: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).
Оценка 5

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

Оценка 5
Разработки уроков
docx
чтение
5 кл
02.06.2018
: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд  «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).
Урочы нысантӕ: 1. Бæстон æрдзурын ӕмӕ бамбарын Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-ы сӕйраг хъуыды. Æрдзурын адӕймаджы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццӕг миниуджытыл. 2. Бакусын ныхасы рæзтыл. 3. Сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын ӕнӕуынондзинад тæппуддзинадмæ, æгуыдзæгдзинадмæ. Урочы фӕлгонц: ахуыргæнæн чингуытӕ, къухмӕдӕтгӕ ӕрмӕг, сывæллæтты нывтæ, мæсыджы ныв. Техникон фæрæзтæ: компьютерон тест программæ «Генератор тестов»-ы, презентаци Урочы эпигрӕф: Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд.Урочы фӕлгонц: ахуыргæнæн чингуытӕ, къухмӕдӕтгӕ ӕрмӕг, сывæллæтты нывтæ, мæсыджы ныв. Техникон фæрæзтæ: компьютерон тест программæ «Генератор тестов»-ы, презентаци Урочы эпигрӕф: Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд.
конспект урока.docx
Челдыты Мæдинæ  Алагиры районы Црауы скъолайы ахуыргæнæг Ирон литературæйы урок 5­æм къласы Темӕ: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд  «Хъӕндил»­мæ гæсгæ). Урочы нысантӕ: 1. Бæстон æрдзурын ӕмӕ бамбарын  Мамсыраты Дæбейы радзырд  «Хъæндил»­ы сӕйраг хъуыды.  Æрдзурын адӕймаджы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццӕг миниуджытыл. 2. Бакусын ныхасы рæзтыл.  3. Сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын ӕнӕуынондзинад  тæппуддзинадмæ, æгуыдзæгдзинадмæ. Урочы фӕлгонц: ахуыргæнæн чингуытӕ, къухмӕдӕтгӕ ӕрмӕг,  сывæллæтты нывтæ, мæсыджы ныв. Техникон фæрæзтæ: компьютерон тест программæ «Генератор тестов»­ы, презентаци  Урочы эпигрӕф:                       Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд. (æмбисонд) Урочы цыд: 1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг 2. Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урочы архайынмӕ. ­Сывӕллӕттӕ, бакӕсут­ма фӕйнӕгмæ (слайд 1).  Нывгонд дзы  сты Ирыстоны къӕдзӕхтӕ. Урочы  кӕрон алчи йӕхицӕн куыд бакуса, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕрдзӕн бӕрӕггӕнӕн. Къӕдзӕхтӕ сты ӕртӕ:  дӕлдӕр цы къӕдзӕх  ис, уый  у бӕрӕггӕнӕн   «3» , астӕуккаг ­ «4», ӕппӕты уӕллаг­  «5». ( Скъоладзаутæ ныхасдзысты нывгонд къӕдзӕхтыл стъалытæ æмæ афтæмæй Ирыстоны хæхтæ  сфидаудзысты се ‘нтыстытæй).  ­ Нæ урочы райдиан бакæсдзыстæм цыбыр сценкæмæ… («Хъæндил»­æй ист 1 хай). ­ Ацы скъуыддзагмӕ бакӕсгӕйӕ  зӕгъут, цавӕр миниуджытӕй хайджын у  сӕйраг архайӕг? Уæ  зæрдæмæ фæцыд? Цы фæцыд, цы нæ фæцыд? Цæуылнæ? ( Сценка фенгæйæ дзурынц  сæ хъуыдытæ).  