Ирон литературæйы урок 5-æм къласы Темæ: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?»

  • Разработки уроков
  • rar
  • 13.06.2018
Публикация на сайте для учителей

Публикация педагогических разработок

Бесплатное участие. Свидетельство автора сразу.
Мгновенные 10 документов в портфолио.

Урочы нысантæ: 1. Бæстон æрдзурын Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-ы сæйраг хъуыды. Æрдзурын адæймаджы æппæрццæг æмæ æвæрццæг миниуджытыл. 2. Бакусын ныхасы рæзтыл. 3. Сывæллæтты зæрдæты æвзæрын кæнын æнæуынондзинад тæппуддзинадмæ, æгуыдзæгдзинадмæ. Урочы фæлгонц: ахуыргæнæн чингуытæ, къухмæдæтгæ æрмæг, сывæллæтты нывтæ, мæсыджы ныв. Техникон фæрæзтæ: компьютерон тест программæ «Генератор тестов»-ы, презентаци Урочы эпигрæф: Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд. (æмбисонд)- Скъоладзаутæ, абоны урокмæ уын æрбахастон не скъолайы рауагъдон Гогаты Мараты конд ныв. Нывгонд дзы ис нæ фыдæлты мæсыг. Йæ ном у Кады мæсыг. Фæндаг æм ис ссарæн æгъдау, æфсарм, кад æмæ зонды руаджы. Мæсыджы алы дур дæр хæссы нæ Ирыстоны номдзыддæр хъæбултæй иуы ном. Бындурмæ цы дуртæ сты хæстæгдæр , уыдон сты нæ фыдæлты разагъды лæгтæ.
Иконка файла материала хъандил-_чермен.rar