баййæфтой фосæй ,фæллойæ аскъæрдтой ,ахастой сæ

Урочы темæ:Дзесты Куысдзæг «Фæндагсар

Урочы темæ:Дзесты Куысдзæг «Фæндагсар

Уæдæ Дзитæ та?Уæздан,куыстуарзаг сылгоймаг,цы бафæрæзта бæлццæтæн лæггад кæнын

Уæдæ Дзитæ та?Уæздан,куыстуарзаг сылгоймаг,цы бафæрæзта бæлццæтæн лæггад кæнын

Хъомыладон куыст бакæнын. -Уазæг- цыты уазæг

Хъомыладон куыст бакæнын. -Уазæг- цыты уазæг

Урочы темæ: Æгънаты Гæстæн «Фæстаг бæх»

Урочы темæ: Æгънаты Гæстæн «Фæстаг бæх»

Тæрхон. Нæ абоны æрбадты мах æвзарæм æвирхъау хъуыддаг,кæцыйæн царды нæй хатыргæнæн

Тæрхон. Нæ абоны æрбадты мах æвзарæм æвирхъау хъуыддаг,кæцыйæн царды нæй хатыргæнæн

Зæрдæ ныррызт уæ ныхæстæй. Уый цавар техникæты кой кæнут, кæд уыдис æмæ бæх базæронд æмæ йæ марын хъæуы

Зæрдæ ныррызт уæ ныхæстæй. Уый цавар техникæты кой кæнут, кæд уыдис æмæ бæх базæронд æмæ йæ марын хъæуы

Хатдзæгтæ: -Скъола хорз у, фæлæ лæггæнæг нæу, цæмæн?

Хатдзæгтæ: -Скъола хорз у, фæлæ лæггæнæг нæу, цæмæн?

Цæриаты Тинæ « Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут?»

Цæриаты Тинæ « Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут?»

Зындгонд ахуыргонд Уасо Абайты æмæ

Зындгонд ахуыргонд Уасо Абайты æмæ

Смерть какого-либо языка означает смерть народа, а кто заинтересован в том, чтобы вымирали народы, каждый со своей неповторимой индивидуальностью, со своей самобытной культурой

Смерть какого-либо языка означает смерть народа, а кто заинтересован в том, чтобы вымирали народы, каждый со своей неповторимой индивидуальностью, со своей самобытной культурой

Уыдзæнис уæд æвидигæ нæ амонд,

Уыдзæнис уæд æвидигæ нæ амонд,

То это ты, Господь. Да только есть ли?

То это ты, Господь. Да только есть ли?

Нæдæр мæ мад, нæдæр хæлар, нæ – уарзон,

Нæдæр мæ мад, нæдæр хæлар, нæ – уарзон,

Ис хъæбулæй не взаг у æвæд,-

Ис хъæбулæй не взаг у æвæд,-

Уый у мæ маст. -Мæ Хуыцау, мæ раттæг,

Уый у мæ маст. -Мæ Хуыцау, мæ раттæг,

Вавилонскую башню и заглянуть в эгипедские пиромиды

Вавилонскую башню и заглянуть в эгипедские пиромиды

Арæх фæзæгъынц,ирон æвзаг, дам,

Арæх фæзæгъынц,ирон æвзаг, дам,

Мæ уарзон Ирыстон ,дæуыл у мæ зарæг!» (Сценæйы иуæрдыгæй бадынц чызджытæ,цæгъдынц фæндырæй

Мæ уарзон Ирыстон ,дæуыл у мæ зарæг!» (Сценæйы иуæрдыгæй бадынц чызджытæ,цæгъдынц фæндырæй

Аг лæппуУæдæ кæс æмæ уый фæстæ дзурдзыстæм

Аг лæппуУæдæ кæс æмæ уый фæстæ дзурдзыстæм
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
25.11.2021