Слайд 2      ­ Литературæ у царды айдæн, фысджытæ сæ уацмысты равдисынц царды ирддæр фæзындтæ, аив   æмæ æнаив фæлгонцтæ. Аив фæлгонцы мах цавæр  миниуджытыл  фембæлæм? (  Æвæрццаг  миниуджытыл)   Æнаив фæлгонцты та?( Æппæрццæг ) ­ Акæсæм­ ма нæ алыварс дунемæ. (Слайд 3) Мах  цæрæм  Ирыстоны хæхты хъæбысы.  Нæ алыварс  рæсугъд хъæдтæ,урссæр хæхтæ, фынккалгæ цæугæдæттæ, алыхуызон зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ.  Зайæгойты дуне дæр æмæ цæрæгойты дуне дæр хæрынц æмæ рæзынц. Адæймаг дæр вæййы чысыл саби, уый фæстæ йыл азтæ куыд цæуынц, афтæ рæзы. Йæ рæзынæн цы хъæуы?....Хæрын йеддæмæ цымæ ницы хъæуы?....Уæдæ уый зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ рæзынц æнæ мæт, æнæ сагъæсæй, фæлæ махæн,  адæмæн, афтæ цæрæн нæй. Уæдæ куыд ис схонæн нæ абоны урочы темæ? Цавӕр нысантӕ сӕвӕрӕм  нӕ размӕ абоны урокæн? Слайд 4 – 5.  Эпигрӕф:                       Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд. (æмбисонд)            слайд 6 3. Хæдзармæ куыстæй фæрсын.  ­ Скъоладзаутӕ,  ацы  урокмӕ уын хæдзармæ куыстæн  цы лӕвӕрд уыд? ( Ныффыссын нывæцæн    «Хъӕндилимӕ ныхас» кӕнӕ скӕнын иллюстрацитӕ  радзырдмӕ. Сывӕллӕттӕ цалдӕрай кӕсынц сӕ   нывӕцӕнтӕ, сӕ нывтӕ ӕмбарын кӕнынц.) ­Уӕдӕ мах абон нæ ныхас дарддæр кæндзыстӕм Мамсыраты Дӕбейы радзырд «Хъӕндил»­ ыл .   Хуыздӕр   бацархайдзыстӕм сæйраг архайæджы  миддуне  бамбарыныл.  Слайд 7. ­ Зæгъут­ма, Дæбейы сфæлдыстадимæ раздæр зонгæ уыдыстут? Цавæр уацмыстæ йын зонут?  («Хърихъупп Бипп­Бипп»…)       ­ «Хъæндил»… «Хъæндил» (Слайд 8)… Цавæр диссаджы ном у уый?( Сывæллæттæ              дзурынц сæ хъуыдытæ)  ­ Куыд уӕм кӕсы,  йӕ радзырд Дӕбе афтӕ цӕмӕн схуыдта?  ­ Ном Хъӕндил уæ зæрдæмæ цæуы? Цӕуылнӕ?        ­  Йе’ цӕг ном та куыд хуыйны?           ­ Сослан, ном дыл чи сæвæрдта?  (Номæвæрыны æгъдауыл æрдзурын. )   ­ Ирон хъӕбатыртӕй та Чермен ном  чи хаста ?  Слайд 9 ­ Цы зонут Чермены тыххӕй?   Цавӕр таурӕгътимӕ базонгӕ стӕм 5 къласы Чермены тыххай?   ­Уæдæ цавæр хъуамæ уа æцæг ирон нæлгоймаг? ­Уӕ дзуапп  баххӕст кӕндзӕн Томайты Вероникӕ .( Æвдисын Чермены зарæгмæ гæсгæ видео).  ­ Зӕгъут­ма, Чермен ном хӕссыны аккаг у сӕйраг архайӕг ӕви нӕ? Цæуылнæ? Хъӕндил ном та йыл  цӕмӕн ныффидар?  ­ Цавæр нæмтты ‘хсæн равзæрстой ном Чермен? Цы зонут уыцы номдзыд нæлгоймæгты  тыххæй?  Слайд 10 ­ Ахæм ӕгуыдзӕг кӕй уыд, уый йӕхи аххос у,  ӕви ма дзы ис аххосджынтӕ? Ссарӕм уыцы бынат   тексты ӕмӕ йӕ бакӕсӕм.  ­Уæ зонгæтæй , мыййаг, Хъæндилы хуызон исчи ис? Цы сæм ис иумæйагæй ? (Æрдзурын)       4.  Аулæфты минут.      ­ Цавæр куыстытæм кодта зивæг Хъæндил?  ( Скъоладзаутæ æвдисынц хос  куыд кæрдынц, суг куыд сæттынц, мæкъуыл куыд амайынц…).  5. ­ Цавӕр ӕмбисӕндтӕ  ӕрлӕууыд уӕ зӕрдыл урочы темæмæ гæсгæ?  Слайд 11. Зивӕггӕнаджы гуыл хомӕй баззад. Куыст  цардӕн – фӕрӕз. Магуса – ӕввонгхор.  Куыстӕн йӕ сӕр сындз, йӕ бын – сой. Йӕ зивӕджы­ йӕ мӕлӕт.  Дзурын таурæгъ «Æртæ æфсымæры».  6. Къорды куыст.  Алы къордӕн дӕр  ис  хӕслӕвӕрдтӕ. Слайд 12. Лæвæрд дзырдтæн сæ бакомкоммæ ныффыссын сæ антонимтæ: 1 къорд . Магуса­кусаг Æгад –кадджын Тæппуд­  хъæбатыр Æвзæрдзинад –хорздзинад Дзырдтæй иуимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад. 2 къорд Кусынц генераторимӕ.                                                                      3 къорд  Уырыссаг кæнæ фæсарæйнаг литературæйы ацы радзырдмæ хæстæг цы уацмыс ис, уый æрхъуыды кæнын  æмæ йæ цыбырæй радзурын.  7. Синквейн  (слайд 13):  1. Хъæндил 2.   Тæппуд, зивæггæнаг 3.   Зивæг  кæны, тæрсы, хæры 4.   Тæппуддзинад æгад у. 5   .Саск (уырынгон) ­ Уæдæ цы у  радзырд «Хъæндил»­ы темæ æмæ идейæ?  8. Рефлекси: Слайд 14. ­ Нæ урочы нысан цавæр уыди? ­Сæххæст æй кодтам? ­ Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй? ­ Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы? ­Йӕ цард куыд арвыста, ууыл лӕмбынӕг ӕрныхас кодтам урокӕн йӕ сӕйраг хауы. Ныр та уӕ зӕрдыл  ӕрлӕууын кӕнут Хъӕндил   куыд амард, уый. Куыд уӕм кӕсы, автор ахӕм тӕрхон цӕмӕн рахаста   радзырды сӕйраг архайӕгӕн?       Урочы кӕрон сывӕллӕттӕ сӕхицӕн фӕйнӕгыл ӕвӕрынц бӕрӕггӕнӕнтӕ ( ныхасынц             стъалытæ)        ­ Нæ урочы эпигрæф – ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.(æрдзурын ыл) Слайд 15       9. Хӕдзармӕ куыст. Слайд16.  ­ Сывӕллӕттӕ, хӕдзармӕ мӕ фӕнды раттын уӕхи ӕвзӕрстмӕ гӕсгӕ дыууӕ хӕслӕвӕрды.  1.  Радзырд «Хъæндил»­æн  æндæр кæрон æрхъуыды кæнын. 2. Пластилинæй кæнæ цæхджын хыссæйæ саразын  хъæндилы.  10. Урочы кӕрон.  ­  Скъоладзаутӕ, абоны урокмӕ уын ӕрбахастон не скъолайы рауагъдон Гогаты Мараты конд ныв.  Нывгонд дзы ис нӕ фыдӕлты мӕсыг. Йӕ ном у Кады мӕсыг. Фӕндаг ӕм ис ссарӕн ӕгъдау, ӕфсарм,  кад ӕмӕ зонды руаджы. Мӕсыджы алы дур дӕр хӕссы нӕ Ирыстоны номдзыддӕр хъӕбултӕй иуы ном. Бындурмӕ цы дуртӕ сты хӕстӕгдӕр , уыдон сты нӕ фыдӕлты разагъды лӕгтӕ. Куыд уӕлдӕр, афтӕ  кӕнынц ӕрыгондӕр. Кӕцыдӕр дуртӕ сты афтид, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц,  фӕсивӕдӕй цы кӕстӕртӕ  фескъуыхдзысты зонд, хъару, ӕгъдауӕй, уыцы кӕстӕртӕм. Ацы мӕсыг рӕздзӕн ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ уыдоны байзӕддаг никуы сыскъуыйдзӕн. Мӕн уырны, ӕмӕ сымахӕй дӕр кæй разындзæн ахæм  кæстæртæ, кæцытæн сыгъзæрин дамгъæтæй ныффысдзысты сæ нæмттæ  ацы мæсыджы дуртыл. Кусут  уæхиуыл, æмæ уæ хъару фылдæрæй ­ фылдæр кæндзæн.  13. Бæрæггæнæнтæ æвæрын. Слайд 17.

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд  «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд  «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд  «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд  «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).
Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.
02.06.2018